Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕуыл сахуыр стӕм, уый ӕххӕст кӕнӕм

Цӕуыл сахуыр стӕм, уый ӕххӕст кӕнӕм

Цӕуыл сахуыр стӕм, уый ӕххӕст кӕнӕм

«Цӕуыл сахуыр стут сымах, цы райстат ӕмӕ [цы] фехъуыстат ӕмӕ [цы] федтат мӕн мидӕг, уый ӕххӕст кӕнут,— ӕмӕ фарны Хуыцау уыдзӕн сымахимӕ» (ФИЛИППӔГТӔМ 4:9).

1, 2. Йӕхи уырнӕг чи хоны, уыдонӕн сӕ фылдӕры цардыл Библи искуыд зыны? Бамбарын ӕй кӕн.

«ДИН размӕ цӕуы, ӕгъдау та — сӕфтмӕ». Ахӕм сӕргонд фӕзынд иу газеты, Америкӕйы Иугонд Штатты адӕмы бафӕрсгӕйӕ цы хатдзӕг скодтой, уый фӕдыл («Emerging Trends»). Куыд зыны, афтӕмӕй Америкӕйы фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны, аргъуанмӕ чи цӕуы ӕмӕ афтӕ чи зӕгъы, динӕн мӕ царды стыр ахадындзинад ис, зӕгъгӕ, ахӕм адӕмы нымӕц. Фӕлӕ мӕнӕ цы дзырдӕуы газеты дарддӕр: «Кӕд, афтӕ чи дзуры, уыдоны нымӕц тынг стыр у, уӕддӕр америкӕгтӕй бирӕтӕ нӕ уынынц, дин иугай адӕймӕгты цардыл дӕр ӕмӕ ӕгас ӕхсӕнадыл дӕр хорзырдӕм исты зына».

2 Ӕмӕ хъуыддаг афтӕ канд иу бӕстӕйы нӕу. Ӕгас дунейы дӕр бирӕтӕ сӕхи хонынц уырнджытӕ ӕмӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Библи рӕстытӕ дзуры, фӕлӕ Фыстад сӕ цардыл фӕзына, уый тыххӕй та ницы аразынц (2 Тимофеймӕ 3:5). «Мах тынг аргъ кӕнӕм Библийӕн,— загъта иу иртасӕг къорды сӕргълӕууӕг,— фӕлӕ йӕ райсӕм, кӕсӕм ӕй, хъуыды йыл кӕнӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уый нал ис».

3. а) Ӕцӕг чырыстон чи свӕййы, уыдоны цардыл Библи куыд фӕзыны? ӕ) Филиппӕгтӕм 4:9 цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ куыд архайынц?

3 Бынтон ӕндӕр у сӕ хабар ӕцӕг чырыстӕттӕн. Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ кӕй архайынц, уый тынг фӕзынд сӕ зондахастыл дӕр ӕмӕ се ’гъдауыл дӕр. Ног адӕймӕгтӕ кӕй систы, уый уынынц сӕ алыварс адӕм (Колоссӕгтӕм 3:5—10). Йесойы фӕдылдзӕуджыты Библи уый тыххӕй нӕ хъӕуы, ӕмӕ кӕмдӕр тӕрхӕгыл рыг кӕна. Апостол Павел Филиппы чырыстӕттӕм фыста: «Цӕуыл сахуыр стут сымах, цы райстат ӕмӕ [цы] фехъуыстат ӕмӕ [цы] федтат мӕн мидӕг, уый ӕххӕст кӕнут,— ӕмӕ фарны Хуыцау уыдзӕн сымахимӕ» (Филиппӕгтӕм 4:9). Хуыцауы Ныхас цы дзуры, ууыл чырыстӕттӕ ӕрмӕст ныхӕстӕй разы не сты. Цы дзы базонынц, уымӕ гӕсгӕ архайынц. Сӕ бинонты ’хсӕн уа, куысты уа, ӕмбырды ӕви ӕндӕр искуы, алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дарынц, Библи сын цы амоны, уый.

4. Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын ӕнцон цӕуылнӕ у?

4 Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕнцон нӕу. Нӕ алыварс дуне ис, Библи «ацы дуджы хуыцау» кӕй хоны, уыцы Сайтан Хӕйрӕджы къухы (2 Коринфӕгтӕм 4:4; 1 Иоанны 5:19). Уӕдӕ цӕмӕй Иегъовӕ Хуыцауы раз нӕ цӕсгом алкӕддӕр сыгъдӕг уа, уый тыххӕй нӕ нӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты хъӕуы хизын. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

«Раст ахуырады хуызӕгыл» фидар хӕцӕм

5. Цы зӕгъын фӕндыд Йесойы ацы ныхӕстӕй, «ӕдзух мӕ фӕдыл цу», зӕгъгӕ?

5 Цӕуыл сахуыр стӕм, уый уӕд ӕххӕст кӕндзыстӕм, нӕ ныхмӕ чифӕнды ма цӕуа, уӕддӕр раст диныл фидар куы хӕцӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та ӕнӕрынцойӕ архайын хъӕуы. «Кӕд искӕйы фӕнды Мӕн фӕстӕ цӕуын,— загъта Йесо,— дӕхиуыл ӕвдисӕн бакӕн ӕмӕ райс дӕ дзуар ӕмӕ рацу Мӕ фӕстӕ [«ӕдзух мӕ фӕдыл цу», НД]» (Матфейы 16:24). Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ йӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуӕм ӕрмӕстдӕр иу къуыри, иу мӕй кӕнӕ иу аз. Уый загъта: «Ӕдзух мӕ фӕдыл цу». Уӕдӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уӕм рӕстӕгмӕ, ома абон цӕуӕм Хуыцауы фӕндыл, райсом та — нӕ. Раст диныл фидар хӕцын афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ цыфӕнды куы ’рцӕуа, уӕддӕр, цы фӕндаг равзӕрстам, ууыл кӕронмӕ ӕнӕфӕцудгӕйӕ кӕй цӕудзыстӕм. Фӕлӕ уымӕн куыд гӕнӕн ис?

6. Павел фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн цы ӕцӕгады хуызӕг бацамыдта, уый цы у?

6 Павел йӕ куыстӕмбал Тимофейӕн фӕдзӕхста: «Хӕц раст ахуырады хуызӕгыл, кӕцы ды фехъуыстай мӕнӕй, уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинадимӕ Йесо Чырыстийы мидӕг» (2 Тимофеймӕ 1:13). Цы зӕгъын фӕндыд Павелы ацы ныхӕстӕй? «Хуызӕг»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд комкоммӕ амоны, нывгӕнӕг йӕ уацмысӕн иууыл райдианы цы нывгонд скӕны, уый. Ӕмӕ дзы кӕд алы лыстӕг хахх конд нӕма вӕййы, уӕддӕр уыцы нывгонды фыццаг хӕххытӕ афтӕ бӕрӕгӕй фӕзынынц, ӕмӕ арфуынӕг адӕймаг фендзӕн, ныв ӕппынфӕстаг цыхуызӕн уыдзӕн, уый. Афтӕ, Павел Тимофейӕн ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕн цы ӕцӕгады хуызӕг бацамыдта, уым дӕр алы гыццыл фарстайӕн нӕ уыди дзуапп ссарӕн. Фӕлӕ уыцы ахуырӕдтӕ иуыл иумӕ дӕттынц хъӕугӕ разамынд (нывгонд куыд у, афтӕ), ӕмӕ ӕнӕхин адӕймаг ӕмбары, Иегъовӕ йӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Цӕмӕй сӕ Иегъовӕ райгонд уа, уый тыххӕй сӕ хъӕуы, цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ цӕрын, ӕмӕ афтӕмӕй ӕцӕгады хуызӕгыл фидар хӕцын.

7. Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у раст ахуырады хуызӕгыл хӕцын?

7 Фыццаг ӕнусы иуӕй-иутӕ, зӕгъӕм, Именей, Алыксандр ӕмӕ Филит, чырыстӕтты ’хсӕн парахат кодтой, «раст ахуырады хуызӕг» чи зыгъуыммӕ кодта, ахӕм хъуыдытӕ (1 Тимофеймӕ 1:18—20; 2 Тимофеймӕ 2:16, 17). Цы кӕнын хъуыди рагон чырыстӕтты, цӕмӕй, ӕцӕгад чи ныууагъта, уыдон сын сӕ зонд ма сзыгъуыммӕ кодтаиккой? Сыгъдӕг Фыстытӕ бӕстон ахуыр кӕнын ӕмӕ дзы цы фыст уыди, царды мидӕг уымӕ гӕсгӕ архайын. Павел ӕмӕ иннӕ ӕнувыд чырыстӕтты чи фӕзмыдта, уыдон, кӕй сын бацамыдтой, уыцы ӕцӕгады хуызӕгмӕ гӕсгӕ цы нӕ уыди, уый ӕмбӕрстой ӕмӕ дзы сӕхи хызтой (Филиппӕгтӕм 3:17; Дзуттытӕм 5:14, НФ). Уыдоныл «дзырдтӕгты ӕмӕ дзӕгъӕлдзырды низ [нӕ] бахӕцыд», фӕлӕ уый бӕсты дарддӕр дӕр Хуыцауы раст фӕндагыл иузӕрдионӕй размӕ цыдысты (1 Тимофеймӕ 6:3—6, НФ). Мах дӕр афтӕ кӕндзыстӕм, Сыгъдӕг Фыстадӕй цы базонӕм, нӕ алы къахдзӕф дӕр уымӕ гӕсгӕ куы барӕм, уӕд. Нӕ тыхыл нын тых ӕфтауы, ӕгас зӕххыл дӕр Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнӕг милуангай адӕм, Библийӕ цы ӕцӕгады хуызӕг базыдтой, ууыл фидар кӕй хӕцынц, уый (1 Фессалоникӕгтӕм 1:2—5).

«Аргъӕуттӕм» ма хъусӕм

8. а) Сайтан нын нӕ уырнындзинад фӕцудын кӕныныл куыд архайы? ӕ) 2 Тимофеймӕ 4:3, 4 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Павел цӕмӕй фӕдзӕхста?

8 Сайтанӕн йӕ хуыздӕр куыст уый у, цӕмӕй цы ӕцӕгад базыдтам, ууыл фӕдызӕрдыг уӕм, раст нӕм мауал кӕса ӕмӕ йӕ ныууадзӕм. Фыццаг ӕнусы куыд уыди, афтӕ абон дӕр, ӕцӕгад чи ныууагъта ӕмӕ йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон ӕмӕ ма ӕндӕртӕ дӕр архайынц, сывӕллонау ӕнӕхин чи у, уыдон раст фӕндагӕй фӕиппӕрд кӕныныл (Галатӕгтӕм 2:4; 5:7, 8). Дзыллон информацийы фӕрӕзты руаджы парахат кӕнынц, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ куыд ӕмӕ цӕмӕн архайынц, уый тыххӕй раст цы нӕу, ахӕм хабӕрттӕ, йе та суанг ӕргом цъыфкалӕн дӕр фӕкӕнынц. Иуӕй-иутӕ ӕцӕгады фӕндаг кӕй ныууадздзысты, уый тыххӕй фӕдзӕхста Павел. Уый фыста: «Уыдзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ӕнӕниз ахуырад нал-иу исдзысты, фӕлӕ сӕ мондӕгтӕм [«фӕндӕттӕм», СТ] гӕсгӕ сӕхицӕн ахӕм ахуыргӕнджытӕ сӕвзардзысты, сӕ зӕрдӕ сын чи ӕлхӕна, ӕмӕ ӕцӕгадӕй сӕ хъус аздахдзысты, ӕмӕ аргъӕутты ’рдӕм фӕуыдзысты» (2 Тимофеймӕ 4:3, 4, НФ).

9. Павел цавӕр «аргъӕутты» кой кодта?

9 Раст ахуырады хуызӕгыл фидар хӕцыны бӕсты иуӕй-иутӕн сӕ зӕрдӕ ахсайдта «аргъӕутты ’рдӕм». Цы уыдысты уыцы «аргъӕуттӕ»? Гӕнӕн ис, ӕмӕ Павел кодта, аргъауы хуызӕн чи уыди, ахӕм таурӕгъты кой, зӕгъӕм, Фыстады хай чи нӕ уыди, ахӕм чиныг, «Товит», зӕгъгӕ *. Уыцы аргъӕуттӕм ма, ӕвӕццӕгӕн, хауди, адӕмы дисы чи ӕфтыдта, ахӕм мӕнг хабӕрттӕ, дам-думтӕ. Хуыцау чырыстӕттӕн цы уаг ӕмӕ ӕгъдау сӕвӕрдта, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи каст кӕнӕ ӕмбырды разамынд йӕхимӕ чи иста, уыдоны ӕдзух ӕфхӕргӕ чи кодта, ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр кӕмӕндӕрты сӕ зонд схӕццӕ кодтой «сӕ фӕндӕттӕм гӕсгӕ», ома, сӕхи дӕр афтӕ кӕй фӕндыди, уымӕ гӕсгӕ (3 Иоанны 9, 10; Иудӕ 4). Уӕвгӕ, фӕкӕлыны хос сын цыфӕнды ӕмӕ чифӕнды ма уыдаид, бӕрӕг у уый, ӕмӕ уыцы адӕймӕгтӕн Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгадӕй ӕрымысгӕ цыдӕртӕ тынгдӕр кӕй цыдысты сӕ зӕрдӕмӕ. Афтӕ цадӕггай, цы базыдтой, ууыл сӕ къух систой ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи фесӕфтой (2 Петры 3:15, 16, НФ).

10. Абон цавӕр «аргъӕуттӕ» ис ӕмӕ нӕ нӕхи хъахъхъӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй Иоанн цы загъта?

10 Абон цы «аргъӕуттӕ» ис, уыдоны уацары цӕмӕй ма бахауӕм, уый тыххӕй нӕ лӕмбынӕг ӕвзарын хъӕуы, цы кӕсӕм ӕмӕ цӕмӕ хъусӕм, уый. Зӕгъӕм, дзыллон информацийы фӕрӕзты арӕх дзырд фӕцӕуы, адӕмы ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ хӕлд хъуыддӕгтыл чи ӕфтауы, ахӕм цӕуылдӕртыл. Бирӕтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, мӕн Хуыцау нӕ уырны, йе та Хуыцау ис ӕви нӕ, уый нӕ зонын. Библи иртасӕг ахуыргӕндтӕм та худӕг кӕсы, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, уый. Ӕцӕгад чи ныууагъта, уыдон абон дӕр ууыл архайынц, цӕмӕй чырыстӕттӕ ӕцӕгадыл фӕгуырысхо уой ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ уырнындзинад фесафой. Фыццаг ӕнусы апостол Иоанн чырыстӕтты фӕдзӕхста, ахӕм халӕн куыст чи кодта, уыцы мӕнг пехуымпартӕй: «Уарзонтӕ! алкӕцы удыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ фӕлварут, Хуыцауӕй сты ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнг пехуымпартӕ фӕзынд дунейы мидӕг» (1 Иоанны 4:1). Иугӕр афтӕ у, уӕд мах дӕр хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм.

11. Нӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ, уый куыд базонӕн ис?

11 Уый фӕдыл Павел фыста: «Фӕлварут уӕхӕдӕг уӕхи, уырнындзинады стут сымах ӕви нӕ» (2 Коринфӕгтӕм 13:5). Апостол нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм, ӕмӕ ӕппӕт чырыстон уырнындзинӕдтыл дӕр фидар хӕцӕм ӕви нӕ, уый базонӕм. Кӕд, ӕдзух алкӕмӕй хъаст чи кӕны, ахӕм адӕймӕгтӕм хъусын уарзӕм, уӕд нӕ уый тыххӕй хъӕуы Иегъовӕмӕ кувын ӕмӕ нӕ нӕ зӕрдӕ чердӕм здахы, уымӕ нӕ хъус лӕмбынӕг ӕрдарын (Псалом 138:23, 24). Мыййаг ӕппынӕдзух, Иегъовӕйы адӕмӕй кӕмӕ цы хъӕндзинад ис, ууыл нӕ фӕхъуыды кӕнӕм? Кӕд о, уӕд йӕ аххосаг цы у? Кӕйдӕр ныхӕстӕ кӕнӕ митӕ нӕ маст нӕ бауагътой? Кӕд афтӕ у, уӕд уыцы хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм? Ацы дунейы ныл цыфӕнды бӕллӕх, цавӕрфӕнды зындзинад ма ӕрцӕуа, уӕддӕр ын тагъд кӕрон уыдзӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:17). Ӕмӕ кӕд ӕмбырды исчи цӕмӕйдӕр нӕ зӕрдӕхудты дӕр бацыд, уӕд ныр хъуамӕ уый тыххӕй Хуыцауӕн мауал лӕггад кӕнӕм? Кӕд цӕуылдӕр нӕ зӕрдӕ риссы, уӕд бирӕ хуыздӕр нӕ уыдзӕн, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый саразын ӕмӕ стӕй ӕппӕт дӕр Иегъовӕйы бар бакӕнын? (Псалом 4:5; Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; Ефесӕгтӕм 4:26).

12. Верийы цӕрджытӕ нын фӕзминаг цӕмӕй сты?

12 Уӕдӕ ӕмбырды фембӕлдты дӕр ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд цы базонӕм, уымӕ фаутӕ ма хӕссӕм, фӕлӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм алцӕмӕдӕр (1 Коринфӕгтӕм 2:14, 15). Хуыцауы Ныхасыл дызӕрдыгдзинады къӕм ӕппарыны бӕсты хуыздӕр нӕ уыдзӕн, фыццаг ӕнусы Верийы цӕрджытау Фыстад биноныг иртасын? (Куыстытӕ 17:10, 11). Цӕй уӕдӕ «аргъӕуттӕм» ма хъусӕм, фӕлӕ цы базонӕм, уый кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй фидар хӕцӕм ӕцӕгадыл.

13. Куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ нӕхи дӕр ма фӕнда, афтӕмӕй «аргъӕуттӕ» парахат кӕнӕм?

13 Ис ма ноджы ӕндӕр хуызы «аргъӕуттӕ» дӕр, ӕмӕ нӕ уыдонӕй дӕр хъӕуы нӕхи хизын. Арӕх электрон посты уылты бирӕтӕ кӕрӕдзимӕ фервитынц, мӕнӕ царциаты диссӕгтӕ кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм хабӕрттӕ. Ахӕм хабӕрттӕ кӕсын тӕссаг у, уӕлдайдӕр та, фыццаг сӕ чи ныффыста, уый куы нӕ зонай, уӕд. Цавӕрдӕр хабар кӕнӕ цау дӕм ӕууӕнкджын чырыстон куы ӕрбарвита, уӕддӕр ӕй, гӕнӕн ис, йӕхи цӕстӕй ма фена ӕмӕ хабӕрттӕ бӕлвырд ма зона. Уӕдӕ хъуамӕ, сбӕлвырдгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хабӕрттӕ макӕмӕн дзурӕм ӕмӕ сӕ макӕмӕ ӕрвитӕм. Уӕвгӕ, кӕй фӕнды, ӕмӕ «нӕбӕззон... аргъӕуттӕ» парахат кӕна? (1 Тимофеймӕ 4:7, НФ). Уымӕй дарддӕр нӕ алчидӕр хӕсджын у, раст цы у, ӕрмӕстдӕр уый дзурын, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы нӕхи хизын, цӕмӕй нын ӕнӕбары дӕр афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, раст цы нӕу, ахӕм цыдӕртӕ парахат кӕнӕм (Ефесӕгтӕм 4:25).

Ӕцӕгады хорз тыллӕг

14. Хуыцауы Ныхасӕй цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын хорз цӕмӕн у?

14 Библийӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ чырыстон фембӕлдты дӕр цы базонӕм, уый куы кӕнӕм, уӕд нын стыр ахъаз уыдзӕн царды. Зӕгъӕм, ӕмуддӕр уыдзыстӕм, уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм, уыдонимӕ (Галатӕгтӕм 6:10). Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд хуыздӕр кӕндзӕн нӕ зондахаст ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы уаг дӕр (Псалом 18:9). Уымӕй уӕлдай ма цы базонӕм, уый куы кӕнӕм, уӕд, Хуыцау нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уымӕн уыдзыстӕм йӕ «фидауц», ома махмӕ кӕсгӕйӕ адӕмӕн ӕнцондӕр уыдзӕн раст дин ссарын (Титмӕ 2:6—10, НФ).

15. а) Иу ӕвзонг чызгмӕ скъолайы йӕ уырнындзинады сӕрыл сдзурыны хъару куыд разынд? ӕ) Ацы цау дӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

15 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн ис, Библи ӕмӕ чырыстон литературӕйӕ сӕхӕдӕг цы базонынц, уый дӕр ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдты цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый дӕр чи ӕххӕст кӕны, бирӕ ахӕм ӕрыгӕттӕ. Сӕ хорз ӕгъдау диссаджы ӕвдисӕнад у скъолайы сӕ ахуыргӕнджытӕн дӕр ӕмӕ се ’мкъласонтӕн дӕр (1 Петры 2:12). Райсӕм 13-аздзыд Леслийы, уый цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй-иу ын зын уыд, йе ’мкъласонтимӕ, цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй ныхас кӕнын. Фӕлӕ иу бон ӕппӕтдӕр фӕивта. «Къласы ныхас бацайдагъ, бирӕтӕ адӕмӕн цыдӕртӕ тыхӕй куыд фӕхъарынц, уый фӕдыл. Иу чызг йӕ къухыл схӕцыд ӕмӕ цӕвиттонӕн Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрхаста». Ӕвдисӕн уӕвгӕйӕ Лесли йӕхи цыхуызӕнӕй равдыста? «Ӕз сдзырдтон мӕ уырнындзинады сӕрыл,— дзуры йӕхӕдӕг,— ӕмӕ уымӕй, ӕвӕццӕгӕн, се ’ппӕты дӕр дисы бафтыдтон, уымӕн ӕмӕ-иу скъолайы никуы ницы дзырдтон». Леслимӕ ахӕм хъару кӕй разынд, уый цавӕр хорз тыллӕг ӕрхаста? «Уыцы чызгӕн радтон брошюрӕ ӕмӕ трактат, уымӕн ӕмӕ ма йӕм уыди ӕндӕр фарстатӕ дӕр»,— зӕгъы Лесли. Куыннӕ хъуамӕ цин кӕна Иегъовӕ, ӕцӕгадӕй цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыцы ӕрыгӕттӕ сӕхимӕ ахӕм хъару кӕй ссарынц, ӕмӕ скъолайы сӕ уырнындзинады тыххӕй кӕй фӕдзурынц! (Ӕмбисӕндтӕ 27:11; Дзуттытӕ 6:10).

16. Иу ӕрыгон Ӕвдисӕн-чызгӕн Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола цы ахъаз фӕци?

16 Бафӕзминаг у Элизабет дӕр. Уый авдаздзыдӕй бацыд скъоламӕ, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ йын Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы хӕслӕвӕрд цал хатты уыди, уал хатты уыцы гыццыл чызг йӕ ахуыргӕнджыты хуыдта Паддзахады залмӕ. Ахуыргӕнӕгӕн-иу йӕ бон куы нӕ баци ӕрбацӕуын, уӕд та-иу Элизабет урокты фӕстӕ баззад ӕмӕ-иу ын ӕй йӕхицӕн радзырдта. Фӕстаг къласы куы ахуыр кодта, уӕд Элизабет ныффыста, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола цы пайда хӕссы, уый тыххӕй 10-фарсон доклад ӕмӕ йӕ цыппар ахуыргӕнӕгӕн радзырдта. Уый фӕстӕ ма йын сӕхӕдӕг ноджыдӕр загътой, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы ныхасы куыд рацӕуынц, уый сын равдиса, ӕмӕ Элизабет равзӕрста фарста, «Хуыцау фыддзинад цӕмӕн уадзы?», зӕгъгӕ. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Элизабетӕн стыр ахъаз фӕци, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый. Фӕлӕ Элизабет иунӕг нӕу. Ӕгас дунейы дӕр мингай ӕвзонг чырыстӕттӕ архайынц, Иегъовӕйы Ныхасӕй цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ йын афтӕмӕй Йӕ ном кадджын кӕнынц.

17, 18. а) Ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй Библи цы дзуры? ӕ) Иегъовӕйы Ӕвдисӕн раст кӕй бакодта, уый иу адӕймагыл куыд фӕзынд?

17 Библи чырыстӕтты ахуыр кӕны, цӕмӕй уой ӕууӕнкджын ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр сӕ цӕсгом сыгъдӕг уа (Дзуттытӕм 13:18). Ӕнӕууӕнк адӕймаг ӕрмӕст иннӕты зӕрдӕхудты нӕ цӕуы, фӕлӕ ма Иегъовӕйы фыдӕх дӕр исы, ӕмӕ уый у иууыл хъуыдыйагдӕр (Ӕмбисӕндтӕ 12:22). Цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый бӕрӕг у нӕ хорз ӕгъдауӕй ӕмӕ уый фӕрцы бирӕтӕ тынгдӕр аргъ кӕнынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн.

18 Ӕркӕсӕм, иу ӕфсӕддон Филиппыл цы ӕрцыд, уымӕ. Уый фесӕфта, кӕй нӕ байдзаг кодта, афтӕмӕй йӕ къух кӕм ӕрфыста, ахӕм чек, ӕмӕ йын ӕй цалынмӕ постӕй фӕстӕмӕ ӕрбарвыстой, уӕдмӕ йӕ зонгӕ дӕр нӕ бакодта, кӕй йӕ фесӕфта, уый. Уыцы гӕххӕтт ссардта Иегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ йӕ цыбыр фыстӕгимӕ ӕрбарвыста йӕ хицаумӕ. Фыстӕджы уый фыста, зӕгъгӕ, мӕ динмӕ гӕсгӕ мӕхицӕн хӕсыл нымайын, дӕуыл ацы гӕххӕтт сӕмбӕлын кӕнын. Филиппы дисӕн кӕрон нӕ уыд. «Ӕз фесӕфтаин 9 000 доллӕры!» — загъта уый. Иухатт ыл ӕрцыд, йӕ зӕрдӕ йын бынтондӕр чи скъахта, ахӕм хабар: аргъуаны йын йӕ зонгӕтӕй чидӕр йӕ худ адавта. Йӕ цӕстӕй уынгӕ дӕр кӕй никуы фӕкодта, ахӕм чидӕр та йыл, уал мин доллӕры райсӕн кӕмӕй уыди, уыцы чек фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кодта! Уӕдӕ чырыстӕттӕ рӕстуд ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй сты, уый, ай-гъай дӕр, бӕрзонд кӕны Иегъовӕ Хуыцауы ном!

Цӕуыл сахуыр стут, уый кӕнут дарддӕр дӕр

19, 20. Фыстадӕй цы базонӕм, царды мидӕг афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын цы ахъаз уыдзӕн?

19 Адӕймаг Хуыцауы Ныхасӕй цы базоны, царды дӕр афтӕ куы фӕкӕны, уӕд хайджын вӕййы тынг бирӕ хорздзинӕдтӕй. Ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Чи бамбара ӕххӕст закъон, сӕрибары закъон, ӕмӕ уый мидӕг [чи] уа, уый рохгӕнаг хъусӕг нӕу, фӕлӕ у хъуыддӕгтӕй ӕххӕстгӕнӕг, ахӕм тӕхудиаг у йӕ хъуыддӕгты» (Иаковы 1:25). Уӕвгӕ, Фыстадӕй цӕуыл сахуыр стӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын ӕмӕ нын ӕнцондӕр уыдзӕн царды зындзинӕдтӕн быхсын дӕр. Ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы хӕрзиуӕг та у Иегъовӕйы хорзӕх ӕмӕ ӕнусон царды ныфс! (Ӕмбисӕндтӕ 10:22; 1 Тимофеймӕ 6:6).

20 Цӕй уӕдӕ куыдфӕнды ма уа, дарддӕр дӕр ӕнӕзивӕгӕй ахуыр кӕн Хуыцауы Ныхас. Иегъовӕйы кувӕг адӕмы фембӕлдтӕй иу дӕр ма цух кӕн; дӕ хъус лӕмбынӕг дар, дзырд дзы цӕуыл фӕцӕуы, уымӕ. Цы базоныс, уый царды мидӕг ӕххӕст кӕн, ӕмӕ уӕд «фарны Хуыцау уыдзӕн демӕ» (Филиппӕгтӕм 4:9).

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. «Товит»-ы чиныг, ӕвӕццӕгӕн, фыст ӕрцыд н. э. агъоммӕ ӕртыккӕгӕм ӕнусы, ӕмӕ дзы ис, йӕ фылдӕр хай мӕнгуырнындзинӕдтӕ кӕмӕн сты, ахӕм радзырд иу иудейаджы тыххӕй, йӕ ном Тови, зӕгъгӕ. Уым дзырдӕуы, зӕгъгӕ, стыр кӕфы зӕрдӕ, маст ӕмӕ игӕрӕй йӕ бон уыд адӕмӕн хос кӕнын ӕмӕ хӕйрӕджыты сурын.

Бахъуыды кодтай?

• Цы у «раст ахуырады хуызӕг» ӕмӕ йыл нӕ бон куыд у фидар хӕцын?

• Цавӕр «аргъӕуттӕм» хъуамӕ ма хъусӕм?

• Хуыцауы Ныхасӕй цӕуыл сахуыр стӕм, уый куы кӕнӕм, уӕд нын цы ахъаз уыдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Цӕмӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕтты, ӕцӕгад чи ныууагъта, уыдон сӕ фӕдыл ма асайдтаиккой, уый тыххӕй сӕ цы кӕнын хъуыди?

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Сайтан дызӕрдыгдзинад тауы дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ, Интернет ӕмӕ ӕцӕгады фӕндаг чи ныууагъта, уыдоны руаджы.

[Ныв 17 фарсыл]

Сбӕлвырдгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хабӕрттӕ парахат кӕнын у ӕнӕзонд ми.

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Куысты дӕр, скъолайы дӕр ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайынц, Хуыцауы Ныхасы цы бакӕсынц, уымӕ гӕсгӕ.