Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕнӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй сын ницы дзырдта»

«Ӕнӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй сын ницы дзырдта»

«Ӕнӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй сын ницы дзырдта»

«Йесо дзырдта адӕмӕн фӕсномыг ныхасӕй [«цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй», НД]; ӕмӕ сын ӕнӕ фӕсномыгӕй [«цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй», НД] ницы дзырдта» (МАТФЕЙЫ 13:34).

1, 2. а) Зӕрдӕ цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ агайынц, уыдон ӕнцон ферохгӕнӕн цӕуылнӕ сты? ӕ) Йесо цавӕр цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй пайда кодта ӕмӕ сӕ куыд пайда кодта, уый фӕдыл цавӕр фарстытӕм хъӕуы ӕркӕсын? (Кӕс фиппаинагмӕ дӕр.)

ДӔ ЗӔРДЫЛ ма лӕууы, бирӕ азты размӕ чидӕр йӕ раныхасы цы цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхаста, уый? Зӕрдӕ цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ агайынц, уыдон ӕнцон ферохгӕнӕн не сты. Иу фыссӕг цӕвиттонты тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «уыдоны руаджы хъустӕ цӕстытӕ фестынц, хъуыдытӕ та цӕстыты раз цардӕгасау сыстынц». Нӕ хъуыдытӕ фылдӕр хатт нӕ цӕстытыл кӕй фӕуайынц, уый тыххӕй адӕймаг цӕстуынгӕ цӕвиттонты руаджы цыфӕнды хъуыды дӕр хуыздӕр бамбары. Цӕвиттонтӕ дзырдты царды тавс бауадзынц ӕмӕ дзы цы хъуыдытӕ вӕййы, уыдонӕн ферохгӕнӕн нал вӕййы.

2 Зӕххыл иу ахӕм ахуыргӕнӕг дӕр нӕй, ӕмӕ нӕдӕр уыди, цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй Йесо Чырыстийау арӕхстджынӕй чи пайда кодта. Йесо цы фӕсномыг ныхӕстӕ кӕнӕ ӕмбисӕндтӕ дзырдта, уыдоныл кӕд 2 000 азы бӕрц рацыд, уӕддӕр сӕ абон бирӕтӕ зонынц *. Йесо ацы ахуыргӕнӕн мадзалай уӕлдай арӕх цӕмӕн пайда кодта? Ӕмӕ йӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ адӕмы зӕрдӕтӕ афтӕ тынг цӕмӕн агайдтой?

Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй цӕмӕн ахуыр кодта

3. а) Матфейы 13:34, 35 гӕсгӕ, Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ цӕмӕн хаста? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, Иегъовӕ бӕлвырд кӕй зоны, ахӕм ахуыргӕнӕн мадзалӕн стыр ахадындзинад кӕй ис?

3 Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ цӕмӕн хаста, уымӕн Библи амоны дыууӕ аххосаджы. Фыццаг аххосаг: афтӕмӕй ӕххӕст кодта пехуымпарад. Апостол Матфей уый фӕдыл фыста: «Йесо дзырдта адӕмӕн фӕсномыг ныхасӕй; ӕмӕ сын ӕнӕ фӕсномыгӕй ницы дзырдта; сӕххӕст уӕд пехуымпары сӕрты ныхас, кӕцы зӕгъы: „байгом кӕндзынӕн фӕсномыг ныхӕсты Мӕ дзых“» (Матфейы 13:34, 35). Матфей цы «пехуымпары» кой кӕны, уый ныффыста Псалом 77:2. Ацы псаломзарӕггӕнӕг цард Йесойӕ бирӕ сӕдӕазтӕ раздӕр ӕмӕ ныффыста Хуыцауы ныхӕстӕ. Уӕдӕ диссаг нӕу, бирӕ сӕдӕазты размӕ Иегъовӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, мӕ Фырт адӕмы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй ахуыр кӕндзӕн! Иегъовӕ бӕлвырд зоны, ахӕм ахуыр кӕныны мадзалӕн стыр ахадындзинад кӕй ис!

4. Йесо куыд бамбарын кодта, цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ цӕмӕн хаста, уый?

4 Дыккаг аххосаг: Йесо йӕхӕдӕг куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй цӕстуынгӕ цӕвиттонты руаджы бӕрӕг кодтой, сӕ зӕрдӕтӕ кӕмӕн ныддур сты, уыдон. Иу хатт «бирӕ адӕмӕн» тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы ракодта, уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Цӕй тыххӕй дзурыс фӕсномыг ныхӕстӕй уыдонӕн?» Йесо сын дзуапп радта: «Уымӕн ӕмӕ сымахӕн лӕвӕрд у Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, уыдонӕн та нӕу; уымӕн дзурын уыдонӕн фӕсномыгӕй, ӕмӕ уыдон кӕсгӕйӕ нӕ уынынц, ӕмӕ хъусгӕйӕ нӕ хъусынц ӕмӕ не ’мбарынц; ӕмӕ уыдоныл ӕххӕст кӕны Исайы раздӕры загъд, кӕцы зӕгъы: „Хъустӕй фехъусдзыстут ӕмӕ нӕ бамбардзыстут; ӕмӕ цӕстытӕй кӕсдзыстут, ӕмӕ нӕ фендзыстут; уымӕн ӕмӕ сдӕрзӕг [«ныддури», НФ] сӕ зӕрдӕ ацы адӕмӕн“» (Матфейы 13:2, 10, 11, 13—15; Исай 6:9, 10).

5. Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ сӕрныллӕг адӕмы сӕрбӕрзонд адӕмӕй куыд хицӕн кодтой?

5 Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ адӕмы иуты иннӕтӕй куыд хицӕн кодтой? Кӕимӕ ныхас кодта, уыдоны-иу бирӕ хатт хъуыдис зӕрдиагӕй архайын, цӕмӕй-иу ын йӕ ныхӕсты мидис бамбӕрстаиккой. Сӕрныллӕг адӕймӕгтӕ-иу ӕй бафарстой, цы загътай, уый ма нын хуыздӕр бамбарын кӕн, зӕгъгӕ (Матфейы 13:36; Маркы 4:34). Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕргом кодтой ӕцӕгад, йӕ базоныныл йӕ уд чи хъардта, уыдонӕн. Сӕрбӕрзонд чи уыд, уыдонӕй та йӕ сусӕг кодтой. Ӕвӕдза, цӕй разагъды ахуыргӕнӕг уыд Йесо! Ныр равзарӕм, Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ зӕрдӕ афтӕ тынг цӕмӕн агайдтой, уый.

Йесо зыдта, дзурын цы хъӕуы, уый

6—8. а) Фыццаг ӕнусы Йесойы ныхӕстӕм чи хъуыста, уыдонӕн цавӕр фадат нӕ уыд? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, цӕвиттон бӕстон дзурын кӕд хъуыди ӕмӕ кӕд нӕ хъуыди, уый Йесо хорз кӕй ӕмбӕрста?

6 Никуы ахъуыды кодтай: Йесомӕ-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы хъуыстой, уӕд-иу сӕм цымӕ сӕ зӕрдӕтӕ цы дзырдтой? Уыдонӕн, ӕцӕгӕйдӕр, уыдис диссаджы фадат: сӕхи хъустӕй йын хъуыстой йӕ ныхӕстӕ. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ уӕд нӕма уыдысты фыст, ӕмӕ-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уый фадат нӕ уыд, цӕмӕй-иу сӕ искуы бакастаиккой ӕмӕ-иу сӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаиккой. Уыдоны хъуыдис Йесойы ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл дарын. Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй афтӕ арӕхстджынӕй кӕй пайда кодта, уый руаджы-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕнцондӕр уыди йӕ ныхӕстӕ бахъуыды кӕнын. Куыд?

7 Йесо хорз зыдта, цӕвиттон лӕмбынӕг дзурын кӕд хъуыди ӕмӕ кӕд нӕ хъуыди, уый. Цавӕрдӕр хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн-иу лыстӕг хабӕрттӕ ӕнӕмӕнг радзурын куы хъуыди, уӕд-иу дзы ницы ауагъта. Афтӕ Йесо бӕлвырд загъта, фыййау цал фысы ныууагъта, йӕ сӕфт фысы агурынмӕ куы ацыд, уӕд, стӕй кусджытӕ сӕнӕфсирдоны цал сахаты куыстой ӕмӕ цагъартӕй кӕмӕн цал таланты ӕрцыд лӕвӕрд, уый тыххӕй (Матфейы 18:12—14; 20:1—16; 25:14—30).

8 Уыди-иу афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу цӕвиттон бӕстон нӕ радзырдта, уымӕн ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ нысаниуӕг адӕм нӕ бамбӕрстаиккой. Зӕгъӕм, фыдзӕрдӕ цагъары тыххӕй фӕсномыг ныхасы Йесо, уыцы лӕг 10 000 таланты [60 000 000 динары] куыд ӕмӕ цӕмӕн фӕхӕсджын, уыдӕттыл нӕ дзырдта. Ацы ран Йесо дзырдта хатыр кӕныны тыххӕй. Йӕ хъуыды сӕйраджыдӕр уый нӕу, ӕмӕ уыцы цагъар ахӕм стыр хӕсты куыд бацыд, фӕлӕ йӕ хӕс хатыргонд кӕй ӕрцыд, уый. Афтӕ ма уыцы адӕймагӕн йӕхицӕй хӕс цы цагъайраг дардта, уымӕ цы цӕстӕй ракаст, уый дӕр (Матфейы 18:23—35). Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас ракодта, уым дӕр лӕмбынӕг нӕ дзырдта, уыцы ӕрыгон лӕппу ӕвиппайды йӕ бынтӕ цӕмӕн ӕрдомдта ӕмӕ сӕ цӕмӕ ныппапылой кодта, ууыл. Фӕлӕ Йесо лӕмбынӕг радзырдта, уыцы сӕфт фырт йӕ митыл куы ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхти, уӕд ыл йӕ фыд куыд цин кодта ӕмӕ йӕм уыцы рӕстӕг йӕ зӕрдӕ цы дзырдта, уый тыххӕй. Йесо уыцы фыды ӕнкъарӕнты тыххӕй лӕмбынӕг уымӕн радзырдта, ӕмӕ ӕнӕмӕнгӕйдӕр хъуыдысты, цӕмӕй бамбарын кодтаид, Иегъовӕ дӕр «бирӕхатыргӕнӕг» кӕй у, уый (Исай 55:7; Лукайы 15:11—32).

9, 10. а) Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттонты адӕмы кой куы кодта, уӕд йӕ ныхас сӕйраджыдӕр цӕуыл уыд? ӕ) Йесомӕ чи хъуыста, уыдон дӕр ӕмӕ ма-иу ын бирӕ ӕндӕр адӕймӕгтӕ дӕр йӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕнцонтӕй цӕмӕн бахъуыды кодтой?

9 Йесо-иу йӕ фӕсномыг ныхӕсты адӕмы кой куы кодта, уӕд дӕр-иу сыл дзӕбӕх ахъуыды кодта. Уый-иу сӕ уынды тыххӕй нӕ дзырдта, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгты, ӕмӕ бӕрӕг уавӕрты сӕхи куыд дардтой, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ Йесо самариаг лӕгӕн йӕ уындӕй ницы загъта, фӕлӕ радзырдта, ахсджиагдӕр цы уыд, уый: уыцы самариаг лӕг, фӕндаггӕрон цы цӕфтӕ иудейаджы ссардта, уымӕн куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй. Йесо уыцы хъуыддӕгтӕ лӕмбынӕг уымӕн радзырдта, ӕмӕ йӕ фӕндыд зӕгъын, ӕндӕр адӕмы минӕвӕртты дӕр кӕй хъӕуы уарзын (Лукайы 10:29, 33—37).

10 Йесо, кӕм цы дзурын хъӕуы, уый хорз кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ уыдысты ӕлвӕст ӕмӕ ӕнӕ уӕлдай ныхӕстӕй. Уый руаджы фыццаг ӕнусы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕнцондӕр уыд йӕ фӕсномыг ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ сӕ зонд райсын. Уый зӕгъӕн ис, Хуыцау цы Евангелитӕ ныффыссын кодта, уыдон цы бирӕ адӕмӕн у сӕ бон кӕсын, уыдонӕй дӕр.

Ист сты цардӕй

11. Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ, Йесо гыццылӕй фӕстӕмӕ Галилейы цы уыдта, уыдон йӕ фӕсномыг ныхӕсты куыд зындысты.

11 Диссаг у, Йесо цардӕй цӕвиттонтӕ куыд хаста, уый. Йӕ фӕсномыг ныхӕсты зыны, Галилейы гыццылӕй фӕстӕмӕ цы уыдта, уыдӕттӕ. Йӕ сабибонтӕ ма йын нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм. Цал хатты-иу федта, йӕ мад-иу раздӕры конд хыссӕйӕ ӕнхъизӕнӕн цы ныууагъта, уый-иу ног хыссӕмӕ куыд бафтыдта, хыссӕ-иу куыд ссыди ӕмӕ-иу дзы дзул куыд скодта! (Матфейы 13:33). Цал ӕмӕ-иу цал хатты федта кӕсагахсджыты Галилейы денджызы сыгъдӕг доны сӕ хызтӕ ӕппаргӕйӕ! (Матфейы 13:47). Цал ӕмӕ-иу цал сывӕллоны федта базары кӕрты хъазгӕйӕ! (Матфейы 11:16, НД). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо ма бирӕ цыдӕртӕ уыдта, ӕмӕ уыдон дӕр зынынц йӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонты, зӕгъӕм: тауинӕгтӕ куыд тауынц, хъӕлдзӕг чындзӕхсӕвтӕ куыд кӕнынц ӕмӕ хоры хуымтӕ хурмӕ куыд нӕрсынц, уый (Матфейы 13:3—8; 25:1—12; Маркы 4:26—29).

12, 13. Йесо адӕмы царды хабӕрттӕ хорз кӕй зыдта, уый мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй куыд зыны?

12 Уӕдӕ диссаг нӕу, Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй бирӕты кӕй ис фенӕн алыхуызон цаутӕ ӕмӕ уавӕртӕ. Ахӕм ахуыргӕнӕн мадзалӕй куыд арӕхстджынӕй пайда кодта, уый цӕмӕй хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ахъуыды кӕнӕм, чи йӕм хъуыста, уыцы иудейтӕн йӕ ныхӕстӕ цы нысан кодтой, ууыл. Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ.

13 Фыццаг цӕвиттон: Йесо мӕнӕу ӕмӕ мӕгъӕлдаты [хӕмпӕлгӕрдӕджы] тыххӕй фӕсномыг ныхасы ракодта иу лӕджы кой, зӕгъгӕ, уый йӕ хуымы байтыдта мӕнӕу, фӕлӕ йын йӕ хуыммӕ бахъуызыд «знаг» ӕмӕ дзы хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ ныппырх кодта. Йесо ахӕм знаггады кой цӕмӕн ракодта? Ацы фӕсномыг ныхас Йесо радзырдта Галилейы денджызгӕрон, ӕмӕ галилейӕгтӕ та, ӕвӕццӕгӕн, зӕххы куыст кодтой ӕмӕ уымӕй цардысты. Зӕхкусӕгӕн ма уымӕй стырдӕр зиан цы уа, йӕ хуыммӕ йын знаг куы бахъуыза ӕмӕ йын дзы хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ куы ныппырх кӕна? Уыцы заманы цы закъӕттӕ уыди, уыдонӕй бӕрӕг у, ахӕм хабӕрттӕ ӕцӕгӕйдӕр кӕй цыди. О, Йесо адӕмӕн радзырдта, хорз кӕй зыдтой, ахӕм хабар (Матфейы 13:1, 2, 24—30).

14. Йесо хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы, «Иерусалимӕй Иерихонмӕ» цы фӕндаг цыди, уый тыххӕй цӕмӕн дзырдта?

14 Дыккаг цӕвиттон: нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы хабар. Йесо уый тыххӕй йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Иу кӕцыдӕр адӕймаг цыд Иерусалимӕй Иерихонмӕ ӕмӕ бахаудта абырджытӕм, кӕцытӕ йын раластой йӕ дарӕстӕ, фӕцӕфтӕ йӕ кодтой, ӕмӕ ацыдысты, уый ӕрдӕгмардӕй ныууадзгӕйӕ» (Лукайы 10:30). Йесо хуымӕтӕджы нӕ дзырдта, «Иерусалимӕй Иерихонмӕ» цы фӕндаг цыди, уый тыххӕй. Ацы фӕсномыг ныхас радзырдта Иудейы, Иерусалиммӕ хӕстӕг. Уӕдӕ йын йӕ ныхасмӕ чи хъуыста, уыдон куыннӕ зыдтаиккой уыцы фӕндаджы тыххӕй? Уӕд адӕм хорз зыдтой, уыцы фӕндагыл цӕуын тӕссаг кӕй уыд, уӕлдайдӕр та иунӕгӕй. Уыцы гакъон-макъон фӕндаг цыди ӕдзӕрӕг рӕттыл — ӕмӕ ма абырджыты ӕндӕр цы хъуыд.

15. Йесо хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы цы сауджын ӕмӕ левиты кой кӕны, уыдонӕн сӕ сӕрыл рахӕцӕн цӕуылнӕ ис?

15 «Иерусалимӕй Иерихонмӕ» цы фӕндаг цыди, уый кой ма Йесо ноджыдӕр иу цӕйдӕр тыххӕй ракодта. Фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы фӕндагыл фыццаг фӕцӕйцыд сауджын, уый фӕстӕ та — левит, фӕлӕ диссаг, сӕ иу дӕр не ’рлӕууыд ӕмӕ нӕ баххуыс кодта уыцы мӕгуыр лӕгӕн (Лукайы 10:31, 32). Сауджынтӕ Иерусалимы лӕггад кодтой кувӕндоны, левиттӕ та сын ӕххуыс кодтой. Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй бирӕтӕ цардысты Иерихоны, кувӕндоны-иу сӕ куыстытӕй куы ссӕрибар сты, уӕд, уымӕн ӕмӕ Иерихон Иерусалимӕй 23 километры дӕрддзӕг йедтӕмӕ нӕ уыд. Уӕдӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, уыцы фӕндагыл цыдысты. Зӕгъын ма хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы сауджын дӕр ӕмӕ левит дӕр «Иерусалимӕй» кӕй цыдысты, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ кувӕндонмӕ нӕ, фӕлӕ кувӕндонӕй кӕй цыдысты. Уӕдӕ сӕ сӕрыл никӕй бон у рахӕцын, зӕгъгӕ, сауджын ӕмӕ левит цӕфтӕ лӕджы рӕзты уымӕн ахызтысты, ӕмӕ йӕ мард банхъӕлдтой, ӕмӕ мардмӕ куы бавнӕлдтаиккой, уӕд та сын цасдӕр рӕстӕг кувӕндоны лӕггад кӕнын нӕ уыдаид (Левит 21:1; Нымӕцтӕ 19:11, 16). Уӕдӕ бӕрӕг нӕу, Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттоны цӕй тыххӕй дзырдта, уый адӕм хорз кӕй зыдтой?

Хаст сты ӕрдзӕй

16. Йесо ӕрдзы хабӕрттӕ дзӕбӕх кӕй зыдта, уый диссаг цӕуылнӕ у?

16 Йесо ма ноджыдӕр цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕрхаста ӕмӕ цы фӕсномыг ныхӕстӕ ракодта, уыдонӕй бӕрӕг у, зайӕгойтӕ, цӕрӕгойтӕ ӕмӕ боныхъӕды хабӕрттӕ хорз кӕй зыдта, уый (Матфейы 6:26, 28—30; 16:2, 3). Ӕмӕ афтӕ бирӕ кӕцӕй зыдта? Йесо хъомыл кодта Галилейы, ӕмӕ уыдта, Иегъовӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон. Уымӕй уӕлдай ма Йесо у «сфӕлдисонтӕн се ’ппӕтӕн сӕ разӕй гуырд», стӕй ма уыд «дӕсны кусӕг» Иегъовӕ дун-дуне куы кодта, уӕд (Колоссӕгтӕм 1:15, 16, НФ; Ӕмбисӕндтӕ 8:30, 31). Уӕдӕ Йесо ӕрдзы хабӕрттӕ дзӕбӕх кӕй зыдта, уый диссаг нӕу. Ӕркӕсӕм, Йесо адӕмы уый руаджы куыд дӕсны ахуыр кодта, уымӕ.

17, 18. а) Иоанны Евангелийы 10-ӕм сӕры фыст ныхӕстӕ куыд ӕвдисынц, Йесо фысты уаг хорз кӕй зыдта, уый? ӕ) Библи цы бӕстӕты кой кӕны, уым чи уыдис, уыдон сӕхи цӕстӕй куыд федтой, фыййӕуттӕ ӕмӕ фыстӕ кӕрӕдзиуыл куыд ӕнувыд сты, уый?

17 Йесойы зӕрдӕмӕхъаргӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй иу фыст ис Иоанны Евангелийы 10-ӕм сӕры. Ацы ран радзырдта, зӕгъгӕ, фыййау ӕмӕ фыстӕ кӕрӕдзиуыл куыд ӕнувыд вӕййынц, Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр кӕрӕдзийыл афтӕ ӕнувыд сты. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, фысты уаг хорз кӕй зыдта, уый. Уый загъта, зӕгъгӕ, фыстӕ сты коммӕгӕс ӕмӕ сӕ фыййауы фӕстӕ цӕуынц (Иоанны 10:2—4). Библи цы бӕстӕты кой кӕны, уым чи уыдис, ахӕм адӕймӕгтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, фыййӕуттӕ ӕмӕ фыстӕ кӕрӕдзиуыл куыд ӕнувыд сты, уый. XIX ӕнусы ӕрдзиртасӕг Х. Б. Тристрам фыста: «Иухатт кастӕн, иу фыййау йӕ фыстимӕ куыд хъазыд, уымӕ. Уый-иу барӕй фӕцӕйлыгъд, фыстӕ-иу йӕ фӕстӕ ныййарц сты ӕмӕ-иу ыл амбырд сты. [...] Фӕстагмӕ фыстӕ иууылдӕр йӕ алыварс ӕрмбырд сты ӕмӕ сӕхицӕн хъазын байдыдтой».

18 Фыстӕ фыййауы фӕстӕ цӕмӕн фӕцӕуынц? «Уымӕн ӕмӕ [йын] зонынц йӕ хъӕлӕс»,— загъта Йесо (Иоанны 10:4). Цымӕ фыстӕ сӕ фыййауы хъӕлӕс ӕцӕгӕйдӕр фӕзонынц? Джордж А. Смит йӕхи цӕстӕй цы федта, уый тыххӕй фыссы йӕ чиныджы: «Иуӕй-иухатт-иу ӕмбисбон нӕ фӕллад уагътам, ӕртӕ кӕнӕ цыппар фыййауы-иу сӕ фысты кӕдӕм ӕрбатардтой, уыцы иудейаг цъайтӕй иуы цур. Дзугтӕ-иу иууылдӕр схӕццӕ сты, ӕмӕ-иу дис кодтам, фыййӕуттӕ ма сӕ фысты куыд равзардзысты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ-иу фыстӕ дон куы банызтой ӕмӕ-иу сӕхицӕн куы фӕхъазыдысты, уӕд-иу фыййӕуттӕй иутӕ иуырдӕм ацыдысты, иннӕтӕ та — иннӕрдӕм, ӕмӕ-иу сӕ алчидӕр йӕхирдыгонау сидт йӕ фыстӕм. Уыйадыл, кӕд фыстӕ иууылдӕр иумӕ уыдысты, уӕддӕр-иу сӕ алчидӕр ацыд йӕ фыййауы фӕдыл. Афтӕ ӕмӕ-иу дзугтӕ куыд ӕрӕмбырд сты, афтӕ-иу фӕстӕмӕ дӕр апырх сты» («The Historical Geography of the Holy Land»). Йесо йӕ хъуыды зӕгъынӕн амӕй хуыздӕр цӕвиттон цы ссардтаид?! Кӕд ын йӕ ахуырӕдтӕ нӕ зӕрдӕмӕ исӕм ӕмӕ йын йӕ амындтӕм хъусӕм, уӕд ныл «хорз фыййауау» уыдзӕн ӕнувыд ӕмӕ ныл ауддзӕн (Иоанны 10:11).

Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ — адӕм хорз кӕй зыдтой, ахӕм цаутӕ

19. Йесо, уыцы бӕстӕйы цы ӕнамонд хабар ӕрцыд, уый радзургӕйӕ адӕмӕн куыд бамбарын кодта, раст кӕй нӕ хъуыды кодтой?

19 Хорз цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ма вӕййынц цавӕрдӕр цаутӕ дӕр, ӕмӕ уыдон дӕр сты хорз зондзонӕнтӕ. Иухатт Йесо радзырдта, сӕ рӕстӕджы чи ӕрцыд, ахӕм цау. Уыцы цауӕй йӕ бамбарын кӕнын фӕндыд, афтӕ чи дзырдта, зӕгъгӕ, иуӕй-иутӕ фыдбылызы уымӕн бахауынц, ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ фидынц, уыдон раст кӕй нӕ хъуыды кодтой. Уый загъта: «Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалди, ӕмӕ кӕй фӕцагъта, уыцы стдӕс лӕджы, Иерусалимы цӕрджытӕй ӕппӕтӕй зылындӕр уыдысты, ӕнхъӕлут?» (Лукайы 13:4, НФ). Йесо ацы ныхӕстӕй адӕмӕн бӕлвырд бамбарын кодта, адӕймагӕн йӕ амонд йӕ ныхыл фыст кӕй нӕ вӕййы. Уыцы 18 адӕймаджы уымӕн нӕ фесӕфтысты, ӕмӕ сӕ Хуыцау сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕркъуырдта. Нӕ, хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ адӕймагыл кӕд цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ фӕзоны (Екклесиаст 9:11). Уӕдӕ Йесо, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн, кӕй зыдтой, ахӕм хабар ракӕнгӕйӕ, бамбарын кодта, раст кӕй нӕ хъуыды кодтой, уый.

20, 21. а) Фарисейтӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн цӕмӕн уайдзӕф кодтой? ӕ) Хуыцау сабаты тыххӕй ахӕм карз закъон кӕй не сфидар кодта, уый тыххӕй Йесо цӕвиттонӕн Фыстадӕй цавӕр скъуыддзаг ӕрхаста? б) Иннӕ статьяйы нӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн?

20 Адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ ма Йесо Фыстадӕй дӕр хаста цӕвиттонтӕ. Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм, фарисейтӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгты куы бафаудтой, сабаты ӕфсиртӕ кӕй тыдтой ӕмӕ сӕ кӕй хордтой, уый тыххӕй. Ӕцӕгӕй та Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы закъоны ныхмӕ нӕ рацыдысты, фӕлӕ фарисейты карз ӕгъдӕутты ныхмӕ, зӕгъгӕ, сабаты ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнын нӕ фӕтчы. Хуыцау сабаты тыххӕй ахӕм карз закъон кӕй не сфидар кодта, уый бамбарын кӕныны тыххӕй сын радзырдта, 1 Паддзахӕдты 21:3—6 цы цау фыст ис, уый. Иухатт Давид ӕмӕ йемӕ цы лӕгтӕ уыд, уыдон куы сӕххормаг сты, уӕд хӕсгӕ кувӕндоны цатыры раз ӕрлӕууыдысты, ӕмӕ бахордтой, гыццыл раздӕр ногтӕй ивд чи ӕрцыд, кувӕндоны уыцы дзултӕй. Закъонмӕ гӕсгӕ, зӕронд дзултӕ хордтой сауджынтӕ. Фӕлӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм фырӕххормагӕй уыцы дзултӕ кӕй бахордтой, уый тыххӕй ӕфхӕрд нӕ баййӕфтой. Библийы, ӕцӕгӕйдӕр, ӕрмӕстдӕр ацы ран ис фыст, зӕронд дзултӕй хуымӕтӕг адӕм кӕй бахордтой. Йесо зыдта, Фыстадӕй цавӕр скъуыддзаг хъуыд радзурын, уый, уымӕн ӕмӕ йӕм иудейтӕй чи хъуыста, уыдон уыцы хабар хорз зыдтой (Матфейы 12:1—8).

21 Ӕцӕгӕйдӕр, Йесо уыд Номдзыд Ахуыргӕнӕг! Йесо ахсджиаг хабӕрттӕ афтӕ аив дзырдта, ӕмӕ адӕмы зӕрдӕтӕ агайдтой. Ӕмӕ ууыл куыннӕ хъуамӕ дис кӕнӕм! Фӕлӕ махӕн та нӕ бон куыд у, Йесо куыд ахуыр кодта адӕмы, афтӕ сӕ ахуыр кӕнын? Уый тыххӕй нӕ ныхас уыдзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Йесо алыхуызон цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ хаста. Уыдонӕй иутӕ уыдысты цавӕрдӕр цаутӕ, иннӕтӕ та — абарстытӕ ӕмӕ метафорӕтӕ. Йесойы адӕм уымӕй зонынц, ӕмӕ йе ’мбисӕндтӕ сты «ӕлвӕст, фылдӕр хатт ӕрымысгӕ цаутӕ, ӕмӕ сты зондзонӕн кӕнӕ ӕмбарын кӕнынц Фыстадӕй цавӕрдӕр фарста».

Хъуыды ма кӕныс?

• Йесо адӕмы цӕстуынгӕ цӕвиттонты фӕрцы цӕмӕн ахуыр кодта?

• Йесо йӕ рӕстӕджы адӕмӕн, хорз кӕй зыдтой, ахӕм цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ кӕй хаста, уый кӕцӕй зонӕм?

• Йесо ӕрдзы хабӕрттӕ хорз кӕй зыдта, уый йын куыд феххуыс цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнынӕн?

• Йесо, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн-иу кӕд радзырдта, хорз кӕй зыдтой, уыцы хабӕрттӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 24 фарсыл]

Йесойы хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цы зӕгъын фӕндыд?