Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы фӕстаг бонты чырыстӕттӕ дунейы хъуыддӕгты нӕ архайынц

Ацы фӕстаг бонты чырыстӕттӕ дунейы хъуыддӕгты нӕ архайынц

Ацы фӕстаг бонты чырыстӕттӕ дунейы хъуыддӕгты нӕ архайынц

«Уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ» (ИОАННЫ 17:16, НФ).

1, 2. Йесо цы загъта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн, дунемӕ сын цы ахаст хъуамӕ уа, уый тыххӕй ӕмӕ нӕм йӕ ныхӕстӕ цы фарстытӕ ӕвзӕрын кӕнынц?

ЙЕСО, алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг, йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕв бирӕ фӕкуывта йӕ ахуыргӕнинӕгты цур. Уый загъта, алы чырыстон мӕ дӕр чи хауы, ахӕм ныхӕстӕ. Йӕ мӕт уыд йӕ фӕдылдзӕуджытыл: «Ӕз сын фехъусын кодтон Дӕ дзырд; ӕмӕ сӕм дуне схӕрам ис, уымӕн ӕмӕ уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ. Ды уыдон ацы дунейӕ акӕнай, уый тыххӕй Дӕм нӕ кувын, фӕлӕ сӕ цӕмӕй бахизай фыдбылызӕй. Уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ» (Иоанны 17:14—16, НФ).

2 Йесо дыууӕ хатты загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дунейӕ кӕй не сты. Ӕмӕ дунейӕ хицӕн кӕй уыдзысты, уымӕ гӕсгӕ дуне сӕ ныхмӕ суыдзӕн, ӕнӕуынон ын суыдзысты. Фӕлӕ чырыстӕттӕ уымӕй хъуамӕ ма тӕрсой, уымӕн ӕмӕ сӕ Иегъовӕ нӕ ныууадздзӕн, йӕ базыры бын сӕ бакӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 18:10; Матфейы 24:9, 13). Йесойы ныхӕстӕ нӕ, чи зоны, сагъӕсы бафтыдтой: ӕцӕг чырыстӕттӕ ацы дунейӕ цӕуылнӕ сты? Куыд ӕмбарын хъӕуы, зӕгъгӕ, «дунейӕ не сты»? Ӕмӕ кӕд чырыстӕттӕ дунейӕн ӕнӕуынон сты, уӕд сын дунемӕ цы ахаст хъуамӕ уа? Уӕлдайдӕр та сын ацы дунейы хицауӕдтӕм сын цы ахаст ис? Ацы фарстытӕ не ’ппӕтмӕ дӕр кӕй хауынц, уымӕ гӕсгӕ сын Библийы дзуаппытӕ ссарын хъӕуы.

«Мах... стӕм Хуыцауӕй»

3. а) Цӕуылнӕ стӕм ацы дунейӕ? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, ацы дуне «Фыдбылызы къухы» кӕй ис, уый?

3 Иегъовӕимӕ ӕнувыд хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй не стӕм ацы дунейӕ. Апостол Иоанн фыста: «Мах зонӕм, мах кӕй стӕм Хуыцауӕй, ӕмӕ ӕппӕт дуне кӕй ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19, НД). Иоанн дунейы тыххӕй рӕстытӕ фыста. Абон дунейы цы хӕстытӕ цӕуы, цы фыдракӕндтӕ ӕмӕ дзы цы фыддзинад ис, стӕй ма адӕм кӕрӕдзи кӕй ссӕндынц, кӕй сайынц ӕмӕ кӕй хӕлынц, уыдон иууылдӕр дзурӕг сты Хуыцауы нӕ, фӕлӕ Сайтаны ӕндӕвдадыл (Иоанны 12:31; 2 Коринфӕгтӕм 4:4; Ефесӕгтӕм 6:12). Адӕймаг Иегъовӕйы Ӕвдисӕн куы свӕййы, уӕд уый ахӕм ӕвзӕр митӕ ныууадзы, кӕсгӕ дӕр сӕм нал фӕкӕны ӕмӕ афтӕмӕй дунейӕ нал вӕййы (Ромӕгтӕм 12:2; 13:12—14; 1 Коринфӕгтӕм 6:9—11; 1 Иоанны 3:10—12).

4. Куыд ис равдисӕн, Иегъовӕйы кӕй стӕм, уый?

4 Иоанн загъта, зӕгъгӕ, дунейӕ хъауджыдӕр чырыстӕттӕ «сты Хуыцауӕй». Йӕхи Иегъовӕйӕн чи снывонд кӕны, уый свӕййы Хуыцауы. Уый фӕдыл апостол Павел загъта: «Кӕд цӕрӕм — Хицауы тыххӕй цӕрӕм, кӕд мӕлӕм — Хицауы тыххӕй мӕлӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цӕргӕ кӕнӕм, ӕви мӕлгӕ кӕнӕм,— ӕдзухдӕр стӕм Хицауы» (Ромӕгтӕм 14:8; Псалом 115:6). Мах Иегъовӕйы кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ кувгӕ дӕр ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕнӕм (Рацыд 20:4—6). Уӕдӕ бӕрӕг у, ӕцӕг чырыстон йӕ цард ацы дунейы цыфӕнды хъуыддагӕн дӕр кӕй не снывонд кӕндзӕн. Ӕмӕ кӕд паддзахадон символтӕн аргъ кӕны, уӕддӕр сын табу нӕ кӕны нӕдӕр хъуыддагӕй, нӕдӕр дзыхы ныхасӕй. Уый табу нӕ кӕны нӕдӕр спорты «стъалытӕн», нӕдӕр ныры гуымирытӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕцӕг чырыстон аргъ кӕны, адӕймаджы бартӕн, фӕлӕ йӕхӕдӕг кувы ӕрмӕстдӕр Сфӕлдисӕгӕн (Матфейы 4:10; Раргомад 19:10). Уымӕй дӕр хицӕн кӕны дунейӕ.

«Мӕ Паддзахад нӕу ацы дунейӕ»

5, 6. Нӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар кӕй бакодтам, уый нӕ дунейӕ куыд хицӕн кӕны?

5 Чырыстӕттӕ сты Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ сӕхи бакодтой Хуыцауы Паддзахады дӕлбар, ӕмӕ уымӕй дӕр ацы дунейӕ не сты. Йесо тӕрхондоны Понти Пилаты раз куы ӕрлӕууыд, уӕд загъта: «Мӕ Паддзахад нӕу ацы дунейӕ; Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд Мӕ кусджытӕ бахъахъхъӕдтаиккой Мӕн, цӕмӕй Ӕз ма ӕрцыдаин лӕвӕрд Иудейтӕм; фӕлӕ ныр Мӕ Паддзахад ардыгӕй нӕу» (Иоанны 18:36). Уӕларвон Паддзахады руаджы Иегъовӕйы ном ссыгъдӕг уыдзӕн, Дунедарӕг кӕй у, уый сбӕлвырд уыдзӕн ӕмӕ йӕ фӕндон уӕларвы куыд сӕххӕст, афтӕ зӕххыл дӕр сӕххӕст уыдзӕн (Матфейы 6:9, 10). Йесо зӕххыл хъусын кодта хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ уыцы хабар хъусын кӕндзысты ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ (Матфейы 4:23; 24:14). 1914 азы сӕххӕст сты Раргомады 11:15 (НФ) пехуымпарадон ныхӕстӕ: «Дунейыл паддзахдзинад ӕрцыд нӕ Хуыцауы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы къухмӕ, ӕмӕ Уый паддзахдзинад кӕндзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ». Тынг тагъд зӕххыл ӕрмӕстдӕр уыцы уӕларвон Паддзахад хицауиуӕг кӕндзӕн (Данел 2:44). Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ацы дунейы хицӕуттӕ иууылдӕр бар-ӕнӕбары уыцы Паддзахадӕн басӕтдзысты (Псалом 2:6—12).

6 Абон ӕцӕг чырыстӕттӕ иууылдӕр сӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар бакодтой ӕмӕ хъусынц Йесойы уынаффӕмӕ: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад» (Матфейы 6:33, НФ). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ чырыстӕттӕ цы бӕстӕйы цӕрынц, уыцы хицауадмӕ нӕ хъусынц. Уыдон дунейӕ не сты, йӕ хъуыддӕгты йын кӕй нӕ архайынц, уымӕй. Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр чырыстӕттӕн сӕ сӕйрагдӕр хӕс у бӕстон амонын «ахуырад Хуыцауы Паддзахады тыххӕй» (Куыстытӕ 28:23, НФ). Ӕмӕ иу хицауадӕн дӕр нӕй Хуыцауы хъуыддаг къуылымпы кӕныны бар.

7. Чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайынц ӕмӕ уый хъуыддагӕй куыд ӕвдисынц?

7 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Иегъовӕйы кӕй сты, афтӕ ма Йесойы фӕдыл кӕй цӕуынц, стӕй сӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар кӕй бакодтой, уый тыххӕй уыдон XX ӕмӕ XXI ӕнусты иу хӕсты дӕр нӕ архайдтой ӕмӕ ныр дӕр нӕ архайынц. Уыдон никӕй фарс сты, сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз дӕр нӕ исынц ӕмӕ нӕ хӕлиу кӕнынц ацы дунейы ахуырӕдтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ. Афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ карз ныхмӕдзыдӕн фӕлӕууӕн нӕй, уӕддӕр февдисынц диссаджы уырнындзинад. Цы уагӕвӕрдтыл хӕст сты, уый тыххӕй 1934 азы загътой нацистон Германы хицӕуттӕн: «Махӕн политикӕимӕ иумӕйагӕй ницы ис; мах ӕгасӕй дӕр нӕхи бакодтам, Паддзах Чырысти цы Паддзахады сӕргъы ис, уый дӕлбар. Ӕвзӕрӕй нӕ никӕмӕн ницы фӕнды. Фӕнды нӕ адӕмы хорз ӕмӕ алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрын».

Чырыстийы номӕй Минӕвӕрттӕ ӕмӕ минӕвары куыстгӕнджытӕ

8, 9. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон цы хуызы сты минӕвӕрттӕ ӕмӕ минӕвары куыстгӕнджытӕ ӕмӕ сын, уый хынцгӕйӕ, ӕндӕр адӕмы минӕвӕрттӕм цы ахаст ис?

8 Павел йӕхи ӕмӕ иннӕ сӕрст чырыстӕтты схуыдта «Чырыстийы номӕй Минӕвӕрттӕ» ӕмӕ ма дарддӕр загъта: «Цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг амоны мах дзыхӕй» (2 Коринфӕгтӕм 5:20, НФ; Ефесӕгтӕм 6:20). 1914 азӕй фӕстӕмӕ сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕтты фидарӕй схонӕн ис Хуыцауы Паддзахады минӕвӕрттӕ ӕмӕ «фырттӕ» (Матфейы 13:38; Филиппӕгтӕм 3:20; Раргомад 5:9, 10). Уымӕй уӕлдай ма, Иегъовӕ ӕппӕт адӕмтӕй ӕрхуыдта «ӕндӕр фысты» «стыр чыр» — зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕтты — цӕмӕй ӕххуыс кӕной сӕрст «фырттӕн» сӕ минӕварадон куысты (Раргомад 7:9, НФ; Иоанны 10:16). Уыцы «ӕндӕр фысты» схонӕн ис Хуыцауы Паддзахады минӕвары куыстгӕнджытӕ.

9 Минӕвар ӕмӕ йӕ дӕлбар цы адӕм ис, уыдон кӕм вӕййынц, уыцы бӕстӕйы мидхъуыддӕгты нӕ архайынц. Афтӕ чырыстӕттӕ дӕр политикӕмӕ ницы бар дарынц. Уыдон иу адӕмыхатт дӕр нӕ хъулон кӕнынц, стӕй алыхуызон бартыл чи тох кӕны, уыцы къордтӕй дӕр никӕй фарс сты (Куыстытӕ 10:34, 35). Нӕ, уыдон «кӕнынц хорздзинад алкӕмӕндӕр» (Галатӕгтӕм 6:10). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕйы кӕй нӕ архайынц, уымӕ гӕсгӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон афтӕ зӕгъын нӕу, зӕгъгӕ уӕм нӕ байхъусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мах ныхмӕ чи у, уыцы адӕмы хатты кӕнӕ знӕмы фарс стут.

Базонынц сӕ, кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уымӕй

10. Цас ахсджиаг у чырыстонӕн уарзондзинад?

10 Чырыстӕттӕ ма дунейы хъуыддӕгты уымӕн нӕ архайынц, ӕмӕ се ’муырнджыты уарзынц. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Уымӕй уӕ базондзысты иууылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уӕ кӕрӕдзи куы уарзат» (Иоанны 13:35, НФ). Кӕрӕдзийӕн иу мады зӕнӕгау адджын кӕй сты, чырыстӕттӕ дӕр уый тыххӕй сты (1 Иоанны 3:14). Чырыстон адӕймаг Иегъовӕ ӕмӕ Йесойы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ уарзы иннӕ чырыстӕтты дӕр. Чырыстон ӕрмӕст, йе ’мбырдмӕ чи цӕуы, уыдоны нӕ уарзы, фӕлӕ «ӕфсымӕрты... [се ’ппӕты дӕр] дунейы мидӕг» (1 Петры 5:9).

11. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый сӕ царды куыд зыны?

11 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийӕн иу мады зӕнӕгау адджын кӕй сты, уымӕй абон ӕххӕст кӕнынц Исайы 2:4 фыст ныхӕстӕ: «Уыдон сӕ цирхътӕ гутонтӕм рацӕгъддзысты ӕмӕ сӕ ӕрцытӕ та — ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕм. Адӕм адӕммӕ нал сисдзысты цирхъ ӕмӕ хӕцын нал ахуыр кӕндзысты». Ӕцӕг чырыстӕтты Иегъовӕ кӕй ахуыр кӕны, уымӕ гӕсгӕ фӕрнӕй цӕрынц Хуыцау ӕмӕ адӕмимӕ (Исай 54:13). Хуыцау ӕмӕ се ’фсымӕрты кӕй уарзынц, уый тыххӕй нӕдӕр се’мчырыстӕтты ныхмӕ исынц хӕцӕнгарз, нӕдӕр ӕндӕр адӕмы ныхмӕ. Фӕрнӕй кӕй цӕрынц ӕмӕ ӕмвӕнд-ӕмзонд кӕй сты (уый у сӕ дины сӕйрагдӕр ӕууӕл), уымӕй бӕлвырд кӕны, Хуыцауы сыгъдӕг удӕй хайджын кӕй сты, уый (Псалом 132:1; Михей 2:12; Матфейы 22:37—39; Колоссӕгтӕм 3:14). Уыдон «агурынц фидыддзинад ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуынц», зонынц ӕй, «Хицауы цӕстытӕ здӕхт [кӕй] сты рӕстгӕнджытӕм» (Псалом 33:15, 16).

Чырыстӕттӕн ацы дунемӕ цы ахаст ис

12. Иегъовӕйӕн ацы дунейы адӕммӕ цы ахаст ис ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы Иегъовӕй Ӕвдисӕнтӕ куыд фӕзмынц?

12 Иегъовӕ ацы дунейӕн, ӕмткӕй райсгӕйӕ, тӕрхон рахаста, фӕлӕ хицӕнӕй алы адӕймагӕн — нӕма. Йӕ рӕстӕджы уыцы хъуыддаг бакӕндзӕн Йесойы руаджы (Псалом 66:4, 5; Матфейы 25:31—46; 2 Петры 3:10). Фӕлӕ уӕддӕр адӕмы уарзы ӕгӕрон уарзтӕй. Уый радта йӕ инӕггуырд Фырты адӕмы сӕраппонд, цӕмӕй сын фадат уа ӕнусон цард райсынӕн (Иоанны 3:16). Хуыцау адӕмы фервӕзын кӕнынӕн цы сарӕзта, уый тыххӕй иннӕтӕн кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй фӕзмӕм Хуыцауы уарзондзинад. Ӕмӕ нын кӕд цӕлхдуртӕ дӕр ӕвӕрынц, уӕддӕр нӕ хъуыддаг нӕ уадзӕм.

13. Хицӕуттӕм цы ахаст хъуамӕ дарӕм?

13 Хицӕуттӕм та нын цы ахаст хъуамӕ уа? Павел ацы фарстӕн йӕ фыстӕджы радта дзуапп: «Алы удгоймаг дӕр уӕд коммӕгӕс уӕлдӕр хицауадӕн; уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицауад нӕй, цы хицӕуттӕ ис, уыдон та Хуыцауӕй ӕвӕрд сты» (Ромӕгтӕм 13:1, 2). Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау адӕмӕн бар дӕтты стыр бынӕтты кусынӕн (уӕддӕр Иегъовӕйӕ уӕлдӕр не сты). Чырыстон хицауады закъӕттӕм кӕй хъусы, уымӕй хъусы Иегъовӕмӕ дӕр. Фӕлӕ йӕ Хуыцауы ӕмӕ хицауады закъӕтты ’хсӕн равзарын куы бахъӕуа, уӕд ын цы чындӕуа?

Хуыцауы Закъон ӕмӕ кесӕры закъон

14, 15. а) Данел йӕхи дӕр ӕмӕ йе ’рдхӕрдты дӕр цӕмӕй бахызта? ӕ) Цыппар дзуттаг лӕппуйы кӕй коммӕ кастысты, уый сӕ ӕргом равдисын куы бахъуыд, уӕд цы бакодтой?

14 Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕрдхорды ныууагътой хорз дӕнцӕг, уыцы иу рӕстӕджы хицауадмӕ дӕр ӕмӕ Хуыцаумӕ дӕр куыд хъусын хъӕуы, уымӕн. Цыппар дзуттаг лӕппуйы Вавилонмӕ уацары куы акодтой, уӕд бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ паддзахы амындмӕ гӕсгӕ ӕвзӕрст ӕрцыдысты ахуырӕн. Ӕвзаргӕ та сӕ уымӕн ракодтой, ӕмӕ уыцы бӕстӕйы закъӕттӕм хъуыстой. Данел куы бамбӕрста, уыцы ахуыр Иегъовӕйы Закъоны ныхмӕ уыдзӕн, уӕд хъуыддаг бамбарын кодта, цы адӕймаджы бӕрны сӕ бакодтой, уымӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы афтӕ сарӕзтой, ӕмӕ уыцы цыппар дзуттаг лӕппуйӕн нал кӕнын кодтой, сӕ цӕсгом сӕ цы нӕ уагъта аразын, уый (Данел 1:8—17). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фӕзмынц Данелы, сӕхи ӕнӕхъуаджы зындзинӕдтӕй бахизыны охыл хицауады кусджытӕн сӕ цӕстӕнгас уӕзданӕй куы бамбарын кӕнынц, уӕд.

15 Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыцы дзуттаг лӕппуты бахъуыд, кӕй коммӕ кӕсынц, уый ӕргом равдисын. Вавилоны паддзах саразын кодта стыр гуымирыцырт ӕмӕ йӕ Дуры фӕзы ӕрӕвӕрын кодта. Уый бардзырд радта, цӕмӕй гуымирыйӕн йӕ равдисыны куывды бонмӕ ӕрцыдаиккой стыр хицӕуттӕ ӕмӕ Вавилоны хъуыддӕгты сӕргъы чи уыдис, уыдон. Уыцы рӕстӕг Вавилоны хъуыддӕгтӕ Данелы ӕртӕ ӕрдхорды бар кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын ӕнӕ ’рбацӕугӕ нӕ уыд. Паддзахы ныхасмӕ гӕсгӕ уазджытӕ хъуамӕ иу афон гуымирыцыртӕн бакуывтаиккой. Фӕлӕ дзуттаг лӕппутӕ зыдтой, уыцы хъуыддаг Хуыцауы закъоны ныхмӕ кӕй у (Дыккаг закъон 5:8—10). Уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕ гуымирыйы раз куы адӕлгоммӕ сты, уӕд уыдон лӕугӕйӕ баззадысты. Зыдтой йӕ, паддзахы бардзырдмӕ куы нӕ байхъуыстаиккой, уӕд кӕй бабын уыдаиккой; ӕмӕ удӕйгасӕй кӕй баззадысты, уый ӕрмӕстдӕр Хуыцауы фӕрцы уыд. Фӕлӕ уыдон Иегъовӕйы фӕхъыг кӕныны бӕсты цӕттӕ уыдысты сӕ цард раттынмӕ дӕр (Данел 2:49—3:29).

16, 17. Апостолты хъусын кӕнын куы нал уагътой, уӕд цы бакодтой ӕмӕ цӕмӕн?

16 Фыццаг ӕнусы Йесо Чырыстийы апостолты иудейаг хицӕутты раз ӕрлӕууын кодтой ӕмӕ сын бардзырд радтой, цӕмӕй Йесойы номы тыххӕй мауал хъусын кодтаиккой. Цымӕ сӕм байхъуыстой? Уыдонӕн Йесо бахӕс кодта ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй, уыимӕ иудейӕгтӕй дӕр. Уый ма сын загъта, зӕгъгӕ, уыдзыстут мын ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ дӕр (Матфейы 28:19, 20; Куыстытӕ 1:8). Апостолтӕ хорз зыдтой, Йесо сын цы бахӕс кодта, уый кӕй у Хуыцауы фӕндон (Иоанны 5:30; 8:28). Уымӕ гӕсгӕ хицӕуттӕн загътой: «Ӕмбӕлы, адӕмӕй хъауджыдӕр, фылдӕр Хуыцауы коммӕ кӕсын» (Куыстытӕ 4:19, 20; 5:29, НФ).

17 Апостолтӕй иу дӕр змӕнтӕг нӕ уыд (Ӕмбисӕндтӕ 24:21). Фӕлӕ сӕ хицауад Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын куы нал уагъта, уӕд сын загътой, зӕгъгӕ, мах адӕймаджы коммӕ нӕ кӕсӕм, фӕлӕ Хуыцауы. Йесо загъта, цӕмӕй «кесӕрӕн цы ’мбӕлы, уый дӕттӕм кесӕрӕн, Хуыцауӕн цы ’мбӕлы, уый та — Хуыцауӕн» (Маркы 12:17, МСЕ). Адӕймаджы ныхасмӕ гӕсгӕ Хуыцауы закъоны сӕрты куы ахизӕм, уӕд уымӕй, Хуыцауы цы у, уый дӕттӕм адӕймагӕн. Фӕлӕ мах афтӕ нӕ кӕнӕм, мах, кесӕрӕн цы ’мбӕлы, уый дӕттӕм, фӕлӕ сӕйраг хицауыл уӕддӕр нымайӕм Иегъовӕйы. Уый у Дунедарӕг, Сфӕлдисӕг ӕмӕ Бардарӕг (Раргомад 4:11).

Фидар лӕууӕм

18, 19. Не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ фидар куыд лӕууынц ӕмӕ сӕ нӕ бон куыд у фӕзмын?

18 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц, уый абоны хицӕуттӕй бирӕтӕ ӕмбарынц, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй бузныг стӕм. Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу бӕстӕты Ӕвдисӕнты карзӕй ӕфхӕрынц. XX ӕнусы дӕргъы ӕмӕ ныр дӕр, не ’фсымӕртӕй ӕмӕ нӕ хотӕй иуӕй-иутӕ хъӕбатырӕй тох кодтой ӕмӕ ныр дӕр тох кӕнынц «уырнындзинады хорз сгуыхгӕйӕ» (1 Тимофеймӕ 6:12).

19 Махӕн дӕр нӕ бон куыд у уыдонау фидар лӕууын? Фыццаджыдӕр, нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты. Ахӕм хабар ныл куы ӕрцӕуа, уӕд нын уый нӕ ныфс хъуамӕ ма асӕтта, стӕй нӕм диссаг дӕр хъуамӕ ма фӕкӕса. Павел Тимофейы фӕдзӕхста: «Иуылдӕр, кӕй фӕнды хорз намысимӕ цӕрын Йесо Чырыстийы мидӕг, уыдзысты сырд» (2 Тимофеймӕ 3:12; 1 Петры 4:12). Сайтан цы дунейы хицауиуӕг кӕны, уыцы дунейы нӕ ныхмӕ куыннӕ хъуамӕ цӕуой? (Раргомад 12:7). Цалынмӕ афтӕ фӕндфидар стӕм, уӕдмӕ иуӕй-иутӕ «дис кӕндзысты» ӕмӕ нӕ «фыдкой кӕндзысты» (1 Петры 4:4).

20. Нӕ зӕрдыл цавӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн ӕцӕгдзинӕдтӕ ӕрлӕууын кодтам?

20 Дыккаджыдӕр, фидарӕй зонӕм, Иегъовӕ ӕмӕ нын йӕ зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕндзысты. Рагзаманы Елисей куыд загъта, афтӕмӕй, «немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты, семӕ чи ис, уыдонӕй» (4 Паддзахӕдты 6:16; Псалом 33:8). Гӕнӕн ис, ӕмӕ Иегъовӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы тыххӕй рӕстӕгмӕ бауадза не знӕгты нӕ ныхмӕ цӕуын. Фӕлӕ нын Иегъовӕ алы хатт дӕр дӕтдзӕн тых, ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн хъӕддых лӕууын (Исай 41:9, 10). Кӕд не ’фсымӕртӕй кӕйдӕрты маргӕ дӕр акодтой, уӕддӕр нын уый нӕ ныфс нӕ асаста. Йесо уый фӕдыл загъта: «Ма тӕрсут буары амарын чи фӕразы, фӕлӕ, уды амарын чи нӕ фӕразы, уыдонӕй; фӕлӕ фылдӕр тӕрсут, уды дӕр ӕмӕ буары дӕр геенайы фесафын чи фӕразы, уымӕй» (Матфейы 10:16—23, 28, НФ). Мах ацы дунейы ӕрмӕстдӕр «ӕрцӕуӕггӕгтӕ» стӕм. Ӕмӕ ма цалынмӕ ацы дунейы стӕм, уӕдмӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй «фӕхӕццӕ уӕм мыггагмӕйы цардмӕ»,— ӕнусон цардмӕ Хуыцауы ног дунейы (1 Петры 2:11; 1 Тимофеймӕ 6:19). Хуыцауыл ӕнувыд куы уӕм, уӕд нӕ уыцы хӕрзиуӕгӕй иу адӕймаг дӕр нӕ фӕцух кӕндзӕн.

21. Нӕ зӕрдыл алкӕддӕр цы хъуамӕ дарӕм?

21 Уӕдӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Иегъовӕ нын стыр кад кӕй скодта, ӕмӕ нӕ йӕхицӕн хӕлӕрттӕ кӕй скодта. Кӕддӕриддӕр бузныг уӕм, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады дӕлбар кӕй стӕм, уый нын цӕй стыр хорзӕх у, уымӕй. Цӕй, ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм не ’фсымӕрты ӕмӕ сын сӕ уарзондзинадӕн дӕр аргъ кӕнӕм. Иууыл сӕйрагдӕр та — дарддӕр дӕр хъусӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕм: «Ныфс дӕ уӕд Хицауӕй, хъӕбатыр у; ӕмӕ дӕ зӕрдӕ фидар уӕд; ныфс дӕ уӕд Хицауӕй» (Псалом 26:14, НФ; Исай 54:17). Уӕд мах дӕр, нӕ размӕ цы бирӕ чырыстӕттӕ цард ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгты чи нӕ архайдта, уыдонау фидар лӕудзыстӕм ӕмӕ нӕ ныфс нӕ фесафдзыстӕм.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Иегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый нӕ дунейӕ куыд хицӕн кӕны?

• Нӕхи Хуыцауы Паддзахады бӕрны кӕй бакодтам, уымӕ гӕсгӕ ацы дунейӕ дард куыд лӕууӕм?

• Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ ацы дунейы куыд не стӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Нӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар кӕй бакодтам, уымӕ гӕсгӕ ацы дунемӕ цы ахаст хъуамӕ дарӕм?

[Ныв 26 фарсыл]

Хуту ӕмӕ тутси иумӕ зӕрдиагӕй кусынц.

[Ныв 27 фарсыл]

Дзуттаг ӕмӕ араббаг сты чырыстон ӕфсымӕртӕ.

[Ныв 27 фарсыл]

Сербиаг, босниаг ӕмӕ хорватаг чырыстӕттӕ сты ӕнувыд хӕлӕрттӕ.

[Ныв 28 фарсыл]

Хицӕуттӕ нӕ Хуыцауы закъоны сӕрты куы хизын кӕной, уӕд цы хъуамӕ бакӕнӕм?