Уӕ хъус «уӕлдай лӕмбынӕг» дарут
Уӕ хъус «уӕлдай лӕмбынӕг» дарут
«Мах хъуамӕ уӕлдай лӕмбынӕг уӕм, цы хъусӕм уымӕ, цӕмӕй ма ахауӕм» (ДЗУТТЫТӔМ 2:1).
1. Бамбарын кӕн, адӕймаг фӕндагыл цӕугӕйӕ йӕ хъус лӕмбынӕг куы нӕ фӕдары, уӕд ын уый йӕ царды аргъ куыд слӕууы.
АМЕРИКӔЙЫ Иугонд Штатты алы аз дӕр фӕндӕгтыл ӕрцӕугӕ бӕллӕхты фӕмард вӕййы 37 000 адӕймаджы бӕрц. Ахӕм бӕллӕхтӕ цӕмӕн ӕрцӕуы, уый чи иртасы, уыдон куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы адӕмӕй бирӕтӕ нӕ амардаиккой, шофыртӕ фӕндагмӕ сӕ хъус лӕмбынӕгдӕр куы дардтаиккой, уӕд. Машинӕ скъӕрджытӕй иуӕй-иутӕ фӕныхас кӕнынц дзыппыхӕсгӕ телефонӕй, иннӕтӕ та, фӕндӕгтыл цы алыхуызон фыстытӕ ӕмӕ рекламӕтӕ ис, уыдонмӕ кӕсыныл фӕвӕййынц, ӕмӕ сӕ разы цы вӕййы, уый уынгӕ дӕр нал фӕкӕнынц. Ис ма, машинӕ скъӕргӕйӕ хӕрын чи уарзы, ахӕмтӕ дӕр. Куыд уынӕм, афтӕмӕй адӕймаг фӕндагыл цӕугӕйӕ йӕ хъус лӕмбынӕг куы нӕ фӕдары, уӕд ын арӕх уый йӕ царды аргъ слӕууы.
2, 3. Апостол Павел дзуттаг чырыстӕттӕн цы фӕдзӕхста ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ сӕ тӕккӕ афоныл цӕмӕн уыдысты?
2 Адӕймаг машинӕ куы ӕрымысыд, уымӕй иу-2 000 азы раздӕр апостол Павел, дзуттытӕй чырыстон фӕндагыл чи слӕууыд, уыдонӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй иу цӕмӕдӕр сӕ хъус лӕмбынӕг дардтаиккой, науӕд сӕ уый сӕфтмӕ ӕркодтаид. Павел сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йесо Чырысти кӕй райгас ӕмӕ йӕ Хуыцау ӕппӕт зӕдтӕй дӕр уӕлдӕр, йӕ рахизфарс кӕй ӕрбадын кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ апостол загъта: «Уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ уӕлдай лӕмбынӕг уӕм, цы хъусӕм уымӕ, цӕмӕй ма ахауӕм» (Дзуттытӕм 2:1).
3 Уыцы чырыстӕттӕ Йесойы тыххӕй цы фехъуыстой, уымӕ сӕ сӕ хъус «уӕлдай лӕмбынӕг» дарын цӕмӕн хъуыди? Уымӕн ӕмӕ Йесо зӕххыл куы нал уыд, уӕдӕй рацыд 30 азы бӕрц. Ӕмӕ сӕ Хицау сӕ цуры куы нал уыди, уӕд дзуттаг чырыстӕттӕй чидӕртӕ, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ раст фӕндагӕй ахауой. Сӕ зонд сын дзӕгъӕл кодта сӕ раздӕры дин — иудаизм.
Уыдоны хъуыд сӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕг дарын
4. Дзуттаг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕм фӕстӕмӕ иудаизммӕ аздӕхыны хъуыды цӕмӕн ӕрцыди?
4 Чырыстонмӕ иудаизммӕ аздӕхыны хъуыды цӕмӕн хъуамӕ ӕрцыдаид? Закъонмӕ гӕсгӕ адӕм Хуыцауӕн куывтой, уынгӕ цы кодтой, ахӕм цӕйдӕрты руаджы. Адӕм сӕхи цӕстӕй уыдтой сауджынты, сӕ фындзыл уад судзгӕ нывӕндты тӕф. Чырыстон дины та хъуыддаг ӕндӕрхуызон уыди. Чырыстӕттӕн уыд Хистӕр сауджын, Йесо Чырысти, фӕлӕ йӕ ныр ӕртын азы бӕрц зӕххыл ничи федта (Дзуттытӕм 4:14). Уыдис сын кувӕндон дӕр, фӕлӕ уыцы кувӕндоны сыгъдӕг бынат уыди «арвӕн йӕхи мидӕг» (Дзуттытӕм 9:24, НФ). Кӕд Закъонмӕ гӕсгӕ адӕм къухӕй цыдысты сунӕтгонд, уӕд чырыстонӕн та йӕ «зӕрдӕ» уыдис сыгъдӕг удӕй сунӕт (Ромӕгтӕм 2:29). Ӕвӕццӕгӕн, ӕппӕт уыдӕттӕ гуырысхойаг хъуыдытыл ӕфтыдтой дзуттаг чырыстӕтты, зӕгъгӕ, кӕд чырыстон дин, ӕцӕг цы нӕу, ахӕм цыдӕр у.
5. Хуыцауӕн Закъонмӕ гӕсгӕ куыд куывтой, уымӕй Йесойы ӕвӕрд дин бирӕ хуыздӕр кӕй уыди, уый Павел куыд бамбарын кодта?
5 Чырысти бындур цы динӕн сӕвӕрдта, уый тыххӕй дзуттаг чырыстӕтты бамбарын хъуыди иу ахсджиаг хъуыддаг: кӕд уыцы дин лӕууыд уырнындзинадыл, уынӕн цӕмӕн ис, ууыл нӕ, фӕлӕ, уӕддӕр чырыстон дин бирӕ хуыздӕр уыд пехуымпар Моисейы уылты лӕвӕрд Закъонӕй. «Кӕд родты ӕмӕ сӕгъты туг, ӕмӕ роды фӕнык, бапырх кӕныны сӕрты, сыгъдӕг кӕны чъизиты, цӕмӕй сыгъдӕг уа буар,— фыста Павел,— уӕд уӕлдайдӕр Чырыстийы Туг, Кӕцы Сыгъдӕг Удӕй ӕрхаста Йӕхи Хуыцауӕн ӕнаиппӕй, мах намыс мард хъуыддӕгтӕй ссыгъдӕг кӕнынӕн, ӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн кусынӕн!» (Дзуттытӕм 9:13, 14). О, Йесо Чырыстийы нывондӕн куыд стыр тых уыд (адӕймагӕн ууыл ӕууӕндгӕйӕ куыд цыдысты хатыргонд йӕ тӕригъӕдтӕ), Закъонмӕ гӕсгӕ цы нывӕндтӕ хастой, уыдонӕн ахӕм тых нӕ уыди (Дзуттытӕм 7:26—28).
6, 7. а) Дзуттаг чырыстӕттӕ цы фехъуыстой, уымӕ сӕ сӕ хъус «уӕлдай лӕмбынӕг» дарын цӕмӕн хъуыди? ӕ) Павел дзуттытӕм фыстӕг куы ныффыста, уый фӕстӕ ма Иерусалим цас фӕлӕууыд? (Кӕс фиппаинаг.)
6 О, фӕлӕ дзуттаг чырыстӕтты канд уымӕн нӕ хъуыди, Йесойы тыххӕй цы фехъуыстой, уымӕ сӕ хъус лӕмбынӕг дарын. Йесо дзырдта, Иерусалим гӕныстон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Ӕрцӕудзысты дӕуыл бонтӕ, кӕд де знӕгтӕ дӕ алыварс фидӕрттӕ скӕндзысты ӕмӕ дыл ӕртыхсдзысты, ӕмӕ дӕ алырдыгӕй суынгӕг кӕндзысты, ӕмӕ ныххӕлӕттаг кӕндзысты дӕу, ӕмӕ дӕ мидӕг дӕ сывӕллӕтты фӕцӕгъддзысты, ӕмӕ дӕм дур дурыл нӕ ныууадздзысты, дӕ бабӕрӕг кӕнын афон кӕй нӕ базыдтай, уый тыххӕй» (Лукайы 19:43, 44).
7 Уыцы хабар кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид? Йесо бон ӕмӕ сахат бӕлвырдӕй нӕ загъта. Фӕлӕ сӕ уыйхыгъд бафӕдзӕхста: «Куы фенат Иерусалимы алыварс ӕфсӕдтӕ, уӕд зонут йӕ гӕныстон кӕнын афон кӕй ӕрбахӕстӕг: уӕд Иудейы уӕвджытӕ лидзӕнт хӕхтӕм; ӕмӕ сахары чи ис, рацу уырдыгӕй; ӕмӕ алфамбылайты чи ис, уый йӕм мауал бацӕуӕд» (Лукайы 21:20, 21). Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уымӕй рацыд 30 азы, ӕмӕ Иерусалимы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕй ферох, цы рӕстӕджы цардысты, уый, сӕ цӕст дзӕгъӕл кӕнын байдыдта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ фӕндагмӕ нал кастысты. Зӕгъгӕ сӕ зондахаст нӕ фӕивтой, уӕд сын ӕнӕфесӕфгӕ нӕ уыд. Уый ӕмбӕрстой ӕви нӕ, Иерусалимӕн йе сӕфты сахат уыди къӕсӕрыл! * Хорз уыди, ӕмӕ Павелы ныстуан Иерусалимы чырыстӕтты сӕ фынӕйӕ райхъал кодта.
Абон мах хъӕуы нӕ хъус «уӕлдай лӕмбынӕг» дарын
8. Хуыцауы Ныхас нын цы дзуры, уымӕ нӕ нӕ хъус «уӕлдай лӕмбынӕг» дарын цӕмӕн хъӕуы?
8 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау абон мах дӕр нӕ хъус «уӕлдай лӕмбынӕг» дарын хъӕуы, Хуыцауы Ныхас нын цы дзуры, уымӕ. Цӕмӕн? Тагъд Хуыцау зӕххы цъарӕй фесафдзӕн иу цавӕрдӕр адӕмыхатт нӕ, фӕлӕ ацы цардӕвӕрд ӕнӕхъӕнӕй (Раргомад 11:18; 16:14, 16). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ уыцы хъуыддаг кӕд бакӕндзӕн, уый мах нӕ зонӕм (Матфейы 24:36). Фӕлӕ нӕ цӕстыты раз ӕххӕст кӕнынц Библийы пехуымпарӕдтӕ, ӕмӕ уымӕй зонӕм, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Уӕдӕ уый бар мацӕмӕн раттӕм, ӕмӕ нӕ адзӕгъӕл кӕна. Хъуамӕ Хуыцауы Ныхасмӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм ӕмӕ цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый нӕ иу уысм дӕр рох ма уа. Ӕрмӕстдӕр уӕд аирвӕздзыстӕм «ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхтӕй» (Лукайы 21:36).
9, 10. а) Цы нын баххуыс кӕндзӕн Хуыцауы хъуыддӕгтӕм нӕ хъус «уӕлдай лӕмбынӕг» дарынӕн? ӕ) Хуыцауы дзырд цыхуызы у «цырагъ нӕ къӕхтӕн» ӕмӕ «рухс нӕ фӕндагӕн»?
9 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, ацы дунейӕн ма нымад бонтӕ куы баззад, уыцы рӕстӕг Хуыцауы хъуыддӕгтӕм нӕ хъус «уӕлдай лӕмбынӕг» дарынӕн? Иу уый, ӕмӕ чырыстон фембӕлдтӕ ӕмӕ конгресстӕ куы нӕ цух кӕнӕм. Афтӕ ма Библи ахуыр кӕныныл дӕр нӕ уд куы хъарӕм, цӕмӕй дзы кӕй хъуыдытӕ фыст ис, уыцы Хуыцау Иегъовӕмӕ баввахсдӕр уӕм (Иаковы 4:8). Библи нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ фембӕлдты дӕр не ’муырнджытимӕ куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ Иегъовӕйы хуыздӕр базоныныл куы архайӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъын: «Дӕ дзырд цырагъ у мӕ къахӕн, ӕмӕ рухс у мӕ фӕндагӕн» (Псалом 118:105, МГТ).
10 Библи «нӕ фӕндагӕн рухс» уымӕн у, ӕмӕ нын ӕргом кӕны, Хуыцау фидӕны цы саразинаг у, уый. Афтӕ ма уый у «цырагъ нӕ къахӕн» дӕр. Ома, фыдӕвзарӕнты куы бахауӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕны нӕ алы къахдзӕф дӕр раст сбарынӕн, цӕмӕй ма фӕкӕлӕм. Афтӕ ӕхсызгонӕй дӕр нӕ уымӕн хъӕуы, Хуыцау нын йӕ Ныхасы цы амоны, уымӕ нӕ хъус «уӕлдай лӕмбынӕг» дарын, нӕхӕдӕг ӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд дӕр ӕмӕ фембӕлдты дӕр. Цы базонӕм, уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, цыфӕнды хъуыддаг дӕр афтӕ алыг кӕнын, цӕмӕй нӕ цардыл хорзырдӕм фӕзына, Иегъовӕйы зӕрдӕйӕн та цины хос уа (Ӕмбисӕндтӕ 27:11; Исай 48:17). Фӕлӕ цӕмӕй фембӕлдты дӕр ӕмӕ нӕхӕдӕг куы фӕахуыр кӕнӕм Библи, уӕд дӕр нӕ бон фылдӕр рӕстӕг ӕнцад бадын ӕмӕ хъуыды кӕнын уа, ӕмӕ афтӕмӕй, Хуыцау нын цы амоны, уымӕй мацы ауадзӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?
Фембӕлдты хуыздӕр куыд хъусӕм
11. Чырыстон фембӕлдты лӕмбынӕг хъусын алыхатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?
11 Чырыстон фембӕлдты лӕмбынӕг хъусын алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы. Кӕм сывӕллон скӕуы, кӕм та чидӕр байрӕджы кӕны ӕмӕ бынат фӕагуры, ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕлтӕ вӕййынц. Уӕдӕ ӕнӕхъӕн бон уӕззау куысты фӕстӕ фӕллад дӕр куыннӕ вӕййӕм. Йе та раныхас кӕмӕн ис, уый дзурынмӕ уадиссаг нӕ арӕхсы ӕмӕ йӕ хатгӕ дӕр нӕ фӕкӕнӕм, нӕ хъуыдытӕ куыд адзӕгъӕл вӕййынц ӕмӕ ма нӕ цӕстытӕ дӕр ӕрцъынд-ӕрцъынд кӕнын куыд райдайӕм. Фӕлӕ ӕмбырды фембӕлдты дзырд цӕуыл фӕцӕуы, нӕ цард уымӕй аразгӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ цыфӕндыйӕ дӕр хъӕуы лӕмбынӕг хъусын. Цы нын баххуыс кӕндзӕн?
12. Фембӕлдты нын лӕмбынӕг хъусын ӕнцондӕр кӕд уыдзӕн?
12 Фембӕлдтӕм дзӕбӕх куы бацӕттӕ кӕнӕм, уӕд хъусгӕ дӕр хуыздӕр фӕкӕнӕм. Иугӕр афтӕ у, уӕд цы ӕрмӕг ӕвзӕрст цӕудзӕн, ууыл рагацау ахъуыды кӕнынӕн иу цасдӕр рӕстӕг нӕу дӕ бон ссарын? Алы бон дӕр цалдӕр минуты — ӕмӕ ӕрвылкъуыри дӕр Библийӕ кӕсынмӕ цы скъуыддзаг вӕййы, уый-иу цадӕггай бакӕсдзынӕ ӕмӕ-иу ыл ахъуыды кӕндзынӕ. Кӕд цы араздзыстӕм, ууыл рагацау куы хъуыды кӕнӕм, уӕд рӕстӕг ссардзыстӕм чиныгахуыркӕнынад ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн дӕр. Уӕвгӕ, рӕстӕг куыдфӕнды ма спълан кӕнӕм, иу хъуыддаг зонӕм бӕлвырд: цӕттӕ куы уӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, фембӕлдты дзырд цӕуыл цӕуа, уымӕ лӕмбынӕг хъусын.
13. Фембӕлдты дзырд цӕуыл цӕуы, уымӕ лӕмбынӕг хъусынӕн нын цы фӕахъаз уыдзӕн?
13 Хорз цӕттӕ кӕнынӕй дарддӕр ма нын цы фӕахъаз уыдзӕн? Бирӕтӕ фӕхатыдысты, Паддзахады залы разӕй куы фӕбадынц, уӕд хуыздӕр кӕй фӕхъусынц. Сценӕйӕ чи дзуры, уымӕ Псалом 25:12; Лукайы 2:36, 37). Фембӕлдтӕ уымӕн сты, цӕмӕй цух ма уӕм, нӕ уырнындзинад нын чи фидар кӕны, ахӕм хӕринагӕй (Матфейы 24:45—47). Афтӕ ма фембӕлдты нӕ кӕрӕдзийы дӕр разӕнгард кӕнӕм «уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзуттытӕм 10:24, 25).
куы кӕсай ӕмӕ Библийӕ цы стихтӕ фӕкӕсы, уыдон ды дӕр дӕ Библийы куы арай ӕмӕ сӕйраг хъуыдытӕ дӕхимӕ куы фыссай, уӕд дын уый фӕрцы дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ хъуыдытӕн сӕ рохтыл хӕцын. О, фӕлӕ уӕддӕр сӕйраг зӕрдӕ у. Зӕрдӕ цӕттӕ куы нӕ уа, уӕд цыфӕнды ма кӕнай, ницы дын баххуыс кӕндзӕн лӕмбынӕг хъусынӕн. Хъуамӕ хорз ӕмбарӕм, не ’муырнджытимӕ цӕмӕн ӕмбӕлӕм, уый. Нӕ фембӕлдты сӕр та фыццаджыдӕр уый у, цӕмӕй Иегъовӕйӕн кувӕм (14. Фембӕлд хорз ацӕудзӕн ӕви нӕ, уый сӕйраджыдӕр цӕмӕй аразгӕ у?
14 Чи зоны, исчи афтӕ хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, фембӕлдтӕ цас ахадгӕ уыдзысты, уый раныхас кӕнӕ хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн вӕййы, уыдоны дзырдарӕхстӕй аразгӕ у. Ома ныхасы чи рацыд, уыдон кӕд тынг курдиатджын сты, уӕд фембӕлд ацыд хорз. Фӕлӕ нӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ ныхасы рацӕуӕг дзурынмӕ ницы уадиссаг арӕхсы, уӕд та, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, фембӕлд хорз нӕ ацыд. Уый раст у, иннӕты чи ахуыр кӕны, уыдон, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый хъуамӕ саразой, цӕмӕй сӕ ныхасы уӕз уа ӕмӕ зӕрдӕйыл ӕмбӕла (1 Тимофеймӕ 4:16). Фӕлӕ мах фембӕлдтӕм ахӕм зондимӕ хъуамӕ ма цӕуӕм, ӕмӕ чи дзуры, уыдонӕн сӕ рӕдыдтытӕ нымайӕм. Кӕд дзырдарӕхстдзинад хъӕуы, уӕддӕр сӕйраг уый нӕу. Цымӕ сӕйраджыдӕр, ныхасы рацӕуӕг куыд мӕлгъӕвзаг у, ууыл нӕ, фӕлӕ мах куыд хорз хъусӕм, ууыл хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм? Фембӕлдтӕм цӕугӕйӕ ӕмӕ дзы дзырд цӕуыл цӕуы, уымӕ лӕмбынӕг хъусгӕйӕ, мах кувӕм Хуыцауӕн, куыд нын бафӕдзӕхста, раст афтӕ. Уӕдӕ кӕд лӕмбынӕг хъуыстам, уӕд фембӕлд дзӕгъӕлы нӕ ацыд. Кӕд нӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд нын фембӕлдтӕ уыдзысты стыр пайда, ныхасы рацӕуӕг дзурынмӕ дӕсны куы нӕ уа, уӕддӕр (Ӕмбисӕндтӕ 2:1—5). Цӕй уӕдӕ нӕ хъарутӕ радтӕм, цӕмӕй, нӕ фембӕлдты дзырд цӕуыл фӕцӕуы, уымӕ нӕ хъус «уӕлдай лӕмбынӕг» дарӕм.
Библи ахуыр кӕнын дзӕгъӕлы кӕд нӕ уыдзӕн
15. Цӕмӕй нын Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын ӕцӕг ахъаз уа, уый тыххӕй цы хъӕуы?
15 Библи ахуыр кӕнгӕйӕ ӕмӕ йыл хъуыды кӕнгӕйӕ «уӕлдай лӕмбынӕг» куы уӕм, уӕд нын уый дӕр уыдзӕн стыр ахъаз. Библи ӕмӕ библион литературӕ куы фӕкӕсӕм ӕмӕ цы бакӕсӕм, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын вӕййы, Хуыцауы Ныхасы цы ӕцӕгад ис, уый нӕ зӕрдӕмӕ айсыны фадат. Ӕмӕ Хуыцауы ныхӕстӕ нӕ зӕрдӕйы куы уой, уӕд уый та тынг зындзӕн нӕ зондахаст ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл. Уӕд нын Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын уыдзӕн зӕрдӕрухсы хос (Псалом 1:2; 39:9). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи ахуыр кӕнӕм, цы кӕсӕм, ӕрмӕстдӕр ууыл хъуыды кӕнын, цӕмӕй нӕ ахуыр дзӕгъӕлы ма уа. Гыццыл ницӕмӕй дӕр нӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕл вӕййынц: йе телефоны дзӕнгӕрӕг, йе цыдӕр хъӕлӕба, цыдӕр уынӕр, ӕмӕ цӕуыл хъуыды кодтам, уый нӕ ӕрбайрох. Кӕнӕ афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ нӕ хъыгдаргӕ ницы фӕкӕны, фӕлӕ бирӕ рӕстӕг бадын ӕмӕ хъуыды кӕнын нӕ бон нӕу. Уыцы дзӕбӕх ахуыры зӕрдӕимӕ ӕрбадӕм, ныртӕккӕ бирӕ цыдӕртӕ базондзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ бирӕ нӕ рацӕуы, ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ кӕдӕмдӕрты адзӕгъӕл вӕййынц. Уӕдӕ цы бачындӕуа, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнгӕйӕ «уӕлдай лӕмбынӕг» уӕм?
16. а) Библи ахуыр кӕнынӕн бӕрӕг фӕтк скӕнын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг куыд ссарыс?
16 Хорз уаид уымӕн рӕстӕг ссарын ӕмӕ ахӕм бынат равзарын, хъуыды кӕнын нын ӕнцондӕр кӕм уа. Ӕвӕдза, диссаг куыннӕ у, арӕх нын нӕхицӕн дӕр рӕстӕг нӕ вӕййы. Нӕхи афтӕ фӕхатӕм, цыма доны гуылфӕн къӕцӕл куыд фӕцӕйскъӕфы, раст афтӕ мах дӕр царды ӕнӕнымӕц лыстӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кӕнинӕгтӕ сӕ фӕдыл скъӕфынц. Ӕцӕгдӕр, мах хъӕуы доны хӕрдмӕ цӕуын ӕмӕ иучысыл кӕм ӕрӕнцайӕм, ахӕм сур зӕххы гӕбаз ссарын. Цард нӕ йӕ уылӕнтыл куыд хӕссы, афтӕ куы цӕуӕм, уӕд нын ахуыры фадат йӕхигъӕдӕй никуы фӕзындзӕн. Алы уавӕрӕн дӕр хицау хъуамӕ мах уӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн нӕ бон ахуырӕн рӕстӕг ратонын (Ефесӕгтӕм 5:15, 16). Иуӕй-иутӕн уыцы зынаргъ минуттӕ вӕййынц райсомӕй раджы, сӕ алыварс ма сабыр куы вӕййы, уӕд. Иннӕтӕн та ахуыр кӕнын хуыздӕр уайы изӕрӕй. Сӕйраджыдӕр нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, ӕдзухдӕр Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырты тыххӕй фылдӕр базоныныл кӕй хъуамӕ архайӕм, уый (Иоанны 17:3). Цӕй уӕдӕ Библи ахуыр кӕнынӕн бӕрӕг фӕтк скӕнӕм ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнӕм.
17. Хъуыды кӕнын нын куыд ӕххуыс кӕны?
17 Уымӕй дарддӕр хъуыды кӕнын, ома ахуыр кӕнгӕйӕ цы базонӕм, уый бамбарыныл архайын, хъуыдыты арф ацӕуын куыд ахъаз у, уый ницӕимӕ ис абарӕн. Уый фӕрцы Хуыцауы хъуыдытӕ гӕххӕттӕй сыстынц ӕмӕ ахизынц нӕ зӕрдӕйы. Хъуыды кӕнгӕйӕ бамбарӕм, Библи цы дзуры, царды мидӕг афтӕ куыд ис саразӕн, уый. Ӕмӕ афтӕмӕй мах свӕййӕм, ӕрмӕст хъусджытӕ нӕ, фӕлӕ «дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ» (Иаковы 1:22—25). Афтӕ ма уый руаджы ноджы ӕввахсдӕр кӕнӕм Иегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ арф фӕхъуыды кӕнӕм йӕ миниуджытыл ӕмӕ цы ахуыр кӕнӕм, уым уыдоны тыххӕй цы дзырдӕуы, ууыл.
18. Арф хъуыды кӕнын нӕ бон уыдзӕн ӕви нӕ, уый цӕмӕй аразгӕ у?
18 Цӕмӕй, ахуырыл ӕмӕ хъуыды кӕныныл цы рӕстӕг хардз кӕнӕм, уый дзӕгъӕлы ма уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕппынӕдзухдӕр нӕ хъуыдытӕн сӕ рохтыл хӕцын. Ногӕй цы базонӕм, уый цӕмӕй бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уыцы рӕстӕг нӕ хъуыдытӕ сӕрибар уой ӕрвылбоны царды мӕт ӕмӕ сагъӕстӕй. Уый тыххӕй хъӕуы фаг рӕстӕг ӕмӕ хибар бынат ссарын. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, Хуыцауы Ныхас нын нӕ тыхыл тых куыд ӕфтаудзӕн, ӕцӕгады дӕттӕ та нын не онг куыд рог кӕндзысты!
19. а) Иуӕй-иутӕн цы ӕххуыс кӕны Библи фылдӕр рӕстӕг ахуыр кӕнынӕн? ӕ) Цавӕр ахаст нын хъуамӕ уа Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ нын уыцы ахсджиаг хъуыддаг цӕмӕн фӕахъаз уыдзӕн?
1 Коринфӕгтӕм 2:10). Уый руаджы нӕ бон уыдзӕн Хуыцауы хуыздӕр зонын ӕмӕ хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын (Дзуттытӕм 5:14, НФ). Стӕй Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ рӕвдз куы уӕм, уӕд ма нӕ бон уыдзӕн «иннӕты сахуыр кӕнын» дӕр (2 Тимофеймӕ 2:2).
19 Ахуыр кӕныныл куы ӕрбадӕм, фӕлӕ нӕ бон бирӕ рӕстӕг иу ран бадын ӕмӕ хъуыды кӕнын куы нӕ уа, уӕд та куыд? Иуӕй-иутӕ фыццаг ахуыр кодтой гыццыл рӕстӕг, стӕй уыцы рӕстӕгмӕ цадӕггай ӕфтыдтой, ӕмӕ сын уый феххуыс. Хъуамӕ талф-тулфты ма ахуыр кӕнӕм, фӕлӕ уыцы ахсджиаг хъуыддагӕн фаг рӕстӕг арӕм. Цы ахуыр кӕндзыстӕм, уымӕ афтӕ тынг хъуамӕ тырнӕм, ӕмӕ йӕм ӕрхъӕцмӕ дӕр ма лӕууӕм. Фылдӕр базонын нӕ фӕндгӕ кӕнӕд, ӕндӕр «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» фагӕй фылдӕр дӕр дӕтты уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг. «Хуыцауы арфадтӕм» кӕй ныккӕсӕм, уый нын тынг ӕххуыс кӕны царды (20. Цӕмӕй Иегъовӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ суӕм ӕмӕ уыцы хӕлардзинады тӕгтӕ фидардӕр кӕной, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?
20 Чырыстон фембӕлдтӕм куы цӕуӕм ӕмӕ Библи зӕрдиагӕй куы ахуыр кӕнӕм, уӕд мах суыдзыстӕм Иегъовӕйы хӕлӕрттӕ, ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн уыцы хӕлардзинады тӕгтӕ фидардӕр кӕнын. Ӕвӕццӕгӕн, уый фӕрцы баввахс Хуыцаумӕ псаломзарӕггӕнӕг дӕр. Ӕмӕ Хуыцауӕн загъта: «Куыд уарзын ӕз Дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон хъуыды кӕнын уый тыххӕй» (Псалом 118:97). Цӕй уӕдӕ, цыфӕндыйӕ дӕр нӕ фембӕлдтӕ ӕмӕ нӕ конгресстӕ ма цух кӕнӕм. Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынӕн «рӕстӕг ӕлхӕнӕм». Хуыцауы Ныхасмӕ нӕ хъус «уӕлдай лӕмбынӕг» куы дарӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм бирӕ хорздзинӕдтӕй.
[Фиппаинаг]
^ 7 абз. Дзуттытӕм фыстӕг, ӕвӕццӕгӕн, фыст ӕрцыд н. э. 61 азы. Фондз азы фӕстӕ та Иерусалимыл ӕрхъула кодтой Цестий Галлы ӕфсӕдтӕ. Фӕлӕ ӕваст уыцы ӕфсӕдтӕ фӕстӕмӕ алӕууыдысты, ӕмӕ, цӕттӕйӕ чи лӕууыд, уыцы чырыстӕттӕн сӕ бон сси алидзын. Цыппар азы фӕстӕ сахармӕ ӕрбабырстой Ромы ӕфсӕдтӕ, инӕлар Тит сӕ сӕргъы, афтӕмӕй, ӕмӕ дзы дур-дурыл нал ныууагътой.
Бахъуыды кодтай?
• Дзуттаг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ ӕцӕгады фӕндагӕй цӕмӕн фӕцӕйхаудысты?
• Цы нын баххуыс кӕндзӕн чырыстон фембӕлдты хуыздӕр хъусынӕн?
• Цы хъӕуы, цӕмӕй, Библи кӕй ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый дзӕгъӕлы ма уа?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 9 фарсыл]
Дзуттаг чырыстӕттӕ хъуамӕ ма рох кодтаиккой, Иерусалимӕн йе сӕфт къӕсӕрыл кӕй уыди, уый.
[Ныв 11 фарсыл]
Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй чырыстон фембӕлдты сӕхицӕн зондӕн исты райсой.