Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут»

«Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут»

«Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут»

«Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут ӕмӕ сымахӕй алидздзӕн» (ИАКОВЫ 4:7).

1. Абоны дунейы тыххӕй цы зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕрстытӕ ӕмӕ се ’мбал чырыстӕттӕ цырддзаст цӕмӕн хъуамӕ уой?

«ХУЫЦАУ цыдӕр фӕци, Хӕйрӕг та уыдис ӕмӕ ис»,— загъта французаг фыссӕг Андре Малро, ӕмӕ ацы ныхӕстӕ ис ахӕссӕн, абон цы дунейы цӕрӕм, уымӕ дӕр. Адӕмӕн сӕ хъуыддӕгты Хуыцауы фӕндон нӕ, фӕлӕ фылдӕр Хӕйрӕджы фыдвӕндтӕ зынынц. Сайтан адӕмы фӕливы «алыхуызон тыхӕй ӕмӕ нысӕнттӕ ӕмӕ мӕнг диссӕгтӕй, ӕмӕ алыхуызон ӕнӕраст сайындзинадӕй... сӕфгӕ чи кӕндзӕн, уыдоны» (2 Фессалоникӕгтӕм 2:9, 10). Фӕлӕ ацы «фӕстаг бонты» Сайтан йӕ ных сарӕзта Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм: тох кӕны сӕрст чырыстӕттимӕ, «Хуыцауы фӕдзӕхстытыл чи хӕцы, ӕмӕ Йесо Чырыстийӕн ӕвдисӕн чи лӕууы», уыдонимӕ (2 Тимофеймӕ 3:1; Раргомад 12:9, 17, НФ). Уыцы сӕрст Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ се ’мбал чырыстӕттӕ, ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон, хъуамӕ уой цырддзаст.

2. Куыд фӕсайдта Сайтан Евӕйы, ӕмӕ цӕуыл мӕт кодта апостол Павел?

2 Сайтан йӕхӕдӕг хин ӕмӕ кӕлӕн у. Калмы уылты Евӕйы ахӕм хъуыдыйыл бафтыдта, Хуыцау дӕм куы ницы бар дара, уӕд бирӕ хуыздӕр цӕрдзынӕ, зӕгъгӕ (Уӕвынад 3:1—6). Иу цыппар мин азы фӕстӕ апостол Павел Коринфы сӕрст чырыстӕттӕн загъта, зӕгъгӕ, ууыл мӕт кӕнын, цӕмӕй Сайтаны хиндзинады амӕттаг ма фӕуат. Павел фыста: «Тӕрсын, калм хиндзинадӕй Евӕйы куыд сцыбӕл кодта, афтӕ сымах зонд дӕр куы фехӕла, иуварс ацӕугӕйӕ Чырыстийы мидӕг хуымӕтӕгдзинадӕй» (2 Коринфӕгтӕм 11:3). Сайтан ӕцӕгӕйдӕр адӕмы зӕндтӕ зыгъуыммӕ кӕны. Евӕйы куыд фӕсайдта, раст афтӕ абон дӕр йӕ бон у чырыстӕтты рӕдыд хъуыдытӕм ӕркӕнын, ома, Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт ӕвзӕрыл цы нымайынц, уый ӕцӕгӕй амондджын царды хос у.

3. Иегъовӕ нӕ Хӕйрӕгӕй куыд хъахъхъӕны?

3 Сайтаны абарӕн ис мӕргъты ахсӕгимӕ. Уый сын къӕппӕджытӕ ӕвӕры, цӕмӕй йӕ ӕмбаргӕ дӕр куыд нӕ бакӕной, афтӕ йӕ амӕттаг фӕуой. Сайтаны къӕппӕджытӕй хи бахизынӕн хъуамӕ «Ӕппӕтбӕрзонды хӕдзары цӕрӕм». Уый комкоммӕ ӕмбаргӕ нӕу, фӕлӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иегъовӕ хъахъхъӕны, йӕ хицаудзинады фарс чи у ӕмӕ уый йӕ царды чи ӕвдисы, уыдоны (Псалом 90:1—3). «Хӕйрӕджы хин миты ныхмӕ» фӕлӕууынӕн нӕ алкӕй дӕр хъӕуы Хуыцауы ӕххуыс: йӕ Ныхас, йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ йӕ организаци (Ефесӕгтӕм 6:11). Дзырд дӕр ыл нӕй, Хӕйрӕг бирӕ алыхуызон хин митӕ кӕны, цӕмӕй Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ йӕ амӕттаг фӕуой.

Сайтан рагон чырыстӕттӕн цы къӕппӕджытӕ ӕвӕрдта

4. Цавӕр дунейы цардысты фыццаг чырыстӕттӕ?

4 Нӕ эрӕйы фыццаг ӕмӕ дыккаг ӕнусы чырыстӕттӕ цардысты, Ромы паддзахад йӕ тӕккӕ тыхы куы уыд, уӕд. Иннӕ ӕнустимӕ абаргӕйӕ Ромы сабыр рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый руаджы базарады хъуыддаг размӕ цыди. Уыцы райрӕзты фӕрцы хицӕуттӕн фӕзынд бирӕ сӕрибар рӕстӕг, ӕмӕ архайдтой адӕмӕн алыхуызон хиирхӕфсӕнтӕ скӕнын, цӕмӕй хицӕутты ныхмӕ ма цыдаиккой. Иуӕй-иу рӕстӕджыты-иу бӕрӕгбӕттӕ кусгӕ бонты бӕрц дӕр уыдысты. Хицӕуттӕ ӕхсӕнадон фондтӕй адӕмӕн лӕвӕрдтой «дзул ӕмӕ цирчы равдыстытӕ», афтӕмӕй сӕ гуыбынтӕ ӕфсӕст уыдысты ӕмӕ сӕ хиирхӕфсынӕй дарддӕр ницы ’ндӕвта.

5, 6. а) Цӕуылнӕ ӕмбӕлди чырыстӕттӕн ромаг театртӕ ӕмӕ амфитеатртӕм цӕуын? ӕ) Сайтаны хин ми цӕй мидӕг уыд, ӕмӕ дзы чырыстӕттӕ сӕхи куыд бахызтаиккой?

5 Цымӕ уыцы уавӕр фыццаг чырыстӕттӕн тӕссаг уыдис? Апостолты фӕстӕ чи цард, уыцы фысджытӕ, зӕгъӕм, Тертуллиан, цы фыстой, уымӕ гӕсгӕ уыцы рӕстӕджы хиирхӕфсӕнтӕн сӕ фылдӕр ӕцӕг чырыстӕттӕн тӕссаг уыдысты, уымӕн ӕмӕ уыдон фыдӕй сӕ уырнындзинад фӕцудыдтаид ӕмӕ се ’гъдау фехӕлдаид. Адӕмон бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ хъӕзтытӕн сӕ фылдӕр уыдысты муртаттаг хуыцӕутты номыл (2 Коринфӕгтӕм 6:14—18). Театрты та классикон спектакльтӕй дӕр бирӕтӕ дзаг уыдысты ӕбуалгъ ӕнӕгъдаудзинадӕй, йе та тугкалдтӕ ӕмӕ фыдмитӕй. Куыд фӕстагмӕ, афтӕ театрдзаутӕ классикон аивадӕн нал аргъ кодтой, ӕмӕ йын йӕ бынат бацахстой ӕнӕдзырдтӕй равдыстытӕ (пантомимӕтӕ), уыдоны та ӕгъдауӕн йӕ кой дӕр нӕ уыд. Йӕ чиныджы, «Рагон Ромы ӕрвылбоны цардыуаг», зӕгъгӕ, историк Жером Каркопино фыссы: «Уыцы спектакльты хъазӕг сылгоймӕгтӕн бар уыд сӕхи бынтондӕр сбӕгънӕг кӕнын... Парахатӕй туг калди. [...] Горӕты адӕм ӕнӕуый дӕр ӕнӕгъдау уагмӕ ӕрхаудтой, ӕмӕ [ӕнӕдзырдтӕй равдыстыты] та ахӕм митӕ ӕвдыстой, ӕмӕ-иу сӕрыхъуынтӕ арц сбадтысты. Ӕниу, уыдон уыцы гуымиры равдыстытыл ӕлгъ нӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ амфитеатры цы тугкӕлӕнтӕ ӕвдыстӕуыд, уыдон сын уӕдмӕ, ӕфсарм цы у, уый ферох кӕнын кодтой ӕмӕ сӕм адӕймаджы хуызӕнӕй ницыуал баззад» («Daily Life in Ancient Rome») (Матфейы 5:27, 28).

6 Амфитеатрты хӕцыдысты гладиатортӕ, цалынмӕ-иу сӕ иу иннӕйы нӕ амардтаид, уӕдмӕ; кӕнӕ та хӕцыдысты сырдтимӕ, ӕмӕ-иу уым дӕр кӕнӕ гладиатор мардта сырды кӕнӕ сырд — гладиаторы. Знӕт сырдтӕм ӕппӕрстой, мӕлӕты тӕрхон-иу кӕмӕн рахастой, уыцы фыдгӕнджыты, уый фӕстӕ та ма чырыстӕттӕй дӕр бирӕты. Уыцы рагзаманты дӕр Сайтаны хин ми уый уыд, цӕмӕй адӕмы уыйонг ӕркӕна, ӕмӕ, раздӕр се сӕфт цы ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ фыддзинадӕй уыдтой, уыдон сӕм ӕвзӕр мауал кастаиккой ӕмӕ ма сӕ агургӕ дӕр куыд кодтаиккой. Уыцы къӕппӕджы адӕймаг ӕрмӕстдӕр уӕд нӕ бахуадаид, кӕд ӕмӕ театртӕм ӕмӕ амфитеатртӕм ӕмгӕрон дӕр нӕ цыдаид (1 Коринфӕгтӕм 15:32, 33).

7, 8. а) Чырыстӕттӕн бӕхуӕрдӕтты дугътӕм цӕуын цӕуылнӕ ӕмбӕлди? ӕ) Сайтанӕн Ромы абанатӕй чырыстӕттӕн къӕппӕг ацаразын йӕ бон куыд уыд?

7 Егъау дӕргъӕццон аренӕтыл цы бӕхуӕрдӕтты дугътӕ уагътой, уыдон зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыннӕ уыдысты, фӕлӕ чырыстӕттӕн уыцы дугътӕм цӕуын не ’мбӕлди, уымӕн ӕмӕ-иу адӕм, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ, арӕх сызнӕт сты. Ӕртыккӕгӕм ӕнусы цӕрӕг фыссӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ-иу, дугътӕм кӕсджытӕй иуӕй-иутӕ кӕрӕдзиимӕ хыл самадтой. Каркопино та фыссы, зӕгъгӕ-иу, аренӕйы агъуысты «сӕхицӕн куыст агуырдтой астрологтӕ ӕмӕ хъахбайтӕ». Иудзырдӕй, ромаг аренӕтӕ чырыстӕттӕн ӕмбӕлон бынат нӕ уыдысты (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10).

8 Цы зӕгъӕн ис Ромы зындгонд абанаты тыххӕй та? Сыгъдӕг уай, уый тыххӕй дӕхи ӕхсай, уым, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕвзӕрӕй ницы уыд. Фӕлӕ Ромы абанатӕй бирӕты уыд дуне цыдӕртӕ — буарӕууӕрдӕн уӕттӕ, се уӕнгтӕ-иу кӕм аивӕзтой, ӕхцайыл-иу кӕм хъазыдысты, ахӕм уӕттӕ, ӕмӕ цӕлгӕнӕнтӕ. Кӕд фӕткмӕ гӕсгӕ сылгоймӕгтӕн ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн абанамӕ цӕуынӕн хицӕн рӕстӕг уыд, уӕддӕр-иу арӕх иумӕ дӕр надтой. Климент Александриаг фыста: «Абанамӕ бацӕуынӕн ӕвзаргӕ нӕ фӕкӕнынц, нӕлгоймаг у ӕви сылгоймаг; вӕййынц дзы бӕгънӕджытӕй, ӕмӕ сӕм сӕ буары монцтӕ цы дзурынц, уый ӕнӕфсармӕй кӕнынц». Афтӕ, ӕмбӕлон ӕхсӕнадон бынатӕй Сайтанӕн йӕ бон уыд чырыстӕттӕн къӕппӕг ацаразын. Зондджын чырыстӕттӕ ахӕм бынӕттӕм нӕ цыдысты.

9. Цавӕр къӕппӕджытӕй хъуамӕ хызтаиккой сӕхи фыццаг чырыстӕттӕ?

9 Ромы паддзахады райрӕзтӕн йӕ тӕккӕ тӕмӕны рӕстӕджы адӕм иууыл фылдӕр цы хиирхӕфсӕнтӕ уарзтой, уыдонӕй иу уыд ӕхцайыл хъазын. Бӕхуӕрдӕтты дугъты дӕр ӕхцайыл хӕснаг кодтой, ӕмӕ цӕмӕй чырыстӕттӕ уымӕй сӕхи бахызтаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ дугътӕм ма цыдаиккой. Уазӕгдзӕрӕнты ӕмӕ хӕрӕндӕтты дӕр мидӕггаг уӕтты сусӕгӕй хъазыдысты ӕхцайыл. Хъазджытӕ хӕснаг кодтой, иуы къухы дзы цы лӕгъз дуртӕ кӕнӕ хъултӕ уыд, уыдонӕн сӕ ӕнӕкъай кӕнӕ къайон нымӕцыл. Ӕхцайыл хъӕзтытӕ адӕмы цырен кодтой, уымӕн ӕмӕ сын ӕвӕлмонӕй ӕхца саразыны ныфс лӕвӕрдтой (Ефесӕгтӕм 5:5). Уымӕй уӕлдай, ахӕм нуазӕндӕтты чи куыста, уыцы сылгоймӕгтӕ арӕх уыдысты хъахбайтӕ; уымӕ гӕсгӕ ма уыцы бынӕтты тӕссаг уыд хӕтындзинадӕй дӕр. Ахӕм уыдысты, Ромы паддзахады сахарты цӕрӕг чырыстӕттӕн Сайтан кӕй ӕвӕрдта, уыцы къӕппӕджытӕй иуӕй-иутӕ. Цымӕ абон уавӕр тынг фӕивта?

Сайтаны къӕппӕджытӕ абон

10. Абоны уавӕры ӕмӕ, Ромы паддзахады цы уавӕр уыд, уым ӕмхуызонӕй цы ис?

10 Ӕмткӕй райсгӕйӕ, Сайтан ӕнусты дӕргъы йӕ хин митӕ нӕ фӕивта. Коринфы тынг хӕлд адӕм цард, ӕмӕ цӕмӕй уыцы сахары чырыстӕттӕн Хӕйрӕг «мацы зиан ӕрхастаид», уый тыххӕй сӕ апостол Павел бафӕдзӕхста: «Ӕнӕзындгонд нын не сты [Сайтаны] фыдфӕндтӕ» (2 Коринфӕгтӕм 2:11, НФ). Абон хъӕздыг бӕстӕтӕй бирӕты ис растдӕр, Ромы паддзахад йӕ тӕккӕ тыхы куы уыди, уӕд дзы цы уавӕр уыд, ахӕм уавӕр. Бирӕтӕн абон цас сӕрибар рӕстӕг ис, уыйбӕрц сын никуыма уыдис. Паддзахадон лӕтӕрейтӕ мӕгуыртӕн дӕр цыдӕр ныфс дӕттынц. Алыхуызон аслам хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ фӕзынд, ӕмӕ адӕм уыдоныл бафтыдысты. Ерысхъӕзтыты рӕстӕджы стадионты къух бакӕнӕн нӕ вӕййы, адӕм ӕхцайыл хъазынц; арӕх хъазтмӕ кӕсджытӕ сызнӕт вӕййынц, стӕй хъазгӕ чи кӕны, уыдон сӕхӕдӕг дӕр. Алырдыгӕй хъуысы ӕнаккаг музыкӕ, театры та, стӕй киноты ӕмӕ телевизоры дӕр ӕнӕгъдау митӕй дарддӕр ницыуал ис фенӕн. Ис ахӕм бӕстӕтӕ, ӕмӕ сӕм абанаты ӕмӕ тӕвд суӕртты арӕх сылгоймӕгтӕн ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн иумӕ найыны бар вӕййы; бӕгънӕгӕй кӕм вӕййынц, ахӕм донбылты тыххӕй та дзургӕ дӕр нал кӕнӕм. Фыццаг ӕнусты куыддӕриддӕр уыдис, раст афтӕ абон дӕр Сайтан архайы а-дунейы хиирхӕфсӕнты руаджы Хуыцауы лӕггадгӕнджыты фӕрӕдийын кӕныныл.

11. Адӕймаджы йӕ фӕллад суадзын кӕй фӕнды, уым цавӕр къӕппӕджытӕ ис?

11 Абон ахӕм тыхст ӕмӕ уырыд рӕстӕг скодта, ӕмӕ, адӕймаджы йӕ фӕллад суадзын, ӕрвылбоны зындзинӕдтӕ ферох кӕнын кӕй фӕфӕнды, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ, Ромы абанаты цы ирхӕфсӕн мадзӕлттӕ уыд, уыдон куыд тӕссаг уыдысты фыццаг чырыстӕттӕн, афтӕ абон дӕр иуӕй-иу фӕлладуадзӕн бынӕттӕ тӕссаг сты нырыккон чырыстӕттӕн, уымӕн ӕмӕ сты Сайтаны къӕппӕджытӕ, ӕнӕгъдаудзинадмӕ кӕнӕ сӕ фыднозтмӕ кӕй уылты ӕркӕны, уыдон. Павел фыста Коринфы чырыстӕттӕм: «Уӕхи ма сайут: ӕвзӕр ӕмбаладтӕ халынц хорз ӕгъдӕуттӕ. Ӕрӕвронг ут, куыд ӕмбӕлы ӕмӕ тӕригъӕд ма кӕнут; уымӕн ӕмӕ... иутӕ сымахӕй нӕ зонынц Хуыцауы» (1 Коринфӕгтӕм 15:33, 34).

12. Абон Сайтан Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн цавӕр къӕппӕджытӕ ӕвӕры?

12 Мах зонӕм, Сайтан йӕ хиндзинадӕй Евӕйы зонд куыд сзыгъуыммӕ кодта (2 Коринфӕгтӕм 11:3). Абон Сайтаны къӕппӕджытӕй иу у чырыстӕтты ахӕм хъуыдыйыл саразын, зӕгъгӕ, нӕхи ацы дунейы адӕмы хуызӕн куы дарӕм, ӕмӕ куы уыной, мах дӕр уыдон хуызӕн кӕй стӕм, уӕд сӕ искӕй ӕцӕгадмӕ ӕрбакӕндзыстӕм. Хатт ӕгӕр фӕвӕййынц ӕмӕ хъуыддаг бынтон иннӕрдӕм рауайы (Аггей 2:12—14). Сайтаны ӕндӕр хин ми та у, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты, ӕрыгӕтты дӕр ӕмӕ хистӕрты дӕр, баразӕнгард кӕнын, цӕмӕй ӕмбырды сӕхи иухуызон дарой, ӕмбырды ӕдде та — ӕндӕрхуызон, ӕмӕ уымӕй «ӕфхӕрой Хуыцауы Сыгъдӕг Уды» (Ефесӕгтӕм 4:30). Иуӕй-иутӕ бахаудысты уыцы къӕппӕджы, Интернетӕй раст кӕй нӕ пайда кодтой, уый аххосӕй.

13. Хӕйрӕджы хин митӕм ма цавӕр ӕмбӕхст къӕппӕг хауы, ӕмӕ уый фӕдыл Ӕмбисӕндты цавӕр хорз уынаффӕ ис?

13 Фыццаг бакастӕй кӕлӕнтӕ цы нӕ схондзынӕ, фӕлӕ уӕддӕр уыдонимӕ баст чи у, ахӕм хъуыддӕгтӕ дӕр сты Сайтаны къӕппӕджытӕ. Ӕцӕг чырыстӕттӕй зонгӕ-зонын хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтыл ничи бафтдзӕн, кӕнӕ сӕ афтӕ ничи зӕгъдзӕн, Хӕйрӕгӕн кувын, зӕгъгӕ. О, фӕлӕ иуӕй-иутӕй айрох вӕййы, фыддзинад кӕнӕ алыхуызон ӕнахуыр диссӕгтӕм киноты, телесериалты, видеохъӕзтыты кӕсын тӕссаг кӕй у; стӕй ма уыдӕтты тыххӕй сывӕллӕтты чингуытӕ ӕмӕ журналты цы фыссынц, уый дӕр тӕссаг кӕй у, ууыл дӕр нӕ фӕхъуыды кӕнынц. Кӕлӕнты уддзӕф кӕмдӕриддӕр ис, уырдӕм ӕмгӕрон дӕр нӕ хъӕуы цӕуын. Зондджын ӕмбисонд дзуры: «Ӕнӕрасты фӕндагыл — сындзытӕ ӕмӕ къӕппӕджытӕ; йӕ уд чи хъахъхъӕны, уый сӕ йӕхи хизы» (Ӕмбисӕндтӕ 22:5). «Ацы дуджы хуыцау» Сайтан кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, дунейы тынг цы фӕуарзынц, уый мидӕг ӕмбӕхст вӕййы йӕ къӕппӕджытӕй кӕцыдӕр (2 Коринфӕгтӕм 4:4; 1 Иоанны 2:15, 16).

Йесо фӕлӕууыд Хӕйрӕджы ныхмӕ

14. Йесо Сайтаны фыццаг фӕлварӕны ныхмӕ куыд фӕлӕууыд?

14 Сайтаны ныхмӕ фӕлӕууын куыд хъӕуы, цӕмӕй нӕ алидза, уый Йесо хорз равдыста. Йесо донаргъуыд куы райста ӕмӕ уый фӕстӕ 40 боны ком куы дардта, уӕд ӕй Сайтан фӕлвӕрдта (Матфейы 4:1—11). Фыццаг ӕй фӕлвӕрдта, Йесо комдарыны фӕстӕ ӕххормаг кӕй уыд, уымӕй. Сайтан Йесойӕн загъта, цӕмӕй фыццаг диссаг сарӕзтаид йӕхицӕн хӕринаг самал кӕныны охыл. Уӕд ын Йесо ӕрхаста Дыккаг закъоны 8:3 ныхӕстӕ ӕмӕ не сразы ис, цы хъару йӕм уыд, уымӕй йӕхи уды хорзӕн спайда кӕныныл ӕмӕ монон хӕринаг сӕвӕрдта ӕнӕуи хӕринагӕй уӕлдӕр.

15. а) Цӕмӕй фӕлвӕрдта Сайтан Йесойы? ӕ) Абон сӕйраджыдӕр цӕмӕй фӕлвары Хӕйрӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджыты, фӕлӕ нӕ бон куыд у йӕ ныхмӕ фӕлӕууын?

15 Цымыдисаг у, Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ӕй хӕтындзинад ракӕныны хъуыдыйыл кӕй не ’фтыдта. Уыцы уавӕры Йесойӕн иууыл стырдӕр фӕлварӕн уыд, ӕххормаг кӕй уыдис, уый. Абон та куыд фӕлвары Хӕйрӕг Хуыцауы адӕмы ӕмӕ сӕ куыд рӕдийын кӕны? Алцӕмӕй ӕмӕ алыхуызонӕй, фӕлӕ, Иегъовӕйы адӕмы ӕнаипдзинад басӕттыны тыххӕй цы хин митӕ кӕны, уыдонӕй сӕйрагдӕр у, ӕнӕгъдау митӕ кӕнынмӕ сӕ кӕй амидин кӕны, уый. Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууын ӕмӕ фӕлварӕны нӕ фӕцудын. Йесо-иу Сайтаны фыдвӕндтӕ фехӕлдта, ӕмбӕлон библион стихтӕ-иу кӕй ӕрхаста, уый руаджы, ӕмӕ-иу мах дӕр фӕлварӕнты нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм Библийы стихтӕ, зӕгъӕм, Уӕвынады 39:9 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 6:18.

16. а) Сайтан Йесойы дыккаг хатт цӕмӕй фӕлвӕрдта? ӕ) Сайтанӕн йӕ бон куыд у, ӕмӕ нӕ Иегъовӕйы фӕлварынмӕ самидин кӕна?

16 Уый фӕстӕ та Хӕйрӕг Йесойӕн загъта, цӕмӕй йӕхи кувӕндоны сӕрӕй раппӕрстаид ӕмӕ бафӕлвӕрдтаид, Хуыцау ӕй йӕ зӕдты руаджы бахъахъхъӕндзӕн ӕви нӕ. Йесо йын ӕрхаста, Дыккаг закъоны 6:16 цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон ӕмӕ не сразы ис йӕ Фыды фӕлварыныл. Махӕн Сайтан нӕхи кувӕндоны сӕрӕй, уӕвгӕ дӕр, не ’ппарын кӕндзӕн, фӕлӕ архайдзӕн, цӕмӕй нӕ ахӕм зондыл бафтауа, ӕмӕ Иегъовӕйы фӕлварӕм. Цымӕ нӕ фӕнды базонын, не ’ддаг бакастӕй нӕхи ацы дунейы хуызӕн цас тынг у нӕ бон скӕнын (ӕмӕ нын уыимӕ уайдзӕф дӕр куыд ничи бакӕна)? Кӕнӕ та нӕ, мыййаг, зӕрдӕхсайгӕ хиирхӕфсӕнтӕ фӕнды бафӕлварын? Уӕд мах Иегъовӕйы фӕлварӕм. Кӕд нӕ зӕрдӕйы ахӕм фӕндтӕ ис, уӕд нӕ Сайтан лидзгӕ нӕ акӕндзӕн, фӕлӕ нӕ цуры баззайдзӕн ӕмӕ иудадзыг ууыл архайдзӕн, цӕмӕй йӕ фарс фӕуӕм.

17. а) Сайтан Йесойы ӕртыккаг хатт куыд фӕлвӕрдта? ӕ) Куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ ныл Иаковы 4:7 ныхӕстӕ сӕххӕст уой?

17 Сайтан Йесойӕн ӕгас дунейы паддзахӕдтӕ куы лӕвӕрдта, ӕрмӕст мын иу хатт акув, зӕгъгӕ, уӕд дӕр та Йесо ногӕй йӕ ныхмӕ фӕлӕууыд, ӕмӕ йын Фыстады руаджы равдыста, фӕндфидарӕй кӕй скарста ӕрмӕстдӕр йӕ Фыдӕн кувын (Дыккаг закъон 5:9; 6:13; 10:20). Махӕн Сайтан кӕд ӕгас дунейы паддзахӕдтӕ нӕ дӕтты, уӕддӕр нӕ иудадзыг мондаг кӕны хъӕздыг царды рӕсугъддзинадӕй, цыма нын нӕхи сӕрмагонд гыццыл паддзахад ӕвдисы, уыйау. Цымӕ мах дӕр Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ ӕрмӕст Иегъовӕйӕн дӕттӕм? Кӕд о, уӕд, Йесоимӕ куыд уыд, афтӕ уыдзӕн махимӕ дӕр. Уый тыххӕй Матфей фыссы: «Уӕд Ӕй ныууагъта хӕйрӕг» (Матфейы 4:11). Алыхуызон уавӕрты дӕр-иу библион уагӕвӕрдтӕ нӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕнӕм ӕмӕ-иу уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд фидарӕй слӕудзыстӕм Сайтаны ныхмӕ ӕмӕ нӕ уый дӕр ныууадздзӕнис. Ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут ӕмӕ сымахӕй алидздзӕн» (Иаковы 4:7). Францы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалмӕ иу ӕфсымӕр ныффыста: «Сайтан ӕцӕгдӕр мӕнгард у. Тынг зын мын вӕййы ме ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ мӕ фӕндӕтты рохтыл хӕцын, кӕд мӕ зӕрдиагӕй фӕнды, уӕддӕр. Фӕлӕ хъӕддыхдзинад, фӕразондзинад ӕмӕ, сӕйраджыдӕр, Иегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы мӕ бон у алцыдӕр сфӕразын ӕмӕ ӕцӕгадыл фидар хӕцын».

Алцӕмӕй дӕр ифтонг Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууынӕн

18. Цавӕр монон хӕцӕнгӕрзтӕ нӕм ис Хӕйрӕджы ныхмӕ лӕууынӕн?

18 Иегъовӕ нын ӕппӕт монон хӕцӕнгӕрзтӕ дӕр радта, цӕмӕй нӕ бон уа «слӕууын хӕйрӕджы хин миты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:11—18). Ӕцӕгад кӕй уарзӕм, уый нын у ронау нӕ астӕуыл, ома нӕ чырыстон хъуыддӕгтӕм цӕттӕ кӕны. Иегъовӕ хорз ӕмӕ растыл цы нымайы, ууыл фидар кӕй хӕцӕм, уый нын згъӕрау нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕны. Кӕд нӕ «къахыдарӕс» хорз хабар у, уӕд хъусын кӕнынмӕ иудадзыг цӕудзыстӕм, ӕмӕ нын уый нӕ тыхыл тых ӕфтаудзӕн, нӕ уырнындзинад та нын хъахъхъӕнгӕ кӕндзӕн. Нӕ фидар уырнындзинад та нӕ стыр уартау хъахъхъӕндзӕн «хинӕйдзаджы зынггонд фаттӕй» — йӕ хинӕйдзаг лӕбурдтытӕй ӕмӕ фӕлварӕнтӕй. Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм, уӕд нын уый згъӕрхудау хъахъхъӕндзӕн нӕ зонд ӕмӕ нын ратдзӕн удӕнцой (Филиппӕгтӕм 4:7). Кӕд Хуыцауы Ныхасӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм, уӕд нын уый уыдзӕн, адӕмы Сайтаны цагъарадӕй кӕй фӕрцы сӕрибар кӕндзыстӕм, ахӕм кардау. Афтӕ ма дзы нӕ бон уыдзӕн нӕхи дӕр хъахъхъӕнын, Йесо-иу фӕлварӕнты куыд кодта, афтӕ.

19. «Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕууынӕй» дарддӕр ма ноджы цы хъӕуы?

19 Кӕд ӕмӕ «Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзтӕ» нӕ уӕлӕ дарӕм ӕмӕ иудадзыг кувӕм, уӕд нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Сайтан нӕм куы лӕбура, уыцы рӕстӕг нын Иегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Иоанны 17:15; 1 Коринфӕгтӕм 10:13). Фӕлӕ Иаков равдыста, «хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕууын» фаг кӕй нӕу. Ноджы ахсджиагдӕр у «басӕттын Хуыцауӕн», махыл чи тыхсы, уымӕн (Иаковы 4:7, 8). Уый куыд саразӕн ис, ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

Цавӕр дзуапп раттис?

• Цавӕр къӕппӕджытӕй хъуамӕ хъахъхъӕдтаиккой сӕхи фыццаг чырыстӕттӕ?

• Цавӕр хин митӕ кӕны абон Сайтан, цӕмӕй Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ йӕ къӕппӕджы бахауой?

• Йесо Хӕйрӕджы фӕлварӕнты ныхмӕ куыд фӕлӕууыд?

• Цавӕр монон хӕцӕнгӕрзты руаджы фӕлӕудзыстӕм Хӕйрӕджы ныхмӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8, 9 фӕрстыл]

Йесо Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууыд.

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ сӕхи хызтой, фыдмитӕ ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад кӕм уыд, ахӕм хиирхӕфсӕнтӕй.

[Барлӕвӕрдӕй]

The Complete Encyclopedia of Illustration/J. G. Heck