Кӕсджыты фарстытӕ
Кӕсджыты фарстытӕ
Библи ахуыр кӕныны размӕ мӕ усӕй ахицӕн дӕн. Хицӕн та аистӕм, нӕ иу нӕ хӕтгӕ кӕй кодта, уый аххосӕй нӕ, фӕлӕ кӕй нӕ фидыдтам, уый тыххӕй. Ныр дӕн чырыстон. Библимӕ гӕсгӕ мӕ бон у ногӕй ус ракурын?
Куыд фыссыс, афтӕмӕй адӕймаг ахӕм уавӕры куы уа, уӕд ын Библимӕ гӕсгӕ ногӕй бинонтӕ ӕркӕнӕн ис ӕви нӕ, уый баст у, Хуыцау ма сӕ лӕг ӕмӕ усыл нымайы ӕви нӕ, ууыл.
Чырыстон куы нӕ ма уыдтӕ, уӕд ахицӕн стут закъонӕй ӕмӕ уымӕн, чи зоны, закъонмӕ гӕсгӕ бындур уыд, зӕгъӕм, кӕрӕдзи не ’мбӕрстат. Ныр бынӕттон закъонмӕ гӕсгӕ стут хицӕн. Фӕлӕ дӕ ныхасӕй бӕрӕг у, кӕй дӕ фӕнды базонын, Сӕйраг Закъонӕвӕрӕг ма уӕ «иу буарыл» нымайы ӕви нӕ (Уӕвынад 2:22—24).
Ацы хъуыддаг бамбарынӕн нын баххуыс кӕндзысты Йесойы ныхӕстӕ. Уый ӕрдзырдта, адӕм алы ӕфсонӕй кӕй хицӕн кодтой, ууыл, ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Чи ахицӕн уа йӕ усӕй хӕтындзинады тыххӕй [грекъагау порни́а] йеддӕмӕ ӕмӕ ракура ӕндӕры, уый хӕты; ӕмӕ уагъд усы чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матфейы 19:9; 5:32). Уӕдӕ, цӕмӕй ус ӕмӕ лӕг ахицӕн уой ӕмӕ фӕстӕмӕ ногӕй бинонтӕ скӕной, уымӕн Библимӕ гӕсгӕ ис ӕрмӕстдӕр иу аххосаг — «хӕтындзинад» кӕнӕ порни́а: лӕг кӕнӕ ус куы хӕта кӕнӕ ӕбуалгъ ӕнӕгъдау митӕ куы кӕна.
Дӕ бинойнаг куы хӕтыдаид, уӕд дын Библимӕ гӕсгӕ уыдаид бар ахицӕн кӕнынӕн. Хӕтындзинады тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр исты ахӕм аххосаджы тыххӕй куы ахицӕн уыдаиккат, уӕд «иу буарыл» нымад нал уыдаиккат. Кӕд дӕхӕдӕг бакодтай ахӕм ӕнӕгъдау ми, ӕмӕ дын ӕй дӕ бинойнаг нӕ ныббарста ӕмӕ дӕ ахицӕн, уӕд дӕр уӕ дыууӕ дӕр Библимӕ гӕсгӕ сӕрибар стут.
Фӕлӕ ды фыссыс, зӕгъгӕ нӕ хӕтгӕ ничи кодта. Уӕдӕ Йесойы ныхӕстӕ хынцгӕйӕ, афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уӕ Хуыцау дӕр лӕг ӕмӕ усыл нал нымайы? Кӕд, чырыстон чи сси, уымӕн йӕ бон у йӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй Хуыцауӕй хатыр курын, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йыл раздӕр цы хӕстӕ уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр ссӕрибар (1 Иоанны 1:7; 1 Коринфӕгтӕм 6:9—11). Зӕгъӕм, дӕ хӕларӕй райстай хӕс, ӕмӕ бадзырдтат, сабыргай йын сӕ кӕй фиддзынӕ. Фӕстӕдӕр чырыстон сдӕ. Дӕ хӕсӕй ссӕрибар дӕ? Нӕ. Уый нӕ, фӕлӕ ма, Хуыцау хӕс фидынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый дӕр базыдтай ӕмӕ ныр, ӕвӕццӕгӕн, ацы хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нал кӕсыс (Псалом 36:21; 14:4; 111:5). Уый афтӕ у ӕмкъайады дӕр. Уӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ куы баиу кодтат, уӕд Хуыцауӕн систут «иу буар». Ныр ахъуыды кӕн: Хуыцауӕн исты бындур ис йӕ цӕстӕнгас аивынӕн?
Чи зоны, ис. Куы ахицӕн стут, уый фӕстӕ, гӕнӕн ис, исты ахӕм хъуыддаг ӕрцыд, ӕмӕ уӕ Хуыцау ус ӕмӕ лӕгыл нал нымайы. Дзырд цӕуыл цӕуы, уый бамбарынӕн ӕркӕсӕм Йесойы ныхӕстӕм Матфейы 19:9. Зӕгъӕм, раздӕр нӕ хӕтыдтӕ, фӕлӕ дӕ усӕй куы ахицӕн дӕ, уый фӕстӕ «хӕтын» райдыдтай, уӕд уе ’хсӕн ницыуал ис. Дӕ бинойнаг дӕ ныууагъта ӕмӕ фӕстӕдӕр Библимӕ гӕсгӕ фӕзынд бындур, цӕмӕй «иу буарыл» нымад мауал уыдаиккат. Кӕнӕ, чи зоны, куы ахицӕн стут, уый фӕстӕ дӕ бинойнаг райдыдта «хӕтын». Кӕд афтӕ у, уӕд Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ, Хуыцауы цӕсты лӕг ӕмӕ ус нал стут, уымӕн ӕмӕ хицӕн уый размӕ аистут, ныр та, ӕнӕазым уӕвгӕйӕ, базыдтай, дӕ раздӕры бинойнаг кӕй хӕтыд.
Уӕдӕ ды цы уавӕры тыххӕй фыссыс, ахӕмы ма уӕ Хуыцау «иу буарыл» нымайы ӕви нӕ, уым стыр нысаниуӕг ис, куы ахицӕн стут, уый фӕстӕ цы ’рцыд, уымӕн.
Куы сбӕрӕг кӕнай, Библимӕ гӕсгӕ дын ногӕй ус курӕн нӕй, уӕд цы хъуамӕ бакӕнай? Ӕцӕгады тыххӕй дӕ раздӕры бинойнагӕн радзур. Чи зоны дын дӕ ныхӕстӕй бамбара, Библийӕн йӕ бон кӕй у адӕймаджы удыхъӕд фӕивын ӕмӕ, бирӕ зындзинӕдтӕ чи бавзӕрста, уыдонӕн амондджын цард скӕнын. Фӕстӕмӕ бацӕрын куы сфӕнд кӕнат, уӕд хъуамӕ закъонмӕ гӕсгӕ уӕ къухтӕ ӕрфыссат, цӕмӕй уе ’мкъайады цӕдис цытджын уа алкӕй цӕсты дӕр (Дзуттытӕм 13:4).
Куы нӕ йӕ бафӕнда бафидауын, уӕд дарддӕр дӕр хӕрзӕгъдау цард кӕн. Дӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, нырмӕ дӕр афтӕ кӕй цардтӕ (Иаковы 3:17; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:3—5). Апостол Павел фыста, зӕгъгӕ, ус кӕмӕн нӕй кӕнӕ моймӕдзыд чи нӕу, уыдонӕн ис бирӕ рӕстӕг Хуыцауы хъуыддаджы архайынӕн, стӕй бирӕ цӕмӕйдӕрты сты сӕрибар * (1 Коринфӕгтӕм 7:29—35). Дарддӕр дӕр дӕхи ӕмбырды адӕмыл куы бӕттай, Хуыцауы Ныхас куы хъусын кӕнай ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд уыдзынӕ цардӕй райгонд ӕмӕ Хуыцауӕй арфӕгонд.
Лыстӕг ӕхцайыл кӕм хъазынц, ахӕм хъӕзтытӕй хъазӕн ис?
Ацы фарсты фӕдыл Хуыцауы Ныхасы лӕмбынӕг нӕ дзырдӕуы, фӕлӕ дзы цы ис, уымӕй дӕр бӕлвырд бӕрӕг у — Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕхцайыл цыфӕнды хъазт дӕр раст нӕу *. Дзырдӕн, кӕйфӕнды дӕр куы бафӕрсай, уӕд дын зӕгъдзӕн, ӕхцайыл хъазын адӕймаджы зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй кӕны. Чырыстӕттӕн ацы иунӕг хъуыддаг дӕр у хъуыдыйаг, уымӕн ӕмӕ Библийы дзырдӕуы, «кӕрӕф адӕм» (НД) Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, стӕй зыд кӕнын гуымирытӕн кувынӕй кӕй нӕ хицӕн кӕны (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; Колоссӕгтӕм 3:5, НФ).
Ӕхцайыл хъазгӕйӕ адӕймаг хиуарзон свӕййы, иуыл ӕй фӕфӕнды ерыс кӕнын, исты рамбулын. Апостол Павел дӕр растдӕр уымӕй фӕдзӕхста: «Хъуамӕ хи ма стауӕм, кӕрӕдзи мӕсты ма кӕнӕм, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг ма кӕнӕм» (Галатӕгтӕм 5:26, НФ). Уыимӕ ма ӕхцайыл хъазджытӕ ӕууӕндын райдайынц амондыл ӕмӕ алыхуызон мӕнгуырнындзинӕдтыл, ӕмӕ сӕ уыдӕттӕй ныфс вӕййы, кӕй рамбулдзысты. Уыдон нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц мӕнгард израилӕгты; уыдон-иу «амонды хуыцауы номыл фынгтӕ ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ-иу хъысмӕты хуыцауы номыл хӕццӕ сӕнӕй рӕгъытӕ уагътой» (Исай 65:11).
Чи зоны, исчи хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕхи аирхӕфсынӕн йӕ хӕстӕджытимӕ кӕнӕ йе ’мбӕлттимӕ къамтӕй, йе та ӕндӕр исты хъазтӕй лыстӕг ӕхцайыл куы хъаза, уӕд дзы ӕвзӕрӕй ницы ис. Раст у, стыр ӕхцайыл чи нӕ фӕхъазы, уыдонӕй иу дӕр йӕхи зыд, хиуарзон, ерысгӕнӕг ӕмӕ мӕнгуырнындзинӕдтыл хӕст адӕймаг не схондзӕн. Фӕлӕ адӕймаг хъуамӕ ахъуыды кӕна: ӕхцайыл кӕимӕ хъазын, уыдоныл уый куыд ӕндавы? Ныртӕккӕ ӕхцайыл хъазын низау кӕмӕн у, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ уымӕй райдыдтой: лыстӕг ӕхца-иу ӕрӕвӕрдтой, зӕгъгӕ, «исты рамбулин» (Лукайы 16:10). Адӕймаг афтӕ цӕмӕй загътаид, зӕгъгӕ дзы ӕвзӕрӕй ницы ис, уый сӕ фыдбылызмӕ ӕркодта.
Ахӕм хъазтытӕй сывӕллӕттӕ куы райдайынц хъазын, йӕ бӕллӕх дӕр уӕд вӕййы. Бирӕтӕ сӕ цалдӕр капеччы куы рамбулынц, уӕд дӕр сцырын вӕййынц ӕмӕ сӕ бафӕнды фылдӕр ӕхца ӕрӕвӕрын (1 Тимофеймӕ 6:10). Аризонӕйы (АИШ-ы), ӕхцайыл хъазыныл чи фӕцалх ис, уыдонмӕ йӕ хъус чи дары, уыцы организаци мыхуыры рауагъта, бирӕ азты дӕргъы цы иртасӕн куыст фӕкодта, уый. Уым дзырдӕуы, зӕгъгӕ, ӕхцайыл хъазын низау кӕмӕн у, уыдонӕй бирӕтӕ хъазын райдыдтой гыццылӕй, «лыстӕг ӕхцайыл хӕснаг кодтой, ерысхъӕзтыты чи рамбулдзӕн, ууыл, кӕнӕ та-иу се ’мбӕлттимӕ, йе та сӕ хӕстӕджытӕй искӕимӕ къамӕй хъазыдысты». Иннӕ иртасӕн куысты та дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «сывӕллон ӕхцайыл хъазын сахуыр вӕййы хӕдзары, ӕмӕ арӕхдӕр уый вӕййы къамӕй хъазгӕйӕ йӕ бинонтимӕ, кӕнӕ йе ’мбӕлттимӕ». Уым ма фыст ис: «Сывӕллӕттӕй ӕхцайыл чи хъазы, уыдонӕн сӕ ӕртын процент ууыл фӕцалх сты, иуӕндӕс азы дӕр сыл куы нӕма цыд, уӕд». Иу иртасӕн куысты ма, ӕхцайыл хъазын низау кӕмӕн у, уыдон тыххӕй фыст уыд, зӕгъгӕ, ӕрыгӕттӕ уыцы хъуыддагӕн ӕхца амал кӕнынц фыдракӕндтӕй кӕнӕ ӕнӕгъдау митӕй («Why Do People Gamble Too Much—Pathological and Problem Gambling»). Ӕвӕдза, адӕймагмӕ фыццаг худӕгау цы фӕкӕсы, уый йӕ цӕй ӕвирхъау фӕстиуджытӕм ӕркӕны!
Цы дунейы цӕрӕм, уым ӕнӕуи дӕр бирӕ алыхуызон къӕппӕджытӕ ӕмӕ цыбӕлтӕ ис. Уӕдӕ ма уӕд нӕхи ӕнӕхъуаджы бӕллӕхы цӕмӕн ӕппарӕм? (Ӕмбисӕндтӕ 27:12). Ӕхцайыл хъазын — сывӕллӕттӕ хъазой ӕви стыртӕ, лыстӕг ӕхцайыл ӕви ставд — адӕймаджы Хуыцауӕй дард кӕны, ӕмӕ уый тыххӕй ахӕм хъазтытӕй хъазын не ’мбӕлы. Чырыстӕттӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитыны тыххӕй шахмӕттӕй, шашкӕтӕй, къамтӕй кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хъӕзтытӕй куы хъазой, уӕд хорз уаид, сӕ хыгъдтӕ гӕххӕттыл куы фыссиккой, стӕй сӕ нымайын дӕр цӕмӕн хъӕуы, хъазӕнт дзы сӕ уды дзӕбӕхӕн. Зондджын чырыстӕттӕ ӕхцайыл (лыстӕг уа ӕви ставд) нӕ хъазынц, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ уырнындзинад, афтӕ ма сӕ хӕлӕртты ӕмӕ сӕ бинонты уырнындзинад дӕр уа фидар.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 11 абз. Кӕс «Райхъал ут!»-ы 1972 аз, 8 декабрь, 5—8 фӕрстӕ (англ.); «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 1977 аз, 1 май, 264—268 фӕрстӕ (англ.).
^ 13 абз. Ӕхца ӕрӕвӕрынц, дзырдӕн, лӕтӕрейӕ, къамтӕ кӕнӕ хъултӕй куы фӕхъазынц, уӕд. Афтӕ ма ӕхца ӕрӕвӕрынц, зӕгъӕм, исты хъазт, цау кӕнӕ хабар цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, ууыл куы схӕснаг кӕнынц, уӕд дӕр.