Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕрон куыд ӕввахс кӕны, афтӕ нӕ тынгдӕр хъӕуы коммӕ кӕсын

Кӕрон куыд ӕввахс кӕны, афтӕ нӕ тынгдӕр хъӕуы коммӕ кӕсын

Кӕрон куыд ӕввахс кӕны, афтӕ нӕ тынгдӕр хъӕуы коммӕ кӕсын

«[Шилойы] коммӕ кӕсдзысты дзыллӕтӕ» (УӔВЫНАД 49:10).

1. а) Рагзаманты адӕймагӕй уый зӕгъӕн кӕд уыди, Иегъовӕйы коммӕ кӕсы, зӕгъгӕ? ӕ) Коммӕгӕсдзинады тыххӕй Иаков цавӕр пехуымпарад загъта?

РАГЗАМАНТЫ, адӕймаг Иегъовӕйы коммӕ кӕй каст, уый равдисынӕн-иу ӕй арӕх хъуыди, Иегъовӕйы номӕй чи дзырдта, уыдонмӕ хъусын. Цӕвиттон, зӕдтӕм, мыггӕгты хистӕртӕм, тӕрхоны лӕгтӕм, сауджынтӕм, пехуымпартӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм. Суанг ма Израилы паддзӕхты бадӕн Иегъовӕйы паддзахбадӕн дӕр хуыдтой (1 Паралипоменон 29:23). Фӕлӕ, хъыгагӕн, Израилы разамонджытӕй бирӕтӕ Хуыцауы коммӕ нӕ кастысты, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи дӕр бӕллӕхы ӕппӕрстой ӕмӕ сӕ бӕрны цы адӕм уыди, уыдоны дӕр. Гъе ӕмӕ уӕддӕр Иегъовӕ, ӕнувыд ыл чи уыди, уыдоны фыдӕнхъӕл нӕ фӕкодта; сӕ зӕрдӕты сын ныфс бауагъта, ӕнӕхӕрам Паддзах кӕй сӕвӕрдзӕн ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын рӕстгӕнджытӕн удӕнцой кӕй уыдзӕн, уымӕй (Исай 9:6, 7). Уыцы фидӕны хицауы тыххӕй зӕронд Иаков йӕ мӕлӕты размӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Паддзахы лӕдзӕг нӕ ахаудзӕн Иудӕйы къухӕй ӕмӕ хицауы лӕдзӕг йӕ дыууӕ къахы ’хсӕнӕй, цалынмӕ не ’рцӕуа Шило; ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсдзысты дзыллӕтӕ» (Уӕвынад 49:10).

2. Дзырд «Шило» цы амоны ӕмӕ уыцы паддзахӕн йӕ бар кӕуыл цӕудзӕн?

2 «Шило» у рагон дзуттаг дзырд, ӕмӕ амоны «кӕй у, уый» кӕнӕ «йӕ хицау». О, Шило хъуамӕ райстаид бынӕн паддзахдзинады бар (паддзахы лӕдзӕг) ӕмӕ хицауы бар (хицауы лӕдзӕг). Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ уыцы паддзахӕн йӕ бар ӕрмӕст Иаковы байзӕддӕгтыл кӕй нӕ цӕудзӕн, фӕлӕ ӕппӕт «дзыллӕтыл» дӕр. Иегъовӕ ма Авраамӕн дӕр зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ мыггаг йӕхи бакӕндзӕн йе знӕгты кулдуӕрттӕ. Ӕмӕ... дӕ мыггаджы уылты арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» (Уӕвынад 22:17, 18). Уыцы «мыггаг» чи у, уый Иегъовӕ раргом кодта н. э. 29 азы, Назаретаг Йесойы сыгъдӕг удӕй куы байсӕрста, уӕд (Лукайы 3:21—23, 34; Галатӕгтӕм 3:16).

Йесойы фыццаг паддзахад

3. Йесо уӕлӕрвтӕм куы ацыди, уӕд кӕуыл райдыдта хицауиуӕг кӕнын?

3 Йесо уӕлӕрвтӕм куы ацыди, уыцы тӕккӕ нӕ райдыдта ӕппӕт дзыллӕтыл паддзахиуӕг кӕнын (Псалом 109:1). Уӕд уый «паддзахад» ахӕм хуызы райста, ӕмӕ хицауиуӕг кӕнын райдыдта, йӕ коммӕ чи каст, уыдоныл. Уыцы паддзахады кой кодта апостол Павел: «Хуыцау нӕ [сӕрст чырыстӕтты] фервӕзын кодта тары тыхы бынӕй, ӕмӕ нӕ мидӕмӕ бакодта Йӕ уарзон Фырты паддзахадмӕ» (Колоссӕгтӕм 1:13, НФ). Хуыцау сӕрстыты ирвӕзын кӕнын райдыдта н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон, Йесойы ӕнувыд фӕдылдзӕуджытыл сыгъдӕг уд куы ӕрцыди, уӕд (Куыстытӕ 2:1—4; 1 Петры 2:9).

4. Йесойы рагон ахуыргӕнинӕгтӕ коммӕгӕс кӕй уыдысты, уый цӕмӕй бӕрӕг уыди ӕмӕ сӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ Йесо куыд схуыдта?

4 Сӕрст чырыстӕттӕ — «Чырыстийы номӕй ӕрвыстытӕ» — ӕнӕзивӕгӕй ӕрӕвнӕлдтой, семӕ ма уӕларвон паддзахады «ӕмбӕстӕгтӕ» ноджыдӕр чи хъуамӕ суыдаид, уыдоны ӕмбырд кӕнынмӕ (2 Коринфӕгтӕм 5:20; Ефесӕгтӕм 2:19; Куыстытӕ 1:8). Афтӕ ма уыдон хъуамӕ «лӕууыдаикой баиугондӕй, — ӕмудӕй ӕмӕ ӕмзондӕй», цӕмӕй сӕ сӕ Паддзах Йесо Чырыстийы хорзӕх уыдаид (1 Коринфӕгтӕм 1:10, НФ). Уыцы чырыстӕттӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ уыдысты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕнӕ ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕджы къорд (Матфейы 24:45; Лукайы 12:42).

Хуыцауы ӕвӕрд «хӕдзармӕгӕсӕджы» коммӕ кӕсын хӕссы хорздзинӕдтӕ

5. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд ахуыр кӕны?

5 Афтӕ никуы уыди, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ адӕмы ӕнӕ ахуыргӕнджытӕй ныууагъта. Цӕвиттон, иудейтӕ Вавилоны уацарӕй куы ӕрыздӕхтысты, уӕд Ездрӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр цалдӕр фӕлтӕрд нӕлгоймаджы адӕмӕн Хуыцауы Закъон ӕнӕуи нӕ кастысты, фӕлӕ йын «йӕ нысаниуӕг амыдтой ӕмӕ йын йӕ хъуыды хӕлдтой», ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы Ныхас «ӕмбарын кодтой» (Нееми 8:8).

6, 7. Ӕууӕнкджын цагъар йӕ Разамонӕг советы уылты монон хӕринаг афоныл куыд дӕтты ӕмӕ нӕ цӕмӕ хъӕуы, цагъары къорд цы дзуры, уымӕ хъусын?

6 Н. э. фыццаг ӕнусы 49 азы сунӕт кӕныны фарста цӕхгӕр куы слӕууыд, уӕд цагъары къорды разамонӕг советы уӕнгтӕ Хуыцауӕй зонд кургӕйӕ лӕмбынӕг ӕркастысты хъуыддагмӕ ӕмӕ бамбӕрстой, уый фӕдыл Фыстад цы дзуры, уый. Цы хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты, уый куы ныффыстой ӕмӕ йӕ ӕмбырдты куы фехъусын кодтой, уӕд ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ сразы сты сӕ фӕндыл ӕмӕ сын Хуыцау алы ӕгъдауӕй дӕр ӕххуысгӕнӕг уыди уыцы хъуыддаджы (Куыстытӕ 15:6—15, 22—29; 16:4, 5). Раст афтӕ абон дӕр ӕууӕнкджын цагъар йӕ Разамонӕг советы уылты бӕстон ӕмбарын кӕны ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм: ацы дунейы хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайӕм, туг табуйаг цӕмӕн у, цы цӕстӕй кӕсӕм нозт ӕмӕ тамакомӕ (Исай 2:4; Куыстытӕ 21:25; 2 Коринфӕгтӕм 7:1). Ӕмӕ абон дӕр Иегъовӕйӕн йӕ адӕм йӕ Ныхасмӕ ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъармӕ кӕй хъусынц, уый тыххӕй хайджын сты йӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй.

7 Хуыцауы адӕм, ӕууӕнкджын цагъар цы дзуры, уымӕ кӕй хъусынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийы коммӕ дӕр кӕй кӕсынц. Ӕмӕ Йесойы коммӕ кӕсын та нырӕй тынгдӕр никуы хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Иаков йӕ мӕлӕты размӕ куыд загъта, афтӕ Йесойы къухы ныр бирӕ стырдӕр бартӕ ис.

Шило сси зӕххы Хицау — йе ’цӕг Хицау

8. Чырыстийы паддзахдзинады арӕнтӕ куыд ӕмӕ кӕд фӕуӕрӕхдӕр сты?

8 Иаковы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Шилойы «коммӕ кӕсдзысты дзыллӕтӕ». Куыд уынӕм, афтӕмӕй Хицау Чырысти ӕрмӕст монон израилӕгтыл хъуамӕ ма хицауиуӕг кӕна. Уӕдӕ ма кӕуыл? Раргомады 11:15 (НФ) кӕсӕм: «Дунейыл паддзахдзинад ӕрцыд нӕ Хуыцауы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы къухмӕ, ӕмӕ Уый паддзахдзинад кӕндзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ». Библийӕ зонӕм, Йесо уыцы хицаудзинад кӕй райста, пехуымпарады цы «авд рӕстӕджы» («муртатты рӕстӕджыты») кой цӕуы, уыдон куы фесты, уӕд — 1914 азы * (Данелы 4:16, 17, НД [4:13, 14]; Лукайы 21:24). Уыцы азӕй Паддзах Чырысти ис «адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы», уыцы азӕй райдыдта «хицауиуӕг кӕнын Йе знӕгты ’хсӕн» дӕр (Матфейы 24:3; Псалом 109:2).

9. Йесо Паддзах куы сси, уӕд фыццаджыдӕр цы сарӕзта ӕмӕ уый адӕмыл, уӕлдайдӕр та йӕ ахуыргӕнинӕгтыл, куыд фӕзынд?

9 Йесо паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд уал фыццаджы-фыццаг «зӕхмӕ ӕрӕппӕрста» хивӕндтӕн сӕ тӕккӕ фыддӕры — Сайтаны, йӕ хӕйрӕджытӕ дӕр йемӕ, афтӕмӕй. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы ӕнӕуынгӕ сау тыхтӕ змӕнтынц ӕгас дуне дӕр, ӕмӕ адӕмы ӕппарынц, нырмӕ чи никуы ма уыд, ахӕм бӕллӕхты. Уыимӕ ма царды уавӕртӕ афтӕ скодтой, цӕмӕй адӕмӕн Иегъовӕйы коммӕ кӕсын тынг зын уа (Раргомад 12:7—12; 2 Тимофеймӕ 3:1—5). Уыцы хӕсты Сайтанӕн йӕ хъавд сӕйраджыдӕр у, «Хуыцауы фӕдзӕхстытыл чи хӕцы, ӕмӕ Йесо Чырыстийӕн ӕвдисӕн чи лӕууы», Иегъовӕйы уыцы сӕрст лӕггадгӕнджытӕм ӕмӕ се ’мбал «ӕндӕр фыстӕм» (Раргомад 12:17, НФ; Иоанны 10:16).

10. Цавӕр пехуымпарӕдтӕй зыны, Сайтанӕн ӕцӕг чырыстӕтты ныхмӕ йӕ тох дзӕгъӕлы кӕй у?

10 Фӕлӕ Сайтанӕн йӕ тох дзӕгъӕлы у, уымӕн ӕмӕ ныртӕккӕ у «Хицауы бон» ӕмӕ никӕй бон у Йесойы бахъыгдарын, «цӕмӕй фӕуӕлахиз уа» (Раргомад 1:10, НД; 6:2). Зӕгъӕм, Йесо йӕ хъус дардзӕн, цӕмӕй 144 000 монон израилагыл се ’ппӕтыл дӕр «мыхуыр» ӕвӕрд ӕрцӕуа. Афтӕ ма уый бахъахъхъӕндзӕн «тынг бирӕ адӕмы, кӕцыйы ничи фӕразы банымайын, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» (Раргомад 7:1—4, 9, 14—16). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ се ’мбал сӕрст чырыстӕттӕй хъауджыдӕр уыцы «тынг бирӕ адӕм» цӕрдзысты зӕххыл ӕмӕ уыдзысты Йесойӕн коммӕгӕс (Данелы 7:13, 14). Абон зӕххыл ахӕм адӕм кӕй ис, ӕрмӕст уый дӕр у стыр бӕлвырдгӕнӕн, ӕгас «дунейыл паддзахдзинад» Шилойы къухы кӕй ис, йӕ ӕцӕг Хицау уый кӕй у, уымӕн (Раргомад 11:15, НФ).

Ныртӕккӕ хъӕуы «Евангелимӕ хъусын»

11, 12. а) Ацы дуне куы фесӕфа, уӕд удӕгас чи баззайдзӕн? ӕ) Ацы дунейы зондыл чи цӕуы, уыдон цыхуызӕн свӕййынц?

11 Ӕнустӕм цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ сахуыр уа коммӕ кӕсын, уымӕн ӕмӕ нын Библи комкоммӕ дзуры, «Хуыцауы чи нӕ базыдта, ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Евангелимӕ чи нӕ хъусы, — уыдонӕй» йӕ мастисӕн бон иу дӕр кӕй нӕ фервӕздзӕн (2 Фессалоникӕгтӕм 1:8, НФ). Фӕлӕ нӕ алыварс адӕм зыгъуыммӕ зондыл хӕст кӕй сты, Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты ныхмӕ кӕй цӕуынц, уымӕ гӕсгӕ Евангелимӕ, кӕнӕ хорз хабармӕ, хъусын ӕнцон нӕу.

12 Библи куыд дзуры, афтӕмӕй Хуыцауы ныхмӕ чи цӕуы, уый цӕуы ацы дунейы зондыл (1 Коринфӕгтӕм 2:12). Ахӕм зондахаст адӕмы цӕмӕ кӕны, уый ӕмбарынгӕнгӕйӕ апостол Павел Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕм фыста: «Сымах кӕддӕр цардыстут, ацы дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уӕлдӕфы хицауиуӕггӕнӕг ӕлдары уды фӕндонмӕ гӕсгӕ, ныр ныхмӕлӕуджыты фыртты мидӕг архайӕг, кӕцыты ӕхсӕн кӕддӕр цардыстӕм мах иуылдӕр нӕ буары фӕндӕттӕм гӕсгӕ, буары фӕндӕттӕ ӕмӕ хъуыдытӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, ӕмӕ ӕрдзӕй уыдыстӕм масты цӕуӕт, куыд иннӕтӕ» (Ефесӕгтӕм 2:2, 3).

13. Чырыстӕттӕ ацы дунейы зондахасты ныхмӕ фидар цӕй фӕрцы лӕууынц ӕмӕ сын уый куыд ӕххуыс кӕны?

13 Хорз уыди, ӕмӕ Ефесы чырыстӕттӕ сӕхи фӕнд нал тардтой. Уыдон систы Хуыцауы коммӕгӕс сывӕллӕттӕ, уымӕн ӕмӕ сын йӕ сыгъдӕг уд куыд амыдта, афтӕ кӕнын райдыдтой ӕмӕ йын йӕ дыргъ бӕркадджынӕй хастой (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Афтӕ абон дӕр Хуыцауы сыгъдӕг уды (дун-дунейы ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы тыхы) фӕрцы милуантӕ систы Иегъовӕйӕн коммӕгӕс, ӕмӕ ныр сӕ бон у «кӕронмӕ фидарӕй ӕууӕндын, цы ныфс сын ис, ууыл» (Дзуттытӕм 6:11, НД; Захари 4:6).

14. Фӕстаг бонты цӕрӕг чырыстӕтты Йесо куыд бафӕдзӕхста, сӕ коммӕгӕсдзинад фӕлвӕрд кӕм цӕудзӕн, ахӕм бӕлвырд хъуыддӕгтӕй?

14 Нӕ зӕрдыл дарӕм уый дӕр, ӕмӕ Шило у нӕ хъомысджын сӕрылхӕцӕг. Йӕ Фыдимӕ иумӕ уыдон иу знаджы дӕр нӕ бауадздзысты (нӕдӕр хӕйрӕджыты ӕмӕ нӕдӕр адӕмы), цӕмӕй нӕ ахӕм фыдӕвзарӕны баппарой, ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсын нӕ бон мауал уа (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Цӕмӕй ныл ацы дунейы зондахаст ма стых уа, уый тыххӕй Йесо ӕрдзырдта, ацы фӕстаг бонты цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕй цалдӕрыл. Уый тыххӕй кӕсӕм, апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны цы авд фыстӕджы радта, уым (Раргомад 1:10, 11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уым бирӕ хорз уынаффӕтӕ уыди уӕды чырыстӕттӕн, фӕлӕ уӕддӕр Йесойы ныхӕстӕ сӕйраджыдӕр ахӕсгӕ сты, 1914 азы чи райдыдта, уыцы «Хицауы бонмӕ». Уӕдӕ уыцы фыстӕджытӕм нӕ хъус лӕмбынӕг куыннӕ хъуамӕ ӕрдарӕм! *

Ма сут стырзӕрдӕ, уӕхи хизут ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ ӕхцайы низӕй

15. Ефесы ӕмбырдмӕ цы хъӕндзинад уыди, уымӕй мах дӕр цӕмӕн хъӕуы нӕхи хизын ӕмӕ куыд? (2 Петры 1:5—8).

15 Йесойы фыстӕджытӕй фыццаг уыд Ефесы ӕмбырдмӕ. Уымы чырыстӕттӕй се стыр фӕразондзинады тыххӕй куы раппӕлыд, уӕд уый фӕстӕ загъта: «Фӕлӕ Мӕм дӕ ныхмӕ ис уый, ды кӕй ныууагътай дӕ фыццаг уарзондзинад» (Раргомад 2:1—4). Афтӕ у абон дӕр, кӕддӕры зынгзӕрдӕ чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауы раздӕр куыд уарзтой, афтӕ нал уарзынц. Афтӕмӕй адӕймаг Хуыцауӕй адард вӕййы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы ӕвӕстиатӕй архайын. Куыд ис уыцы уарзт зӕрдӕйы ногӕй ссудзӕн? Йӕ хос — Библи алы бон дӕр ахуыр кӕнын, фембӕлдтӕм цӕуын, Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ цы базонӕм, ууыл арф хъуыды кӕнын (1 Иоанны 5:3). Бӕгуыдӕр, уый ӕнцон нӕу, «хъарутӕ ӕгасӕйдӕр» хъӕуы радтын, фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у (2 Петры 1:5—8, НФ). Зӕгъгӕ, дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсгӕйӕ уый фӕхатыдтӕ, ӕмӕ дӕ уарзты цӕхӕр ӕрмынӕг, уӕд мауал фӕстиат кӕн. Дӕ зӕрдӕмӕ айс Йесойы фӕдзӕхст: «Ӕрхъуыды кӕн, кӕцӕй ӕрхаудтӕ [«цӕмӕй фӕиппӕрд дӕ», НД], ӕмӕ фӕсмон фӕкӕн, ӕмӕ кӕн фыццаджы хъуыддӕгтӕ» (Раргомад 2:5).

16. Пергамы ӕмӕ Фиатиры ӕмбырдтыл цавӕр тӕссаг зондахаст фӕзынд ӕмӕ Йесо уыдонӕн цы загъта, уый абон махмӕ дӕр куыд хауы?

16 Пергамы ӕмӕ Фиатиры ӕмбырдтӕй та Йесо раппӕлыд, ӕнувыд ыл кӕй уыдысты, фидар кӕй лӕууыдысты ӕмӕ сӕ удӕй арт кӕй цагътой, уый тыххӕй (Раргомад 2:12, 13, 18, 19). Фӕлӕ дзы уыди, Валаам ӕмӕ Иезавелы (кӕддӕр Израилы адӕмы хӕлд хъуыддӕгтыл чи бафтыдта ӕмӕ сӕ Ваалӕн кувынмӕ чи аздӕхта, уыдоны) зыгъуыммӕ зондыл чи ныххӕцыд, ахӕмтӕ ӕмӕ уый тынг фӕзынд ӕгас ӕмбырдыл дӕр (Нымӕцтӕ 31:16; 3 Паддзахӕдты 16:30, 31; Раргомад 2:14, 16, 20—23). Цы зӕгъӕн ис абон та — «Хицауы боны»? Абон дӕр, мыййаг, ӕмбырдты ахӕм цыдӕртӕ фенӕн ис? О, ис. Хуыцауы адӕмӕй кӕйдӕрты фылдӕр хатт ацух кӕнынц ӕнӕгъдау миты тыххӕй. Иугӕр афтӕ у, уӕд хъуамӕ дард лӕууӕм, ӕвзӕр йедтӕмӕ нӕ хорзыл чи нӕ сахуыр кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕй (фӕнды ӕмбырды уӕд, фӕнды ӕмбырды ӕддейӕ)! (1 Коринфӕгтӕм 5:9—11; 15:33). Шилойы коммӕ кӕсын кӕй фӕнды, уый нӕ цӕудзӕн, чъизи хъуыддӕгтӕ кӕм кӕнынц, ахӕм бынӕттӕм, стӕй йӕхи нӕ ирхӕфсдзӕн чингуытӕ, журналтӕ ӕмӕ Интернеты цы хӕлд нывтӕ ӕмӕ радзырдтӕ вӕййы, уыдоныл (Амос 5:15; Матфейы 5:28, 29).

17. Сардис ӕмӕ Лаодикийы чырыстӕттӕ сӕхи тыххӕй цы хъуыды кодтой ӕмӕ ӕцӕгӕй цы уавӕры уыдысты, уый тыххӕй Йесо та цы загъта?

17 Сардисы ӕмбырды та цалдӕр адӕймагӕй фӕстӕмӕ Йесойы зӕрдӕ ницӕмӕй барухс. Ӕмбырд, удӕгас цыма уыди, ахӕм «ном хаста», ӕцӕгӕй та Хуыцауы хъуыддагыл афтӕ сыстырзӕрдӕ, ӕмӕ йӕ Йесо схуыдта «мард». Хорз хабарӕн зӕрдӕйӕ нал уыдысты коммӕгӕс, фӕлӕ афтӕ ӕнӕуи, ӕфсонӕн. Уый гыццыл хъуыддаг нӕ уыд! (Раргомад 3:1—3). Йӕ хъуыддаг хуыздӕр нӕ уыди Лаодикийы ӕмбырдӕн дӕр. Уымы чырыстӕттӕ сӕ хъӕздыгдзинадӕй афтӕ буц уыдысты, ӕмӕ се ’взагыл, «ӕз дӕн хъӕздыг», зӕгъгӕ, ӕндӕр ницӕйуал кой уыди. Ӕцӕгӕй та Чырыстийы цӕсты уыдон уыдысты «ӕнамонд, ӕмӕ кӕуинаг, ӕмӕ мӕгуыргур, ӕмӕ куырм, ӕмӕ хӕрзбӕгънӕг» (Раргомад 3:14—17, НФ).

18. Цӕмӕй Хуыцауы цӕсты «хъӕрмуст» ма уӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

18 Афтӕ у абон дӕр. Кӕддӕры ӕнувыд чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ коммӕгӕс нал сты. Ацы дунейы зонд сыл афтӕ стых, ӕмӕ цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый нал хатынц. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Библи ахуыр кӕнын, кувын, чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы гыццыл «хъӕрмуст» цы сты, ӕндӕр ницыуал (2 Петры 3:3, 4, 11, 12). Ахӕм адӕймӕгты ӕвӕстиатӕй хъӕуы Чырыстимӕ байхъусын, ӕмӕ Хуыцауы цӕсты аргъ кӕмӕн ис, ахӕм хӕзнатӕ «ӕлхӕнын». О, Чырыстийӕ сӕ балхӕнын хъӕуы «арты сыгъдӕггонд сызгъӕрин»! (Раргомад 3:18). Ӕцӕг хъӕздыг уӕд уыдзыстӕм, кӕд ӕмӕ «хъӕздыг кӕнӕм хорз хъуыддӕгтӕй, уӕм рӕдау ӕмӕ адӕмлымӕн». Нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ уыцы зынаргъ хӕзнатӕн куы нӕ ӕвгъау кӕнӕм, уӕд уымӕй «ӕмбырд кӕндзыстӕм нӕхицӕн хӕзна, хорз бындур фидӕнмӕ, цӕмӕй фӕхӕццӕ уӕм мыггагмӕйы цардмӕ», кӕнӕ ӕцӕг цардмӕ (1 Тимофеймӕ 6:17—19).

Сӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй — арфӕйаг

19. Йесо Смирнӕ ӕмӕ Филадельфийы чырыстӕттӕй куыд раппӕлыд ӕмӕ сын цы ныффӕдзӕхста?

19 Смирнӕ ӕмӕ Филадельфийы ӕмбырдтӕ алы хъуыддаджы дӕр сӕ коммӕгӕсдзинадӕй уыдысты фӕзминаг, ӕмӕ сын Йесо ӕппындӕр ницӕй тыххӕй бауайдзӕф кодта. Мӕнӕ цы загъта, Смирнӕйы чи уыди, уыдонӕн: «Зонын дӕ... зындзинад, ӕмӕ [дӕ] мӕгуыргурдзинад,— уӕвгӕ ды хъӕздыг дӕ» (Раргомад 2:9). Куыд дард лӕууыдысты, ӕвӕдза, уыдонӕй Лаодикийы чырыстӕттӕ: уыдон хъал уыдысты, дунейы цы хъӕздыгдзинад ссардтой, уымӕй, ӕцӕгӕй та уыдысты тӕригъӕддаг! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хӕйрӕгӕн йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд, уыдон Чырыстийыл ӕнувыд кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй кастысты, уый. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Йесо ныффӕдзӕхста: «Мацӕмӕй иу фӕтӕрс, бавзаринагӕй ма дын цытӕ ис, уыдӕттӕй. Мӕнӕ, [Хӕйрӕг] сымахӕй кӕйдӕрты ахӕстоны бакӕндзӕн, цӕмӕй уӕ фыдӕвзарӕны фӕкӕна, ӕмӕ дӕс боны удхар кӕндзыстут. У иузӕрдыг мӕлӕты онг, ӕмӕ дын ратдзынӕн царды хӕрзиуӕг» (Раргомад 2:10, НФ). Йесо раппӕлыд, Филадельфийы чи уыди, уыдонӕй дӕр: «Мӕ дзырд бахъахъхъӕдтай [кӕнӕ мӕ коммӕ кастӕ], ӕмӕ нӕ аздӕхтӕ Мӕ номӕй. Мӕнӕ, фӕцӕуын тагъд; хӕц, цы дӕм ис [ууыл], цӕмӕй дын мачи аскъӕфа дӕ кады худ» (Раргомад 3:8, 11).

20. Абон милуантӕ Йесойы дзырдыл куыд ӕмӕ цавӕр уавӕрты хӕцынц?

20 «Хицауы бон» куы райдыдта, уӕдӕй, ома 1914 азӕй фӕстӕмӕ иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл чи ис, уыдон дӕр ӕмӕ се ’мбал ӕндӕр фыстӕ дӕр (сӕ нымӕц схӕццӕ цалдӕр милуаны онг) фидар хӕцынц Йесойы дзырдыл. Уыдон хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕ удӕй арт цӕгъдынц ӕмӕ фыдӕвзарӕнты фидар лӕууынц. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау уыдонӕй дӕр бирӕтӕ, Чырыстийы коммӕ кӕй кӕсынц, уый тыххӕй бавзӕрстой бирӕ фыдӕбӕттӕ, ахӕстӕттӕ ӕмӕ концлагерты дӕр уыдысты. Иннӕтӕ та Йесойы дзырдыл фидар хӕцынц, ацы зыд ӕмӕ ӕхцайыл мард дунейы сӕ «цӕст сыгъдӕг» кӕй у, уымӕй (Матфейы 6:22, 23). Уӕвгӕ, ӕцӕг чырыстӕттӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр коммӕгӕс кӕй сты, уый стыр цин у Иегъовӕйы зӕрдӕйӕн (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

21. а) Ӕууӕнкджын цагъар цавӕр фӕдзӕхст ӕххӕст кӕны? ӕ) Шилойы коммӕ кӕсын нӕ ӕцӕгӕй кӕй фӕнды, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

21 Стыр бӕллӕхмӕ куыд хӕстӕг кӕнӕм, афтӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» удуӕлдайӕ архайы, йӕ Хицау Чырысти йын цы бафӕдзӕхста, уый кӕныныл. Уыцы цагъар Хуыцауы хӕдзаронты цух нӕ уадзы, афтӕ ӕхсызгонӕй сӕ чи хъӕуы, уыцы монон хӕринагӕй. Цӕй уӕдӕ, Иегъовӕйы диссаджы организацийыл ӕмӕ нын уыцы организацийы уылты цы дӕтты, ууыл макуы сыстырзӕрдӕ уӕм. Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Шилойы коммӕ кӕй кӕсӕм, уый. Ӕмӕ йӕ бӕрны йӕхи чи бакӕна ӕмӕ коммӕгӕс чи уа, уыдонӕй та алкӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг — ӕнусон цард (Матфейы 24:45—47; 25:40; Иоанны 5:22—24).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 8 абз. «Авд рӕстӕджы» цы амонынц, уый тыххӕй кӕс Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад», 10 сӕр.

^ 14 абз. Уыцы авд фыстӕгыл бӕстон дзырд цӕуы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд чиныджы «Раргомад — йӕ диссаджы сӕххӕст хӕстӕг у!» (уыр.), 33-ӕм фарсӕй ӕмӕ дарддӕр.

Бахъуыды кодтай?

• Иаков йӕ мӕлӕты размӕ цы пехуымпарад загъта, уымӕ гӕсгӕ Йесо чи хъуамӕ уыдаид?

• Йесойы Шилойыл кӕй нымайӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн ӕмӕ нӕхи хъуамӕ цавӕр зондахастӕй хизӕм?

• Раргомады чиныджы ӕмбырдтӕм цы авд фыстӕджы ис, уыдон махӕн цы ӕххуыс сты?

• Фыццаг ӕнусы Смирнӕ ӕмӕ Филадельфийы цы чырыстӕттӕ цард, уыдон нын фӕзминаг цӕмӕй сты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Иегъовӕ ӕххуысгӕнӕг у йӕ адӕмӕн, ӕууӕнкджын «хӕдзармӕгӕсӕгмӕ» кӕй хъусынц, уый тыххӕй.

[Ныв 27 фарсыл]

Сайтан адӕмы зонд кӕй зыгъуыммӕ кӕны, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕнцон нӕу.

[Нывтӕ 29 фарсыл]

Иегъовӕ не ’ввахс хӕлар куы уа, уӕд нын йӕ коммӕ кӕсын ӕнцондӕр уыдзӕн.