Фӕзмут Номдзыд Ахуыргӕнӕджы
Фӕзмут Номдзыд Ахуыргӕнӕджы
«Ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», НД]... ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (МАТФЕЙЫ 28:19, 20).
1, 2. а) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ махӕй алчидӕр ахуыргӕнӕг у? ӕ) Адӕмы ахуыр кӕныны хъуыддаджы ӕцӕг чырыстӕттыл цавӕр стыр хӕс ис?
МЫЙЙАГ ахуыргӕнӕг дӕ? Раст зӕгъгӕйӕ, махӕй алчидӕр ахуыргӕнӕг у. Исчи куы фӕдзӕгъӕл уа, ӕмӕ йын раст фӕндаг куы бацамонӕм, не ’мкусджытӕй искӕмӕн, куыст куыд бакӕнӕн ис, уый куы фӕамонӕм кӕнӕ сывӕллонӕн, дзабырты бӕттӕнтӕ бӕттын куыд хъӕуы, уый куы февдисӕм, уӕд алы хатт дӕр кӕйдӕр фӕахуыр кӕнӕм цӕуылдӕр. Искӕмӕн исты хъуыддаджы куы баххуыс кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ фырцинӕй уӕрыккау нӕ фӕкафы?
2 Ӕцӕг чырыстӕттыл ис стыр хӕс адӕмы ахуыр кӕныны хъуыддаджы. Махӕн нӕ хӕс у «цӕттӕ кӕнын ахуыргӕнинӕгтӕ... ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны» (Матфейы 28:19, 20, НД). Ӕмбырды дӕр нын вӕййы фадат исты амонынӕн. Фӕлтӕрд нӕлгоймӕгтӕ нысангонд ӕрцӕуынц «фыййӕуттӕй ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй», цӕмӕй ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕной (Ефесӕгтӕм 4:11—13). Уырнындзинады фӕлтӕрд сылгоймӕгтӕ та, ӕрвылбон чырыстон хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ, хъуамӕ ӕрыгон сылгоймӕгты «ахуыр кӕной хорздзинадыл» (Титмӕ 2:3—5). Мах хъуамӕ не ’ппӕт дӕр не ’муырнджыты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм ӕмӕ сын Библийы амындтӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм (1 Фессалоникӕгтӕм 5:11). Мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, Хуыцауы Ныхас адӕмӕн амонын ӕмӕ сын ӕнустӕм чи фӕахъаз уыдзӕн, уыцы арф хъуыдытӕ дзурын.
3. Цӕмӕй хорз ахуыргӕнджытӕ суӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?
3 О, фӕлӕ нӕ цӕмӕй хорз ахуыргӕнджытӕ рауайа, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы? Сӕйраджыдӕр, Номдзыд Ахуыргӕнӕг Йесойы фӕзмын. Чи зоны исчи зӕгъа: «Куыд ис Йесойы фӕзмӕн, кӕд ӕмӕ уый ӕххӕст адӕймаг уыд?» Ӕцӕгдӕр, махӕн нӕ бон нӕу, ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст ахуыргӕнджытӕ уӕм. Фӕлӕ кӕд афтӕ курдиатджын не стӕм, уӕддӕр нӕ бон у Йесойы фӕзмын, уый куыд амыдта, афтӕ амонын. Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ уый цы цыппар мадзалӕй пайда кодта, уыдонӕй махӕн дӕр нӕ бон куыд у пайд кӕнын: хуымӕтӕг ныхӕстӕй ӕмбарын кӕнын, фарстытӕ арӕхстджынӕй дӕттын, раст бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын ӕмӕ хорз цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй пайда кӕнын.
Хуымӕтӕг ныхӕстӕй ӕмбарын кӕнын
4, 5. а) Библийы цы ӕцӕгад ис, уый сӕйраджыдӕр ӕнцонӕмбарӕн цӕмӕн у? ӕ) Цӕмӕй исты хуымӕтӕгӕй бацамонӕм, уый тыххӕй, цы дзурӕм, уымӕ нӕ хъус лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?
4 Хуыцауы Ныхасы сӕйраг ахуырӕдтӕ ӕнцонӕмбарӕн сты. Иухатт Йесо Хуыцаумӕ кувгӕйӕ загъта: «Кадджын кӕнын Дӕу, Мӕ Фыд... Ды уый кӕй басусӕг кодтай зондджынтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй ӕмӕ йӕ раргом кодтай сывӕллӕттӕн» (Матфейы 11:25). Иегъовӕ йӕ фӕндтӕ ӕргом кӕны ӕнӕхин ӕмӕ бонзонгӕ адӕмӕн (1 Коринфӕгтӕм 1:26—28). Уӕдӕ Библийы цы ӕцӕгад ис, уый сӕйраджыдӕр у ӕнцонӕмбарӕн.
5 Библи искӕимӕ куы фӕахуыр кӕнӕм кӕнӕ искӕмӕ дыккаг хатт куы бацӕуӕм, уӕд сын куыд ис цыдӕр хуымӕтӕгӕй бамбарын кӕнӕн? Номдзыд Ахуыргӕнӕджы дӕнцӕг нын ницы фӕахъаз уыдзӕн? Цӕмӕй адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайдтаид, уый тыххӕй Йесо пайда кодта ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕмӕй бирӕтӕ уыдысты «хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ», ницы ахуыр сӕм уыди (Куыстытӕ 4:13). Уӕдӕ цӕмӕй исты хуымӕтӕгӕй бацамонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм, цы дзурӕм, уымӕ. Мах нӕ хъӕуы цыдӕр ӕнахуыр, рӕсугъд ныхӕстӕ дзурын, цӕмӕй сӕ Хуыцауы Ныхасыл тынгдӕр баууӕндын кӕнӕм. Куыд «мӕлгъӕвзаг» стӕм, уый равдисыныл куы архайӕм, уӕд, гӕнӕн ис, искӕмӕн йӕ ныфс асӕттӕм, уӕлдайдӕр та йӕм ахуыр куы нӕ уа кӕнӕ дзурынмӕ дӕсны куы нӕ уа, уӕд (1 Коринфӕгтӕм 2:1, 2). Йесойы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, адӕмӕн ӕцӕгад цы ныхӕстӕй амонӕм, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн куы уой, уӕд сын сӕ зӕрдӕтӕ тынгдӕр кӕй агайдзӕн.
6. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны ныхӕсты бын ма фӕкӕнӕм?
6 Цӕмӕй хуымӕтӕгӕй амонӕм, уый тыххӕй ма нӕ хъус хъуамӕ дарӕм, адӕймаджы ныхӕсты бын куыд нӕ фӕкӕнӕм, уымӕ дӕр. Йесо хорз зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон цас уыди бамбарын, уый (Иоанны 16:12). Мах дӕр хъуамӕ ӕмбарӕм, кӕй ахуыр кӕнӕм, уыцы адӕймагӕн йӕ бон цас у. Дзырдӕн, искӕимӕ Библи ахуыр кӕнӕм чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад»-ӕй, уӕд ын алы лыстӕг хабӕрттӕ нӕ хъӕуы ӕмбарын кӕнын *. Тагъд кӕнын дӕр нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу иу хаттӕн ӕнӕхъӕн сӕр рацӕуын. Адӕймагимӕ уыйбӕрц ӕрмӕг рацӕуын хъӕуы, йӕхи цас фӕнда ӕмӕ цас бамбара. Махӕн нӕ хӕс у ахуыргӕнинагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй суа Йесойы фӕдылдзӕуӕг ӕмӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕг. Адӕймаджы ӕрмӕг бамбарынӕн цас рӕстӕг хъӕуы, уыйбӕрц рӕстӕг хъуамӕ ахуыр кӕнӕм йемӕ. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ын ӕцӕгад йӕ зӕрдӕ бацагайдзӕн ӕмӕ йӕ йӕ цард фӕивын бафӕнддзӕн (Ромӕгтӕм 12:2).
7. Цӕмӕй исты хуымӕтӕг ныхӕстӕй бамбарын кӕнӕм, уый тыххӕй нын цавӕр уынаффӕтӕ фӕахъаз уыдзысты?
7 Ӕмбырды раз ныхасы рацӕугӕйӕ нын нӕ ныхӕстӕ цӕмӕй алчидӕр бамбара, уӕлдайдӕр та ног ӕрбацӕуджытӕ, уый тыххӕй нӕ нӕ хъус цӕмӕ ӕрдарын хъӕуы? (1 Коринфӕгтӕм 14:9). Ӕркӕсӕм ӕртӕ ахъаззаг уынаффӕмӕ. Фыццаг: зынӕмбарӕн дзырдтӕ ӕмбарын кӕн. Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнгӕйӕ базыдтам тынг бирӕ динон дзырдтӕ. Ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕй куы пайда кӕнӕм, зӕгъӕм: «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар», «ӕндӕр фыстӕ» ӕмӕ «стыр Вавилон», уӕд сӕ, ӕвӕццӕгӕн, бахъӕудзӕн хуымӕтӕг дзырдтӕй бамбарын кӕнын. Дыккаг: дӕрдтыл ныхас ма кӕн. Тынг бирӕ дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕй адӕм бафӕллайынц ӕмӕ нал фӕхъусынц. Уӕдӕ нӕ цӕмӕй хуыздӕр бамбарой, уый тыххӕй уӕлдай дзырдтӕ фӕхъӕуы аппарын. Ӕртыккаг: дӕ раныхасы ӕгӕр бирӕ ӕрмӕг ма уӕд. Цӕттӕгӕнгӕйӕ, чи зоны, бирӕ цымыдисаг цыдӕртӕ бакӕсай. Фӕлӕ хуыздӕр уыдзӕн, дӕ раныхасы цалдӕр сӕйраг хъуыдыйы куы рахицӕн кӕнис ӕмӕ ӕрмӕстдӕр, уыцы хъуыдытӕм цы ӕрмӕг хауы, ууыл куы дзурис, стӕй дӕ дӕ рӕстӕг куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ сӕ хорз куы бамбарын кӕнис.
Фарстытӕ арӕхстджынӕй дӕттын
8, 9. Куыд ис ахӕм фарста радтӕн, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ бацагайа? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
8 Ӕвӕццӕгӕн ма нӕ зӕрдыл лӕууы, Йесо фарстытӕ арӕхстджынӕй кӕй лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу кӕй ахуыр кодта, уыдон хъуыды кӕнын ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурын ахуыр кодтаиккой. Афтӕ, фарстытӕ дӕтгӕйӕ, Йесо адӕмы зӕрдӕтӕ агайдта, уыимӕ-иу сӕ ницӕмӕй фӕхъыг кодта (Матфейы 16:13, 15; Иоанны 11:26). Куыд у махӕн дӕр нӕ бон Йесойау фарстытӕ арӕхстджынӕй дӕттын?
9 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд раттӕн ис ахӕм фарстытӕ, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕм ӕмӕ нын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй аныхас кӕнынӕн фадат фӕзына. Куыд ис адӕймагмӕ Псалом 36:10, 11). Дуар цалдӕр гуыдырӕй ӕхгӕд у? Хӕдзары сигнализаци ис? Кӕд о, уӕд бафӕрсӕн ис: «Куыд хъуыды кӕныс, искуы ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ адӕм хӕдзары дӕр ӕмӕ уынджы дӕр ницӕмӕйуал тӕрсдзысты?» (Михей 4:3, 4). Ис дзы инвалидты тулгӕ къӕлӕтджынтӕн мидӕмӕ бацӕуӕн фӕндаг? Кӕд о, уӕд ис бафӕрсӕн: «Искуы ахӕм рӕстӕг уыдзӕн, ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕнӕниз уыдзысты?» (Исай 33:24).
ахӕм фарста радтӕн, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ бацагайа? Алцӕмӕдӕр лӕмбынӕг кӕс. Искӕй хӕдзармӕ куы фӕцӕйцӕуай, уӕд-иу акӕс. Ӕддейӕ хӕдзары раз хъазӕнтӕ калд нӕй? Кӕд ис, уӕд сӕм, ӕвӕццӕгӕн, сывӕллӕттӕ дӕр ис, ӕмӕ нӕм чи ракӕса, уый ис бафӕрсӕн: «Никуы хъуыды кодтай: дӕ сывӕллӕттӕ куы байрӕзой, уӕд цымӕ цыхуызӕн цард уыдзӕн?» (10. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыцы адӕймаджы зӕрдӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ фарстыты руаджы куыд ис базонӕн ӕмӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
10 Искӕимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд та куыд ис фарстытӕ арӕхстджынӕй дӕттӕн? Йесойау махмӕ ахӕм хъомыс нӕй, ӕмӕ адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый зонӕм. Фӕлӕ адӕймагмӕ уӕзданӕй рӕстдзӕвин фарстытӕ куы дӕттӕм, уӕд ын афтӕмӕй базондзыстӕм йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ (Ӕмбисӕндтӕ 20:5). Цӕвиттон, чиныг «Базонынад»-ӕй ахуыр кӕнӕм ахӕм сӕр, «Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ цард куыд хӕссы амонд», зӕгъгӕ. Ацы ран дзырдӕуы, Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы фӕлывд митӕм, хӕтындзинадмӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕм. Зӕгъӕм, ахуыргӕнинаг чиныджы фарстытӕн раст дзуаппытӕ дӕтты, фӕлӕ цы базоны, ууыл разы у? Ис ӕй бафӕрсӕн: «Иегъовӕ ацы хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый дӕм раст кӕсы? Библи уый тыххӕй цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ куыд ис цӕрӕн?» Уыимӕ дӕ зӕрдыл дар, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый кӕмӕй фефсӕрмы уа, стӕй йӕ бынтон ницызонӕджы бынаты чи сӕвӕра, ахӕм фарстытӕ кӕй нӕ хъӕуы дӕттын (Ӕмбисӕндтӕ 12:18).
11. Ныхасы рацӕугӕйӕ куыд ис фарстытӕ арӕхстджынӕй дӕттӕн?
11 Фарстытӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнӕн ис ныхасы рацӕугӕйӕ дӕр. Риторикон фарстытӕ, ома хъӕрӕй дзуапп кӕнын кӕмӕн нӕ хъӕуы, ахӕм фарстытӕ, адӕймаджы хъуыдытыл бафтауынц ӕмӕ исты хатдзӕг скӕнынӕн баххуыс кӕнынц. Йесо-иу иуӕй-иу хатт лӕвӕрдта ахӕм фарстытӕ (Матфейы 11:7—9). Афтӕ ма, ӕфсымӕрӕн йӕ раныхасы райдианы йӕ бон у цалдӕр фарсты радтын, цӕмӕй цӕуыл дзурдзӕн, уымӕн йӕ сӕйраг хъуыдытӕ радзура. Йӕ бон у зӕгъын: «Ацы раныхасы равзардзыстӕм мӕнӕ ахӕм фарстытӕ...». Уый фӕстӕ, кӕронбӕттӕны, ис раздӕхӕн уыцы фарстытӕм, цӕмӕй раныхасы сӕйраг хъуыдытӕ сфӕлхат кӕна.
12. Ӕрхӕсс цӕвиттон, чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у фарстыты руаджы се ’муырнджытӕн Хуыцауы Ныхасы удӕнцой ссарынӕн баххуыс кӕнын.
12 Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмбырдыл аудгӕйӕ сӕ бон у фарстытӕ дӕттын, цӕвиттон, цӕмӕй баххуыс кӕной, «зӕрдӕсаст» чи у, уыдонӕн Иегъовӕйы Ныхасы удӕнцой ссарынӕн (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, НФ). Зӕгъӕм, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймаг баххуыс кӕна ныфссаст хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕн, уый тыххӕй йӕ бон у бацамонын Псалом 33:19 стихмӕ. Уым фыст ис: «Хӕстӕг у Хицау саст зӕрдӕтӕм ӕмӕ удӕй сабырты [«ныфссаст чи у, уыдоны», НД] ирвӕзын кӕндзӕн». Ацы ныхӕстӕ уыцы ныфссаст ӕфсымӕр кӕнӕ хойы зӕрдӕ агайынц ӕви нӕ, уый базонынӕн хистӕр нӕлгоймаджы бон у бафӕрсын: «Иегъовӕ хӕстӕг кӕмӕ у? Искуы зӕрдӕсаст вӕййыс кӕнӕ дӕхимӕ ныхъхъусыс? Кӕд Библийы дзырдӕуы, Иегъовӕ ахӕм адӕммӕ хӕстӕг у, уӕд дӕумӕ хӕстӕг нӕу?» Ахӕм рӕвдаугӕ ныхӕстӕ зӕрдӕсаст адӕймаджы ныфс бауаддзысты (Исай 57:15).
Раст бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын
13, 14. а) Цы ис зӕгъӕн, афтӕ чи зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцауыл не ’ууӕндын, уымӕн ӕмӕ йӕ никуы федтон? ӕ) Алы адӕймаджы зӕрдӕ дӕр кӕй ссардзыстӕм, ууыл нӕ ныфс дарын цӕуылнӕ хъӕуы?
13 Уацамынды нӕ фӕфӕнды раст ныхӕстӕ ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнты руаджы адӕймаджы зӕрдӕ ссарын (Куыстытӕ 19:8; 28:23, 24). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын Хуыцауы Ныхасыл баууӕндынӕн хъуамӕ зынӕмбарӕн ныхӕстӕ кӕнӕм? Нӕ. Рӕстдзӕвин ныхас ӕнӕмӕнг хъуамӕ зынӕмбарӕн ма уа. Зӕрдӕмӕ тынгдӕр ӕнцонӕмбарӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ бахъарынц. Равзарӕм ма иу цӕвиттон.
14 Исчи нын куы зӕгъа, Хуыцауыл не ’ууӕндын, уымӕн ӕмӕ йӕ никуы федтон, зӕгъгӕ, уӕд ын цавӕр дзуапп радтӕн ис? Нӕ бон зӕгъын у, алцыдӕр цӕйдӕр фӕрцы кӕй фӕзыны, уый тыххӕй. Цыдӕр куы фенӕм, уӕд бамбарӕм, йӕхигъӕдӕй кӕй нӕ фӕзынд. Нӕ бон у зӕгъын: «Цъиуӕзмӕлӕг дӕр кӕм нӕй, ахӕм ран рӕсугъд хӕдзар куы ссарис, йӕ къӕбиц та алыхуызон хӕринӕгтӕй дзаг (цы уыныс, уый), уӕд, ӕвӕццӕгӕн, мур дӕр нӕ фӕдызӕрдыг уаис, уыцы хӕдзар чидӕр кӕй сарӕзта (кӕй фӕрцы фӕзынд, уый) ӕмӕ йын йӕ къӕбицы хӕлц чидӕр кӕй сӕвӕрдта, ууыл. Уӕдӕ ӕрдзы ӕппӕт дӕр уагыл арӕзт кӕй у ӕмӕ зӕххы „къӕбицы“ хӕлц бирӕ кӕй ис (цы уыныс, уый), уымӕ гӕсгӕ нӕй зӕгъӕн, адӕттӕ дӕр Кӕйдӕр фӕрцы кӕй фӕзындысты?» Ацы хъуыддаг Библи ӕмбарын кӕны тынг хуымӕтӕгӕй: «Алы хӕдзарӕн дӕр ис аразӕг, ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзуттытӕм 3:4). Нӕ ныхас цыфӕнды раст ма уа, уӕддӕр алы адӕймаджы зӕрдӕмӕ нӕ бахъардзӕн. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, ӕнусон цардмӕ «раст ахаст» кӕмӕн ис, ӕрмӕстдӕр уыдон суыдзысты Хуыцауӕн кувӕг адӕм (Куыстытӕ 13:48, НД; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:2).
15. Цавӕр дзырдтӕй ис спайда кӕнӕн, цӕмӕй адӕймагӕн хуыздӕр равдисӕм, Иегъовӕмӕ цавӕр миниуджытӕ ис ӕмӕ куыд архайы? Цавӕр дыууӕ цӕвиттонӕй у бӕрӕг, уый нӕ бон куыд у аразын?
15 Иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ — уацамынды уа ӕви ӕмбырды — раст бӕлвырдгӕнӕнты руаджы ис равдисӕн, Иегъовӕмӕ цавӕр миниуджытӕ ис ӕмӕ куыд архайы, уый. Нӕ ныхас хуыздӕр рауайдзӕн, Йесойау куы пайда кӕнӕм ахӕм дзырдтӕй, «уӕлдайдӕр та», зӕгъгӕ (Лукайы 11:13; 12:24). Ацы ахуыргӕнӕн мадзал хорз уымӕй у, ӕмӕ ахӕм дзырдты фӕрцы ныхӕй-ныхмӕ ӕрӕвӕрӕн ис дыууӕ хъуыддаджы, ӕмӕ адӕймаджы зӕрдӕ тынгдӕр бацагайдзӕн. Зӕгъӕм, артын зындон ӕнӕхъола ахуырад кӕй у, уый ис бамбарын кӕнӕн афтӕ: «Иу уарзӕгой фыд дӕр, цӕмӕй йӕ сывӕллонӕн зонд бацамона, уый тыххӕй йын йӕ къух артмӕ нӕ бадардзӕн. Уӕдӕ уӕлдайдӕр та нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕн, адӕмы зындоны арты судзын йӕ хъуыдыйы дӕр куыд хъуамӕ ӕрцыдаид?!» (Иереми 7:31). Цӕмӕй равдисӕм, Иегъовӕ йӕ кувӕг адӕмӕй алкӕуылдӕр кӕй ауды, уый, уый тыххӕй зӕгъӕн ис: «Кӕд Иегъовӕ зоны миллиардгай стъалыты нӕмттӕ, уӕд куыннӕ батыхсдзӕн, адӕмӕй йӕ чи уарзы ӕмӕ йӕ Фырты зынаргъ тугӕй ӕлхӕд чи у, уыдоныл?!» (Исай 40:26; Куыстытӕ 20:28). Ахӕм раст бӕлвырдгӕнӕнтӕй ис адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарӕн.
Хорз цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ
16. Исты амонынӕн цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ахъаз цӕмӕн сты?
16 Ахадгӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ сты хъацӕнты хуызӕн, уыдон, цы амонӕм, уый кӕнынц «адджындӕр». Исты амонынӕн цӕвиттонтӕ цӕмӕн фӕхъӕуы? Иу ахуыргӕнӕг уый фӕдыл зӕгъы: «Адӕймагӕн уӕлдай зын у, йӕ бон уынын цы нӕу, ууыл хъуыды кӕнын». Цӕстуынгӕ цӕвиттонты фӕрцы нӕ цӕстыты раз сысты удӕгас нывтӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц ног хъуыдытӕ хуыздӕр бамбарынӕн. Йесо тынг дӕсны уыди цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ хӕссынмӕ (Маркы 4:33, 34). Ӕркӕсӕм, ацы ахуыргӕнӕн мадзалӕй куыд ис пайда кӕнӕн, уымӕ.
17. Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ зӕрдӕ цавӕр цыппар мадзалы руаджы бацагайдзысты?
17 Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ зӕрдӕ тынгдӕр кӕд бацагайдзысты? Фыццаг: уыцы цӕвиттон сын хорз зонгӕ куы уа. Хъуыды ма кӕнӕм, Йесойы цӕвиттонтӕй бирӕтӕ ист уыдысты, чи йӕм хъуыста, уыдоны цардӕй. Дыккаг: цӕстуынгӕ цӕвиттон, цы хъуыды ӕмбарын кӕныс, ууыл куы фидауа. Афтӕ куы нӕ уа, уӕд уый адӕмӕн ӕххуыс нӕ, фӕлӕ ма сӕ хъусын дӕр хъыгдардзӕн. Ӕртыккаг: цӕвиттоны, чи нӕ хъӕуы, ахӕм лыстӕг хабӕрттӕ куы нӕ дзурай. Дӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕн, Йесо дӕр-иу дзырдта лыстӕг хабӕрттӕ, фӕлӕ ӕрмӕст куы хъуыди, уӕд. Цыппӕрӕм: цӕстуынгӕ цӕвиттон цӕмӕн ӕрхастай, уый куы ӕмбарын кӕнай.
Науӕд гӕнӕн ис ӕмӕ уыцы цӕвиттон цы ахъаз у, уый исчи ма бамбара.18. Куыд ис хорз цӕстуынгӕ цӕвиттон ссарӕн?
18 Куыд ис хорз цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ссарӕн? Мах нӕ хъӕуы даргъ таурӕгътӕ мысын. Цыбыр цӕвиттон дӕр зӕрдӕмӕ тынг хъары. Ахъуыды кӕн, цӕуыл дзурдзынӕ, уый цавӕр цӕвиттонӕй ис равдисӕн. Зӕгъӕм, ныхас кӕнӕм, Хуыцау хатыр кӕнын кӕй зоны, ууыл, ӕмӕ нӕ фӕнды Куыстыты 3:19 стихӕн ӕрхӕссын цӕвиттон — уым дзырдӕуы, Иегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй «слӕгъз» кӕны, кӕнӕ сӕ кӕй ныссӕрфы, ууыл. Ацы ныхӕстӕ сӕхӕдӕг дӕр сты хорз цӕстуынгӕ цӕвиттон, фӕлӕ йын йӕ хъуыды цавӕр цӕвиттонӕй ис бамбарын кӕнӕн? Фыстхалӕн хорз цӕвиттон нӕу? Губкӕ та? Ис зӕгъӕн: «Иегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныббары, уӕд уый афтӕ вӕййы, цыма губкӕ (кӕнӕ фыстхалӕн) райсы ӕмӕ сӕ ныссӕрфы кӕнӕ сыхалы». Ахӕм хуымӕтӕг цӕвиттон цӕуыл дзурӕг у, уый зын бамбарӕн нӕу.
19, 20. а) Кӕм ис хорз цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ссарӕн? ӕ) Цавӕр хорз цӕвиттонтӕ ис нӕ литературӕйы? (Кӕс фӕлгӕтмӕ дӕр.)
19 Кӕм ис ссарӕн хорз, стӕй ма ӕцӕгӕйдӕр чи ӕрцыд, ахӕм цӕвиттонтӕ? Ис сӕ ӕрхӕссӕн нӕхи цардӕй кӕнӕ не ’муырнджыты цардӕй. Афтӕ ма хорз цӕвиттонтӕ сты удджын ӕмӕ ӕнӕуд предметтӕ, хӕдзары дзаума кӕнӕ ӕрӕджы чи ӕрцыд ӕмӕ адӕм кӕй тыххӕй фехъуыстой, ахӕм хабар. Фӕнды дӕ хорз цӕвиттон ссарын? Уӕд дӕ хъус дар алцӕмӕдӕр, кӕс, алы бон дӕр нӕ алыварс цы цӕуы, уымӕ (Куыстытӕ 17:22, 23). Раныхас куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл иу чиныджы ахӕм ныхӕстӕ ис: «Раныхас чи цӕттӕ кӕна, уый йӕ хъус адӕмы цардмӕ куы дара, алыхуызон адӕмимӕ куы ныхас кӕна, исты лӕмбынӕг куы иртаса ӕмӕ цалынмӕ ӕппӕтдӕр хорз нӕ бамбара, уӕдмӕ фарстытӕ куы дӕтта, уӕд цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕн бирӕ ӕрмӕг ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ йӕ куы бахъӕуа, уӕд ын хорз ӕххуыс фӕуыдзӕн».
20 Тынг бирӕ ахадгӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ис «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы, стӕй ма Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мыхуыры цы чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ уадзынц, уыдоны дӕр. Уыцы литературӕйы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй куыд пайда кӕнынц, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд бирӕ цыдӕртӕ базондзынӕ *. Ӕркӕсӕм иу ахӕм цӕвиттонмӕ, ӕмбӕлы чиныг «Базонынад»-ы 17 сӕры, 11 абзацы. Ацы ран дзырдӕуы, зӕгъгӕ, ӕмбырды цы алыхуызон адӕм ис, уыдоны абарӕн ис фӕндагыл цӕуӕг алыхуызон машинӕтимӕ. Ацы цӕвиттон хорз цӕмӕй у? Ист у ӕрвылбоны цардӕй; хъуыды хорз ӕмбарын кӕны; стӕй бӕрӕг у, ахъаз цӕмӕн у, уый. Исты куы фӕамонӕм, уӕд нӕ бон у пайда кӕнын, нӕ литературӕйы цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй, уӕлдайдӕр искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нын раныхас куы уа, уӕд.
21. Хуыцауы Ныхас арӕхстджынӕй чи амоны, уыдоны къухы цавӕр ӕнтыстытӕ бафты?
21 Дӕсны ахуыргӕнӕгӕн йӕ къухы ӕфты стыр ӕнтыстытӕ. Искӕй куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд ын фӕдӕттӕм, цы нӕм ис, уый: нӕ зонд, нӕ рӕстӕг, нӕ зӕрдӕйы хъарм. Ӕмӕ искӕмӕн исты куы фӕдӕттӕм, уӕд та нӕ зӕрдӕ фырцинӕй ныррухс вӕййы, уымӕн ӕмӕ Библи афтӕ дзуры: «Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (Куыстытӕ 20:35). Мах, Хуыцауы Ныхас амонджытӕ, амондджын уый тыххӕй стӕм, ӕмӕ дӕттӕм, дзӕгъӕлы чи никуы уыдзӕн ӕмӕ ӕнусон чи у, ахӕм цыдӕр — ӕцӕгад Иегъовӕйы тыххӕй. Уӕдӕ Номдзыд Ахуыргӕнӕг Йесо Чырыстийы кӕй фӕзмӕм, уый дӕр нын у стыр цины хос.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 6 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
^ 20 абз. Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ссарынӕн кӕс «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕйы амонӕн 1986—2000 азтӕн», сӕргонд «Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ». Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ ӕвзӕгтыл.
Хъуыды ма кӕныс?
• Искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд ын ӕрмӕг куыд ис хуымӕтӕг ныхӕстӕй бамбарын кӕнӕн? Ӕмбырды нын раныхас куы уа, уӕд та?
• Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд куыд у нӕ бон фарстытӕ арӕхстджынӕй дӕттын?
• Куыд у нӕ бон раст бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы, Иегъовӕмӕ цавӕр миниуджытӕ ис ӕмӕ куыд архайы, уый равдисын?
• Кӕм ис ссарӕн хорз цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Рамкӕ/Ныв 32 фарсыл]
Хъуыды ма кӕныс ацы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ?
Дӕлдӕр ис цалдӕр ахадгӕ цӕвиттоны. Амынд журнал кӕнӕ чиныгмӕ куы ’ркӕсай, уӕд хуыздӕр бамбардзынӕ, цы хъуыдытимӕ баст сты, уыдон.
• Акробаттӕ ӕмӕ ихыл кафӕг лӕппу ӕмӕ чызг кӕрӕдзийӕн куыд феххуыс кӕнынц, афтӕ амондджын бинонты цард скӕнынӕн дӕр хъӕуы хорз цардӕмбал ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 2001 аз, 1 июнь, 10 ф.).
• Адӕймагӕн йӕ хъуыды зӕгъын у, растдӕр пурти куыд фехсай, уый хуызӕн. Пурти фехсӕн ис сындӕггай кӕнӕ йӕ ис афтӕ ныззыгъгъуытт кӕнӕн, ӕмӕ адӕймаджы йӕ разӕй ахӕсса («Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад», 144 ф.).
• Адӕймаг фӕсарӕйнаг ӕвзаг куыд фӕахуыр кӕны, раст афтӕ фӕахуыр кӕны уарзондзинад ӕвдисын дӕр («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1999 аз, 1 мартъи, 13, 17 фф.).
• Туджы рахӕсгӕ тӕригъӕд абарӕн ис, компьютеры вирус куы бахауы ӕмӕ йын йӕ файылтӕ куыд фехалы, уыимӕ («Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?», 156 ф.).
• Цуанӕттӕ сырд ӕрбасайынӕн къӕппӕджы холы куыд сӕвӕрынц, раст афтӕ хӕйрӕджытӕ дӕр сӕ амӕттӕгты ӕрбасайынц спиритизмӕй («Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад», 111 ф.).
• Йесо Адамы цоты куыд фервӕзын кодта, уымӕн ӕрхӕссӕн ис ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, иу хъӕздыг хӕрзгӕнӕг фирмӕйӕн йӕ хӕстӕ бафыста (уыцы хӕсты та бахауд ӕнаккаг директоры аххосӕй) ӕмӕ та фирмӕ кусын райдыдта. Афтӕмӕй тынг бирӕ кусджытӕ сӕ куысты баззадысты («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1999 аз, 1 мартъи, 11 ф.).
• Нывкӕнынад тынг чи уарзы, уыцы адӕймаг цыфӕнды дӕр бакӕндзӕн, цӕмӕй хӕлд ныв, фӕстӕмӕ куыд уыди, афтӕ скӕна. Афтӕ нын Иегъовӕ дӕр нӕ хъӕндзинӕдтӕм нӕ кӕсы, фӕлӕ нӕм хорзӕй цы ис, уымӕ. Ӕмӕ нын ратдзӕни, Адам цы фесӕфта, уый — суыдзыстӕм алцӕмӕй ӕххӕст («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 февраль, 1990 аз, 22 ф., англ.).
[Нывтӕ 28 фарсыл]
Ӕцӕг чырыстӕттӕ сты Хуыцауы Ныхас амонджытӕ.
[Ныв 29 фарсыл]
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у фарстыты руаджы се ’муырнджытӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасы удӕнцой ссарой.