Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕгад чи уарзы, уыцы фӕсивӕд

Ӕцӕгад чи уарзы, уыцы фӕсивӕд

Ӕцӕгад чи уарзы, уыцы фӕсивӕд

«ЛӔППУЙӔН куыд даргӕ у сыгъдӕгдзинады йӕ фӕндаг?» — бафарста иу псаломзарӕггӕнӕг цалдӕр миназы размӕ (Псалом 118:9). Ацы фарст тынг ахсджиаг у абон дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕрыгон фӕсивӕд ацы дунейы тынг бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлы. Бирӕтӕ сӕ бафтыдысты хӕтыныл ӕмӕ СПИД-ы амӕттаг фесты; се ’рдӕг дзы сты 15—24-азӕй фылдӕр кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕмтӕ. Бирӕ бӕллӕхтӕм ӕркӕнынц наркотиктӕ дӕр: сӕ аххосӕй фӕсивӕдӕй дзӕвгар цӕрынхъуагӕй амардысты. Хӕлд музыкӕ, ӕнӕгъдау ӕмӕ фыдмитӕ кӕм ӕвдисынц, ахӕм кинотӕ, телералӕвӕрдтӕ, Интернеты цъаммар нывтӕ ӕмӕ радзырдтӕ бынысӕфт фӕкодтой фӕсивӕды. Уӕдӕ диссаг нӕу, псаломзарӕггӕнӕг цы фарст ӕрӕвӕрдта, уый абон тынг кӕй тыхсын кӕны ныййарджытӕй бирӕты, стӕй фӕсивӕдӕн сӕхи дӕр.

Псаломзарӕггӕнӕг йӕхи фарстӕн ахӕм дзуапп радта: «Хъахъхъӕнынӕй йӕхи Дӕ дзырдмӕ гӕсгӕ». О, Хуыцауы Ныхас Библийы ис диссаджы разамынд ӕрыгон фӕсивӕдӕн ӕмӕ йыл чи цӕуы, уыцы ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ тӕхудиаг цард кӕнынц (Псалом 118:105). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ ацы бухъцардуарзаг, ӕхцайылмард дунейы йӕ хӕлар баззайыныл чи архайы, уыцы ӕрыгӕттӕй цалдӕры цӕвиттонмӕ.

Уыдон тынг бузныг сты сӕ ныййарджыты ӕххуысӕй

Хакоб Эммануел ныртӕккӕ лӕггад кӕны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы (Мексикӕйы), уый размӕ та уыдис ӕххӕстрӕстӕг пионер. Хакоб ӕхсызгонӕй ӕрхъуыды кӕны, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куыд бауарзта, уый: «Мӕ царды мын астӕуцӕджындз уыдысты мӕ ныййарджытӕ, фӕлӕ уырнындзинады фӕлтӕрд чи уыд ӕмӕ тынг лымӕн кӕимӕ уыдтӕн, уыцы ӕфсымӕртӕй дӕр мын бирӕтӕ тынг баххуыс кодтой. Ӕппӕт уыдон руаджы бауарзтон хъусын кӕныны хъуыддаг. Уыдон мӕ арӕхстгай арӕзтой раст фӕндагыл; ӕз нӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ мын искуы загътой, хъуамӕ афтӕ ӕмӕ афтӕ кӕнай, зӕгъгӕ».

Дэвид, ныр цалдӕр азы дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уый хъуыды кӕны, куыд тынг ыл фӕзынд, йе ’фсымӕримӕ ма гыццылтӕ куы уыдысты, уӕд йӕ ныййарджытӕ сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кӕнын кӕй райдыдтой, уый. Йӕ фыд куы амард, уӕддӕр йӕ мад нӕ ныууагъта сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнын. Сывӕллӕтты дӕр хъомыл кодта, ӕмӕ хорз хабар дӕр хъусын кодта. «Мӕ ныййарджытӕ мын никуы загътой, зӕгъгӕ, ды хъуамӕ пионер суай,— дзуры Дэвид,— фӕлӕ нӕ бинонтӕ афтӕ тынг уарзтой пионертӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ мын ӕй дзурын дӕр нӕ хъуыди. Мӕхи бафӕндыд ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын». Ныййарджыты ӕххуыс ӕмӕ хъусдардӕн цӕй стыр ахадындзинад ис, уый тыххӕй Дэвид загъта: «Алы изӕр дӕр-иу нын нӕ мад касти радзырдтӕ чиныгӕй „Ӕнӕхай кӕмӕй фесты, уыцы дзӕнӕтӕй, ногӕй чи ралӕудзӕн, уыцы дзӕнӕтмӕ“ *. Куыд аив-иу нын ӕй кастис, уымӕй нын бауарзын кодта уырнындзинадӕн ахъаз хӕринаг».

Тынг аргъ кӕнынц фембӕлдтӕн

Фӕсивӕдӕй иутӕ нӕ аргъ кӕнынц чырыстон фембӕлдтӕн. Сӕ ныййарджытӕ сӕ семӕ куы нӕ кӕниккой, уӕд ӕмбырдмӕ сӕ къах дӕр нӕ бавӕриккой. Фӕлӕ сӕм дарддӕр дӕр куы цӕуой, уӕд чи зоны иуцасдӕры фӕстӕ бауарзой уыцы фембӕлдтӕ. Ӕркӕсӕм, 11-аздзыдӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын чи райдыдта, уыцы Альфредойы цӕвиттонмӕ. Иу-фондз азы йыл куы цыди, уӕд-иу ӕй нӕ фӕндыди фембӕлдтӕм цӕуын, уымӕн ӕмӕ-иу ӕй уым хуыссӕг ӕрцахста, йӕ ныййарджытӕ та-иу ӕй фембӕлды фынӕй кӕнын нӕ уагътой. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Куыд стыр кодтон, афтӕ мӕ тынгӕй-тынгдӕр фӕндыд фембӕлдтӕм цӕуын, уӕлдайдӕр та кӕсын ӕмӕ фыссын куы сахуыр дӕн, уӕд. Уымӕн ӕмӕ уӕд фембӕлдты мӕхи ныхӕстӕй райдыдтон дзуапп дӕттын».

Пионерӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм 17-⁠аздзыд хо Синти та дзуры, хорз адӕмы ’хсӕн кӕй уыди, уый йын куыд тынг баххуыс кодта Хуыцауӕн лӕггад кӕнын бауарзын. Синти зӕгъы: «Ме ’муырнджытимӕ кӕй балымӕн дӕн ӕмӕ фембӕлдтӕ кӕй нӕ цух кӕнын, уымӕ гӕсгӕ нӕ мысын мӕ раздӕры ӕмбӕлтты, ӕмӕ, ныртӕккӕйы фӕсивӕд сӕхи цы ирхӕфсӕнтӕй хъал кӕнынц, зӕгъӕм, дискотекӕтӕ, уыдон мӕм нымады дӕр нал сты. Фембӕлдты цы дзуаппытӕм фӕхъусын ӕмӕ дзы цы цаутӕ фӕдзурынц, уыдоныл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕ бафӕндыд, цыдӕриддӕр мӕм ис, уый Иегъовӕйӕн снывонд кӕнын. Ӕмӕ мӕм иууыл хуыздӕр та цы ис, уый — ме ’взонджы бонтӕ. Уымӕ гӕсгӕ мӕхицӕн загътон, Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ сӕ кӕй арвитдзынӕн».

Фӕлӕ ма иу цыдӕр загъта: «Донаргъуыд райсыны размӕ мын ахӕм рӕстӕг уыди, ӕмӕ мӕм фембӕлдтӕ фӕцух кӕнын ницы касти. Алыхуызон ӕфсӕнттӕ-иу ссардтон, мӕ уроктӕ нӕма скодтон, йе та ма мӕ скъолайы цыдӕр хъуыддӕгтӕ ис, зӕгъгӕ. Цалдӕр фембӕлды фӕцух кодтон ӕмӕ уый уайтагъд мӕ уырнындзинадыл фӕзынди. Библи чи нӕ ахуыр кодта, иу ахӕм лӕппуимӕ сбӕндӕн дӕн. Бузныг Иегъовӕйӕн, афоныл мын кӕй баххуыс кодта мӕхи ӕрӕмбарынӕн».

Дӕхӕдӕг ӕй хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнай

Иегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕрыгон лӕппу Паблойы куы бафарстой, Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгад бауарзынӕн сӕйраджыдӕр цы хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд загъта: «Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый тыххӕй хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы: Хуыцауы Ныхас алыбон ахуыр кӕнын ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Ӕз тынг бузныг дӕн мӕ ныййарджытӕй, Иегъовӕйы тыххӕй мын ӕцӕгад чи бацамыдта. Мӕнмӕ гӕсгӕ мын уымӕй хуыздӕр хорздзинад ракӕнын сӕ бон уӕвгӕ дӕр нӕ бауыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ мӕхӕдӕг ӕмбарон, цӕмӕн уарзын Иегъовӕйы. Ӕмӕ уый тыххӕй та хорз зонын хъӕуы, цы у Библийы ӕцӕгады „уӕрхад ӕмӕ арфад“. Ӕрмӕстдӕр уӕд бауарздзыстӕм Иегъовӕйы Ныхас ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд суыдзӕн нӕ зӕрдӕты, иннӕтӕн нӕ ӕцӕгады тыххӕй дзурынмӕ чи разӕнгард кӕндзӕн, ахӕм „пиллон артау“. Хъусын кӕныны хъуыддаджы афтӕ нӕ удӕй арт куы цӕгъдӕм, уӕд ӕцӕгады уарзты цӕхӕр никуы ахуысдзӕн» (Ефесӕгтӕм 3:18; Иереми 20:9).

Хакоб Эммануел дӕр (уӕлдӕр кодтам йӕ кой) ахӕм хъуыдыйыл хӕст у, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны уынаффӕ хъуамӕ дӕхӕдӕг рахӕссай. Уый зӕгъы, йӕ ныййарджытӕ йын донаргъуыд кӕй нӕ исын кодтой. «Ӕмӕ рӕстӕг йӕхӕдӕг ӕвдисӕн, уый иууыл хуыздӕр кӕй уыд, уымӕн. Цӕвиттон, ме ’мбӕлттӕй иутӕ бадзырдтой, донаргъуыд уыцы иу бон кӕй райсдзысты. Ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы уыд, фӕлӕ ӕз уыдтон, иуӕй-иутӕ дзы уыцы къахдзӕф сонтӕй кӕй сарӕзтой, уымӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр Паддзахады хъуыддаджы афтӕ зынгзӕрдӕйӕ нал архайдтой. Мӕхицӕй куы зӕгъон, уӕд мын мӕ ныййарджытӕ мӕхи Иегъовӕйӕн снывонд кӕныны фӕндон никуы хъардтой. Уый мӕхӕдӕг аскъуыддзаг кодтон».

Ӕмбырды ахадындзинад

Ӕрыгӕттӕй Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгад алчи йӕ ныййарджытӕй нӕ базыдта. Уыдонӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕу, раст цы у, уый кӕнын ӕмӕ цы фӕндаг равзӕрстой, ууыл фидарӕй цӕуын.

Ное арӕх ӕрымысы, ӕцӕгад ын йӕ цард хуыздӕрырдӕм куыд фӕивта, уый. Йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ тынг мӕстыгӕр ӕмӕ фыдзонд уыди. 14-⁠аздзыдӕй Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд уый хорзырдӕм фӕзынд йӕ зондахастыл. Кӕд йӕ ныййарджытӕ уӕд Библи нӕ ахуыр кодтой, уӕддӕр сӕ лӕппу куыд ивы, уый уынгӕйӕ райгонд уыдысты. Ноейы уырнындзинад куыд фидардӕр кодта, афтӕ йӕ тынгдӕр фӕндыд Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Ныр у ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг.

Афтӕ Алехандро дӕр, кӕд йӕ ныййарджыты ӕцӕгад нӕ хъуыди, уӕддӕр уый хӕрзӕрыгонӕй бауарзта ӕцӕгад. Куыд тынг ын аргъ кӕны, уый фӕдыл мӕнӕ цы дзуры: «Ӕз схъомыл дӕн, католикты диныл хӕст чи уыди, ахӕм бинонты ’хсӕн. Фӕлӕ мын аргъуаны, мӕ сабибонтӕй ӕнцой чи нӕ лӕвӕрдта, уыцы фарстатӕн дзуапп кӕй нӕ радтой, уымӕ гӕсгӕ ме ’ргом здахын райдыдтон, коммунисттӕ адӕмӕн цы хъуыды хъардтой, уымӕ, Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ. Иегъовӕйы организаци мын баххуыс кодта Хуыцауы базонын. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ мӕ уый фервӕзын кодта, уымӕн ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын куы нӕ райдыдтаин, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕнӕгъдаудзинады, фыднозты кӕнӕ наркотикты ахӕсты бахаудаин. Йе та хицауады ныхмӕ чи тох кӕны, ахӕм къордтӕй искӕцымӕ бацыдаин ӕмӕ уӕд дӕр мӕ хабар хорз нӕ уыдаид».

Уӕдӕ йӕ ныййарджытӕ ӕцӕгады кӕмӕн не сты, уыцы фӕсивӕдӕн сӕ бон куыд у дарддӕр дӕр ӕцӕгад агурын ӕмӕ йыл фидар хӕцын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддаджы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн дӕр стыр ахадындзинад ис. Ное дзуры: «Ӕз мӕхи иунӕг никуы ӕнкъардтон, Иегъовӕ мӕм кӕддӕриддӕр уыдис тынг ӕввахс. Афтӕ ма мын стыр ныфс сты ме ’муырнджытӕ — фыды ад дӕр кӕмӕй базыдтон, мады ад дӕр ӕмӕ ӕфсымӕры ад дӕр, уыцы зӕрдӕхӕлар чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ». Ныртӕккӕ Ное лӕггад кӕны Вефилы ӕмӕ йӕ рӕстӕг ӕгасӕйдӕр дӕтты Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн. Мӕнӕ цы зӕгъы Алехандро та: «Ӕз никуы ферох кӕндзынӕн, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд ӕрхъуыдыджын уыдысты ӕмӕ-иу мемӕ куыд ныхӕстӕ кодтой, уый. 16-аздзыдӕй Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд, уыцы кары фӕсивӕды цы сонт хъуыдытӕ фӕтыхсын кӕнынц, уыдон мӕнӕн дӕр ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой ӕмӕ мӕм уыцы рӕстӕджы сӕ хъус кӕй фӕдардтой, уый тыххӕй сӕ дӕн уӕлдай бузныг. Ӕмбырды бинонджын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ мӕ мӕ хъуыдытимӕ иунӕгӕй никуы ныууагътой. Алыхатт дӕр-иу мӕ исчи суазӕг кодта ӕмӕ-иу мын ӕрмӕст хӕрдӕй фысымтӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ-иу мӕ сӕ зӕрдӕйы хъармӕй дӕр барӕвдыдтой». Алехандро ныр 13 азӕй фылдӕр у ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг.

Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ дин ӕрмӕстдӕр ас адӕмы хъӕуы. Фӕлӕ фӕсивӕдӕй бирӕтӕ хӕрзчысылӕй базыдтой Библийы ӕцӕгад, бауарзтой Иегъовӕйы ӕмӕ йыл ныр дӕр ӕнувыд сты. Уыцы фӕсивӕдӕй дӕр ис зӕгъӕн, Давид Псалом 109:3 куыд загъта, афтӕ: «Дӕ тыхы бон Дӕ адӕм цӕттӕ сты стыр рӕсугъд кувӕндоны; хуылфӕй бонвӕрноны фӕзындӕй раздӕр ӕртӕхы хуызӕн Дӕ райгуырд [«дӕ фӕсивӕд», НД]».

Фӕсивӕдӕн ӕцӕгад базонын ӕмӕ, цы фӕндаг равзӕрстой, ууыл ӕнӕфӕцудгӕйӕ цӕуын ӕнцон нӕу. Уӕдӕ нын ӕхсызгон куыннӕ у, бирӕтӕ дзы Иегъовӕйы организацийы зӕрдиагӕй кӕй архайынц, фембӕлдтӕ кӕй нӕ цух кӕнынц ӕмӕ Библи биноныгӕй кӕй ахуыр кӕнынц, уый. Афтӕ аразгӕйӕ, уыдон Хуыцауы Ныхас тынгдӕр бауарзтой ӕмӕ йын зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц! (Псалом 118:15, 16).

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1958 азы (анг.); ныртӕккӕ джиппы нал цӕуы.