Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ уыл тыхсы

Иегъовӕ уыл тыхсы

Иегъовӕ уыл тыхсы

«Уеппӕт сагъӕстӕ [Хуыцауыл] сӕвӕрут, уымӕн ӕмӕ Уый тыхсы сымахыл» (1 ПЕТРЫ 5:7).

1. Иегъовӕ ӕмӕ Сайтан кӕрӕдзийӕ бон ӕмӕ ӕхсӕвау цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы хицӕн кӕнынц?

ИЕГЪОВӔ ӕмӕ Сайтан кӕрӕдзийӕ бон ӕмӕ ӕхсӕвау хицӕн кӕнынц. Иегъовӕмӕ баввахс уӕвын кӕй фӕнды, уыцы адӕймагӕй Хӕйрӕг йе сӕфт уыны. Уыцы хицӕндзинад ӕмбарын кӕны зындгонд бӕрӕгуат «Бритайнаг энциклопеди» (1970). Сайтаны хъуыддӕгтыл Библийы Иовы чиныджы цы ис фыст, уый фӕдыл уыцы энциклопедийы дзырдӕуы: «Сайтан зӕххы къорийыл зилы ӕмӕ агуры, цӕстмӕ бадарӕн кӕй ис, ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнӕ азым ӕрхӕссӕн кӕмӕ ис, ахӕм адӕймӕгты; уӕдӕ Сайтаны цӕстӕнгас бынтондӕр хицӕн кӕны, «Хицауы цӕстытӕ» куыд кӕсынц, уымӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон та ӕгас зӕххыл фӕлгӕсынц, цӕмӕй, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый ноджы хуыздӕр кӕной (II Пар. XVI, 9). Сайтаны нӕ уырны, адӕймаг хорздзинад йӕхи пайдайӕн нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искӕйы тыххӕй дӕр кӕй кӕны, ӕмӕ йӕ Хуыцау бауагъта, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы адӕмы фӕлвара, фӕлӕ йӕ гӕнӕнтӕ сты арӕнӕвӕрд ӕмӕ Хӕйрӕг цыдӕриддӕр аразы, уый Хуыцау зоны». Ӕцӕгӕйдӕр, куыд тынг хицӕн кӕнынц Хуыцау ӕмӕ Сайтан! (Иов 1:6—12; 2:1—7).

2, 3. а) Дзырд «Хӕйрӕгӕй» цы грекъаг дзырд тӕлмац у, уымӕн йӕ нысаниуӕг Иовы хабӕрттӕй куыд рабӕрӕг? ӕ) Сайтан Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныр дӕр кӕй фауы, уый Библи куыд ӕвдисы?

2 Дзырд «Хӕйрӕгӕй» цы грекъаг дзырд тӕлмац у, уый амоны «мӕнгдзурӕг», «хахуыргӕнӕг». Иовы чиныджы кӕсӕм, Сайтан Иегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовӕй мӕнг кӕй дзырдта, зӕгъгӕ дын йӕхи пайдайӕн лӕггад кӕны. Хӕйрӕг загъта: «Исты ӕнӕхъуаджы тӕрсы Иов Хуыцауӕй?» (Иов 1:9). Фӕлӕ уыцы чиныджы дарддӕр куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Иов, кӕд фӕлварӕнты ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бахаудта, уӕддӕр Иегъовӕмӕ ноджы баввахсдӕр ис (Иов 10:9, 12; 12:9, 10; 19:25; 27:5; 28:28). Йӕ хъизӕмӕрттӕ куы фесты, уӕд Хуыцауӕн загъта: «Дӕ кой дын хъуыстон, ныр та дӕ мӕ цӕстытӕ уынынц» (Иов 42:5).

3 Цымӕ Иовы хабары фӕстӕ Сайтан Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты нал фаудта? Куыннӕ стӕй! Раргомады чиныджы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Сайтан ацы кӕроны рӕстӕджы дӕр фауы Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕрты ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ ӕнувыд ӕмбӕлтты, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны (2 Тимофеймӕ 3:12; Раргомад 12:10, 17). Уымӕ гӕсгӕ мах, ӕцӕг чырыстӕтты, не ’ппӕты дӕр ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы нӕ уарзагзӕрдӕ Хуыцау Иегъовӕмӕ хъусын, тынг ӕй кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йын лӕггад кӕнын ӕмӕ уымӕй Сайтаны хахуырты мӕнгдзинад бӕлвырд кӕнын. Афтӕ аразгӕйӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

Иегъовӕ нын ӕххуыс кӕны

4, 5. а) Сайтанӕй хъауджыдӕр, Иегъовӕ зӕххыл цы агуры? ӕ) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Иегъовӕ разы уа?

4 Хӕйрӕг ӕгас зӕххыл зилы ӕмӕ агуры, фау кӕмӕ ӕрхӕсса ӕмӕ кӕй аныхъуыра (Иов 1:7, 9; 1 Петры 5:8). Иегъовӕ та агуры, йӕ хъару кӕй хъӕуы, уыдоны, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. Пехуымпар Анани паддзах Асӕйӕн загъта: «Иегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕгас зӕххы къорийыл, цӕмӕй ӕххуыс кӕна, йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр уыйырдӕм кӕмӕн у, уыдонӕн» (2 Паралипоменон 16:9). Куыд тынг хицӕн кӕны Сайтаны фыдзӕрдӕ ахаст Иегъовӕйы аудындзинадӕй!

5 Иегъовӕ нӕ фӕдыл нӕ зилы, цӕмӕй нын нӕ алы рӕдыдмӕ дӕр амона. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Хицау, Ды куы фиппайай ӕнӕзакъондзинӕдтӕ,— Хицау! Чи бафӕраздзӕн?» (Псалом 129:3). Ацы фарстӕн йӕ дзуапп бӕрӕг у: ничи (Екклесиаст 7:20). Кӕд нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйырдӕм у, уӕд нӕм уый тыххӕй нӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ нын уайдзӕфтӕ кӕна, фӕлӕ нын цӕмӕй нӕ тырнындзинад уына; стӕй йӕм ӕххуыс ӕмӕ хатыры тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд-иу нӕ цӕмӕй фехъуса. Апостол Петр ныффыста: «Хицауы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм ӕмӕ Йӕ хъустӕ сӕ куывдмӕ, фӕлӕ Хицауы цӕсгом у фыдгӕнджыты ныхмӕ» (1 Петры 3:12).

6. Цӕмӕн нын у Давиды хабар ныфсдӕттӕг дӕр ӕмӕ уыимӕ зондзонӕн дӕр?

6 Давид ӕнӕххӕст уыд ӕмӕ уӕззау тӕригъӕд ракодта (2 Паддзахӕдты 12:7—9). Фӕлӕ уый Иегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывта, йӕ маст, йӕ сагъӕс ын раргом кодта ӕмӕ йӕм уый фӕрцы ноджы баввахсдӕр ис (Псалом 50:1—14). Иегъовӕ йӕ фехъуыста ӕмӕ йын ныххатыр кодта, фӕлӕ йӕ тӕригъӕды хъыгаг фӕстиуджытӕ Давид уӕддӕр бавзӕрста (2 Паддзахӕдты 12:10—14). Уыцы хабар махӕн ныфсдӕттӕг дӕр у ӕмӕ зонддзонӕн дӕр. Ныфсдӕттӕг уымӕн у, ӕмӕ ӕвдисы, Иегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ ныббарынмӕ цӕттӕ кӕй у, кӕд ӕмӕ ӕцӕгдӕр фӕсмон кӕнӕм, уӕд; зонддзонӕн та нын уымӕн у, ӕмӕ йӕ уынӕм, тӕригъӕдӕн арӕх уӕззау фӕстиуджытӕ кӕй вӕййы (Галатӕгтӕм 6:7—9). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Иегъовӕмӕ баввахс уӕм, уӕд, йӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уымӕй цас дарддӕр лӕууӕм, уыйас — хуыздӕр (Псалом 96:10).

Иегъовӕ йӕ адӕмы йӕхимӕ ӕввахсдӕр кӕны

7. Цавӕр адӕмы агуры Иегъовӕ, ӕмӕ сӕ йӕхимӕ куыд ӕввахс кӕны?

7 Йӕ псаломтӕй иуы Давид ныффыста: «Бӕрзонд у Хицау ӕмӕ сабыры уыны, ӕмӕ хъалы базоны дардӕй [«дарддзӕфӕй йӕ зоны», МГТ]» (Псалом 137:6). Ахӕм хъуыды ма ис ӕндӕр псаломы дӕр: «Чи, куыд Хицау, нӕ Хуыцау, Кӕцы, цӕргӕйӕ бӕрзондыл, ӕркъул кӕны, цӕмӕй ӕркӕса арв ӕмӕ зӕхмӕ; сыджытӕй сисы мӕгуыры» (Псалом 112:5—7). О, Дун-дунейы ӕппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕг йӕ сӕрмӕ хӕссы зӕхмӕ ӕркӕсын, ӕмӕ уыны «сабыры» ӕмӕ «мӕгуыры», «цы цъаммар хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕй чи хъӕрзы ӕмӕ чи дзыназы», уыдоны (Иезекил 9:4). Йӕ Фырты уылты сӕ йӕхимӕ ӕввахсдӕр кӕны. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд загъта: «Никӕйы бон у ӕрцӕуын Мӕнмӕ, Мӕн рарвитӕг Фыд ӕй куы нӕ ӕрбакӕна, уӕд. [...] Никӕйы бон у ӕрцӕуын Мӕнмӕ, Мӕ Фыдӕй йын лӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд» (Иоанны 6:44, 65).

8, 9. а) Цӕмӕн хъӕуы махӕй алкӕй дӕр Йесомӕ ӕрцӕуын? ӕ) Хуыцау ахӕстаргъ кӕй бафыста, уыцы хъуыддаджы диссагӕй цы ис?

8 Алкӕй дӕр хъӕуы Йесомӕ ӕрцӕуын ӕмӕ йын йе ’лхӕнӕг нывондыл баууӕндын, уымӕн ӕмӕ адӕм иууылдӕр райгуырынц тӕригъӕдджынтӕй, Хуыцауӕй иппӕрдӕй (Иоанны 3:36). Уыдон Хуыцауимӕ хъӕуы бафидауын (2 Коринфӕгтӕм 5:20). Фӕлӕ Хуыцау тӕригъӕдджынтӕм не ’нхъӕлмӕ каст, зӕгъгӕ мын кӕд балӕгъстӕ кӕниккой, цӕмӕй сын мемӕ бафидауынӕн исты саразон. Апостол Павел ныффыста: «Хуыцау Йӕ уарзондзинад махмӕ ӕвдисы уымӕй, Чырысти кӕй амард мах тыххӕй, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд. Уымӕн ӕмӕ, кӕд, раздӕр знӕгтӕ уӕвгӕйӕ, мах бафидыдтам Хуыцауимӕ, Йӕ Фырты мӕлӕты сӕрты, уӕд уӕлдайдӕр фидыдӕй, Уый царды руаджы ирвӕзт уыдзыстӕм» (Ромӕгтӕм 5:8, 10).

9 Апостол Иоанн дӕр дзырдта уыцы ӕвӕджиауы ӕцӕгдзинадыл, Хуыцау адӕмы йемӕ кӕй бафидауын кодта. Уый фыста: «Хуыцауы уарзондзинад махмӕ райгом ис уымӕй, ӕмӕ Хуыцау рарвыста дунемӕ Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй мах Уый фӕрцы райсӕм цард. Уарзондзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ мах нӕ бауарзтам Хуыцауы, фӕлӕ Уый кӕй бауарзта мах ӕмӕ рарвыста Йӕ Фырты, нывондӕн мах тӕригъӕдты тыххӕй» (1 Иоанны 4:9, 10). Фыццаг къахдзӕф Хуыцау сарӕзта, адӕм нӕ, фӕлӕ. Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй, «тӕригъӕдджынты», суанг ма йе «знӕгты» дӕр афтӕ тынг чи бауарзта, уыцы Хуыцаумӕ баввахс уай? (Иоанны 3:16).

Хъуамӕ агурӕм Иегъовӕйы

10, 11. а) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы агурӕм? ӕ) Сайтаны дунемӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа?

10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ тыхӕй никӕй цӕуын кӕны йӕхимӕ. Мах ӕй нӕхӕдӕг хъуамӕ агурӕм, «банкъарӕм Ӕй, ӕмӕ [Йӕ] ссарӕм, уӕвгӕ Уый дард нӕу махӕй алкӕмӕй дӕр» (Куыстытӕ 17:27). Мах хъуамӕ ӕмбарӕм, Иегъовӕйӕн бар кӕй ис махӕй домын, цӕмӕй нӕхи йӕ бӕрны бакӕнӕм. Ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Уӕдӕ басӕттут Хуыцауӕн; хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут ӕмӕ сымахӕй алидздзӕн; ӕрхӕстӕг ут [«ӕрбаввахс ут», НФ] Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм ӕрхӕстӕг [«ӕрбаввахс», НФ] уыдзӕн; уӕ къухтӕ ссыгъдӕг кӕнут, тӕригъӕдджынтӕ, сраст кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ» (Иаковы 4:7, 8). Уӕдӕ хъуамӕ ӕнӕдызӕрдыгӕй, фидар слӕууӕм Хӕйрӕджы ныхмӕ ӕмӕ Иегъовӕйы фарс.

11 Уый та ууыл дзурӕг у, Сайтаны фыддунемӕ ӕмгӕрон дӕр кӕй хъуамӕ ма цӕуӕм. Иаков ма фыста: «Нӕ зонут ӕви, дунеимӕ лымӕндзинад Хуыцауимӕ знагдзинад кӕй у? Уӕдӕ кӕй фӕнды дунейӕн лымӕн уӕвын, уый Хуыцауӕн знаг свӕййы» (Иаковы 4:4). Ӕмӕ Иегъовӕйы хӕлӕрттӕ куы уӕм, уӕд та? Уӕд та хъуамӕ цӕттӕ уӕм, Сайтаны дуне нӕ йе сӕфт кӕй уындзӕн, уымӕ (Иоанны 15:19; 1 Иоанны 3:13).

12. а) Цавӕр ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ ныффыста Давид? ӕ) Цӕмӕй бафӕдзӕхста Иегъовӕ пехуымпар Азарийы уылты?

12 Сайтаны дуне бӕлвырд хъуыддаджы куы райдайы нӕ ныхмӕ цӕуын, уӕд нӕ уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы Иегъовӕмӕ кувын ӕмӕ дзы ӕххуыс курын. Давиды Иегъовӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фервӕзын кодта, ӕмӕ уый ныффыста, махӕн ныфс чи дӕтты, ахӕм ныхӕстӕ: «Хӕстӕг у Хицау Уымӕ дзурджытӕм се ’ппӕтмӕ, Уымӕ ӕцӕгадӕй дзурджытӕм се ’ппӕтмӕ. Уымӕй тӕрсджыты фӕндон Уый ӕххӕст кӕны, сӕ ӕрдиаг хъусы ӕмӕ ирвӕзын кӕны уыдоны. Хъахъхъӕны Хицау ӕппӕт Уый уарзджыты, ӕппӕт ӕнӕрӕстыты та ныццӕгъддзӕн» (Псалом 144:18—20). Ацы псаломӕй бӕрӕг у, Иегъовӕ нӕ кӕй ирвӕзын кӕндзӕн, исчи нӕ фӕлварӕнты куы бахауа, уӕд, ӕмӕ ӕмткӕй йӕ адӕмы кӕй фервӕзын кӕндзӕн «стыр утӕхсӕны» рӕстӕджы (Раргомад 7:14, НФ). Иегъовӕмӕ ӕввахс куы уӕм, уӕд нӕм уый дӕр ӕввахс уыдзӕн. «Хуыцауы сыгъдӕг уды» разӕнгардӕй пехуымпар Азари загъта, алы хъуыддагмӕ дӕр кӕй ис ахӕссӕн, ахӕм арф хъуыды: «Иегъовӕ уемӕ уыдзӕн, цалынмӕ сымах йемӕ уат, уӕдмӕ; ӕмӕ йӕ куы агурат, уӕд уын йӕхи ссарын кӕндзӕн, фӕлӕ йӕ куы ныууадзат, уӕд уӕ уый дӕр ныууадздзӕн» (2 Паралипоменон 15:1, 2).

Иегъовӕ нын хъуамӕ уа удӕгас Хуыцау

13. Куыд у нӕ бон равдисын, Иегъовӕ нын удӕгас Хуыцау кӕй у, уый?

13 Апостол Павел ныффыста Моисейы тыххӕй: «Ӕнӕуынгӕйы цыма уынгӕ кодта, афтӕ фидар уыд» (Дзуттытӕм 11:27). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Моисей Иегъовӕйы ӕцӕгӕй никуы федта (Рацыд 33:20). Фӕлӕ Иегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый йӕ афтӕ уырныдта, ӕмӕ Йӕ цыма ӕцӕгӕйдӕр уынгӕ кодта. Иовӕн йӕ фыдӕвзарӕнтӕ куы фесты, уӕд уый дӕр уырнындзинады цӕстытӕй бӕлвырддӕр федта Иегъовӕйы: базыдта, Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй никуы рох кӕны, кӕд уадзы, цӕмӕй зындзинӕдтӕ ӕвзарой, уӕддӕр (Иов 42:5). Енох ӕмӕ Нойы тыххӕй та загъд уыд, «цыдысты Хуыцауимӕ», зӕгъгӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыдон иудадзыг архайдтой, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодтаиккой ӕмӕ йӕм хъуыстаиккой (Уӕвынад 5:22—24; 6:9, 22; Дзуттытӕм 11:5, 7). Иегъовӕ Енохӕн, Нойӕн, Иовӕн ӕмӕ Моисейӕн удӕгас Хуыцау куыд уыд, афтӕ махӕн дӕр куы уа, уӕд нӕ алы хъуыддаджы дӕр «агурдзыстӕм йӕ разамынд», ӕмӕ нын уый «раст кӕндзӕн нӕ фӕндӕгтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

14. Иегъовӕйыл «фидар хӕцын» цы амоны?

14 Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы хъуамӕ бацыдаиккой, уый хӕдразмӕ сӕ Моисӕй фӕдзӕхста: «Уӕ Хуыцау Иегъовӕйы фӕдыл цӕут ӕмӕ дзы тӕрсут, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын ӕххӕст кӕнут ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕсмӕ хъусут, уымӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ йыл фидар хӕцут» (Дыккаг закъон 13:4). Уыдоны хъуыди Иегъовӕйы фӕдыл цӕуын, уымӕй тӕрсын, уымӕ хъусын ӕмӕ йыл фидар хӕцын. Ацы ран «фидар хӕцын»-ӕй цы дзырд тӕлмац у, уый тыххӕй иу библииртасӕг загъта, зӕгъгӕ, «уыцы дзырд дзуттаг ӕвзаджы амоны тынг ӕввахс, ӕнгом ахастытӕм». Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ ис, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн» (Псалом 25:14, НД [24:14]). Мах дӕр уыдзыстӕм Иегъовӕйы зынаргъ, ӕввахс хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын удӕгас Хуыцау у ӕмӕ йӕ кӕд афтӕ тынг уарзӕм, ӕмӕ йын гыццыл истӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынӕй тӕрсӕм (Псалом 18:10—15).

Иегъовӕ дыл кӕй ауды, уый ӕмбарыс?

15, 16. а) Иегъовӕ ныл кӕй ауды, уый 33-ӕм Псалом куыд ӕвдисы? ӕ) Иегъовӕ ныл кӕй ауды, ууыл дзурӕг цаутӕ ӕрымысын нын кӕд зын у, уӕд цы хъуамӕ саразӕм?

15 Сайтаны хин митӕй иу уый у, цӕмӕй нын ферох кӕнын кӕна, нӕ Хуыцау Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл иудадзыг кӕй ауды. Израилы паддзах Давид иууыл тӕссаг уавӕрты дӕр никуы рох кодта, Иегъовӕйӕн йӕ бон ирвӕзын кӕнын кӕй у, уый. Гефы паддзах Анхусы раз ӕй ӕррайы ӕфсон скӕнын куы бахъуыд, уыцы рӕстӕг Давид ныффыста зарӕг, диссаджы рӕсугъд псалом, ӕмӕ дзы йӕ уырнындзинад равдыста мӕнӕ ахӕм ныхӕстӕй: «Бӕрзонд кӕнут Хицауы мемӕ, ӕмӕ скадджын кӕнӕм иумӕ Йӕ ном. Ӕз бацагуырдтон Хицауы, ӕмӕ Уый фехъуыста мӕн, ӕмӕ мӕ ӕппӕт тасдзинӕдтӕй фервӕзын кодта мӕн. Хицауы Зӕд ӕртыхсы Уымӕй тӕрсджыты алыварс ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны. Саходут ӕмӕ фендзыстут, куыд хорз у Хицау! Тӕхудиаг адӕймаг, кӕцы Уымӕй ныфсджын у! Хӕстӕг у Хицау саст зӕрдӕтӕм ӕмӕ удӕй сабырты ирвӕзын кӕндзӕн. Бирӕ хъыгдзинӕдтӕ ис рӕстгӕнӕгӕн ӕмӕ йӕ уыдон се ’ппӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн Хицау» (Псалом 33:4, 5, 8, 9, 19, 20; 1 Паддзахӕдты 21:10—15).

16 Иегъовӕйӕн йӕ бон ирвӕзын кӕнын кӕй у, ууыл фидарӕй ӕууӕндыс? Зӕдты руаджы нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый дӕ рох нӕу? Искуы дӕхӕдӕг бафӕлвӕрдтай ӕмӕ федтай, Иегъовӕ хорз кӕй у? Иегъовӕ дӕм куыд хорз зӕрдӕ дары, уый фӕстаг хатт уӕлдай тынг кӕд фӕхатыдтӕ? Дзӕбӕх ма ахъуыды кӕн. Чи зоны, уый уыдис, хъусын кӕнынмӕ куы уыдтӕ ӕмӕ, мӕ бон нал у, зӕгъгӕ, уыцы хъуыдыимӕ фӕстаг дуар куы бахостай? Чи зоны, растдӕр уым тынг хорз аныхас кодтат адӕймагимӕ. Иегъовӕ дын тыхтӕ кӕй радта ӕмӕ дын кӕй раарфӕ кодта, уый тыххӕй йын бузныг зӕгъын нӕ ферох кодтай? (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Гӕнӕн ис, ӕмӕ дын зын у ӕрымысын, Иегъовӕ дыл кӕй ауды, ууыл дзурӕг бӕлвырд цау. Чи зоны дӕ уый тыххӕй хъӕуы, къуыри, мӕй кӕнӕ азы размӕ (кӕнӕ та уымӕй раздӕр) цы уыд, уый ӕрхъуыды кӕнын. Кӕд афтӕ у, уӕд хорз нӕ уаид, дӕ зӕрдӕ, дӕ хъарутӕ уымӕ куы раттис, ӕмӕ Иегъовӕмӕ баввахсдӕр уай; хорз нӕ уаид, лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнис ӕмӕ куы фенис, фӕндаг дын куыд амоны, уый? Апостол Петр чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Ӕрсабыр ут Хуыцауы фидар къухы бын, [...] уе ’ппӕт сагъӕстӕ Ууыл сӕвӕрут, уымӕн ӕмӕ Уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:6, 7). Уӕллӕй, бадис кӕндзынӕ, куыд тынг дыл ауды, ууыл! (Псалом 72:28).

Ӕдзухдӕр агур Иегъовӕйы

17. Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕдзухдӕр агурӕм Иегъовӕйы?

17 Цӕмӕй Иегъовӕимӕ хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ нӕ хӕлардзинад ӕдзухдӕр фидар кӕнын хъӕуы. Йесо йӕ Фыдмӕ куы куывта, уӕд загъта: «Уый та у мыггагмӕйы цард, цӕмӕй зоной Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Иегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй фылдӕр базонынӕн ӕдзухдӕр архайын хъӕуы. «Хуыцауы арфадтӕ» бамбарыны тыххӕй хъӕуы кувын ӕмӕ сыгъдӕг уды ӕххуыс курын (1 Коринфӕгтӕм 2:10; Лукайы 11:13). Хъӕуы ма нӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» разамынд дӕр, цӕмӕй нӕ зонд «ӕфсадӕм», «афоныл» кӕй исӕм, уыцы монон хӕринагӕй (Матфейы 24:45). Уыцы «цагъары» уылты нын Иегъовӕ амоны, цӕмӕй йын йӕ Ныхас ӕрвылбон кӕсӕм, алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуӕм ӕмӕ «Паддзахады Евангели» зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм (Матфейы 24:14). Афтӕ аразгӕйӕ дарддӕр дӕр агурдзыстӕм нӕ рӕвдауӕг Хуыцау Иегъовӕйы.

18, 19. а) Цы хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнӕм фидарӕй? ӕ) Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар куы слӕууӕм ӕмӕ Иегъовӕйы дарддӕр дӕр куы агурӕм, уӕд цавӕр хорзӕхӕй уыдзыстӕм хайджын?

18 Сайтан йӕ тых йӕ бонӕй архайы, цӕмӕй Иегъовӕйы адӕмӕн алырдыгӕй ӕмӕ алыхуызонӕй сӕ фӕдыл зилой, сӕ ныхмӕ цӕуой ӕмӕ сӕ ӕнцад ма уадзой. Уый йӕ уд хъары, цӕмӕй не ’хсӕн фарн мауал уа ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ мауал уӕм. Уый нӕ фӕнды, цӕмӕй мах дарддӕр дӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты агурӕм ӕмӕ сын Дун-дунейы хицаудзинады фарстайы Иегъовӕйы фарс слӕууынӕн ӕххуыс кӕнӕм. Фӕлӕ мах хъуамӕ фидарӕй аскъуыддзаг кӕнӕм Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын, уыимӕ хъуамӕ дызӕрдыг ма кӕнӕм, хинӕйдзагӕй нӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл. Нӕ цард Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ куы аразӕм ӕмӕ Иегъовӕйы зӕххон организацийы хъуыддӕгты зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Иегъовӕ алкӕддӕр нӕ цуры кӕй уыдзӕн, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна (Исай 41:8—13).

19 Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр фӕндфидарӕй слӕууӕм Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ хин миты ныхмӕ, ӕмӕ алкӕддӕр агурӕм нӕ зынаргъ Хуыцауы, Иегъовӕйы, уый та нӕ ӕнӕмӕнгдӕр «бафидар кӕндзӕн, [ӕмӕ нын] тых... ратдзӕн» (НД) (1 Петры 5:8—11). Афтӕмӕй «нӕхи бахъахъхъӕндзыстӕм Хуыцауы уарзондзинады, хорзӕхмӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ, мыггагмӕйы цардӕн» (Иудӕйы 21).

Цавӕр дзуапп раттис?

• Дзырд «Хӕйрӕгӕй» цы грекъаг дзырд тӕлмац у, уый цы амоны ӕмӕ Хӕйрӕгыл йӕ ном цӕмӕн фидауы?

• Иегъовӕ зӕххыл цӕрджытӕм цӕй тыххӕй кӕсы ӕмӕ уымӕй Хӕйрӕгӕй куыд хицӕн кӕны?

• Цӕмӕй Иегъовӕмӕ баввахс уӕм, уый тыххӕй ахӕстаргъыл ӕууӕндын цӕмӕн хъӕуы?

• Цы амоны Иегъовӕйыл «фидар хӕцын» ӕмӕ Хуыцауы ӕдзухдӕр куыд хъуамӕ агурӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Кӕд Иов стыр зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уӕддӕр зыдта ӕмӕ ӕмбӕрста, Иегъовӕ йыл кӕй аудыдта.

[Нывтӕ 16, 17 фӕрстыл]

Библи ӕрвылбон куы кӕсӕм, алы фембӕлдмӕ дӕр куы цӕуӕм ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ рох кӕндзыстӕм, Иегъовӕ ныл кӕй ауды.