Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ коммӕгӕс адӕмӕн у се ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнӕг

Иегъовӕ коммӕгӕс адӕмӕн у се ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнӕг

Иегъовӕ коммӕгӕс адӕмӕн у се ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнӕг

«Мӕнмӕ чи хъуса, уый... цӕрдзӕн ӕдасӕй ӕмӕ фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн» (ӔМБИСӔНДТӔ 1:33).

1, 2. Цӕмӕн хъӕуы Хуыцауы коммӕ кӕсын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

ГЫЦЦЫЛ бур цъиутӕ уыцы хъуыддагхуызӕй змӕнтынц зӕхх ӕмӕ кӕрдӕджы сӕхицӕн хӕринаг агурынц. Сӕ сӕрмӕ хъӕрццыгъа кӕй зилдух кӕны, уый та сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй! Фӕлӕ уӕдмӕ мадӕл карк фӕдисы хъӕр систа ӕмӕ йӕ базыртӕ фӕйнӕрдӕм ныппака кодта. Йӕ цъиутӕ йӕм ӕрбалыгъдысты, йӕ быны фӕмидӕг сты, ӕмӕ сын ныр йӕ базырты бын тӕссаг ницӕмӕйуал у. Хъӕрццыгъа ма йӕхи кӕуыл ныццӕва? * Цавӕр хатдзӕг скӕнӕн ис ацы цӕвиттонӕй? Коммӕ кӕсын у ирвӕзындзинад.

2 Абон чырыстӕтты та уӕлдай тынгдӕр хъӕуы уыцы миниуӕг, уымӕн ӕмӕ Сайтан йӕ бицъынӕг скъуыны, цӕмӕй Хуыцауы адӕм йӕ амӕттаг фӕуой (Раргомад 12:9, 12, 17). Сайтан ууыл архайы, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинад ӕд уидӕгтӕ сыскъуына, ӕмӕ Иегъовӕйы хорзӕхӕй дӕр ӕмӕ ӕнусон цардӕй дӕр ӕнӕхай фӕуӕм (1 Петры 5:8). Фӕлӕ Хуыцаумӕ хӕстӕг куы лӕууӕм ӕмӕ нын йӕ Ныхас, стӕй уӕд йӕ организаци цы дзуры, уый ӕвӕстиатӕй куы кӕнӕм, уӕд кӕддӕриддӕр уыдзӕн нӕ хъахъхъӕнӕг. «Йӕ систӕй ӕраууон кӕндзӕн дӕу, ӕмӕ Йӕ базырты бын уыдзынӕ ӕдас»,— фыста псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 90:4).

Хивӕнд адӕм знаджы амӕттаг фесты

3. Израил йӕхи фӕндыл кӕй цыди, уый йӕ цӕмӕ ӕркодта?

3 Израилы адӕм Иегъовӕйы коммӕ куы кастысты, уӕд сӕм ӕдзухдӕр йӕ хъус дардта, ӕмӕ сын уый уыди стыр ӕххуыс. Фӕлӕ цал ӕмӕ цал хатты ныууагътой уыцы адӕм се Скӕнӕджы ӕмӕ та-иу аздӕхтысты хъӕд ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕм — «сӕ бон баххуыс кӕнын дӕр кӕмӕн нӕу ӕмӕ фервӕзын кӕнын дӕр, ахӕм ницӕйаг цыдӕртӕм» (1 Паддзахӕдты 12:21). Цалдӕр ӕнусмӕ Израилы хивӕнд адӕм Хуыцауӕй афтӕ тынг адард сты, ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ раздахынӕн ныцыуал хос уыди. Ӕмӕ Йесо дӕр дзыназгӕйӕ уымӕн загъта: «Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ дӕумӕ ӕрвыстыты дуртӕй марӕг! Цал хатты Мӕ фӕндыд дӕ сывӕллӕтты ӕрӕмбырд кӕнын, куыд маргъ йӕ цъиуты ӕрӕмбырд кӕны [йӕ] базырты бын, ӕмӕ сымах нӕ бафӕндыд! Мӕнӕ ныр уагъд цӕуы сымахӕн уӕ хӕдзар афтидӕй» (Матфейы 23:37, 38).

4. Иегъовӕ Иерусалим кӕй ныууагъта, уый н. э. 70 азы куыд рабӕрӕг?

4 Иегъовӕ мӕнгард Израилы адӕмы кӕй ныууагъта, уымӕн ӕвдисӕн уыдысты н. э. 70 азы ӕвирхъау цаутӕ. Уыцы аз Ромы ӕфсӕдтӕ, цӕргӕсы ныв кӕуыл уыд, уыцы национ тырысатӕ дардыл фӕйлаугӕйӕ, сӕхи хъӕрццыгъайау ныццавтой Иерусалимыл ӕмӕ йыл туджы зӕйтӕ рацыд. Куадзӕны бӕрӕгбон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ сахары адӕмӕй азмӕлӕнтӕ нӕ уыд. Фӕлӕ сӕ бирӕ нывӕндтӕй Хуыцауы зӕрдӕ нӕ балхӕдтой. Уыцы бонты ӕбуалгъ цаутӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Самуил хивӕнд паддзах Саулӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Цымӕ Иегъовӕйы хъӕлӕсмӕ куы хъусай, уый йын куыд ӕхсызгон у, артыл кӕй басудзынц, уыцы кувинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ дӕр ын афтӕ ӕхсызгон сты? Байхъус ма. Коммӕ кӕсын хуыздӕр у нывондӕй ӕмӕ хъусын — фырыты фиуӕй» (1 Паддзахӕдты 15:22).

5. Иегъовӕйы коммӕ кӕсын куыд хъӕуы ӕмӕ кӕцӕй зонӕм, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, уый?

5 Кӕд Иегъовӕ ӕдзухдӕр уый дзуры, ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсӕм, уӕддӕр уый хорз ӕмбары, ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон алцы кӕй нӕу (Псалом 129:3, 4). Ӕнхъӕлмӕ та нӕм уымӕ кӕсы, цӕмӕй уӕм ӕнӕхин ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсӕм, кӕй йыл ӕууӕндӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынӕй кӕй тӕрсӕм, уый тыххӕй (Дыккаг закъон 10:12, 13; Ӕмбисӕндтӕ 16:6; Исай 43:10; Михей 6:8; Ромӕгтӕм 6:17). Уымӕн гӕнӕн кӕй ис, уый равдыстой, Чырыстийы размӕ зӕххыл цы «бирӕ ӕвдисӕнтӕ» царди, уыдон. Цыфӕнды стыр фыдӕвзарӕны, суанг мӕлӕты раз дӕр, Иегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ нӕ сивтой (Дзуттытӕм 11:36, 37; 12:1). Ахъуыды ма кӕн, уыцы адӕймӕгтӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ куыд ради! (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Фӕлӕ уыдис ахӕмтӕ дӕр, райдианы Хуыцауыл ӕнувыд чи уыд, фӕлӕ кӕронмӕ коммӕгӕсӕй чи нӕ баззад. Сӕ иу — рагон Иудӕйы паддзах Иоас.

Паддзахы фесӕфтой йе ’взӕр лымӕнтӕ

6, 7. Цалынмӕ Иодай ӕгас уыди, уӕдмӕ Иоас цавӕр паддзах уыд?

6 Паддзах Иоас ма хӕрзгыццыл куы уыди, уӕд ӕй марынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ йыл авд азы куы сӕххӕст, уӕд ӕй, кӕм ӕй ӕмбӕхстой, уырдыгӕй хистӕр сауджын Иодай ракодта ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрдта. Ӕвзонг паддзах Иоас, «цалынмӕ сауджын Иодай ӕгас уыди, уӕдмӕ арӕзта, Иегъовӕйы цӕсты раст цы уыди, уый», уымӕн ӕмӕ йын, Хуыцауы тас кӕмӕ уыди, уыцы Иодай фыды бӕсты дӕр уыди ӕмӕ зондамонӕджы бӕсты дӕр (2 Паралипоменон 22:10—23:1, 11; 24:1, 2).

7 Иоас цы бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ бакодта, уыдонӕй иу уыди, Иегъовӕйы кувӕндон кӕй сцалцӕг кодта, уый. Уыцы хъуыддаг бакӕнын «Иоасмӕ дзырдта йӕ зӕрдӕ». Уый хистӕр сауджын Иодайы зӕрдыл ӕрӕфтыдта, «Моисейы бардзырдмӕ гӕсгӕ», Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы адӕмӕй кувӕндонӕн хъалон ӕмбырд кӕнын кӕй хъуыди, цӕмӕй цалцӕггӕнӕн куыстытӕн ӕхца уыдаид. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Иодай ӕвзонг паддзахы Хуыцауы Закъон ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнынмӕ кӕй разӕнгард кодта, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Цыбыр рӕстӕгмӕ цалцӕггонд ӕрцыд канд кувӕндон нӕ, фӕлӕ ма кувӕндоны дзауматӕ дӕр сарӕзтой (2 Паралипоменон 24:4, 6, 13, 14; Дыккаг закъон 17:18).

8. а) Иоас Хуыцауӕй кӕй адард, уымӕн йӕ сӕйраг аххосаг цы уыди? ӕ) Паддзах Хуыцауы коммӕ кӕй нал каст, уый йӕ ӕппынфӕстаг цӕмӕ ӕркодта?

8 Хъыгагӕн, Иоас дарддӕр афтӕ коммӕгӕс нал уыди Иегъовӕйӕн. Цы ’рцыд? Хуыцауы Ныхас нын дзуры: «Иодайы мӕлӕты фӕстӕ Иудӕйы кънйӕзтӕ паддзахмӕ цӕуын байдыдтой ӕмӕ-иу ын сӕ сӕртӕй ныллӕг куывтой. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг паддзах хъуыста уыдоны зондмӕ. Гыццылгай-гыццылгай сӕ фыдӕлты Хуыцау Иегъовӕйы хӕдзар ныууагътой ӕмӕ сыгъдӕг цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕн лӕггад кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ уыцы тӕригъӕды тыххӕй Хуыцау фӕхъызыд Иудӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ». Паддзах Иудӕйы кънйӕзты ӕвзӕр зондыл кӕй цыди, уый ма йӕ уымӕ ӕркодта ӕмӕ Хуыцауы пехуымпарты дӕр ницӕмӕуал дардта. Афтӕмӕй та уыцы пехуымпартӕй иу уыди сауджын Иодайы фырт Захари; уый нӕ фӕтарст, Иоасӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр, Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ кастысты, уый комкоммӕ зӕгъын. Фӕлӕ Иоас йӕ митыл не ’рхудт. Уый бӕсты Захарийы дуртӕй амарын кодта. Куыд дурзӕрдӕ ӕмӕ куыд хивӕнд адӕймаг сси Иоас, ӕмӕ ӕппӕтдӕр, йе ’взӕр лымӕнты зондыл кӕй ацыд, уый тыххӕй! (2 Паралипоменон 24:17—22; 1 Коринфӕгтӕм 15:33).

9. Коммӕ нӕ кӕсын ӕнӕзонд ми кӕй у, уый куыд бӕрӕг у, Иоас ӕмӕ кънйӕзтыл цы ӕрцыди, уымӕй?

9 Иоас ӕмӕ кӕимӕ сӕмдзӕхдон, уыцы фыдзонд кънйӕзтӕ Иегъовӕйы куы ныууагътой, уӕд сыл цы ’рцыд? Сирийы ӕфсӕдтӕ (кӕд «бирӕ нӕ уыдысты», уӕддӕр) бабырстой Иудӕйы бӕстӕм ӕмӕ «адӕмы кънйӕзтӕй иуы дӕр нал ныууагътой». Ӕрбабырсӕг ӕфсӕдты тӕсӕй сын паддзах радта, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый, сӕ фыццаг сын скодта кувӕндоны сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист дӕр. Кӕд Иоасы маргӕ нӕ акодтой, уӕддӕр йӕ тых асаст ӕмӕ ӕруатон. Иуцасдӕры фӕстӕ йе ’ввахсдӕр лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой (2 Паралипоменон 24:23—25; 4 Паддзахӕдты 12:17, 18). Уӕдӕ Иегъовӕ израилӕгтӕн дзӕгъӕлы нӕ загъта: «Уӕ Хуыцау Иегъовӕйы хъӕлӕсмӕ куы нӕ хъусат ӕмӕ йын йе ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ йе ’ппӕт уагӕвӕрдтӕ куы нӕ ӕххӕст кӕнат... уӕд уыл... ӕлгъыстытӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ уӕ баййафдзысты»! (Дыккаг закъон 28:15).

Писыр Варух фервӕзт йӕ коммӕгӕсдзинады фӕрцы

10, 11. а) Иегъовӕ Варухӕн цы загъта, ууыл ахъуыды кӕнын махӕн дӕр хорз цӕмӕн уаид? ӕ) Цы бауынаффӕ кодта Иегъовӕ Варухӕн?

10 Мыййаг дын афтӕ вӕййы, ӕмӕ уацамынды адӕмӕй стӕмтӕй фӕстӕмӕ хорз хабармӕ кӕй ничи хъусы, уый дын дӕ ныфс асӕтты? Хъӕздгуытӕ сӕ уды дзӕбӕхӕн ӕнӕмӕтӕй сӕ цард кӕй ӕрвитынц, уымӕ хатт кӕмдӕр дӕ зӕрдӕйы нӕ бахӕлӕг кӕныс? Кӕд о, уӕд ӕрхъуыды кӕн Иеремийы писыр Варухы, ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, Иегъовӕ йын хӕларзӕрдӕйӕ цы зонд бацамыдта, ууыл.

11 Варух фыста пехуымпарадон уац, ӕмӕ йӕм растдӕр уыцы рӕстӕджы ӕрдардта Иегъовӕ йӕ хъус. Фӕлӕ цӕмӕн? Хъуыддаг уый мидӕг уыди, ӕмӕ Варух йӕ цардӕй хъаст кӕнын райдыдта. Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ йӕ бӕрны цы кадджын хӕс уыди, уымӕй тынгдӕр йӕ зӕрдӕ ахсайдта ӕндӕр цӕмӕдӕр. Иегъовӕ уыдта, Варухмӕ йӕ раздӕры зонд кӕй нал уыди, ӕмӕ йын ӕргом, фӕлӕ хӕларӕй бауынаффӕ кодта: «Ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домыс дӕхицӕн. Ма дом. Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт зӕххыл цӕрӕг адӕмыл дӕр бӕллӕх рауадздзынӕн... ды та кӕдӕмфӕнды ма фӕцӕуай, уым дын амӕттаджы бӕсты ратдзынӕн дӕ уд» (Иереми 36:4; 45:5).

12. Ацы дунейы нӕхицӕн «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» агурын цӕмӕй тӕссаг у?

12 Цымӕ Иегъовӕ Варухӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ йын Иеремиимӕ иумӕ цыфӕнды тӕссаг уавӕры дӕр иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыцы хорз адӕймагыл кӕй тыхсти? Иегъовӕ абон дӕр афтӕ тыхсы, ацы дунейы «цъӕх нӕутӕм» йӕ зӕрдӕ кӕмӕн бахъазы, уыдоныл. Иу хорз у, ӕмӕ сын фӕлтӕрд чырыстон ӕфсымӕртӕ зӕрдӕхӕларӕй сӕ рӕдыд куы фӕзӕгъынц, уӕд ӕй бирӕтӕ Варухау сӕ зӕрдӕмӕ айсынц (Лукайы 15:4—7). Уӕвгӕ, макуы нӕ мачи ферох кӕнӕд, ацы дунейы йӕхицӕн «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» чи агуры, уыдонӕн фидӕн кӕй нӕй. Ахӕм адӕймӕгтӕй иу дӕр, ӕцӕг амонд цы у, уый нӕ базоны. Ноджы стырдӕр бӕллӕх та уый у, ӕмӕ тагъд ацы дуне, йӕ «ӕз дӕн» ӕмӕ «мӕнӕн уа»-йы зондимӕ куы фесӕфа, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ кой кӕй нал уыдзӕн (Матфейы 6:19, 20; 1 Иоанны 2:15—17).

13. Варухы хабар нын цавӕр хорз зонды хос у?

13 Варухы хабарӕй ма нӕ зондӕн райсын хъӕуы, сӕрныллӕг кӕй уыди, уый дӕр. Иегъовӕ Варухӕн зонд комкоммӕ йӕхӕдӕг нӕ бацамыдта, фӕлӕ йӕм Иеремийы баминӕвар кодта. Афтӕмӕй та Варух хорз зыдта, Иеремимӕ хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы уыди, уый (Иереми 45:1, 2). Фӕлӕ Варухыл сӕрбӕрзонддзинад нӕ фӕтых; уый ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй сразы, уыцы зонд ын Иегъовӕ кӕй амоны, ууыл (2 Паралипоменон 26:3, 4, 16; Ӕмбисӕндтӕ 18:12; 19:20). Уӕдӕ «йӕ ӕмбаргӕ дӕр куы нӕ бакӕнӕм, афтӕмӕй цыдӕр рӕдыд къахдзӕф куы саразӕм», ӕмӕ нын Хуыцауы Ныхасӕй уынаффӕ куы радтой, уӕд Варухау сӕрныллӕг, уӕззаузонд уӕм ӕмӕ уыцы уынаффӕ кӕмӕй у, уый ӕмбарӕм (Галатӕгтӕм 6:1, НД).

14. Не ’хсӕн йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдоны коммӕ кӕсын нӕхи пайдайӕн цӕмӕн у?

14 Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд немӕ бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, зонд нын чи амоны, уыдонӕн дӕр. Дзуттытӕм 13:17 кӕсӕм: «Коммӕгӕс ут, ӕмӕ уисӕн кӕнут уӕ зондамонджытӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон тынг тыхсынц уӕ удтыл, куыд хӕсджынтӕ дзуапп дӕттынмӕ; цӕмӕй уыдон уый кӕной, цингӕнгӕйӕ, фӕлӕ уынӕргъгӕйӕ нӕ, уымӕн ӕмӕ уый сымахӕн пайда нӕу». Уӕвгӕ, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цал ӕмӕ цал хатты фӕлӕгъстӕ кӕнынц Иегъовӕйӕн, цӕмӕй сын ахӕм хъару, ахӕм зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад радта, ӕмӕ уыцы зын («фыййауы») куыст кӕнын сӕ бон уа! Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр «кад кӕнӕм ахӕмтӕн» (1 Коринфӕгтӕм 16:18).

15. а) Иереми Варухыл йӕ зӕрдӕ кӕй дардта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд? ӕ) Варух сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс кӕй уыди, уый тыххӕй йын Хуыцау куыд раарфӕ кодта?

15 Варух йӕ рӕдыд кӕй бамбӕрста, уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ йын фӕстӕдӕр Иереми бахӕс кодта ноджы зындӕр хъуыддаг — Варух хъуамӕ ацыдаид кувӕндонмӕ ӕмӕ уым адӕмӕн хъӕрӕй бакастаид, Иеремийы дзыхӕй йӕхӕдӕг цы фыдӕхы тӕрхӕттӕ фехъуыста ӕмӕ ныффыста, уыдон. Цымӕ йӕм Варух байхъуыста? Бӕгуыдӕр, «пехуымпар Иереми йын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый» бакодта. Варух уыцы ныхӕстӕ касти Иерусалимы кънйӕзты раз, ӕмӕ уымӕн та, ай-гъай дӕр, стыр лӕгдзинад хъуыди (Иереми 36:1—6, 8, 14, 15). Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, Варух куыд амондджын уыди, 18 азы фӕстӕ вавилойнӕгтӕ сахар куы ныппырх кодтой, уӕд: Иегъовӕйы фӕдзӕхст йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста ӕмӕ йӕхицӕн «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» кӕй нал домдта, уый фӕрцы нӕ фесӕфт! (Иереми 39:1, 2, 11, 12; 43:6).

Ӕрхъулайы рӕстӕджы нӕ фесӕфтысты коммӕгӕс адӕймӕгтӕ

16. Н. э. агъоммӕ 607 азы Иерусалимыл вавилойнӕгтӕ куы ӕрхъула кодтой, уӕд Иегъовӕ куыд равдыста, иудейтыл йӕ зӕрдӕ кӕй рыст, уый?

16 Н. э. агъоммӕ 607 азы Иерусалимӕн йе сӕфты сахат куы ’рцыд, уӕд дӕр та Хуыцау равдыста, йӕ коммӕ чи каст, уыдоныл йӕ зӕрдӕ кӕй рыст, уый. Сахары алыварс цы ӕфсӕдтӕ уыди, уыдон сахары цӕрӕг иудейты бынтондӕр куы суынгӕджы кодтой, уӕд Иегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Мӕнӕ уӕ разы царды фӕндаг дӕр ӕмӕ мӕлӕты фӕндаг дӕр. Ацы сахары чи баззайа, уыдон кӕнӕ кардӕй мӕлдзысты, кӕнӕ ӕххормагӕй, кӕнӕ та — рынӕй. Ардыгӕй чи ацӕуа ӕмӕ уыл чи ӕрхъула кодта, уыцы халдейты къухмӕ йӕхи чи радта, уый та удӕгас баззайдзӕн, ӕмӕ йын йӕ уд уыдзӕн амӕттаджы бӕсты» (Иереми 21:8, 9). Кӕд Иерусалимы цӕрджытӕ ныццӕгъдыны йедтӕмӕ ӕндӕр ницы аккаг уыдысты, уӕддӕр, тӕккӕ къуырцдзӕвӕны дӕр, Иегъовӕ фӕтӕригъӕд кодта, йӕ коммӕ чи касти, уыдонӕн *.

17. а) Иеремийӕн цавӕр дыууӕ аххосагмӕ гӕсгӕ нӕ уыди ӕнцон Иегъовӕйы коммӕ бакӕсын ӕмӕ ӕрхъулайы бахауӕг иудейтӕн афтӕ зӕгъын, «уӕхи халдейты къухмӕ раттут», зӕгъгӕ? ӕ) Иереми кӕй нӕ фӕтарст ӕмӕ Иегъовӕмӕ кӕй хъуыста, уый махӕн куыд ӕххуыс кӕны?

17 Иеремийӕн ӕнцон кӕцӕй уыдаид Хуыцауы коммӕ бакӕсын ӕмӕ иудейтӕн дзурын, уӕхи знаджы къухмӕ раттут, зӕгъгӕ. Иуӕй уый, ӕмӕ Иереми Хуыцауы ном никуы ницӕмӕй бауагъта счъизи кӕнын. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы номыл знӕгтӕ худтаиккой, ома куы фӕуӕлахиз уыдаиккой, уӕд сӕ ӕдзард гуымирытӕй уыдаиккой бузныг (Иереми 50:2, 11; Иеремийы хъарӕг 2:16). Уӕдӕ ма зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Иереми зыдта, уыцы адӕмӕн «уӕхи раттут» зӕгъын мӕлӕты дзыхмӕ ӕрлӕууынӕй хъауджыдӕр кӕй нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ бирӕтӕ афтӕ ӕмбӕрстой, адӕмы змӕнты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Иеремийы тас нӕ бацыд, уый ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй хъусын кодта Иегъовӕйы тӕрхӕттӕ (Иереми 38:4, 17, 18). Абон мах цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ дӕр адӕм сӕ былыцъӕрттӕ нӕ хӕрынц. Мах хӕссӕм, кӕддӕр Йесомӕ дуне знаджы цӕстӕй кӕй тыххӕй ракаст, уыцы хабар (Исай 53:3; Матфейы 24:9). Цӕй уӕдӕ мах дӕр «адӕмӕй [ма] тӕрсӕм», фӕлӕ Иеремийау Иегъовӕйы ныфсӕй ныфсджын уӕм, ӕмӕ нын цы дзуры, уый кӕнӕм (Ӕмбисӕндтӕ 29:25).

Коммӕгӕсдзинад Гогы ныббырсты рӕстӕджы

18. Иегъовӕйӕн йӕ кувӕг адӕм коммӕгӕс сты ӕви нӕ, уый цавӕр хъуыддӕгты рабӕрӕг уыдзӕн?

18 Тагъд, чи никуы ма уыди, уыцы «стыр зындзинады» фесӕфдзӕн Сайтаны фыддуне ӕгасӕй дӕр (Матфейы 24:21). Куыд зонӕм, афтӕмӕй уӕдмӕ дӕр ӕмӕ уыцы рӕстӕджы дӕр, Хуыцауы адӕмӕй алкӕйдӕр стыр фӕлварӕны равдисын бахъӕудзӕн, Иегъовӕйыл куыд ӕууӕнды ӕмӕ йӕ коммӕ куыд кӕсы, уый. Цӕвиттон, Библийы кӕсӕм, Сайтан (кӕнӕ «Магогы зӕххӕй Гог»), Иегъовӕйӕн зӕххыл цыдӕриддӕр кувӕг адӕм ис, уыдоныл йӕхи кӕй ныццӕвдзӕн. Йӕ хӕстифтонг тыхтӕ уыдзысты «ӕнӕнымӕц стыр ӕфсад... зӕхх кӕмӕй нал зына, ахӕм мигъты хуызӕн» (Иезекил 38:2, 14—16). Уыцы ӕфсады цур Хуыцауы адӕм уыдзысты армыдзаг ӕмӕ афтидарм, фӕлӕ се скаст уыдзӕн Иегъовӕмӕ; уый коммӕгӕс адӕмы бакӕндзӕн, ӕппындӕр сын тӕссаг кӕм ницӕмӕй уыдзӕн, йӕ уыцы «базырты бын».

19, 20. а) Израилӕгтӕ Сырх денджызы был куы уыдысты, уӕд сӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын афтӕ тынг цӕмӕн хъуыди? ӕ) Сырх денджызы был цы хабӕрттӕ ӕрцыди, уыдоныл, Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цы ахъаз фӕуыдзӕн?

19 Уыцы цаутыл хъуыдыгӕнгӕйӕ нӕ цӕстыты раз сысты, Израилы адӕм Египетӕй куыд рацыдысты, уый. Иегъовӕ Египетыл, ӕгас бӕстӕ дӕр кӕмӕй дзынӕзта, дӕс ахӕм бӕллӕхы куы ӕруагъта, уый фӕстӕ йӕ адӕмы ракодта, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ цыбырдӕр цы фӕндаг уыди, ууыл нӕ, фӕлӕ Сырх денджызырдӕм (знаг сӕ куы ӕрбаййафа ӕмӕ сӕ куы ныццӕгъда, уымӕй сын иууыл тӕссагдӕр кӕм уыди, ууылты). Хӕстон дӕсниады бӕрзӕндӕй кӕсгӕйӕ афтӕ зынд, цыма сӕ фӕндаг уыди комкоммӕдӕр сӕрсӕфӕнмӕ. Ды дӕр уым куы уыдаис, уӕд Иегъовӕ Моисейӕн цы загъта, уымӕ байхъуыстаис ӕмӕ зӕрдӕфидарӕй, ӕнӕдызӕрдыгӕй араст уыдаис Сырх денджызырдӕм (Зӕрдӕвӕрд зӕхх ӕндӕр кӕмдӕр кӕй ис, уый зонгӕйӕ дӕр)? (Рацыд 14:1—4).

20 Рацыды 14-ӕм сӕры дарддӕр уынӕм, Иегъовӕ йӕ адӕмы йе стыр тыхӕй куыд фервӕзын кодта, уый. Куыннӕ нын фидар кӕндзысты ахӕм цаутӕ нӕ уырнындзинад, лӕмбынӕг кӕсынӕн ӕмӕ сыл арф ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг куы арӕм, уӕд! (2 Петры 2:9). Нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд та алкӕддӕр кӕсдзыстӕм Иегъовӕйы коммӕ, цыдӕр нын афтӕ цӕмӕн аразын кӕны, уый не ’нӕххӕст зонд куы нӕ ахса, уӕд дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Уӕдӕ бафӕрс дӕхи: Хуыцаумӕ кувын, Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын, стӕй Хуыцауы адӕмы фембӕлдты алы хатт дӕр вӕййын ӕмӕ афтӕмӕй мӕ уырнындзинад фидар кӕныныл мӕ уд хъарын? (Дзуттытӕм 10:24, 25; 12:1—3).

Коммӕгӕстӕн ис ӕцӕг ныфс

21. Иегъовӕйӕн коммӕгӕс чи у, уыдон ныридӕгӕн цавӕр хорздзинӕдтӕй хайджын сты ӕмӕ цы зӕгъӕн ис фидӕны тыххӕй та?

21 Йӕ царды алы хъуыддаджы дӕр Иегъовӕйы коммӕ чи кӕсы, уыдоныл ныридӕгӕн ӕххӕст кӕнынц Ӕмбисӕндты 1:33 ныхӕстӕ: «Мӕнмӕ чи хъуса, уый... цӕрдзӕн ӕдасӕй ӕмӕ фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн». Ацы стыр ныфсы ныхӕстӕ Иегъовӕйы мастисӕн бон куыд сӕххӕст уыдзысты, уый та! Уӕвгӕ, Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уый дзырдта: «Адон ӕххӕст кӕнын куы райдайой, уӕд хӕрдмӕ уӕхиуыл схӕцут ӕмӕ уӕ сӕртӕ сисут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг кӕны уӕ ирвӕзындзинад» (Лукайы 21:28). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, коммӕгӕс чи уа, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн бауыдзӕн сӕ бон ацы ныхӕстӕ сӕххӕст кӕнын (Матфейы 7:21).

22. а) Иегъовӕйы адӕмӕн ныридӕгӕн дӕр цӕмӕн у сӕ бон йӕ ныхӕстыл фидарӕй ӕууӕндын? ӕ) Иннӕ статьяйы нӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн?

22 Уӕлдӕр цы ныхӕстӕ бакастыстӕм, уыдоныл ма ноджыдӕр уымӕн нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, ӕмӕ «Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕ ницы аразы, цалынмӕ йӕ сусӕг хъуыддаг йӕ лӕггадгӕнджытӕн, йӕ пехуымпартӕн нӕ раргом кӕна, уӕдмӕ» (Амос 3:7). Ӕцӕг, кӕддӕрау абон Иегъовӕйы номӕй пехуымпартӕ нал дзурынц. Абон йӕ адӕмӕн афойнадыл монон хӕринаг дӕттынӕн сӕвӕрдта ӕууӕнкджын цагъары къорд (Матфейы 24:45—47). Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд мах хъӕуы, «цагъар» цы дзуры, уымӕ хъусын. Иннӕ статьяйы фендзыстӕм, цагъармӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ «цагъары» Хицау Йесомӕ дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсӕм. О, «йӕ коммӕ кӕсынц дзыллӕтӕ» (Уӕвынад 49:10).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 1 абз. Кӕд бирӕтӕ карчы ӕнӕныфс ӕмӕ ӕнӕбон хонынц, уӕддӕр, зӕгъгӕ, «мадӕл карк уый фӕхатыд, ӕмӕ йӕ цъиутӕн цӕмӕйдӕр тӕссаг у, уӕд сын мӕлӕты онг дӕр сӕ цард йӕ цардӕй хъахъхъӕндзӕн». Афтӕ дзырдӕуы, цӕрӕгойтӕ чи хъахъхъӕны, иу ахӕм организацийы уагъд чиныджы.

^ 16 абз. Иеремийы 38:19 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй иудейтӕй иу къорд халдейты къухмӕ «сӕхи радтой» ӕмӕ сӕ кӕд уацары акодтой, уӕддӕр мӕлӕтӕй фервӕзтысты. Знаджы къухмӕ сӕхи Иеремийы ныхасӕй радтой ӕви нӕ, уый мах нӕ зонӕм. Фӕлӕ, удӕгас кӕй баззадысты, уымӕй пехуымпары ныхӕсты рӕстдзинад кӕй рабӕрӕг, уый дызӕрдыггаг нӕу.

Бахъуыды кодтай?

• Израил йӕхи фӕнд кӕй кодта, уый йӕ цӕмӕ ӕркодта?

• Паддзах Иоасыл йӕ хӕлӕртты зонд куыд фӕзынд йе ’взонгӕй дӕр, стӕй фӕстӕдӕр?

• Варухы дӕнцӕгӕй цы ис зондӕн райсӕн?

• Кӕд ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕны, уӕддӕр Иегъовӕйы коммӕгӕс лӕггадгӕнджытӕ цӕуылнӕ тӕрсынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Ӕвзонг Иоас Иодайы зондыл куы цыди, уӕд коммӕгӕс уыди Иегъовӕйӕн.

[Ныв 22 фарсыл]

Иоас йе ’взӕр лымӕнты зондӕй йӕ къух систа Хуыцауы пехуымпары амарынмӕ.

[Ныв 23 фарсыл]

Ды дӕр Иегъовӕйы коммӕ бакастаис ӕмӕ дӕхи цӕстӕй федтаис, йе стыр тыхӕй йӕ адӕмы куыд фервӕзын кодта, уый?