Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ къухтӕ фӕфидар кӕнут

Уӕ къухтӕ фӕфидар кӕнут

Уӕ къухтӕ фӕфидар кӕнут

ДЗЫРД «къух» Библийы бирӕ хатт ӕмбӕлы. Дзуттаг ӕвзагыл Фыстады «къух» кӕнӕ «къухтимӕ» ис алыхуызон дзырдбӕстытӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр нысаниуӕгимӕ. Зӕгъӕм, сыгъдӕг къухтӕ амонынц ӕнаххосдзинадмӕ (2 Паддзахӕдты 22:21; Псалом 23:3, 4). Къух гом кӕнын амоны рӕдаудзинадмӕ (Дыккаг закъон 15:11; Псалом 144:16). «Знаджы къухӕй фервӕзын» та амоны знӕгтӕй аирвӕзын (1 Паддзахӕдты 4:3). Къухтӕ ӕруадзын нысан кӕны ныфс фесафын (Дзуттытӕм 12:12). Искӕй «къух фӕфидар кӕнын» та нысан кӕны адӕймаджы фӕфидар кӕнын ӕмӕ йӕ дарддӕр архайынмӕ баразӕнгард кӕнын (1 Паддзахӕдты 23:16).

Абон нӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕуы нӕ къухтӕ фӕфидар кӕнын, уымӕн ӕмӕ «уӕззау рӕстӕджыты» цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1). Адӕймагӕн йӕ ныфс истӕй тыххӕй куы асӕтты, уӕд ӕй арӕх ницыуал фӕфӕнды, йӕ къухтӕ ӕруадзы. Диссаг никӕмӕуал кӕсы, сывӕллӕттӕ скъолайӕ кӕй ацӕуынц, лӕгтӕ сӕ бинонты кӕй ныууадзынц, мадӕлтӕ сӕ сывӕллӕттыл сӕ къух кӕй сисынц. Мах, чырыстӕттӕ, хъуамӕ нӕ къухтӕ фӕфидар кӕнӕм, цӕмӕй, Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы фыдӕвзарӕнтыл ӕмбӕлӕм, уыдон сфӕразӕм (Матфейы 24:13). Афтӕмӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

Цӕй фӕрцы фидар кӕнӕм нӕ къухтӕ

Ездрӕйы рӕстӕджы иудейты хъуыди сӕ къухтӕ фӕфидар кӕнын, уымӕн ӕмӕ сӕ Иерусалимы Иегъовӕйы кувӕндон кӕронмӕ сцалцӕг кӕнын хъуыд. Цы сӕ бафидар кодта? Фыстады кӕсӕм: «Авд боны зӕрдӕрайгӕйӕ ӕрвыстой донгонд дзулты бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ сӕ Иегъовӕ цинӕй барӕвдыдта, ӕмӕ сӕм Ассирийы паддзахы зӕрдӕ раздӕхта, цӕмӕй сын сӕ къухтӕ фӕфидар кодтаид ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы, Израилы Хуыцауы, хӕдзар сарӕзтаиккой» (Ездрӕ 6:22). Ай-гъай дӕр, «Ассирийы паддзахы» Иегъовӕ йӕ архайгӕ тыхӕй ӕркодта ахӕм хъуыдымӕ, цӕмӕй йын йӕ адӕмы фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ауагътаид; афтӕ ма Хуыцау иудейты дӕр баразӕнгард кодта сӕ куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын.

Фӕстӕдӕр, Иерусалимы систӕ рацаразинаг куы уыдысты, уӕд Нееми йе ’фсымӕрты бафидар кодта уыцы хъуыддаг саразынӕн. Библийы кӕсӕм: «Ӕз сын радзырдтон, мӕ Хуыцауы къух мын хӕрзаудӕн кӕй кодта, уый тыххӕй, стӕй мын паддзах цы загъта, уый дӕр. Ууыл уыдон загътой: „Цӕуӕм ӕмӕ аразӕм“. Ӕмӕ сӕ къухтӕ фӕфидар кодтой уыцы хорз хъуыддагӕн». Кӕй фӕфидар сты, уый фӕрцы Нееми ӕмӕ иннӕ иудейтӕн сӕ бон баци Иерусалимы систӕ самайын. Ӕмӕ сӕ уымӕн 52 боны йедтӕмӕ нӕ бахъуыд! (Нееми 2:18; 6:9, 15).

Абон махӕн та Иегъовӕ нӕ къухтӕ фидар кӕны Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнынӕн (Матфейы 24:14). Уый нӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн алцӕмӕйдӕр ифтонг кӕны. Радта нын ӕппӕты хуыздӕр кусӕнгӕрзтӕ: Библи ӕмӕ Библийы бындурыл фыст чингуытӕ, журналтӕ, брошюрӕтӕ, трактаттӕ, аудио- ӕмӕ видеокассетӕтӕ. Уыдон руаджы хъусын кӕнӕм ӕгас зӕххы адӕмӕн. Нӕ литературӕ мыхуыры цӕуы 380 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уыимӕ ма нӕ Иегъовӕ Хуыцау ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты дӕр ахуыр кӕны ӕмӕ нын амоны, уыцы диссаджы кусӕнгӕрзтӕй уацамынды куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый.

Иегъовӕ нын алы хуызы фидар кӕны нӕ къухтӕ, фӕлӕ нӕхӕдӕг дӕр кӕй архайдзыстӕм, уымӕ дӕр нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕрхъуыды ма кӕн иу хабар: паддзах Иоас бацыд пехуымпар Елисеймӕ, цӕмӕй йын сирийӕгты ныхмӕ фӕлӕууынӕн баххуыс кодтаид. Дӕ хъус ма ӕрдар, пехуымпар ын цы загъта, уымӕ. Елисей загъта паддзахӕн, цӕмӕй йӕ къухмӕ райса цалдӕр фаты ӕмӕ сӕ зӕхх цӕва. Библийы дзырдӕуы: «Ӕртӕ хатты ныццавта ӕмӕ ӕрлӕууыд. Уӕд ӕм ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг смӕсты ис ӕмӕ загъта: „Фондз кӕнӕ ӕхсӕз хатты цӕвын хъуыди! Уӕд Сирийыл кӕронмӕ фӕуӕлахиз уыдаис, фӕлӕ ныр ӕрмӕст ӕртӕ хатты фӕтых уыдзынӕ Сирийыл“» (4 Паддзахӕдты 13:18, 19). Иоас йе ’ппӕт хъарутӕй кӕй нӕ архайдта, уый тыххӕй йын сирийӕгтимӕ тохы бирӕ нӕ бантыст.

Иегъовӕ нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый нӕ кӕд кӕронмӕ сӕххӕст кӕнын фӕнды, уӕд уыцы хабар хъуамӕ нӕхицӕн зондӕн райсӕм. Нӕ фӕндагыл цы цӕлхдуртӕ ис, уыдон тыххӕй маст кӕнын кӕнӕ, нӕ хӕслӕвӕрд зын ӕххӕстгӕнӕн куы уа, ууыл тыхсыны бӕсты хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй ӕмӕ зӕрдӕбынӕй бавналӕм хъуыддагмӕ. Хъуамӕ нӕхи фӕфидар кӕнӕм ӕмӕ нӕ ныфс Иегъовӕйыл дарӕм (Исай 35:3, 4).

Иегъовӕ нын нӕ къухтӕ фидар кӕндзӕн

Иегъовӕ махӕн ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нын нӕ къухтӕ фидар кӕндзӕн, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау диссаг нӕ сараздзӕн ӕмӕ алцыдӕр мах бӕсты нӕ кӕндзӕн. Уый уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ мах, нӕхицӕй кӕнгӕ цы у, уый кӕй араздзыстӕм: Библи ӕрвылбон кӕй кӕсдзыстӕм, ӕмбырдтӕм ӕдзух кӕй цӕттӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ сӕм кӕй цӕудзыстӕм, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, арӕхдӕр кӕй хъусын кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕм ӕдзухдӕр кӕй кувдзыстӕм. Нӕ бон цы у, уый иузӕрдионӕй, зӕрдӕбынӕй куы аразӕм, уӕд нын Иегъовӕ хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый ӕххӕст кӕнынӕн (Филиппӕгтӕм 4:13).

Ахъуыды ма кӕн иу чырыстон ӕфсымӕры цӕвиттоныл. Уый иу азы мидӕг бавӕрдта йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ мады. Йӕ маст нӕма батад, афтӕмӕй йын йӕ чындз йӕ фырты ныууагъта ӕмӕ чырыстон цардвӕндагӕй дӕр ахызт. «Ӕз бамбӕрстон иу хъуыддаг,— загъта уыцы ӕфсымӕр,— цавӕр фӕлварӕнтӕ нын уыдзӕн царды, уый махӕй кӕнгӕ нӕу. Кӕд ӕмӕ сыл куыд арӕх ӕмбӕлдзыстӕм, ууыл дӕр нӕ бар нӕ цӕуы». Уыцы зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн хъару кӕм ссардта? «Мӕ сагъӕстӕй мӕ ирвӕзын кодта, ӕдзух Хуыцаумӕ кӕй куывтон ӕмӕ Библи кӕй ахуыр кодтон. Зӕрдӕлӕууӕн мын уыдысты мӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ дӕр. Афтӕ ма бамбӕрстон иу ахсджиаг хъуыддаг: цалынмӕ зын уавӕры нӕ бахаудтӕ, уӕдмӕ хъӕуы архайын ууыл, ӕмӕ Иегъовӕйы хорз хӕлар суай».

Цасфӕнды фӕлтӕрд ма уай, ӕппӕт зӕрдӕйӕ дӕ ныфс ӕвӕр Иегъовӕйыл ӕмӕ дын дӕ къухтӕ фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уымӕй пайда кӕн. Уӕд дӕ бон уыдзӕн Иегъовӕйӕн, иууыл хуыздӕр куыд гӕнӕн ис, афтӕ лӕггад кӕнын ӕмӕ йын йӕ диссаджы ном кадджын кӕнын (Дзуттытӕм 13:15).

[Ныв 31 фарсыл]

Иоас йе ’ппӕт хъарутӕй кӕй нӕ архайдта, уый тыххӕй йын сирийӕгтимӕ тохы бирӕ нӕ бантыст.