Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы тыххӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ сты ныфсы хос

Хуыцауы тыххӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ сты ныфсы хос

Хуыцауы тыххӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ сты ныфсы хос

БИБЛИ Хуыцауы уарзӕгой ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй хоны, уый иуӕй-иуты хъуыдытыл бафтауы: «Кӕд Хуыцауы фӕнды фыддзинадӕн кӕрон скӕнын, кӕд ӕй зоны, куыд хъӕуы уый саразын, ӕмӕ йӕм уыйас тых дӕр кӕд ис, уӕд афтӕ бирӕ рӕстӕг фыддзинад цӕмӕн уадзы?» Уыдонӕн сӕ бон нӕу ацы ӕртӕ хъуыддаджы кӕрӕдзийыл бабӕттын: 1) Хуыцау у ӕппӕты хъомысджындӕр; 2) Хуыцау у уарзӕгой ӕмӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ 3) адӕмыл алыхуызон бӕллӕхтӕ цӕуы. Ацы ӕртӕйӕ фӕстаг ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уыдон хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, иннӕ дыууӕйӕ иу уӕддӕр нӕу раст — Хуыцауӕн кӕнӕ йӕ бон нӕу фыддзинадӕн кӕрон скӕнын, кӕнӕ та йӕ уый мӕт ӕппындӕр нӕй.

Нью-Йорчы Ӕппӕтдунеон базарадон центр куы ныккалд, уымӕй цалдӕр боны фӕстӕ Иугонд Штатты зындгонд динамонӕг загъта: «Сӕдӕгай хӕттыты мӕ фарстой, Хуыцау бӕллӕхтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн уадзы. Раст зӕгъгӕйӕ, уыцы фарст мӕхи дӕр фӕнды бамбарын, фӕлӕ ӕппындӕр ницы у мӕ бон зӕгъын уый тыххӕй».

Ацы ныхӕсты фӕдыл иу диниртасӕг ныффыста, уыцы динамонӕг цы «раст ахуырад» амоны, уый йын йӕ зӕрдӕ кӕй бацагайдта. Уый ма сразы ис иу ахуыргондимӕ, афтӕ чи ныффыста: «Хъизӕмӕртты аххосаг бамбарӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ нӕй Хуыцауы бамбарӕн». Фӕлӕ цымӕ ӕцӕгдӕр нӕй бамбарӕн, Хуыцау фыддзинад цӕмӕн уадзы, уый?

Куыд фӕзынд фыддзинад

Динамонджытӕй хъауджыдӕр Библи афтӕ нӕ дзуры, зӕгъгӕ, Хуыцау фыддзинад цӕмӕн уадзы, уымӕн бамбарӕн нӕй. Ацы фарста равзарынӕн хъуамӕ сӕйраджыдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Иегъовӕ фыддуне кӕй не сфӕлдыста. Уый фыццаг дыууӕ адӕймаджы сфӕлдыста ӕххӕстӕй, ӕнӕ тӕригъӕдӕй. Цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл Иегъовӕ йӕ цӕст куы ахаста, уӕд федта, ӕппӕтдӕр «иттӕг хорз» кӕй уыд (Уӕвынад 1:26, 31). Уый фӕндыд, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр Едемы дзӕнӕтау скодтаиккой ӕмӕ йыл, Хуыцауы бӕрны чи уыдаид ӕмӕ кӕй уарзтаид, ахӕм амондджын адӕмы ӕрцӕрын кодтаиккой (Исай 45:18).

Фыддзинад рацыд иу зӕдӕй, уый райдианы Хуыцауыл иузӕрдион уыд, фӕлӕ йӕ стӕй бафӕндыд, цӕмӕй уымӕн дӕр куывтаиккой (Иаковы 1:14, 15). Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд, уый рабӕрӕг зӕххыл, фыццаг дыууӕ адӕймаджы дӕр йӕ фӕдыл куы акодта, уӕд. Адам ӕмӕ Евӕ нӕ байхъуыстой Хуыцауы бӕлвырд фӕдзӕхстмӕ, зӕгъгӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласы дыргътӕм мадӕр ӕвналгӕ бакӕнут, мадӕр дзы хӕргӕ бакӕнут, фӕлӕ дзы ӕртыдтой ӕмӕ дзы бахордтой (Уӕвынад 3:1—6). Афтӕмӕй уыдон ӕрмӕст Хуыцауӕн ӕгоммӕгӕс нӕ разындысты, фӕлӕ ма равдыстой, хӕдбарӕй цӕрын сӕ кӕй фӕндыд.

Сӕвзӕрд дзырддаг фарста

Едемы цы ’рцыд, уый сӕвзӕрын кодта дзырддаг фарста, ӕмӕ уый ӕгас дун-дунемӕ дӕр хаудта. Адӕм Иегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уымӕй дзырддаг сси, Иегъовӕ йе сфӕлдисондтыл раст хицауиуӕг кӕны ӕви нӕ. Сфӕлдисӕгӕн уый бар ис, ӕмӕ адӕмӕй дома, цӕмӕй йӕм алы хъуыддаджы дӕр хъусой? Хуыздӕр нӕ уыдзӕн адӕмӕн сӕхи зондмӕ гӕсгӕ цӕрын?

Иегъовӕйӕн йӕ хицаудзинады фӕдыл цы фарстатӕ сӕвзӕрд, уыдон лыггӕнгӕйӕ уый афтӕ равдыста йӕ уарзондзинад, йӕ рӕстдзинад, йе стыр зонд ӕмӕ тых, ӕмӕ йӕм ницы аипп ӕрхӕссӕн ис. Уымӕ уыйбӕрц тых уыд, цӕмӕй йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны ӕвиппайды фесӕфтаид. Ӕмӕ уый раст дӕр уыдаид, уымӕн ӕмӕ йын уыдис афтӕ бакӕныны бар. Фӕлӕ уӕд дзырддаг фарстатӕн дзуапп лӕвӕрд не ’рцыдаид. Иннӕрдыгӕй, Хуыцауӕн йӕ бон уыд уыцы тӕригъӕд ныббарын. Уый абон, гӕнӕн ис, иуӕй-иутӕ банымадтаиккой уарзондзинадыл дзурӕг хъуыддагыл. Фӕлӕ та уӕд дӕр не сбӕлвырд уыдаид, раст у ӕви нӕ, Сайтан цы загъта, уый, зӕгъгӕ, адӕм хуыздӕр цӕрдзысты, сӕхӕдӕг сӕхицӕн куы уой хицӕуттӕ. Уымӕй уӕлдай, уӕд иннӕтӕ дӕр куыннӕ сразӕнгард уыдаиккой Иегъовӕйы фӕндагӕй ахизынмӕ? Уый фӕстиуджытӕ та уыдаиккой ӕнӕкӕрон хъизӕмӕрттӕ.

Иегъовӕ у стыр зонды хицау, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ рӕстӕгмӕ бауагъта адӕмы сӕхи зондыл цӕуын. Кӕд уый ууыл дзурӕг уыд, цасдӕр рӕстӕг фыддзинад дӕр кӕй уыдзӕн, уӕддӕр афтӕмӕй адӕмӕн уыд фадат равдисынӕн, сӕхицӕн сӕ бон у ӕви нӕ, ӕнӕ Хуыцауӕй, ӕнтыстджынӕй хицауиуӕг кӕнын, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый ӕвзарын. Ӕмӕ цы рабӕрӕг? Адӕмы историйыл цӕст ахӕсгӕйӕ уынӕм, алкӕддӕр кӕй уыд хӕстытӕ, ӕнӕрӕстдзинад, ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Иегъовӕйы ныхмӕ рацӕуынӕй хорзӕй кӕй ницы рауад, уымӕй, Едемы цы фарстатӕ сӕвзӕрд, уыдон ӕнустӕм лыггонд ӕрцӕудзысты.

Уыцыиу рӕстӕг Хуыцау равдыста йӕ уарзондзинад, йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы кӕй рарвыста ӕмӕ уый йӕ цард ӕлхӕнӕг нывондӕн кӕй радта, уымӕй. Уыцы хъуыддаг коммӕгӕс адӕмӕн фадат дӕтты, цӕмӕй Адамы ӕгоммӕгӕсдзинады фӕстиуджытӕй, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты тӕрхонӕй ссӕрибар уой. Уыцы ахӕстаргъ бакодта фӕндаг ӕнусон цардмӕ, Йесойыл чи ӕууӕнда, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Иоанны 3:16).

Мах Иегъовӕйӕ зонӕм, адӕмы хъизӕмӕрттӕ рӕстӕгмӕ кӕй сты, ӕмӕ нын уый нӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕны. «Иу чысыл ма ӕмӕ нал уыдзӕн ӕнӕраст,— ныффыста псаломзарӕггӕнӕг.— Бакӕсдзынӕ йӕ бынатмӕ, ӕмӕ уый нӕй. Сабыртӕ та зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:10, 11).

Сабыр ӕмӕ амондджын фидӕн

Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау низтӕ, маст ӕмӕ мӕлӕтӕн кӕрон скӕнынӕн цы рӕстӕг снысан кодта, уый къӕсӕрыл ис. Апостол Иоанн диссаджы цӕстылуайӕны федта, фидӕны цы уыдзӕн, уый, ӕмӕ мӕнӕ цы ныффыста: «Федтон ӕз ног арв ӕмӕ ног зӕхх; уымӕн ӕмӕ раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх аивгъуыдтой, ӕмӕ денджыз дӕр нал ис... Ӕмӕ Йӕхӕдӕг Хуыцау [адӕмимӕ] уыдзӕн сӕ Хуыцау; ӕмӕ ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта». Уыцы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый бахахх кӕнынӕн Иоаннӕн загъдӕуыд: «Ныффысс; уымӕн ӕмӕ ацы дзырдтӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст» (Раргомад 21:1—5).

Ӕмӕ Едемы цы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ чи амард, уыцы милуангай ӕнаххос адӕм та? Иегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, абон мӕрдвынӕй чи у, уыцы адӕмы кӕй райгас кӕндзӕн. Апостол Павел загъта: «Ныфс мӕ ис Хуыцауӕй, кӕй уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты» (Куыстытӕ 24:15). Уыдонӕн уыдзӕн фадат, «рӕстад кӕм бацӕрдзӕн», уыцы дунейы цӕрынӕн (2 Петры 3:13, НФ).

Уарзӕгой фыд куы зона, йӕ хъӕбулӕн операци кӕй феххуыс уыдзӕн, уӕд бар ратдзӕн, цӕмӕй йын ӕй скӕной, кӕд сывӕллонӕн ӕнцон нӕ уа, уӕддӕр. Раст афтӕ Иегъовӕ дӕр бауагъта, цӕмӕй зӕххыл рӕстӕгмӕ фыддзинад уа. Фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл чи архайы, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнусон хорздзинӕдтӕ. Павел бамбарын кодта: «Сконд басаст тыхстдзинадӕн барвӕндонӕй нӕ, фӕлӕ йӕ басӕттӕджы фӕндонӕй,— ныфсы мидӕг, сконд йӕхӕдӕг дӕр кӕй ссӕрибар уыдзӕн ӕмбийындзинадӕн цагъарадӕй, Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинадмӕ» (Ромӕгтӕм 8:20, 21).

Гъе уый у ног хабар — телевизоры кӕй фенӕм кӕнӕ газеты кӕй бакӕсӕм, ахӕм нӕ, фӕлӕ ӕцӕгӕй хорз хабар. Уый у иууыл хуыздӕр хабар «алы рӕвдауындзинады Хуыцауӕй», ӕцӕг ныл чи тыхсы, уымӕй (2 Коринфӕгтӕм 1:3).

[Нывтӕ 6 фарсыл]

Рӕстӕг равдыста, адӕмӕн ӕнӕ Хуыцауӕй сӕ бон кӕй нӕу ӕнтыстджынӕй хицауиуӕг кӕнын.

[Барлӕвӕрдӕй]

Сомалиаг бинонтӕ: UN PHOTO 159849/M. GRANT; атомон бомбӕ: USAF photo; концлагерь: U.S. National Archives photo