«Ӕрвитут хӕрзуаг цард ӕндӕр адӕмты ’хсӕн»
«Ӕрвитут хӕрзуаг цард ӕндӕр адӕмты ’хсӕн»
«Аргъ кӕнут се ’ппӕтӕн, уарзут ӕфсымӕрад» (1 ПЕТРЫ 2:17, НФ).
1, 2. а) Иу уацхӕссӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй газеты цы ныффыста? ӕ) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауыл афтӕ фидар цӕмӕн хӕцынц?
ЦАЛДӔР азы размӕ иу уацхӕссӕг горӕт Амариллойы (АИШ, штат Техас) ӕрзылд алыхуызон динтыл ӕмӕ стӕй уый тыххӕй газеты ныффыста. Уыцы динтӕй уӕлдай тынгдӕр йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд иу дин. Ӕмӕ уый тыххӕй мӕнӕ цы ныффыста: «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Амариллойы сӕйраг галуаны ӕртӕ азы дӕргъы цы облӕстон конресстӕ уагътой, уыдонӕй иу дӕр нӕ рауагътон. Уым никуы никӕй федтон тамако дымгӕ, бӕгӕны нуазгӕ кӕнӕ ӕвзӕр дзыхӕй дзургӕ. Уыдон хуызӕн сыгъдӕг, уӕздан, аивконд ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕм никуыма федтон». Ахӕм ныхӕстӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕх фӕфыссынц. Фӕлӕ сӕ диныл хӕст чи нӕу, уыдон сӕ афтӕ арӕх цӕмӕн феппӕлынц?
2 Адӕм Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй арӕхдӕр сӕ хӕрзуаг царды тыххӕй феппӕлынц. Кӕд дунейы адӕм бонвыддӕр кӕнынц, уӕддӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ уаг, се ’гъдау нӕ сафынц, уымӕн ӕмӕ уый у сӕ динимӕ баст. Уыдон зонынц — сӕ хъуыддӕгтӕй Иегъовӕ ӕмӕ се ’мчырыстӕтты ном кӕнӕ кадджын кӕндзысты, кӕнӕ ӕгад; сӕхи хорз кӕй дарынц, уый руаджы ма адӕм аргъ кӕнынц, цы ӕцӕгад хъусын кӕнынц, уымӕн дӕр (Иоанны 15:8; Титмӕ 2:7, 8). Ӕркӕсӕм, куыд у нӕ бон дарддӕр дӕр хӕрзуаг цард кӕнын ӕмӕ уымӕй Иегъовӕ ӕмӕ йе ’вдисӕнты ном сыгъдӕг дарын. Афтӕ ма равзарӕм, ахӕм уагахаст нӕхицӕн дӕр куыд у ахъаз.
Чырыстон бинонтӕ
3. Чырыстон бинонтӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хъахъхъӕной?
3 Ӕркӕсӕм, хӕдзары нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уымӕ. Герхард Безир ӕмӕ Эрвин Шойх сӕ чиныджы ныффыстой: «Куыд зӕгъынц [Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ], афтӕмӕй, дам, бинонтӕм хъус тынгдӕр дарын хъӕуы» («Die Neuen Inquisitoren: Religionsfreiheit und Glaubensneid»). Ӕмӕ ацы ныхӕстӕ раст сты. Абон бинонты 2 Тимофеймӕ 3:2, 3). Уый хыгъд, ныридӕгӕн бинонтӕ куыд цӕрынц, уый диссаг у: ус ӕмӕ лӕг кӕрӕдзиуыл балӕууынц; ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты нӕмынц, тыхми сын кӕнынц кӕнӕ сӕ ныууадзынц. Сывӕллӕттӕ дӕр сӕ ныййарджыты ныхмӕ свӕййынц, наркотиктыл бафтынц, ӕвзӕр хъуыддӕгтыл ныххӕцынц кӕнӕ хӕдзарӕй алидзынц. Ацы хабӕрттӕ та уымӕн цӕуынц, ӕмӕ бинонтыл ӕндавы ацы дунейы ӕгъдау, сафы сӕ (Ефесӕгтӕм 2:1, 2). Уӕдӕ бӕлвырд у, нӕ бинонты кӕй хъӕуы ацы дунейӕ хъахъхъӕнын. Куыд? Уымӕн ис хорз мадзал — Иегъовӕ бинонтӕй алкӕмӕндӕр цы уынаффӕтӕ ӕмӕ амындтӕ дӕтты, уыдонмӕ хъусын.
бирӕ цӕмӕйдӕртӕй хъахъхъӕнын хъӕуы. Куы акӕсӕм, уӕд цас ис «ныййарджытӕн ӕгоммӕгӕс» сывӕллӕттӕ, стӕй стыртӕй дӕр цас ис ахӕмтӕ, хион-хӕстӕг чи нал зоны ӕмӕ «ӕнӕхиуылхӕцгӕтӕ» чи у (4. Чырыстон бинонтӕй алкӕуылдӕр кӕрӕдзийы раз цы хӕстӕ ис?
4 Чырыстон лӕг ӕмӕ ус ӕмбарынц, сӕ кӕрӕдзийы раз сыл цыдӕр хӕстӕ кӕй ис, уый: кӕрӕдзийӕн хъуамӕ удӕнцой уой, сӕ кӕрӕдзийы уырнындзинад фидар кӕной ӕмӕ ма, ус ӕмӕ лӕджы ’хсӕн цы ахастытӕ ис, уыдонимӕ баст хъуыддгӕтӕ дӕр ӕххӕст кӕной (1 Коринфӕгтӕм 7:3—5; Ефесӕгтӕм 5:21—23; 1 Петры 3:7). Чырыстон ныййарджытыл сӕ цоты раз дӕр ис стыр хӕстӕ (Ӕмбисӕндтӕ 22:6; 2 Коринфӕгтӕм 12:14; Ефесӕгтӕм 6:4). Чырыстон хӕдзары цы сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынц, уыдон дӕр зонынц, хӕстӕ сыл кӕй ис, уый (Ӕмбисӕндтӕ 1:8, 9; 23:22; Ефесӕгтӕм 6:1; 1 Тимофеймӕ 5:3, 4, 8). Цӕмӕй бинонтӕй алчидӕр йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕна, уый тыххӕй хъӕуы хъару, тых, стӕй хъуамӕ кӕрӕдзи дӕр уарзой ӕмӕ ӕрмӕст сӕхи удыл хъуамӕ ма мӕт кӕной. Фӕлӕ бинонтӕй алчидӕр, Хуыцауы раз ыл цы хӕстӕ ис, уыдон цӕсгомджынӕй куы ӕххӕст кӕна, уӕд уый ахъаз фӕуыдзӕн сӕ кӕрӕдзийӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр. Сӕйраджыдӕр та афтӕмӕй кадджын кӕндзысты бинонты царды Бындурӕвӕрӕг Иегъовӕ Хуыцауы (Уӕвынад 1:27, 28; Ефесӕгтӕм 3:15, НД).
Чырыстон ӕфсымӕрад
5. Нӕхи не ’муырнджытыл кӕй бӕттӕм, уый нын ахъаз цӕмӕй у?
5 Чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ ма махыл ис хӕстӕ, не ’мбырды нын цы ӕмуырнджытӕ ис, уыдоны раз, афтӕ ма нын ӕгас дунейы дӕр цы ’ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны раз дӕр (1 Петры 5:9). Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕхи не ’мбырдыл бӕттын. Не ’мчырыстӕттимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд нӕ циныл цин бафты. Стӕй ма ӕмбырдты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй» цы хӕрзад, уырнындзинадӕн ахъаз, хӕринаг фӕисӕм, уый та! (Матфейы 24:45—47). Царды нӕ исты куы фӕтыхсын кӕны, уӕд-иу не ’фсымӕртӕй искӕмӕ бацӕуӕм, ӕмӕ-иу нын Библийӕ уынаффӕ радтынц (Ӕмбисӕндтӕ 17:17; Екклесиаст 4:9; Иаковы 5:13—18). Истӕуыл куы фӕтыхсӕм, уӕд нӕ не ’фсымӕртӕ нӕ ныууадзынц. Ӕвӕдза, цӕй арфӕйаг хъуыддаг у, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн кӕй стӕм, уый!
6. Иннӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты раз ныл хӕс кӕй ис, уый Павел куыд бамбарын кодта?
6 Фӕлӕ ӕмбырды ӕрмӕст исгӕ хъуамӕ ма кӕнӕм, дӕттын дӕр хъуамӕ зонӕм. Йесо уый тыххӕй загъта: «Райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын» (Куыстытӕ 20:35). Апостол Павел дӕр дзырдта, зӕгъгӕ, хӕлӕг хъуамӕ мацы кӕнӕм: «Хӕццыстӕм ӕргомгонд ӕнхъӕлцаудзинадыл ӕнӕфӕцудгӕйӕ [«ӕнӕфӕцудгӕйӕ адӕмӕн хъусын кӕнӕм нӕ ныфсы тыххӕй», НД], уымӕн ӕмӕ раст у Зӕрдӕвӕрӕг; уыдзыстӕм лӕмбынӕг кӕрӕдзимӕ, уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнгӕйӕ; нӕ ӕмбырдтӕ нӕ уадздзыстӕм, иуӕй-иутӕм куыд ис ӕгъдау; фӕлӕ кӕрӕдзийӕн амондзыстӕм, уӕлдайдӕр уынгӕйӕ, уыцы боны ӕрхӕстӕг» (Дзуттытӕм 10:23—25).
7, 8. Не ’мбырдмӕ чи цӕуы ӕмӕ нын ӕгас дунейы цы ’фсымӕртӕ ис, уыдонӕн кӕй ницы хӕлӕг кӕнӕм, уый хъуыддагӕй равдисӕн куыд ис?
7 Ӕмбырды дзуапп куы фӕдӕттӕм кӕнӕ дзы куы фӕархайӕм, уӕд уымӕй «фӕхъусын кӕнӕм нӕ ныфсы тыххӕй». Афтӕ кӕй кӕнӕм, уымӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм. Сӕ ныфсыл ма сын ныфс бафтауӕм, ӕмбырды размӕ ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ семӕ кӕй фӕныхас кӕнӕм, уымӕй дӕр. Ахӕм рӕстӕг нӕ бон у ӕнӕбонты фидар кӕнын, ныфсастыты ӕмӕ рынчынты рӕвдауын (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14). Зӕрдӕргом чырыстӕттӕ ницы хӕлӕг кӕнынц; ӕмӕ ӕмбырдмӕ фыццаг хатт чи ӕрбацӕуы, уыдон дӕр уый тыххӕй фӕдис кӕнынц, мӕнӕ куыд тынг уарзынц кӕрӕдзи, зӕгъгӕ (Псалом 36:21; Иоанны 15:12; 1 Коринфӕгтӕм 14:25).
8 Фӕлӕ, не ’мбырдмӕ чи цӕуы, ӕрмӕст уыдоны нӕ уарзӕм. Мах уарзӕм, ӕгас дунейы дӕр нын цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ис, уыдоны. Зӕгъӕм, алы Залы дӕр ис Паддзахады залтӕ аразынӕн мысайнӕгты асыкк. Кӕд, мыййаг, нӕхицӕн ис хорз Паддзахады зал, уӕддӕр зонӕм, ӕндӕр бӕстӕты не ’муырнджытӕй минтӕн, кӕм ӕмбырд кӕной, уымӕн дзӕбӕх бынат кӕй нӕй. Уӕдӕ Паддзахады залтӕ аразынӕн мысайнӕгтӕ кӕй дӕттӕм, уымӕй ӕвдисӕм, не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый, кӕд сӕ лӕгӕй-лӕгмӕ нӕ зонӕм, уӕддӕр.
9. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи цӕмӕн уарзынц?
9 Цымӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи цӕмӕн уарзынц? Уымӕн ӕмӕ сын Йесо афтӕ бафӕдзӕхста (Иоанны 15:17). Ӕмӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уымӕй бӕрӕг у, алкӕуылдӕр сӕ, уыимӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырдтыл дӕр, кӕй ис Хуыцауы сыгъдӕг уд. Уарзондзинад у сыгъдӕг «уды дыргъ» (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи кӕй ахуыр кӕнынц, чырыстон фембӕлдтӕм кӕй цӕуынц, Хуыцаумӕ ӕдзух кӕй кувынц, уый тыххӕй уарзынц кӕрӕдзи, кӕд, цы дунейы цӕрынц, уым «бирӕтӕн ӕруазал ис сӕ уарзондзинад», уӕддӕр (Матфейы 24:12).
Ацы дунемӕ сын цы ахаст ис
10. Ацы дунейы раз ныл цы хӕс ис?
10 Павелы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «адӕмӕн хъусын кӕнӕм нӕ ныфсы тыххӕй», нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц ноджы иу хӕс: нӕ чырыстон ӕфсымӕр чи нӕма сси, уыдонӕн хорз хабар хъусын кӕнын (Матфейы 24:14; 28:19, 20; Ромӕгтӕм 10:9, 10, 13—15). Уӕдӕ Хуыцауы ныхас кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй дӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ кӕмӕндӕр цыдӕр дӕттӕм. Ацы хъуыддагӕн дӕр рӕстӕг, хъарутӕ ӕмӕ ӕхца хъӕуы. Стӕй ма уацамындмӕ фӕхъӕуы хи цӕттӕ кӕнын ӕмӕ цӕуылдӕртыл ахуыр кӕнын дӕр. Павел ма фыста: «Ӕз хӕсджын дӕн Еллинтӕй, фыдгӕнджытӕй, зондджынтӕй ӕмӕ ницы зонджытӕй; уӕдӕ, мӕнмӕ цы хауы, ӕз цӕттӕ дӕн хорз уацхъуыд хъусын кӕнынмӕ сымахӕн дӕр, Ромы уӕвджытӕн» (Ромӕгтӕм 1:14, 15). Мах дӕр Павелау цӕстуарзон уыдзыстӕм ӕмӕ уыцы «хӕс» фиддзыстӕм.
11. Дунемӕ нын цы ахаст хъуамӕ уа, уый тыххӕй Библийы цавӕр хъуыдытӕ ис, фӕлӕ уӕддӕр цы зонӕм?
11 Не ’муырнӕг чи нӕу, уыдоны раз ма ныл исты хӕстӕ ис? Бӕгуыдӕр. Зонӕм ӕй, «ӕппӕт дуне кӕй ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19, НД). Стӕй, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта, уый дӕр нын бӕлвырд у: «Уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр куыд нӕ дӕн дунейӕ». Фӕлӕ мах нырма ацы дунейы цӕрӕм, цардӕн дзы амӕлттӕ кӕнӕм ӕмӕ дзы хорзӕй цы ис, уымӕй пайда кӕнӕм (Иоанны 17:11, 15, 16). Ӕмӕ ныл уымӕ гӕсгӕ ацы дунейы раз ис хӕстӕ. Цавӕр сты? Ацы фарстӕн апостол Петр дзуапп радта. Иерусалимы ныппырхы хӕдразмӕ Къаннӕг Азийы чырыстӕттӕм цы фыстӕг ныффыста, уым ис иу скъуыддзаг, ӕмӕ нын уый ӕмбарын кӕны, ацы дунемӕ нын цы ахаст хъуамӕ уа, уый.
12. Куыд ӕмбарын хъӕуы, зӕгъгӕ, чырыстӕттӕ сты «ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ фӕндаггӕттӕ» ӕмӕ дард цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ лӕууой?
12 Ӕркӕсӕм Петры ныхӕстӕм: «Уарзонтӕ! курын уӕ, куыд ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ фӕндаггӕттӕ, дард лӕуут удимӕ хӕцӕг буары фӕндӕттӕй» (1 Петры 2:11). Ӕцӕг чырыстӕттӕ «ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ фӕндаггӕттӕ» сты, зӕгъгӕ, уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ сӕ цард сӕйраджыдӕр баст у ӕнусон царды ныфсыл — фӕнды сыгъдӕг удӕй сӕрстытӕй уӕнт (ис сын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс), фӕнды — «ӕндӕр фыстӕй» (ис сын фидӕны зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс) (Иоанны 10:16; Филиппӕгтӕм 3:20, 21; Дзуттытӕм 11:13; Раргомад 7:9, 14—17). «Буары фӕндӕттӕ» та цы сты? Уыдонмӕ хауынц ахӕм хъуыддӕгтӕ: хъӕздыг цардмӕ бӕллын ӕмӕ стыр бынатмӕ тырнын, ӕнӕуаг ӕмӕ хӕлд митӕ кӕнын, хӕлӕг кӕнын ӕмӕ зыд кӕнын (Колоссӕгтӕм 3:5; 1 Тимофеймӕ 6:4, 9; 1 Иоанны 2:15, 16).
13. Куыд ӕмбарын хъӕуы, буары фӕндӕттӕ нӕ «удимӕ хӕцынц», зӕгъгӕ?
13 Ахӕм цыбӕлтӕ нын ӕцӕгӕйдӕр нӕ «удимӕ хӕцынц». Дард нӕ кӕнынц Хуыцауӕй, ӕмӕ афтӕмӕй та ис фесафӕн нӕ фидӕны ныфс (нӕ «уд», ома нӕ цард). Дзырдӕн, нӕ зӕрдӕ ӕппынӕдзух хӕлд митыл куы дзура, уӕд нӕ бон куыд бауыдзӕн нӕхи «цӕргӕ, сыгъдӕг, ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхцон чи уа, ахӕм нывондӕн» ӕрхӕссын? Ӕмӕ мулчы къӕппӕджы куы бахауӕм, уӕд та нӕ бон куыд бауыдзӕн «фыццаджыдӕр агурын Хуыцауы Паддзахад»? (Ромӕгтӕм 12:1, 2, НФ; Матфейы 6:33, НФ; 1 Тимофеймӕ 6:17—19). Ацы хъуыддаджы хорз уаид Моисейы бафӕзмын — дунейы цыбӕйлаг хъуыддӕгтӕ ныууадзын ӕмӕ фыццаджыдӕр Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын (Матфейы 6:19, 20; Дзуттытӕм 11:24—26). Уый у тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ нын дунемӕ раст ахаст ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй уыдзӕн.
«Ӕрвитут хӕрзуаг цард»
14. Мах, чырыстӕттӕ, хӕрзуаг цард цӕмӕн кӕнӕм?
14 Петры ныхӕсты ма ис ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыды: «Ӕрвитут хӕрзуаг цард муртатты ’хсӕн [«ӕндӕр адӕмты ’хсӕн», НД], цӕмӕй уыдон уый тыххӕй, цӕй тыххӕй уӕ фыдкой кӕнынц, куыд фыдгӕнджыты, уӕ хорз хъуыддӕгтӕ фенгӕйӕ, скадджын кӕной Хуыцауы бабӕрӕг кӕныны бон» (1 Петры 2:12). Мах, чырыстӕтты, фӕнды, цӕмӕй адӕмӕн уӕм фӕзминаг. Скъолайы хорз ахуыр кӕнӕм. Нӕ куысты дӕр зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кусӕм, кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ хицау цыдӕр раст нӕ кӕны, уӕддӕр. Кӕд ус ӕмӕ лӕгӕй исчи уырнӕг нӕу, уӕд дӕр дзы Ӕвдисӕн чи у, уый хъуамӕ архайа Библимӕ гӕсгӕ цӕрыныл. Раст у, уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ иу зонӕм — нӕхи хорз куы дарӕм, уӕд нӕ Иегъовӕ райгонд уыдзӕн, стӕй уырнӕг чи нӕу, уыдоныл дӕр уый хорзырдӕм фӕзыны (1 Петры 2:18—20; 3:1).
15. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕгас дунейы дӕр уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын адӕмӕй кӕй зонынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
15 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын кӕй сты, уый бӕрӕг у, бирӕ азты дӕргъы уыдон тыххӕй цы фыссынц,
уымӕй. Цӕвиттон, Италийы газет «Темпо»-йы уыд фыст: «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ чи кусы, уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, уыдон сты ӕнӕзӕрдӕхудт, стӕй сӕ диныл афтӕ ӕнувыд сты, ӕмӕ адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕ царды уый йеддӕмӕ ӕндӕр ницы ӕндавы. Фӕлӕ уӕддӕр се ’гъдауы тыххӕй сты раппӕлинаг» («Il Tempo»). Буэнос-Айресы (Аргентинӕ) газет «Фидиуӕджы» уыд фыст: «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ азты дӕргъы сӕхи равдыстой куыстуарзаг, уӕззау зондыл хӕст, фӕстауӕрцгӕнаг ӕмӕ Хуыцауыл ӕнувыд ӕмбӕстӕгтӕй» («Herald»). Уырыссаг ахуыргонд Сергей Иваненко та фыссы: «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕгас дунейы дӕр зонынц, закъонмӕ тынг чи хъусы, уӕлдайдӕр та хъалон цӕсгомджынӕй чи фиды, ахӕм адӕмӕй». Зимбабвейы, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ конгресстӕ цы агъуысты уагътой, уымӕн йӕ хицау загъта: «Мӕхи цӕстӕй фенын, Ӕвдисӕнтӕ гӕххӕттытӕ куыд фембырд кӕнынц ӕмӕ уазӕгдӕттӕ куыд фӕсыгъдӕг кӕнынц. Уӕ фӕстӕ ам ноджы сыгъдӕгдӕр вӕййы. Уӕ фӕсивӕд цӕй ӕгъдауджын сты. Тынг мӕ фӕнды, зӕххыл Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фылдӕр куы уаид».Чырыстӕттӕ сты коммӕгӕс
16. Хицауадмӕ нын цы ахаст хъуамӕ уа ӕмӕ цӕмӕн?
16 Петр ма дзырдта, хицауадмӕ нын цы ахаст хъуамӕ уа, уый тыххӕй: «Коммӕгӕс ут алы адӕймагон хицауадӕн, Хицауы тыххӕй: паддзахӕн, куыд сӕйраг хицауадӕн, хицауиуӕггӕнджытӕн, куыд уымӕй ӕрвыстытӕн, фыдгӕнджыты ӕфхӕрынмӕ ӕмӕ хӕрзгӕнджыты сразӕнгард кӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ ахӕм у Хуыцауы фӕндон, цӕмӕй мах хорздзинад кӕнгӕйӕ, ӕхгӕнӕм ницы зонӕг ӕнӕзонд адӕмы дзыхтӕ» (1 Петры 2:13—15). Мах бузныг стӕм, закъонмӕ гӕсгӕ цы хицауад архайы, уыдонӕй сӕ лӕггӕдты тыххӕй. Петр куыд фыста, уымӕ гӕсгӕ сын хъусӕм сӕ закъӕттӕм ӕмӕ хъалон фидӕм. Зонӕм ӕй, хицауадӕн Хуыцау радта бар закъонхалджыты ӕфхӕрынӕн, фӕлӕ мах хицауадмӕ сӕйраджыдӕр хъусӕм «Хицауы кадӕн». Уый у Хуыцауы фӕндон. Уымӕй уӕлдай ма, закъонмӕ куы нӕ байхъусӕм, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй куы бафхӕрой, уӕд фӕхудинаг кӕндзыстӕм Иегъовӕйы ном, мах та уый нӕ фӕнды (Ромӕгтӕм 13:1, 4—7; Титмӕ 3:1; 1 Петры 3:17).
17. Хицауадӕй иуӕй-иутӕ ницӕй тыххӕй нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд дызӕрдыг цӕуыл хъуамӕ ма кӕнӕм?
17 Хъыгагӕн, хицауадӕй нӕ иуӕй-иутӕ хъыгдарынц ӕмӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц: адӕмы баххуырсынц, цӕмӕй ныл хахуыртӕ кӕной. Фӕлӕ иу бон Иегъовӕ раргом кӕндзӕн, раст чи у, уый, ӕмӕ ныл хахуыртӕ нал кӕндзысты. Мах нӕхи хорз кӕй дарӕм, уый алчидӕр уыны. Гъе уый тыххӕй нӕ феппӕлынц рӕстзӕрдӕ хицӕуттӕ дӕр (Ромӕгтӕм 13:3; Титмӕ 2:7, 8).
Хуыцауы цагъартӕ
18. Нӕхи куыд фӕнды, афтӕ цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ ма уа?
18 Петр нӕ фӕдзӕхсы: «[Ут] куыд сӕрибартӕ, пайдагӕнджытӕ сӕрибардзинадӕй фыддзинад бамбӕрзынӕн нӕ, фӕлӕ куыд Хуыцауы цагъартӕ» (1 Петры 2:16; Галатӕгтӕм 5:13). Библийы ӕцӕгад нӕ ссӕрибар кодта мӕнг уырнындзинӕдтӕй (Иоанны 8:32). Уымӕй уӕлдай ма нын бар ис, цӕмӕй, нӕхимӕ раст цы кӕсы, уый кӕнӕм. Фӕлӕ уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ алы хатт дӕр, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ хъуамӕ уа. Хӕлӕрттӕ, уӕлӕдарӕс, хиирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ ма суанг хӕрд ӕмӕ нозтыл дӕр куы фӕцӕуы дзырд, уӕд нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцауы цагъартӕ кӕй сты ӕмӕ сӕ удӕн хуыздӕр цы у, уый кӕй нӕ агурынц. Мах аскъуыддзаг кодтам, буары монцты ӕмӕ ацы дунейы дзӕгъӕл миты ӕмӕ модӕйы цагъартӕ кӕй нӕ уыдзыстӕм, фӕлӕ Иегъовӕйы цагъартӕ (Галатӕгтӕм 5:24; 2 Тимофеймӕ 2:22; Титмӕ 2:11, 12).
19—21. а) Хицауадмӕ нын цы ахаст ис? ӕ) Иуӕй-иутӕ куыд равдисынц, ӕппӕт ӕфсымӕрад кӕй уарзынц, уый? б) Нӕ сӕйрагдӕр хӕс цы у?
1 Петры 2:17, НФ). Иегъовӕ Хуыцау адӕмы стыр бынӕтты кусын кӕй уадзы, уый тыххӕй сын хъӕуы аргъ кӕнын. Мах ма уыдоны тыххӕй кувгӕ дӕр фӕкӕнӕм, цӕмӕй нӕ ма хъыгдарой ӕмӕ нӕ уадзой сӕрибарӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (1 Тимофеймӕ 2:1—4). Уӕдӕ не ’фсымӕрад куыннӕ уарзӕм! Мах нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕн хорз йедтӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы аразӕм.
19 Петр дарддӕр дзуры: «Аргъ кӕнут се ’ппӕтӕн, уарзут ӕфсымӕрад, тӕрсут-иу Хуыцауӕй, паддзахы цытджын-иу дарут» (20 Цӕвиттон, Африкӕйы иу бӕстӕйы адӕмтӕ кӕрӕдзимӕ куы фесты, уӕд уыцы рӕстӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та сӕхи равдыстой ӕцӕг чырыстӕттӕй. Швейцарийы иу газеты уыд фыст: «1995 азы организаци „Африкӕгты бартӕ“... куыд сбӕлвырд кодта, афтӕмӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты йедтӕмӕ иннӕ динтӕ иууылдӕр архайдтой [уыцы хӕсты]» («Reformierte Presse»). Уыцы хабӕрттӕ ӕндӕр бӕстӕты куы базыдтой, уӕд Европӕйӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’фсымӕртӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмӕн ӕвӕстиатӕй арвыстой хӕринаг ӕмӕ хостӕ (Галатӕгтӕм 6:10). Уыдон бакодтой Ӕмбисӕндты 3:27 фыст амындмӕ гӕсгӕ: «Дӕ къух дӕ куы амона, уӕд ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн хорздзинад ракӕнын ма бавгъау кӕн».
21 Хицауадӕн кӕй хъуамӕ аргъ кӕнӕм, стӕй не ’фсымӕрты кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый иу, фӕлӕ ма ныл уымӕй уӕлдай ис ноджы стырдӕр хӕс. Цавӕр? Петр загъта: «Тӕрсут Хуыцауӕй». Адӕмӕй ныл Иегъовӕйы раз стырдӕр хӕс ис. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Куыд у нӕ бон, уыцы иу рӕстӕг Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ хицауады раз дӕр нӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын? Ацы фарстытӕн дзуаппытӕ базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.
Бахъуыды кодтай?
• Чырыстӕттыл бинонты ’хсӕн цы хӕстӕ ис?
• Цы нӕм ис, уый кӕй нӕ хӕлӕг кӕнӕм, уый ӕмбырды равдисӕн куыд ис?
• Дунейы раз ныл цы хӕстӕ ис?
• Нӕ хӕрзуаг цард нын хорзӕй цы хӕссы?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 19 фарсыл]
Цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй цы кӕнын хъӕуы?
[Нывтӕ 20 фарсыл]
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи цӕмӕн уарзынц?
[Нывтӕ 20 фарсыл]
Кӕд не ’фсымӕртӕй искӕй нӕ зонӕм, уӕддӕр куыд ис равдисӕн, кӕй сӕ уарзӕм, уый?