Хатыр курын афтӕ зын цӕмӕн у?
Хатыр курын афтӕ зын цӕмӕн у?
ШТАТ Калифорнийы (АИШ) закъонӕвӕрджытӕ 2000 азы июлы рауагътой ахӕм закъон, зӕгъгӕ, авари чи скӕна, уыдонӕй иу, зиан чи баййафа, уымӕн куы баххуыс кӕна, йӕ зӕрдӕ йыл кӕй фӕрыст, уый куы равдиса, уӕд аххосджыныл нымад нӕ уыдзӕн. Цӕмӕн бахъуыд ахӕм закъон? Аварийы бахаугӕйӕ адӕймагыл кӕнӕ машинӕйыл исты куы ӕрцӕуы, уӕд адӕм арӕх нӕ фӕуӕндынц, цы ’рцыд, уый тыххӕй хатыр ракурын, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсынц, тӕрхондоны йӕ афтӕ куы бамбарой, йӕ рӕдыдыл сӕтты, зӕгъгӕ. Иннӕрдыгӕй та, афтӕ кӕмӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дзы хъуамӕ хатыр ракурой, уый, гӕнӕн ис, смӕсты уа ӕмӕ иугыццыл хъуыддагӕй стыр хъаугъа рауайа.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕу аххосӕй цы не ’рцӕуа, уый тыххӕй хатыр курын нӕ хъӕуы. Ахӕм рӕстӕг зондджын адӕймаг, цы дзура, ууыл хъуыды кӕндзӕн. Рагон ӕмбисонд дзуры: «Бирӕ чи дзуры, уымӕн ӕнӕфӕрӕдийгӕ нӕй, йӕ дзых чи уромы, уый та у ӕмбаргӕ» (Ӕмб. 10:19; 27:12). Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр дӕ бон у, ӕмӕ уай уӕздан, ӕххуысмӕ ӕнӕзивӕг.
Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, кӕд хъуыддаг тӕрхондоны онг нӕ бахӕццӕ
вӕййы, уӕддӕр бирӕтӕ хатыр курын ахуыр нал сты. Ус, гӕнӕн ис, хъаст кӕна: «Мӕ лӕг мӕ хатыр никуы фӕкуры». Куысты та хицау, гӕнӕн ис, зӕгъа: «Мӕ кусджытӕ сӕ рӕдыдтытыл нӕ фӕсӕттынц, ӕмӕ хатыр ракурой — тынг стӕм хатт вӕййы». Скъолайы ахуыргӕнӕг та зӕгъдзӕн: «Сывӕллӕттӕ „бахатыр кӕн“ дзурын нӕ зонынц».Адӕймагӕн хатыр ракурын зын вӕййы, йӕ ныхӕстӕн ын кӕй нӕ саргъ кӕндзысты, уымӕй куы фӕтӕрсы, уӕд. Уазал цӕстӕй йӕм кӕй ракӕсдзысты, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, гӕнӕн ис, ма раргом кӕна, йӕ зӕрдӕйы ӕцӕгӕй цы ис, уый. Кӕй фӕхъыг кодта, уый та дзы гӕнӕн ис йӕхи хиза ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ тынг зын уа бафидауын.
Адӕймаг иннӕтыл куы нӕ хъуыды кӕна, уӕд дӕр нӕ тагъд кӕндзӕн хатыр курынмӕ. Уый, гӕнӕн ис, хъуыды кӕна: «Хатыр куы ракурон, уӕддӕр цы сарӕзтон, уый сарӕзтон, мӕ рӕдыд уымӕй не сраст уыдзӕн». Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ хатыр ракурын нӕ фӕуӕндынц, уый фӕстӕ ма сӕ ӕндӕр исты дӕр куы ӕрдомой, уый тӕсӕй. Уыдон, чи зоны, хъуыды кӕнынц: «Уӕд та мӕ аххосджыныл банымадтой ӕмӕ мын ӕхца фидын кӕнынц?» Фӕлӕ ӕппӕты тынгдӕр хъыгдары рӕдыдыл сӕттын,— сӕрбӕрзонддзинад. Хатыр ракурын йӕ сӕрмӕ чи нӕ хӕссы, ахӕм адӕймаг афтӕ хъуыды кӕны: «Ӕз мӕхи уыйонг не ’руадздзынӕн, ӕмӕ мӕ рӕдыдыл басӕттон. Мӕхи фегад кӕнон?!»
Цӕйфӕнды тыххӕй ма уа, бирӕтӕн хатыр курын тынг зын у. Фӕлӕ цымӕ афтӕ ӕнӕмӕнг у хатыр курын? Цы пайда ис уымӕй?
[Ныв 3 фарсыл]
«Сывӕллӕттӕ „бахатыр кӕн“ дзурын нӕ зонынц».
[Ныв 3 фарсыл]
«Мӕ кусджытӕ сӕ рӕдыдтытыл нӕ фӕсӕттынц».
[Ныв 3 фарсыл]
«Мӕ лӕг мӕ хатыр никуы фӕкуры».