Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз сыхагӕн ӕмбал нӕй

Хорз сыхагӕн ӕмбал нӕй

Хорз сыхагӕн ӕмбал нӕй

«Хӕстӕг сыхаг дард ӕфсымӕрӕй — хуыздӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 27:10, «Мах дуг» №12, 1999).

НӔ ЭРӔЙЫ фыццаг ӕнусы иу ахуыргонд лӕг Йесойы бафарста: «Мӕ хӕстӕг та чи у?» Йесо йын нӕ загъта, чи уыд йӕ хӕстӕг, ома хионау ӕввахс, фӕлӕ йын радзырдта, цы нысан кӕны ӕцӕг хион. Ӕвӕццӕгӕн ӕй зоныс, цавӕр цӕвиттон ын ӕрхаста, уый. Бирӕтӕ зонынц хӕларзӕрдӕ самариаджы хабар, фыст ис Лукайы Евангелийы. Йесо йӕ ныхас райдыдта афтӕ:

«Иу кӕцыдӕр адӕймаг цыд Иерусалимӕй Иерихонмӕ ӕмӕ бахаудта абырджытӕм, кӕцытӕ йын раластой йӕ дарӕстӕ, фӕцӕфтӕ йӕ кодтой, ӕмӕ ацыдысты, уый ӕрдӕгмардӕй ныууадзгӕйӕ. Хъуыддаджы фӕдыл иу сауджын цыд уыцы фӕндагыл ӕмӕ, фенгӕйӕ уый, ацыд йӕ рӕзты. Афтӕ левит дӕр, уӕвгӕйӕ уыцы ран, бацыд, федта йӕ ӕмӕ ацыд йӕ рӕзты. Иу чидӕр Самариаг та, фӕцӕйцӕугӕйӕ, ууыл фембӕлд, ӕмӕ йӕ фенгӕйӕ, фӕтӕригъӕд кодта уымӕн, ӕмӕ бацӕугӕйӕ, бабаста уымӕн йӕ цӕфтӕ, зети ӕмӕ сӕн кӕнгӕйӕ; ӕмӕ йӕ сӕвӕргӕйӕ йӕ хӕрӕгыл, ӕрласта уазӕгдзӕрӕнмӕ ӕмӕ йыл батыхст; иннӕ бон та цӕугӕйӕ, систа дыууӕ динары, ратта уазӕгдзӕрӕны хицауӕн ӕмӕ загъта уымӕн: батыхс ууыл, ӕмӕ фылдӕр куы схардз кӕнай, уӕд дын ӕз бафиддзынӕн фӕстӕмӕ куы раздӕхон, уӕд. Чи уыд уыцы ӕртӕйӕ, дӕумӕ гӕсгӕ, абырджытӕм бахауӕджы хӕстӕг?» (Лукайы 10:29—36).

Куыд зыны, афтӕмӕй ахуыргонд лӕг уыцы цӕвиттоны хъуыды бамбӕрста. Ӕнӕдызӕрдыгӕй раст загъта, цӕф лӕгӕн уыцы уавӕры хион чи разынд, уый: «Уымӕн хорзӕх ракӕнӕг». Уӕд ын Йесо загъта: «Цу ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн» (Лукайы 10:37). Куыд агайы зӕрдӕ уыцы хабар, ӕмӕ цӕй хорз цӕвиттон у, адӕммӕ хионы цӕстӕй кӕсын ӕцӕгӕй цы нысан кӕны, уымӕн! Йесойы ӕмбисонд адӕймаджы хъуыдытыл ӕфтауы: Ӕз та куыд цӕрын адӕмимӕ? Алы адӕймагмӕ дӕр хионы зӕрдӕ дарын ӕви уал фыццаг, цы адӕмыхаттӕй у, уымӕ фӕкӕсын? Мӕ цуры исчи зын уавӕры куы вӕййы ӕмӕ йӕ ме ’ххуыс куы фӕхъӕуы, уӕд цы адӕмыхаттӕй у, уымӕ фӕкӕсын? Мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй адӕмимӕ хӕларӕй цӕрон?

Цӕмӕй ис райдайӕн?

Ацы хъуыддаджы нӕ фӕхуыздӕр кӕнын куы хъӕуа, уӕд уал фыццаг хъуамӕ нӕ зондахаст фӕивӕм. Фылдӕр ууыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ адӕмӕн нӕхӕдӕг куыд уӕм хорз. Уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн, адӕм нын сӕхӕдӕг куыд уыдзысты, уый. Иу-дыууӕ мин азы размӕ Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды банысан кодта, куыд ахсджиаг у ацы фӕтк адӕмимӕ хӕларӕй цӕрынӕн. Уый загъта: «Ӕмӕ афтӕ, алцыдӕр уӕ уӕхицӕн куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм кӕной, афтӕ сымах дӕр кӕнут уыдонӕн» (Матфейы 7:12). Иннӕтӕн куы кад кӕнай, куы сын аргъ кӕнай ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ куы уай, уӕд дӕм уыдон дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсдзысты.

Иу журналы статьяйы, «Уарзут уӕ сыхӕгты», зӕгъгӕ, журналист ӕмӕ фыссӕг Лизе Фундербург ранымадта, адӕмимӕ хӕларӕй цӕрынӕн чи ӕххуыс кӕны, цалдӕр ахӕм хуымӕтӕг хъуыддаджы. Уый ныффыста: «Ӕвӕдза... куыд бирӕ гыццыл хъуыддӕгты у сыхӕгтӕн сӕ бон кӕрӕдзийӕн балӕггад кӕнын — йе сын сӕ газеттӕ бадӕттын, йе сын сӕ сывӕллӕттӕм фӕкӕсын, йе та сын дуканийӕ исты ӕрбахӕссын. Куыд хорз уаид ахӕм ахастытӕ фенын, адӕм кӕрӕдзимӕ ӕцӕгӕлоны цӕстӕй кӕм кӕсынц ӕмӕ фыдракӕндты тасӕй кӕрӕдзимӕ ӕмгӕрон кӕм нӕ цӕуынц, уыцы дунейы». Уый фӕстӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Искӕмӕй райдайын хъӕуы. Дард цӕуын дӕ нӕ хъӕуы: хӕстӕгдӕр дӕм чи цӕры, уыцы сыхӕгтӕй райдай» («The Nation Since 1865»).

Цӕмӕй сыхӕгтӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрой, уый тыххӕй ма ӕндӕр журналы дӕр уыди хорз уынаффӕ. Фыссӕг Марни Джексон банысан кодта: «Адӕймаджы царды сыхӕгты хъуыддаг у, растдӕр бинонты хъуыддаг куыд у, афтӕ — чи уыдзысты, уый алыхатт йӕхицӕй кӕнгӕ нӕ вӕййы. Сыхӕгтимӕ хъуамӕ уай уӕздан, фӕразон ӕмӕ сӕ хъуамӕ ӕмбарай» («Canadian Geographic»).

Хорз сыхӕгтӕ рӕвдз сты хорз хъуыддӕгтӕм

Бирӕтӕн сӕ сыхӕгтимӕ хуыздӕр базонгӕ кӕнын зын вӕййы, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц. Чи зоны, исчи йӕхицӕн зӕгъы, зӕгъгӕ, мӕхи никӕмӕ ӕвдисдзынӕн ӕмӕ мӕхицӕн сабыр цӕрдзынӕн. Фӕлӕ Библи дзуры, зӕгъгӕ, «райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (Куыстытӕ 20:35). Уӕдӕ хорз сыхаг бацархайдзӕн, цӕмӕй йӕ фарсмӕ цӕрӕг адӕмимӕ базонгӕ уа. Уый ӕнӕмӕнг афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ се ’ввахс хӕлар суа, фӕлӕ-иу уӕддӕр хаттӕй-хатт семӕ иугыццыл истӕуыл аныхас кӕндзӕн, фыццаг рӕстӕджы та уал-иу сӕм гӕнӕн ис зӕрдӕхӕларӕй бахуда кӕнӕ-иу сын дардӕй салам ратта.

Уӕлдӕр куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй сыхӕгтӕ кӕрӕдзийӕн цы «бирӕ гыццыл хъуыддӕгты» фӕлӕггад кӕнынц, уыдоны фӕрцы ӕцӕгдӕр балымӕн вӕййынц ӕмӕ адджынӕй фӕцӕрынц. Уӕдӕ хорз уаид, дӕ сыхӕгтӕн-иу истӕмӕй куы балӕггад кӕнис, уымӕн ӕмӕ арӕх уый руаджы адӕм кӕрӕдзийы зӕрдӕтӕ ссарынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнын райдайынц. Уымӕй уӕлдай, афтӕмӕй мах ӕххӕст кӕндзыстӕм Библийы уынаффӕ: «Дӕ къух дӕ куы амона, уӕд ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн хорздзинад ракӕнын ма бавгъау кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:27; Иаковы 2:14—17).

Хорз сыхӕгтӕ хорздзинад ӕмбарынц

Бӕргӕ, нӕ бон куы уаид афтӕ зӕгъын, зӕгъгӕ, хорздзинад ӕмӕ лӕвӕрттӕн алчидӕр аргъ кӕны. Хъыгагӕн, алыхатт афтӕ нӕ вӕййы. Адӕймаг кӕмӕндӕр балӕггад кӕны кӕнӕ йын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ исты балӕвар кӕны, фӕлӕ йын йӕ хорздзинадӕн ӕппындӕр аргъ не скӕнынц. Ӕмӕ уӕд уыцы зӕрдӕхӕлар адӕймаг, гӕнӕн ис, зӕгъа: «Ацы хатт ма афтӕ фӕуӕд!» Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ дӕ сыхагӕн зӕрдӕхӕларӕй салам дӕттыс, дӕ къух ӕм тилыс, уый та дӕм йӕ сӕр ӕнӕбары тылд бакӕны.

Фӕлӕ фылдӕр хатт адӕймаг, хорздзинад чи не ’мбары, ахӕм нӕ вӕййы, кӕд нӕм афтӕ фӕкӕсы, уӕддӕр. Чи зоны йӕ афтӕ схъомыл кодтой, ӕмӕ нӕуӕндаг кӕнӕ ӕфсӕрмыгӕнаг у, ӕмӕ иннӕтӕм та афтӕ кӕсы, цыма йын уӕлдай нӕу, йӕ сыхӕгтӕ чи сты ӕмӕ цы сты, йе та сӕм цыма фыдзӕрдӕ дӕр дары. Иннӕрдыгӕй та, адӕм хорздзинад кӕм не ’мбарынц, уыцы дунейы иуӕй-иутӕм дӕ хӕларзӕрдӕдзинад, чи зоны, ӕнахуыр фӕкӕса кӕнӕ та дӕ раст дӕр ма бамбарой. Ахӕмты, гӕнӕн ис, хъӕуа баууӕндын кӕнын, ӕвзӕрӕй дӕ кӕй ницы фӕнды, ууыл. Зӕрдӕхӕлар ахастытӕ скӕнынӕн хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ фӕразондзинад. Фӕлӕ уӕддӕр, хорз ракӕнын ӕмӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын чи зоны, уыдон, сӕ бон цӕмӕй у, уымӕй архайдзысты сӕ сыхӕгтимӕ хӕларӕй, фӕрнӕй цӕрыныл.

Бахъуаджы сахат

Хорз сыхагӕн ӕмбал кӕй нӕй, уый уӕлдайдӕр рабӕрӕг вӕййы бахъуаджы сахат. Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд рабӕрӕг вӕййы ӕцӕг хӕларзӕрдӕдзинад. Бирӕ цӕвиттонтӕ ис ӕрхӕссӕн, ахӕм рӕстӕг-иу адӕм кӕрӕдзийӕн удуӕлдайӕ куыд ӕххуыс кодтой, уымӕн. Иумӕйаг зындзинад адӕмы сразӕнгард кӕны ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ архайынмӕ ӕмӕ иннӕтӕн хи уды хардзӕй ӕххуыс кӕнынмӕ. Кӕрӕдзийы ныхмӕ чи вӕййы, уыдон дӕр фӕархайынц уӕхски-уӕхск.

Цӕвиттонӕн, «Нью-Йорк Таймс» фыста, зӕгъгӕ, 1999 азы Турчы тыхджын зӕххӕнкъуыст куы уыд, уӕд рагӕй дӕр знӕгтӕ чи уыд, уыдон хиуӕттау иумӕ, ӕмвӕндӕй архайдтой («The New York Times»). «Бирӕ азты дӕргъы мах ууыл ахуыр кодтой, цӕмӕй туркӕгтӕй не сӕфт уынӕм,— фыста грекъаг журналист Аннӕ Стерги иу афинаг газеты.— Фӕлӕ сын ныр адӕймаг сӕ хъизӕмармӕ кӕсын нӕ фӕразы. Сывӕллӕтты мӕрдтӕм кӕсгӕйӕ нӕ зӕрдӕтӕ скъуыдтӕ кодтой, куыдтам сыл, ӕмӕ уыцы сахат нӕ рагон ӕнӕуынондзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыд». Хицауады ӕрвыст ирвӕзынгӕнджытӕ сӕ куыст кӕронмӕ куы фесты, уӕд дӕр грекъаг ирвӕзынгӕнджыты къордтӕ дарддӕр сӕ куыст кодтой, зӕгъгӕ ма дзы кӕд исчи удӕгасӕй баззад.

Адӕймаг исты бӕллӕхы куы бахауы, уӕд ын уый фӕстӕ баххуыс кӕнын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр ӕмӕ раппӕлинаг хъуыддаг у. Фӕлӕ дӕ сыхаджы бӕллӕхы размӕ бафӕдзӕхсай ӕмӕ йӕ афтӕмӕй фервӕзын кӕнай — уый та схонӕн ис ноджы стырдӕр хорздзинад. Хъыгагӕн, цард куыд бӕлвырд кӕны, афтӕмӕй-иу йӕ алфамбылай цӕрӕг адӕмы ӕрцӕуинаг бӕллӕхӕй чи фӕдзӕхста, уыдонмӕ-иу адӕм арӕх нӕ хъуыстой, уымӕн ӕмӕ-иу нырма бӕлвырд бӕрӕг нӕ уыд, уыцы бӕллӕхӕн ӕнӕрцӕугӕ кӕй нӕй, уый. Иннӕты чи фӕфӕдзӕхсы, уыдоны ныхӕстыл арӕх нӕ феууӕндынц. Уӕдӕ йӕ уавӕр тӕссаг кӕмӕн у, уыдоны бафӕдзӕхсын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны бахъӕуы хъӕддых фӕлӕууын ӕмӕ удуӕлдайӕ архайын.

Иууыл стырдӕр хорздзинад

Абон адӕммӕ ӕрдзон бӕллӕхӕй бирӕ стырдӕр бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уый тыххӕй развӕлгъау загъд уыди, ӕмӕ уый у, Дунескӕнӕг Хуыцау кӕй сараздзӕн, уыцы хъуыддаг — зӕхх фыддзинадӕй ӕмӕ уый цы зындзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй фервӕзын кӕнын (Раргомад 16:16; 21:3, 4). Ацы ахсджиаг хабар дызӕрдыггаг нӕу! Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕнды, цӕмӕй гӕнӕн уӕвгӕйӕ фылдӕр адӕм базоной, цы кӕнын сӕ хъӕуы, тагъд ӕгас дунейыл чи ӕрцӕудзӕн, уыцы бӕллӕхӕй фервӕзынӕн. Гъе ӕмӕ афтӕ ӕнӕрынцойӕ дӕр уый тыххӕй кӕнынц, ӕгас дунейыл дӕр зындгонд кӕмӕй сты, уыцы хъусын кӕныны куыст (Матфейы 24:14). Уыдон уый аразынц барвӕндӕй, уымӕн ӕмӕ уарзынц Хуыцауы ӕмӕ адӕмы.

Уӕдӕ дӕм Ӕвдисӕнтӕ хӕдзармӕ куы ’рбацӕуой кӕнӕ ӕндӕр искуы демӕ ныхас кӕнын куы райдайой, уӕд сӕ ӕвзӕр ма ахъуыды кӕн кӕнӕ сӕм ма мӕсты кӕн, фӕлӕ сӕм байхъус. Уыдоны фӕнды сӕ алыварс цӕрӕг адӕмы хорздзинад. Гъе ’мӕ дын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй куы зӕгъой, уӕд сразы у. Дӕхӕдӕг ӕркӕс, тагъд рӕстӕджы сыхӕгтӕ дӕр ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр иу бинонтау фӕрнӕй кӕй цӕрдзысты, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уымӕ. Уыцы рӕстӕджы адӕм нал кӕсдзысты, кӕмӕн сӕ цы буары хуыз ис, чи сӕ цы диныл хӕст у ӕмӕ сӕ чи куыд цӕры, уымӕ. Ӕмӕ уый та у адӕмы стырдӕр бӕллицтӕй иу.