Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ацы Адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма дзырдта адӕймаг»

«Ацы Адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма дзырдта адӕймаг»

«Ацы Адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма дзырдта адӕймаг»

«Ӕмӕ Йын се ’ппӕт ауыл ӕвдисӕн ныллӕууыдысты, ӕмӕ дис кодтой, Йӕ дзыхӕй цы хорз арфӕгонд ныхӕстӕ цыдысты, уыдоныл» (ЛУКАЙЫ 4:22, НФ).

1, 2. а) Ӕфсӕддонты Йесойы ӕрцахсынмӕ куы арвыстой, уӕд афтидӕй цӕмӕн ӕрбаздӕхтысты? ӕ) Йесо куыд ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый ӕрмӕст ӕфсӕддонты зӕрдӕтӕ кӕй нӕ бацагайдта, уый кӕцӕй зонӕм?

ӔФСӔДДОНТӔ бардзырд нӕ сӕххӕст кодтой. Уыдоны арвыстой Йесо Чырыстийы ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ афтидӕй раздӕхтысты. Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ сӕ фарисейтӕ дзуапп ӕрдомдтой: «Цӕуылнӕ йӕ ӕркодтат?» Ӕцӕгӕйдӕр, цӕуылнӕ йӕ ӕрцахстой, кӕд йӕхи бахъахъхъӕныныл архайгӕ дӕр нӕ кодта? Ӕфсӕддонтӕ сын загътой: «Ацы Адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма дзырдта адӕймаг». Йесо куыд ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый сын сӕ зӕрдӕ афтӕ тынг бацагайдта, ӕмӕ сӕ цӕсгом нӕ бахъӕцыд уыцы ӕнӕхъыг адӕймаджы ӕрцахсын * (Иоанны 7:32, 45, 46).

2 Йесо куыд ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый ӕрмӕст уыцы ӕфсӕддонты зӕрдӕтӕ нӕ бацагайдта. Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, адӕм гуылф кодтой Йесомӕ, цӕмӕй йын йӕ ныхӕстӕм байхъусой. Цы сахары схъомыл, уым дӕр дис кодтой, «Йӕ дзыхӕй цы хорз арфӕгонд ныхӕстӕ цыдысты, уыдоныл» (Лукайы 4:22, НФ). Цалдӕр хатты та Йесо, Галилейы денджызы был цы бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, уыдонӕн амыдта бӕлӕгъӕй (Маркы 3:9; 4:1; Лукайы 5:1—3). Иухатт та йӕ цуры «иттӕг бирӕ адӕм» къорд боны фесты, афтӕмӕй та сӕм, цы акомдзаг кодтаиккой, уый дӕр нӕ уыд (Маркы 8:1, 2).

3. Йесо ахӕм диссаджы ахуыргӕнӕг сӕйраджыдӕр цӕй руаджы сси?

3 Йесо ахӕм диссаджы ахуыргӕнӕг куыд сси? Сӕйраджыдӕр уарзондзинады руаджы. Йесо уарзта, цы ӕцӕгад амыдта ӕмӕ йӕ кӕмӕн амыдта, уыцы адӕмы. Йесо тынг арӕхстджынӕй пайда кодта ахуыргӕнӕн мадзӕлттӕй. Ацы статьяйы ӕмӕ ма дарддӕр иннӕ дыууӕ ахуыргӕнӕн статьяйы дӕр мах ӕрдзурдзыстӕм, Йесо цы ахадгӕ ахуыргӕнӕн мадзӕлттӕй пайда кодта, уыдонӕй цалдӕрыл. Нӕ ныхас ма уыдзӕн, уыцы мадзӕлттӕй махӕн дӕр нӕ бон куыд у пайда кӕнын, ууыл дӕр.

Хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн

4, 5. а) Йесо адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕ цӕмӕн дзырдта ӕмӕ уымӕн стыр ахадындзинад цӕмӕн уыд? ӕ) Йесо хуымӕтӕг ныхас кӕй кодта, уый Уӕлхох уацамындӕй куыд зыны?

4 Ахуыргонд адӕймӕгтӕй арӕх ахӕм зынӕмбарӕн ныхӕстӕ фехъусӕн ис, ӕмӕ сӕ адӕймаг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны. Фӕлӕ нын нӕ ныхас куы ничи ӕмбара, уӕд нӕ зонындзинӕдтӕ кӕмӕн фӕахъаз уыдзысты? Йесо-иу исты куы амыдта, уӕд-иу зынӕмбарӕн ныхӕстӕ нӕ дзырдта. Афтӕмӕй та цас зыдта ӕмӕ цас рӕсугъд ныхӕстӕй уыди йӕ бон спайда кӕнын! Фӕлӕ кӕд бирӕ зыдта, уӕддӕр йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыд, ууыл нӕ архайдта, фӕлӕ тыхст, кӕй ахуыр кодта, уыцы адӕмыл. Уый хорз зыдта, уыдонӕй бирӕтӕ «чиныджы дӕснытӕ» кӕй не сты, фӕлӕ «хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ» (Куыстытӕ 4:13). Цӕмӕй-иу ахӕм адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайдтаид, уый тыххӕй-иу дзырдта хуымӕтӕг ӕвзагӕй. Ӕмӕ кӕд йӕ ныхӕстӕ тынг хуымӕтӕг уыдысты, уӕддӕр сын уыд арф хъуыды.

5 Цӕвиттонӕн райсӕм Уӕлхох уацамынд, фыст ис Матфейы 5:3—7:27. Йесо йӕ, ӕвӕццӕгӕн, радзырдта 20 минутмӕ. Фӕлӕ дзы цы ахуырӕдтӕ ис, уыдонӕн сӕ хъуыды у тынг арф. Хорз ӕмбарын кӕнынц, адӕймаг хӕтындзинад ӕмӕ хъӕздыгдзинадыл куыд бафты, стӕй ма ус ӕмӕ лӕг цӕмӕн ахицӕн вӕййынц, уый дӕр (Матфейы 5:27—32; 6:19—34). Уыцы Уӕлхох уацамынды нӕй зынӕмбарӕн дзырдтӕ ӕмӕ стыр ныхӕстӕ. Иу ахӕм дзырд дӕр дзы нӕй, ӕмӕ йӕ сывӕллон ма бамбара. Уӕдӕ ӕмбарӕм, Йесо йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕм (се ’хсӕн уыд бирӕ зӕхкусджытӕ, фыййӕуттӕ ӕмӕ кӕсагахсджытӕ) цӕмӕн «дис кодтой Йӕ амындыл», уый (Матфейы 7:28, НФ).

6. Йесойы ныхӕстӕ иуӕй хуымӕтӕг кӕй уыдысты, иннӕмӕй та сын арф хъуыды кӕй уыд, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

6 Йесо арӕх бӕлвырд ӕмӕ ӕлвӕст хъуыдытӕ кӕй дзырдта, уый руаджы йӕ ныхӕстӕ уыдысты хуымӕтӕг, фӕлӕ сӕ уӕз уыд. Ӕмӕ кӕд уӕды рӕстӕджы чингуытӕ нӕ мыхуыр кодтой, уӕддӕр-иу Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъӕн ис, адӕмы зӕрдӕты «фыстӕй» баззадысты. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ: «Никӕйы бон у кусын дыууӕ хицауӕн... Уӕ бон нӕу кусын Хуыцауӕн ӕмӕ маммонӕн [хъӕздыгдзинадӕн]». «Тӕрхон ма кӕнут, ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзыстут». «Сӕ дыргътӕм гӕсгӕ базондзыстут уыдоны». «Ӕнӕнизтӕ не сты дохтыр хъуаг, фӕлӕ рынчынтӕ». «Кард райсджытӕ иуылдӕр кардӕй фесӕфдзысты». «Кесӕрӕн цы ’мбӕлы, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауӕн цы ’мбӕлы, уый та — Хуыцауӕн». «Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» * (Матфейы 6:24; 7:1, 20; 9:12; 26:52; Маркы 12:17, МСЕ; Куыстытӕ 20:35). Ацы арф хъуыдытӕ Йесо куы дзырдта, уӕдӕй нырмӕ кӕд 2 000 азы бӕрц рацыд, уӕддӕр сӕ ис ӕнцонтӕй бахъуыды кӕнӕн.

Фарстытӕ

7. Йесо фарстытӕ цӕмӕн лӕвӕрдта?

7 Йесо тынг арӕхстджынӕй пайда кодта фарстытӕй. Арӕх-иу кӕд ӕнӕуи цыдӕр зӕгъынӕн къаддӕр рӕстӕг бахъуыдаид, уӕддӕр-иу лӕвӕрдта фарстытӕ. Йесо-иу фарстытӕ цӕмӕн лӕвӕрдта? Иуӕй-иу хатт-иу йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонмӕ ахӕм фарстытӕ радта, ӕмӕ-иу, сӕ зӕрдӕты цы уыд, уый хурмӕ ракалдта, ӕмӕ-иу уӕд сӕ бон ницыуал уыд зӕгъын (Матфейы 12:24—30; 21:23—27; 22:41—46). Фӕлӕ фылдӕр хатт Йесо фарстытӕ уымӕн лӕвӕрдта, цӕмӕй цыдӕр бамбарын кодтаид, адӕмы зӕрдӕты цы уыд, уый рабӕрӕг кодтаид ӕмӕ ма йӕ ахуыргӕнинӕгты хъуыды кӕнын дӕр сахуыр кодтаид. Ӕркӕсӕм дыууӕ цаумӕ. Дыууӕ дӕр ӕрцыдысты апостол Петрыл.

8, 9. Кувӕндоны хъалон чи хъуамӕ фыстаид, уый тыххӕй раст хатдзӕгмӕ ӕрцӕуынӕн Йесо Петрмӕ фарстытӕ куыд лӕвӕрдта?

8 Раздӕр уал нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, хъалон ӕмбырдгӕнджытӕ Петры куы бафарстой, зӕгъгӕ, Йесо кувӕндонӕн хъалон фиды ӕви нӕ *. Петр сын ӕнӕахъуыдыгӕнгӕйӕ дзуапп радта: «О». Фӕлӕ йӕ гыццыл фӕстӕдӕр Йесо бафарста: «Куыд дӕм кӕсы, Симон? зӕххон паддзӕхтӕ кӕмӕй исынц фиддон, кӕнӕ хъалон? сӕ фырттӕй, ӕви ӕцӕгӕлонтӕй? Петр загъта Уымӕн: ӕцӕгӕлонтӕй. Йесо загъта уымӕн: уӕдӕ, фырттӕ сӕрибар сты» (Матфейы 17:24—27). Петр куыннӕ бамбӕрстаид, Йесо йӕ цӕмӕн фарста, уый. Куыд?

9 Йесойы заманы, паддзахы бинонтӕ хъалон нӕ фыстой. Уымӕ гӕсгӕ Йесойы дӕр, кувӕндоны кӕмӕн куывтой, уыцы уӕларвон Паддзахы иунӕггуырд фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ хъалон фидын нӕ хъуыди. Зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ Йесо Петрӕн комкоммӕ нӕ загъта, цы йӕ бакӕнын хъуыд, уый, фӕлӕ йӕм раздӕр аивӕй цалдӕр рӕстдзӕвин фарсты радта, цӕмӕй йӕхӕдӕг раст хатдзӕгмӕ ӕрцыдаид ӕмӕ бамбӕрстаид, ныхасыл раздӕр ахъуыды кӕнын кӕй хъӕуы, уый дӕр.

10, 11. Н. э. 33 азы Куадзӕны ’хсӕв Петр иу лӕгӕн йӕ хъус куы ахауын кодта, уӕд ын Йесо цы загъта? Ацы цау куыд ӕвдисы, Йесо кӕй зыдта, фарстытӕн стыр ахадындзинад кӕй ис, уый?

10 Иннӕ цау та ӕрцыд н. э. 33 азы Куадзӕны ’хсӕв, адӕм Йесойы ӕрцахсынмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ бафарстой, схӕцӕм, зӕгъгӕ (Лукайы 22:49). Фӕлӕ Петр Йесойы дзуапмӕ дӕр нал банхъӕлмӕ каст ӕмӕ иу лӕгӕн йӕ хъус кардӕй ахауын кодта (Петр ӕй, чи зоны, марынмӕ дӕр хъавыд). Петр йӕ ахуыргӕнӕджы фӕндон ницӕмӕ ӕрдардта, уымӕн ӕмӕ Йесо цӕттӕ уыд, цӕмӕй сын йӕхи радтаид. Уӕд Йесо Петрӕн цы загъта? Сабырӕй та йӕм ӕртӕ фарсты радта: «Ӕз хъуамӕ ма баназон, Фыд Мӕнӕн цы нуазӕн ратта, уый?» «Афтӕ ӕнхъӕл дӕ мыййаг, Ӕз ныр Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр Зӕдтӕ нӕ ӕрӕрвитид? Ӕппӕт уыдӕттӕ куы нӕ ӕрцӕуой, уӕд Фыст куыд хъуамӕ сӕххӕст уа?» (Иоанны 18:11; Матфейы 26:52—54, НФ).

11 Ахъуыды ма кӕн: Йесойыл адӕм бирӕгътау амбырд сты, уый зоны, йӕ мӕлӕт кӕй ӕрӕввахс ӕмӕ йыл кӕй ис стыр хӕс — йӕ Фыды ном ссыгъдӕг кӕнын ӕмӕ адӕмы фервӕзын кӕнын. Ӕмӕ та ахӕм уӕззау уавӕры дӕр Йесо фарстыты руаджы архайы Петрӕн ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бамбарын кӕнын. Бӕрӕг у, Йесо кӕй зыдта, фарстытӕн стыр ахадындзинад кӕй ис, уый.

Диссаджы гиперболӕтӕ

12, 13. а) Цы у гиперболӕ? ӕ) Йесо гиперболӕйӕ куыд спайда кодта, цӕмӕй бамбарын кодтаид, гыццыл цӕйдӕр тыххӕй не ’фсымӕрты фыдкой кӕнын ӕнӕзонд ми кӕй у?

12 Йесо ма тынг арӕх пайда кодта ноджыдӕр иу хорз ахуыргӕнӕн мадзалӕй — гиперболӕйӕ. Гиперболӕ у, цыдӕр цау, цы у, уымӕй йӕ бирӕ тыхджындӕр ӕмӕ егъаудӕрӕй ӕвдисын нывӕфтыд ныхасы руаджы. Йесо гиперболӕтӕй кӕй пайда кодта, уый фӕрцы-иу адӕмы цӕстытыл уадысты нывтӕ ӕмӕ-иу сын зын ферохгӕнӕн уыдысты. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

13 Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды загъта, зӕгъгӕ, аив нӕу искӕмӕн «тӕрхон кӕнын». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхас фӕтыхджындӕр кодта: «Цы кӕсыс ды де ’фсымӕры цӕсты къалиумӕ, дӕхи цӕсты та хъӕд нӕ ӕнкъарыс?» (Матфейы 7:1—3). Дӕ бон у ацы ныв дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын? Искӕй ӕфхӕрын чи уарзы, уый фӕнды йе ’фсымӕры цӕстӕй «къалиу» раппарын. Ахӕм адӕймаджы зӕгъын фӕнды, йе ’фсымӕр дзӕбӕх кӕй нӕ уыны, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бон кӕй нӕу раст хъуыды кӕнын. Фӕлӕ уыцы фыдгойгӕнӕгӕн йӕхи бон нӕу раст хъуыды кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕ цӕстӕй кӕсын нӕ уадзы, цы «хъӕд» дзы бахауд, уый. Уыцы «хъӕд» у, хӕдзар цы хъайвантӕ кӕнӕ ӕххӕрӕгтӕй сагъуындынц, уый хуызӕн. Замманай цӕвиттон! Куыд хорз ӕмбарын кӕны, ӕнӕзонд ми кӕй у гыццыл цӕйдӕр тыххӕй не ’фсымӕрты фыдкой кӕнын, кӕд ӕмӕ нӕхиуыл стырдӕр рӕдыдтытӕ ӕрцӕуы.

14. Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, фӕрсудзут къогъо ӕмӕ ныхъуырут теуайы, цӕмӕн ис тыхджын гиперболӕ схонӕн?

14 Иу хатт та Йесо бафаудта фарисейты, зӕгъгӕ, «куырм разамонджытӕ, къогъойы фӕрсудзут, теуайы та ныхъуырут» (Матфейы 23:24). Диссаджы гиперболӕ. Диссаг та цӕмӕй у? Гыццыл мур къогъо теуайы раз зынгӕ дӕр нӕ фӕкӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ, Йесомӕ чи хъуыста, уыдон теуайӕ стырдӕр фосы мыггаг нӕ зыдтой. Куыд дзурынц, афтӕмӕй теуайы ис 70 милуан къогъойы уӕз. Афтӕ ма Йесо зыдта, фарисейтӕ-иу сӕн хӕцъилӕй кӕй фӕрсыгътой. Ӕппынӕдзух «ӕгъдау, ӕгъдау» чи кодта, уыцы фарисейтӕ сӕн уымӕн фӕрсыгътой, ӕмӕ тарстысты, къогъо дзы куы ныххауа ӕмӕ йӕ куы аныхъуырой, ӕмӕ афтӕмӕй ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куы счъизи уой. Фӕлӕ уыдон «ныхъуырдтой теуайы», афтӕмӕй та ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уый дӕр нымад уыд чъизи фосы мыггагыл (Левит 11:4, 21—24). Йесойы цы зӕгъын фӕндыд, уый бӕлвырд у. Фарисейтӕ Закъоны тӕккӕ гыццылдӕр ӕгъдӕуттӕ лыстӕггай ӕххӕст кодтой, фӕлӕ сӕ ферох сты сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ — «тӕрхон [«рӕстдзинад», НД], хорзӕх ӕмӕ уырнындзинад» (Матфейы 23:23). Ӕвӕдза, Йесо куыд хорз равдыста, фарисейтӕ цы уыдысты, уый!

15. Йесо гиперболӕты руаджы цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кодта?

15 Йесо зӕххыл лӕггадгӕнгӕйӕ гиперболӕтӕй арӕх пайда кодта. Ӕркӕсӕм ма цалдӕр цӕвиттонмӕ. Йесо иухатт загъта, зӕгъгӕ, адӕймагмӕ «хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад куы уа», уӕд хох иу ранӕй иннӕмӕ ахизын кӕндзӕн. Амӕй хуыздӕр ма куыд бамбарын кодтаид, гыццыл уырнындзинады бон дӕр бирӕ кӕй у, уый (Матфейы 17:20, НФ). Стыр теуа судзины хъусы абырыныл архайы — ацы цӕвиттонӕй Йесо куыд дзӕбӕх равдыста, хъӕздыг, мулкыл мард адӕймагӕн куыд зын у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын! (Матфейы 19:24). Дисы дӕ не ’фтауынц Йесойы диссаджы фӕсномыг ныхӕстӕ, стӕй йӕ бон кӕй уыд цалдӕр ныхасӕй адӕймаджы зӕрдӕ ссарын?

Раст бӕлвырдгӕнӕнтӕ

16. Йесо йе стыр зонд цавӕр хъуыддагӕн не ’вгъау кодта?

16 Йесо ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ бон уыд алкӕддӕр раст бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын. Фӕлӕ ууыл нӕ архайдта, цӕмӕй йын уый руаджы адӕмы цӕсты кад уыдаид. Адӕмӕн-иу истытӕ куы амыдта, уӕд-иу йе стыр зонд ӕгасӕй дӕр уымӕ сарӕзта, цӕмӕй ӕцӕгад бамбӕрстаиккой. Хатт та-иу йӕ ныхмӕ цы дингӕнджытӕ цыдысты, уыдоны мӕнг ныхӕстӕн ахӕм дзуапп радта, ӕмӕ-иу сӕ бон ницыуал зӕгъын уыди. Бирӕ хатт-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕрхаста раст бӕлвырдгӕнӕнтӕ, цӕмӕй-иу сын бацамыдтаид, ӕхсызгонӕй сӕ цы хъуыд, уый. Ӕркӕсӕм, Йесо раст бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссынмӕ куыд дӕсны уыд, уымӕ.

17, 18. Фарисейты ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый Йесо цавӕр раст бӕлвырдгӕнӕнты руаджы равдыста?

17 Ӕркӕсӕм иу ахӕм цаумӕ: иухатт Йесо сдзӕбӕх кодта хӕйрӕджджын лӕджы, уыдис ма куырм ӕмӕ ӕгомыг дӕр. Уыцы хабар фарисейтӕ куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Уый хӕйрӕджыты суры ӕрмӕст хӕйрӕджыты ӕлдар веелзевулы [Сайтаны] тыхӕй». Кӕс ма, фарисейтӕ зыдтой, Сайтаны хӕйрӕджыты сурынӕн кӕй хъӕуы уӕлӕрдзон хъомыс. Фӕлӕ цӕмӕй адӕм Йесойыл ма баууӕндыдаиккой, уый тыххӕй фарисейтӕ загътой, тых ын Сайтан дӕтты, зӕгъгӕ. Йесо равдыста, уыдон сӕ ныхасыл кӕй нӕ ахъуыды кодтой, ӕмӕ сын загъта: «Алы паддзахад йӕхӕдӕг йӕхи мидӕг куы фӕдих уа, уӕд федзӕрӕг уыдзӕни; ӕмӕ алы сахар, кӕнӕ хӕдзар йӕхӕдӕг йӕхи мидӕг куы фӕдих уа, уӕд нӕ фӕлӕудзӕни. Ӕмӕ кӕд сайтан сайтаны суры; уӕд уый йӕхӕдӕг йӕхиимӕ фӕдих: афтӕмӕй ма куыд ныллӕудзӕни уымӕн йӕ паддзахад?» (Матфейы 12:22—26, НФ). Уымӕй Йесойы зӕгъын фӕндыд: «Кӕд ӕз, куыд дзурут, афтӕмӕй дӕн Сайтаны хъузон ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕ халын, уӕд Сайтан уый йӕхи сӕрӕн кӕны ӕмӕ рӕхджы бабын уыдзӕн». Цы ма уа уымӕй растдӕр ныхас!

18 Йесо дарддӕр кодта йӕ ныхас. Уый зыдта, фарисейтӕй дӕр иуӕй-иутӕ кӕй сурынц хӕйрӕджыты. Ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ радта тынг хуымӕтӕг, фӕлӕ ӕппындӕр фехъусын ӕнхъӕл кӕй нӕ уыдысты, ахӕм фарста: «Кӕд Ӕз веелзевулы тыхӕй сурын хӕйрӕджыты, уӕд уӕ фырттӕ [ахуыргӕнинӕгтӕ] та кӕй тыхӕй сурынц?» (Матфейы 12:27, НФ). Йесойы афтӕ зӕгъын фӕндыд: «Кӕд ӕз хӕйрӕджыты сурын Сайтаны тыхӕй, уӕд сӕ уӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уыцы тыхӕй сурынц». Фарисейтӕ ма цы хъуамӕ загътаиккой?! Уыдон никуы басастаиккой, сӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Сайтаны тыхӕй кӕй архайынц, ууыл. Афтӕмӕй Йесо, сӕ ныхмӕ зӕгъӕн кӕмӕн ницы уыди, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнты руаджы равдыста, фарисейтӕ ӕнӕзонд ныхӕстӕ кӕй кодтой.

19, 20. а) Йесо ма раст бӕлвырдгӕнӕнтӕ ноджыдӕр цӕмӕн хаста? ӕ) Йесо ахӕм дзырдтӕй, «уӕлдайдӕр та», зӕгъгӕ, куыд пайда кодта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын сахуыр кодтаид?

19 Йесо раст бӕлвырдгӕнӕнтӕ канд уый тыххӕй нӕ хаста, цӕмӕй йӕ ныхмӕдзӕуджыты мӕнгныхӕстӕн кӕрон скодтаид, фӕлӕ ма цӕмӕй адӕмӕн бацамыдтаид, зӕрдӕйыл ныфсы базыртӕ чи садзы, уыцы ӕцӕгад Иегъовӕйы тыххӕй. Цалдӕр хатты та спайда кодта ахӕм дзырдтӕй, «уӕлдайдӕр та», зӕгъгӕ. Афтӕмӕй, кӕй ахуыр кодта, уыдонӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй, цы зыдтой, уымӕй уӕлдай ма ног цыдӕр бамбӕрстаиккой ӕмӕ йыл баууӕндыдаиккой. Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ.

20 Иухатт Йесомӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы бахатыдысты, зӕгъгӕ, кувын ма нӕ сахуыр кӕн, уӕд сын радзырдта иу лӕджы тыххӕй. Уыцы лӕг, дам, йе ’рдхордӕй дзул куырдта, уый та йын нӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ куы нал ӕмӕ нал уагъта, уӕд ын радта. Йесо ма дзырдта, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн «хорз лӕвӕрттӕ» зӕрдиагӕй кӕй фӕдӕттынц, уый тыххӕй дӕр. Уый фӕстӕ йӕ ныхас балхынцъ кодта: «Сымах кӕд фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, зонут хорз лӕвӕрттӕ дӕттын уӕ сывӕллӕттӕн, уӕд уӕлдайдӕр Уӕларвон Фыд ратдзӕн Сыгъдӕг Уды, уымӕй чи кура, уыдонӕн» (Лукайы 11:1—13). Ацы ран Йесо йӕ хъуыды бамбарын кодта, ӕмхуызонӕй дзы цы уыди, уымӕй нӕ, фӕлӕ ныхмӕвӕрдӕй. Кӕд уыцы адӕймаджы нӕ фӕндыд, йе ’рдхорд дзы цы куырдта, уый йын радтын, уӕддӕр ын йӕ къух сарӕзта. Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст ныййарджытӕ алцӕмӕйдӕр ӕххуыс кӕнынц сӕ сывӕллӕттӕн, уӕд нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд нӕ ратдзӕн йӕ сыгъдӕг уд йе ’нувыд лӕггадгӕнджытӕн, сӕрныллӕгӕй йӕм куы кувой, уӕд?!

21, 22. а) Райсом цы уыдзӕн, цӕмӕй цӕрдзыстӕм, ууыл тыхсын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй Йесо цавӕр зондджын уынаффӕ радта? ӕ) Йесойы ахуыргӕнӕн мадзӕлттӕ равзаргӕйӕ цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцыдыстӕм?

21 Йесо ма ахӕм ныхӕстӕй ноджыдӕр иу хатт спайда кодта, райсом цы уыдзӕн, цӕмӕй цӕрдзыстӕм, ууыл тыхсын кӕй нӕ хъӕуы, уый бамбарын кӕнынӕн. Уый загъта: «Акӕсут ма халӕттӕм: уыдон нӕ тауынц, нӕ кӕрдынц; нӕй уыдонмӕ нӕдӕр ӕвӕрӕн бынӕттӕ, нӕдӕр хордӕттӕ, ӕмӕ Хуыцау ӕфсады уыдоны; цас хуыздӕр стут сымах мӕргътӕй? Акӕсут ма лилитӕм, куыд рӕзынц уыдон: фӕллой нӕ кӕнынц, не ’лвисынц... Кӕд быдыры кӕрдӕджы, кӕцы абон ис, райсом та уыдзӕн ӕппӕрст пецы, Хуыцау афтӕ аразы, уӕд уӕлдайдӕр та сымах, лӕмӕгъ уырнджытӕ!» (Лукайы 12:24, 27, 28). Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр, кӕд Иегъовӕ мӕргътӕн хӕринаг дӕтты, дидинджыты та фӕлынды, уӕд махыл, йӕ лӕггадгӕнджытыл, куыннӕ батыхсдзӕн! Ахӕм фӕлмӕн ӕмӕ рӕстдзӕвин ныхӕстӕ-иу, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахъардтой, Йесомӕ чи хъуыста, уыдоны зӕрдӕты.

22 Йесо цы ахуыргӕнӕн мадзӕлттӕй пайда кодта, уыдонмӕ ӕркӕсгӕйӕ, нӕ бон зӕгъын у, Йесойы ӕрцахсынмӕ цы ӕфсӕддонты арвыстой, уыдон раст кӕй загътой: «Ацы Адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма дзырдта адӕймаг». Фӕлӕ Йесойы, ӕвӕццӕгӕн, тынгдӕр зонынц, цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ кӕй хаста, уымӕй. Ахӕм ахуыргӕнӕн мадзалӕй цӕмӕн пайда кодта? Йӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг цӕмӕн хъардтой? Ацы фарстытыл ӕрдзурдзыстӕм иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 1 абз. Уыцы ӕфсӕддонтӕ, ӕвӕццӕгӕн, куыстой Синедрионы ӕмӕ уыдысты хистӕр сауджынты дӕлбар.

^ 6 абз. Ацы ныхӕстӕ — Куыстыты 20:35 — ныффыста ӕрмӕстдӕр апостол Павел, фӕлӕ уыцы хъуыды ис Евангелиты дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, Павелӕн ацы ныхӕстӕ кӕнӕ чидӕр радзырдта (ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ Йесойӕн йӕхицӕй чи фехъуыста, уый, йе та Йесо йӕхӕдӕг, куы райгас, уӕд), кӕнӕ та йын сӕ Хуыцау ныффыссын кодта (Куыстытӕ 22:6—15; 1 Коринфӕгтӕм 15:6, 8).

^ 8 абз. Иудейтӕ хъуамӕ алы аз дӕр кувӕндонӕн фыстаиккой дыууӕ драхмӕйы (дыууӕ боны мызд). Уыцы ӕхца цыдысты кувӕндонмӕ зилынӕн, сауджынты куыстыл ӕмӕ алы бон дӕр адӕмы тыххӕй нывӕндтӕ хӕссынӕн.

Хъуыды ма кӕныс?

• Йесойы ныхӕстӕ хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн кӕй уыдысты, уый цавӕр цӕвиттонтӕ ӕвдисынц?

• Йесо адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ фарстытӕ цӕмӕн лӕвӕрдта?

• Цы у гиперболӕ ӕмӕ Йесо уыцы ахуыргӕнӕн мадзалӕй куыд пайда кодта?

• Йесо раст бӕлвырдгӕнӕнты руаджы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд амыдта, зӕрдӕйыл ныфсы базыртӕ чи садзы, уыцы ӕцӕгад Иегъовӕйы тыххӕй?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

Фарисейтӕ «къогъойы фӕрсыгътой, теуайы та ныхъуырдтой».