Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас зӕрдӕрайгӕйӕ ахуыр кӕнӕм

Хуыцауы Ныхас зӕрдӕрайгӕйӕ ахуыр кӕнӕм

Хуыцауы Ныхас зӕрдӕрайгӕйӕ ахуыр кӕнӕм

«Хъус дардзынӕн Дӕ ӕппӕт хъуыддӕгтӕм, хъуыды кӕндзынӕн Дӕ стыр хъуыддӕгтыл» (ПСАЛОМ 76:13).

1, 2. а) Хъуыды кӕнынӕн нӕ рӕстӕг арын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Цы нысан кӕны хъуыды кӕнын?

МАХ, Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты, тынг фӕнды Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ нын тынг ахсджиаг у, Хуыцауӕн цӕмӕн лӕггад кӕнӕм, уый ӕмбарын. Абон бирӕтӕ афтӕ ӕнӕвдӕлон сты, ӕмӕ, ӕрбадой ӕмӕ сабырӕй истӕуыл ахъуыды кӕной, уый рӕстӕг дӕр сын нӕй. Кӕцӕй цы ӕрбахӕссой, кӕцӕй цы ратоной, кӕм цы балхӕной ӕмӕ сӕ рӕстӕг сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн кӕм арвитой, ууыл сты. Ахӕм уӕлдай, ӕнӕпайда митӕй куыд ис хи бахизӕн? Хӕрынӕн ӕмӕ фынӕй кӕнынӕн алы бон дӕр куыд ссарӕм рӕстӕг, афтӕ Иегъовӕйы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнынӕн дӕр хъуамӕ алы бон дӕр арӕм рӕстӕг (Дыккаг закъон 8:3; Матфейы 4:4).

2 Хъуыды кӕнынмӕ дӕ искуы равдӕлы? Цы нысан кӕны хъуыды кӕнын? Хъуыды кӕнын у хъуыдыты ацӕуын, аныгъуылын; сагъӕс кӕнын. Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

3. Цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

3 Сӕйраджыдӕр нӕ зӕрдыл хъуамӕ ӕрлӕууой, апостол Павел йе ’ххуысгӕнӕг Тимофеймӕ кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕ: «Цалынмӕ ӕрцӕуон, уӕдмӕ архай кӕсыныл, фӕдзӕхсыныл ӕмӕ ахуыр кӕныныл [...]». «Ууыл хъуыды кӕн, уый уӕд ӕдзухдӕр дӕ мӕт, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (НД). Павелы тынг фӕндыд, цӕмӕй Тимофей ӕцӕгады ӕнтыстджын уыдаид ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар уыдаид. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у: цӕмӕй адӕймаг ӕнтыстджын уыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыд Хуыцауы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнын. Абон дӕр афтӕ у. Хуыцауы хъуыддаджы цӕмӕй ӕнтыстджын уӕм ӕмӕ не ’нтыстытӕй зӕрдӕрай уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Хуыцауы Ныхасыл «хъуыды кӕнын» ӕмӕ уый хъуамӕ уа «ӕдзухдӕр нӕ мӕт» (1 Тимофеймӕ 4:13—15).

4. Иегъовӕйы Ныхасыл иудадзыг хъуыды кӕнынӕн хорз ӕххуыс цы у?

4 Куыд ис хъуыды кӕнынӕн рӕстӕг ссарӕн? Уый нӕхицӕй ӕмӕ нӕ бинонты боны фӕткӕй аразгӕ у. Бирӕтӕ Библийы стихыл фӕхъуыды кӕнынц райсомӕй, чиныг «Алы бон дӕр ӕвзар Фыстытӕ» куы фӕкӕсынц, уӕд. Ӕгас дунейы Вефилты 20 минмӕ ӕввахс барвӕндон кусӕджы сӕ бон райдайынц, 15 минуты дӕргъы боны стих ӕвзарынӕй. Стихы фӕдыл сӕ хъуыдытӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕрӕй фӕзӕгъынц, иннӕтӕ та, цы фехъусынц ӕмӕ цы бакӕсынц, ууыл фӕхъуыды кӕнынц. Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ та Иегъовӕйы Ныхасыл фӕхъуыды кӕнынц куыстмӕ цӕугӕйӕ. Уыдон фӕхъусынц, Библи, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» цы кассетӕтыл фыст сты, уыдонмӕ (уыцы кассетӕтӕ цӕуынц цалдӕр ӕвзагыл). Бирӕ сылгоймӕгтӕ та кассетӕтӕм фӕхъусынц, хӕдзары куыстытӕ кӕнгӕйӕ. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон фӕзмынц псаломзарӕггӕнӕг Асафы, афтӕ чи фыста: «Мысдзынӕн Хицауы хъуыддӕгты тыххӕй; мысдзынӕн Дӕ рагзаманы диссӕгты тыххӕй. Хъус дардзынӕн Дӕ ӕппӕт хъуыддӕгтӕм, хъуыды кӕндзынӕн Дӕ стыр хъуыддӕгтыл» (Псалом 76:12, 13).

Хорз зӕрдӕйы уагӕн — хорз лӕвар

5. Библи нӕ лӕмбынӕг ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

5 Ныры фӕлтӕрмӕ телевизортӕ, видеомагнитофонтӕ, компьютертӕ кӕй ис, уый тыххӕй сӕ фылдӕр чингуытӕ нал кӕсынц. Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ нӕ кӕнынц. Библи кӕсын уымӕн хъӕуы, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй ис Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕн. Цалдӕр мин азы размӕ израилӕгты раздзог, Моисейы фӕстӕ, сси Навины фырт Йесо. Цӕмӕй Йесойыл Иегъовӕйы хорзӕх сӕмбӕлдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыдис Хуыцауы Ныхас кӕсын (Йесо Навин 1:8; Псалом 1:1, 2, НД). Махӕн дӕр афтӕ кӕнын ӕмбӕлы. Иуӕй-иутӕм цалдӕр къласы ахуыр йедтӕмӕ кӕй нӕй, уый тыххӕй сын кӕсын зын вӕййы, науӕд та зивӕг кӕнынц. Уӕдӕ нӕ цӕмӕй Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын фӕнда, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы? Уымӕн дзуапп ссарӕн ис паддзах Соломоны ныхӕсты, фыст сты Ӕмбисӕндты 2:1—6. Дӕ хорзӕхӕй, дӕ Библи райс ӕмӕ сӕ бакӕс, ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ иумӕ равзарӕм.

6. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа?

6 Уыцы стихтӕ райдайынц мӕнӕ ахӕм фӕдзӕхстӕй: «Мӕ фырт, кӕд мын мӕ ныхӕстӕ райсай ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕн дӕ риуы арф бынат скӕнай, кӕд дӕ хъус лӕмбынӕг дарай зондмӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ саразай ӕмбаргӕдзинадмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 2:1, 2). Ацы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Ууыл, ӕмӕ нӕ алкӕуыл дӕр ис хӕс — Библи сӕрмагондӕй ахуыр кӕнын. Кӕс ма, куыд дзы ис фыст: «Кӕд мын мӕ ныхӕстӕ райсай». Раст у, «кӕд», уымӕн ӕмӕ бирӕтӕм Хуыцауы Ныхас нымады дӕр нӕу. Цӕмӕй Библи зӕрдӕрайгӕйӕ ахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Иегъовӕйы ныхӕстӕм зӕрдиагӕй хъусӕм ӕмӕ сӕ хӕзнатау хъахъхъӕнӕм. Нӕ куыстытӕй хъуамӕ афтӕ ма стыхсӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцауы Ныхас кӕсынмӕ мауал ӕвдӕла кӕнӕ ма йыл дызӕрдыг кӕнын дӕр райдайӕм (Ромӕгтӕм 3:3, 4).

7. Фембӕлдтӕм, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕнӕмӕнгӕй цӕмӕн хъӕуы цӕуын ӕмӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъӕуы хъусын?

7 Фембӕлды Хуыцауы Ныхас куы февзарынц, уӕд «нӕ хъус лӕмбынӕг фӕдарӕм»? (Ефесӕгтӕм 4:20, 21). Цӕмӕй ӕмбаргӕдӕр уӕм, уый тыххӕй фембӕлды цы фӕдзурынц, уымӕ «нӕ зӕрдӕ саразӕм»? Ӕвӕлтӕрд ӕфсымӕрӕн куы уа раныхас, уӕддӕр ӕм лӕмбынӕг хъусын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ ныхас арӕзт вӕййы Хуыцауы Ныхасыл. Дзырд дӕр ыл нӕй, цӕмӕй Иегъовӕйы зондмӕ хъусӕм, уый тыххӕй нӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуын (Ӕмбисӕндтӕ 18:1). Ахъуыды ма кӕн, н. э. 33 азы Иерусалимы Фӕндзайӕм боны, иу хӕдзары уӕллаг уаты цы ’мбырд уыди, уый исчи куы фӕцух кодтаид, уӕд куыд тынг фӕфӕсмон кодтаид! Мах ӕмбырдты кӕд ахӕм диссӕгтӕ не ’рцӕуы, уӕддӕр дзы фӕныхас кӕнынц нӕ сӕйраг ахуыргӕнӕн чиныг Библийыл. Уӕдӕ афтӕ, фембӕлды цы дзурынц, уымӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм ӕмӕ ӕфсымӕры ныхасмӕ гӕсгӕ нӕ Библиты стихтӕ куы агурӕм, уӕд нӕ уырнындзинадӕн уыдзӕн ахъаз (Куыстытӕ 2:1—4; Дзуттытӕм 10:24, 25).

8, 9. а)Библи ахуыр кӕнынӕн нӕ цы хъӕуы? ӕ) Цы аргъ ис сызгъӕринӕн ӕмӕ Хуыцауы базонынӕн?

8 Хӕдзонд паддзах ма загъта: «Кӕд ӕмбарынадмӕ сидай ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадмӕ хъӕр кӕнай» (Ӕмбисӕндтӕ 2:3). Ацы ныхӕстӕ нӕ цавӕр зондыл ӕвӕрынц? Хъуамӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнда Иегъовӕйы Ныхас ӕмбарын. Цӕмӕй ӕмбаргӕдӕр кӕнӕм ӕмӕ Иегъовӕйы фӕндоны тыххӕй фылдӕр базонӕм, уый тыххӕй хъӕуы Библи зӕрдиагӕй ахуыр кӕнын. Ацы хъуыддагӕн хъарутӕ хъӕуы, ӕмӕ ууыл дзурӕг сты Соломоны иннӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ цӕстуынгӕ цӕвиттон (Ефесӕгтӕм 5:15—17).

9 Уый дарддӕр дзуры: «Ӕвзистау ӕй [ӕмбаргӕдзинад] кӕд зӕрдиагӕй агурай ӕмӕ йӕ ӕмбӕхст хӕзнатау ссарынмӕ тырнай» (Ӕмбисӕндтӕ 2:4). Ацы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, мӕнӕ зынаргъ згъӕртӕ кӕй хонынц, ома сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист, чи агуырдта, уыцы адӕмы. Сызгъӕрины тыххӕй адӕм кӕрӕдзи дӕр мардтой. Иуӕй-иутӕ та сӕ цард арвыстой йӕ агурыныл. Ау, сызгъӕрин уый аргъ у?! Зӕгъӕм, фестадтӕ ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ дӕ ком ныххус, уӕд цы равзарис: сызгъӕрины къӕртт ӕви доны хуыпп? Ӕвӕдза, куыд тынг фӕфӕнды кӕйдӕрты сызгъӕрин ссарын, кӕд ӕмӕ йын аргъ дӕр сӕхӕдӕг сӕвӕрынц ӕмӕ йӕ аргъ уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ гӕпп кӕны! * Уӕдӕ мах зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад агурын, афтӕ ма Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндон базонын, уымӕй тынгдӕр хъуамӕ ма фӕнда?! Фӕлӕ уыдӕттӕ афтӕ зӕрдиагӕй куы агурӕм, уӕд цы ссардзыстӕм? (Псалом 18:8—11; Ӕмбисӕндтӕ 3:13—18).

10. Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кӕнӕм, уӕд цы ссардзыстӕм?

10 Соломон йӕ ныхас дарддӕр кӕны: «Уӕд бамбардзынӕ, Иегъовӕйӕ тӕрсын цы у, уый ӕмӕ ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 2:5). Диссаг, тӕригъӕдджын адӕймагӕн йӕ бон у Дунедарӕг Иегъовӕ «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» ссарын! (Псалом 72:28; Куыстытӕ 4:24). Философтӕ ӕмӕ зонды лӕгтӕ бирӕ ӕнусты дӕргъы архайдтой царды ӕмӕ Дун-дунейы сусӕг хъуыддӕгтӕ бамбарыныл. Фӕлӕ Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ не ссардтой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, кӕд уыцы хабӕрттӕ мин азты дӕргъы фыст сты Хуыцауы Ныхасы, Библийы, уӕддӕр сыл сӕ былтӕ къуырынц, зӕгъгӕ, ӕгӕр хуымӕтӕг сты. Ӕмӕ сӕ афтӕмӕй кӕцӕй бамбардзысты?! (1 Коринфӕгтӕм 1:18—21).

11. Библи ахуыр кӕнын ахъаз цӕмӕн у?

11 Соломон ма нӕ разӕнгард кӕны: «Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕтты зонд, уымӕй цӕуы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинад» (Ӕмбисӕндтӕ 2:6). Зонд, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинад зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн сӕ Иегъовӕ рӕдауӕй дӕтты. Уӕдӕ бӕлвырд у, Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынӕн аргъ кӕнын кӕй хъӕуы, кӕд ын хъарутӕ ӕмӕ рӕстӕг хъӕуы, уӕддӕр. Хорз у ӕмӕ нӕм ис Библи, ӕмӕ йӕ нӕ хъӕуы рафысс-бафысс кӕнын, мӕнӕ рагзаманты куыд кодтой, афтӕ (Дыккаг закъон 17:18, 19).

Уӕхи Хуыцауы аккаг дарут

12. Цӕй тыххӕй нӕ фӕнды Библи ахуыр кӕнын?

12 Цӕмӕн ахуыр кӕнӕм Библи? Цӕмӕй иннӕтӕй хуыздӕр уӕм? Бирӕ кӕй зонӕм, уый ӕвдисӕм? Цӕмӕй нӕ, Библи хорз чи зоны, ахӕм зондабитыл нымайой? Нӕ. Мах фӕнды, цӕмӕй ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр уӕм чырыстӕттӕ; стӕй, цӕмӕй, нӕ сӕр кӕй бахъӕуы, уыдонӕн-иу, Чырыстийы фӕзмгӕйӕ, баххуыс кӕнӕм ӕмӕ-иу сын се онг фӕрогдӕр кӕнӕм (Матфейы 11:28—30). Апостол Павел фӕдзӕхста: «Зонд хъал кӕны, уарзондзинад та ахуыр кӕны» (1 Коринфӕгтӕм 8:1, НФ). Моисей Иегъовӕмӕ куы хатыд, уӕд йӕхи куыд сӕрныллӕгӕй равдыста, мах дӕр афтӕ сӕрныллӕг хъуамӕ уӕм. Моисей куырдта: «Лӕгъстӕ дын кӕнын: бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй дӕ зонон ӕмӕ дын дӕ хорзӕх ссарон» (Рацыд 33:13). Кӕд нӕ исты базонын фӕнды, уӕд нӕхицӕй ӕппӕлыны тыххӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй. Мах хъуамӕ уӕм Хуыцауӕн аккаг ӕмӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕ. Ацы хъуыддаг нӕ къухы куыдӕй бафтдзӕн?

13. Хуыцауӕн аккаг лӕггадгӕнӕг суӕвӕн куыд ис?

13 Хуыцауы хорзӕх ссарӕн куыд ис, уый тыххӕй Павел Тимофейӕн загъта: «Бадар дӕхи Хуыцауы раз равдисынмӕ аккаг ӕмӕ ӕназым кусӕгӕй, ӕцӕгады дзырды раст чи амоны, ахӕмӕй» (2 Тимофеймӕ 2:15, НФ). «Раст амонын» ивд у рагон грекъаг вазыгджын мивдисӕгӕй, ӕмӕ комкоммӕ амоны «ӕмраст алыг кӕнын» («Kingdom Interlinear»). Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, хуыйӕг хъуымац нывмӕ гӕсгӕ кӕй скӕрды, зӕхкусӕг та йӕ хуымыл гутонӕй хахх кӕй акӕны, уымӕ гӕсгӕ ацы мивдисӕг ахӕссӕн ис уыдонмӕ. Сӕ куыст хъуамӕ рауайа хорз, раст. Уӕдӕ Тимофей Хуыцауӕн аккаг лӕггадгӕнӕг уӕд суыдаид, ӕмӕ, цы амыдта ӕмӕ йӕхи куыд дардта, уый ӕцӕгады дзырдмӕ гӕсгӕ уа, ууыл куы «архайдтаид» (1 Тимофеймӕ 4:16).

14. Библийы ахуыр нын нӕ уагахаст ӕмӕ нӕ ныхасыл куыд хъуамӕ ӕндава?

14 Павел колоссаг чырыстӕттӕн дӕр уый тыххӕй дзырдта, зӕгъгӕ, «кӕнут Хуыцауӕн аккаг, алцӕмӕй дӕр Уый зӕрдӕ ӕлхӕнгӕйӕ, алкӕцы хорз хъуыддаджы дыргъ хӕсгӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы бамбарыны рӕзгӕйӕ» (Колоссӕгтӕм 1:10). Ацы ран Павел дзуры, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕн аккаг уый у, «алкӕцы хорз хъуыддаджы дыргъ [чи] хӕссы ӕмӕ Хуыцауы бамбарыны [чи] рӕзы». Иу дзырдӕй, зонындзинӕдтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уымӕй Иегъовӕйӕн ахсджиагдӕр у, йӕ Ныхасмӕ гӕсгӕ йын кӕй цӕрӕм, ӕмӕ уый нӕ уагахастӕй дӕр ӕмӕ нӕ ныхасӕй дӕр кӕй ӕвдисӕм, уыцы хъуыддаг (Ромӕгтӕм 2:21, 22). Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ кӕд фӕнды Хуыцауы хорзӕх ссарын, уӕд нӕ ахуыр хъуамӕ ӕндава куыд нӕ зондыл, афтӕ нӕ уагыл дӕр.

15. Цӕмӕй нӕ сӕрмӕ ӕнаккаг хъуыдытӕ ма уадзӕм, сурӕм сӕ, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

15 Сайтан нын нӕ уырнындзинад бамынӕг кӕныныл йӕ быцъынӕг тоны, ӕмӕ уымӕн хорз амал дӕр зоны: сӕрызонды тох цырын кӕнын (Ромӕгтӕм 7:14—25). Уӕдӕ, цӕмӕй нӕ Хуыцау Иегъовӕйӕн аккаг разынӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ сӕрмӕ ӕнаккаг хъуыдытӕ ма уадзӕм, сурӕм сӕ. Нӕ хӕцӕнгарз у, «Хуыцауы [кӕй] зонӕм», уый, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн «уацары исын алы хъуыдыдзинад [«хъуыды», НД] Чырыстийӕн коммӕ бакӕсынӕн». Ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр хъӕуы алы бон Библи ахуыр кӕнын. О, мах фӕнды нӕ сӕрӕй ӕвзӕр, буарон хъуыдытӕ сурын (2 Коринфӕгтӕм 10:5).

Ӕмбарынӕн нын цы ӕххуыс кӕны?

16. Иегъовӕйы амындтӕ ахъаз цӕмӕн сты?

16 Иегъовӕйы амындтӕ нын ахъаз сты нӕ уырнындзинадӕн дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр. Цы нын амоны, уыдон цыдӕр ӕрхӕндӕг ӕмӕ ӕнӕпайда дины кӕнонтӕ не сты. Мах кӕсӕм: «Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын чи амоны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (Исай 48:17). Хуыздӕр нын цы фӕндаг у, ууыл нӕ Иегъовӕ куыд кӕны? Фыццаджыдӕр, ис нӕм Хуыцауы Ныхас — Библи. Уый у нӕ сӕйраг ахуыргӕнӕн чиныг, ӕмӕ нӕ фарстытӕн дзуапп уым фӕагурӕм. Растдӕр нӕ уый тыххӕй фӕхъӕуы ӕмбырдты, ӕфсымӕртӕ цы стихтӕм фӕамонынц, уыдон Библийы кӕсын. Афтӕ кӕнын хорз цӕмӕн у, уый бӕлвырд ӕвдисы, ефиопаг лӕгыл цы хабар ӕрцыд, уый. Фыст ис Куыстыты 8 сӕры.

17. Ефиопаг лӕгыл цы ’рцыд ӕмӕ уыцы хабар цӕуыл дзурӕг у?

17 Ефиопаг лӕг иудейты диныл хӕст уыд. Хуыцауыл уыд зӕрдӕйӕ ӕмӕ ахуыр кодта Фыстытӕ. Иузаман, дыдзӕлхыг уӕрдоныл цӕугӕйӕ Исайы пехуымпарад куы каст, афтӕ йӕ Филипп сӕййӕфта ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?» Уыцы лӕг ын цы загъта? «Куыд ӕй бамбарон, исчи мын ӕй куы нӕ бамбарын кӕна, уӕд? Ӕмӕ Филиппӕй куырдта схизын ӕмӕ йемӕ сбадын». Филипп ын Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы бамбарын кодта Исайы пехуымпарад (Куыстытӕ 8:27—35). Ацы хабар цӕуыл дзурӕг у? Библи нӕхӕдӕг кӕй кӕсӕм, уый фаг нӕу. «Зондджын ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъармӕ» Иегъовӕйы комы тӕф кӕй хӕццӕ кӕны, уый фӕрцы йӕ афоныл Хуыцауы Ныхас халы ӕмӕ нын ӕй ӕмбарын кӕны. Уыцы хъуыддаг куыдӕй цӕуы? (Матфейы 24:45—47; Лукайы 12:42).

18. Куыд нын ӕххуыс кӕны «зондджын ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъар»?

18 Йесо «цагъары» къорд схуыдта «зондджын ӕмӕ ӕууӕнкджын», фӕлӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, уыдзысты ӕнӕрӕдийгӕ. Уыцы ӕнувыд сӕрст ӕфсымӕрты къорды иууылдӕр сты ӕнӕххӕст чырыстӕттӕ. Кӕд сӕ алкӕддӕр хорз цыдӕртӕ фӕфӕнды, уӕддӕр ӕнӕрӕдийгӕ нӕ вӕййынц, растдӕр фыццаг ӕнусы сӕрст ӕфсымӕртӕ куыд уыдысты, афтӕ (Куыстытӕ 10:9—15; Галатӕгтӕм 2:8, 11—14). Фӕлӕ сӕ цы фӕнды, уый — зӕрдӕйӕ, ӕмӕ Иегъовӕ дӕр уыдоны уылты дӕтты ӕрмӕг Библи ахуыр кӕнынӕн. Библийы ахуыры руаджы та фидардӕр кӕны не ’ууӕнк Хуыцауы Ныхасыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл. «Зондджын ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъар» ахуырӕн сӕйраджыдӕр радта «Сыгъдӕг Фыстады ног дунейы тӕлмац». Ныридӕгӕн ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай рацыд 42 ӕвзагыл 114 милуан чиныгӕй. Куыд дзы ис пайда кӕнӕн, Библи нӕхӕдӕг куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд? (2 Тимофеймӕ 3:14—17).

19. Библи ахуыр кӕнынӕн «Сыгъдӕг Фыстады ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ» стыр ӕххуыс цӕмӕй у?

19 Цӕвиттонӕн райсӕм «Сыгъдӕг Фыстады ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ». Уыйӕппӕт цыдӕртӕ дзы ис, ӕмӕ диссаг: ис дзы цӕджындзӕгтӕ уӕлӕмхасӕн стихтимӕ, фиппаинӕгтӕ, цыбыр симфони («Библийы дзырдтӕ амонӕн» ӕмӕ «Фиппаинӕгты дзырдтӕ амонӕн»). Цы «Уӕлӕмхасӕн» дзы ис, уым лӕмбынӕг ӕвзӕрст цӕуы 43 темӕйы, афтӕ ма дзы ис картӕтӕ ӕмӕ таблицӕтӕ дӕр. «Разныхасы» фыст ис, уыцы диссаджы тӕлмацыл кусгӕйӕ цы бирӕ чингуытӕй спайда чындӕуыд, уый тыххӕй. Кӕд ацы Библи, цы ’взаг зоныс, ууыл ис, уӕд ӕм ӕнӕмӕнгдӕр ӕркӕс ӕмӕ дзы пайда кӕн. Иу дзырдӕй, сӕйраджыдӕр ахуыр кӕнӕм Библи. «Ног дунейы тӕлмац» адӕймаджы ’ргом здахы Хуыцауы Паддзахадмӕ ӕмӕ кадджын кӕны Хуыцауы ном (Псалом 149:1—9; Данел 2:44; Матфейы 6:9, 10).

20. Библийы ахуыры фӕдыл цавӕр фарстытӕ хъӕуы равзарын?

20 Ныр ахъуыды кӕнӕм: Библи ӕмбарынӕн ма нӕ ноджыдӕр цы хъӕуы? Ахуыр кӕнынӕн куыд ис рӕстӕг арӕн? Цӕмӕй нӕ Библийы ахуыр хуыздӕр цӕуа ӕмӕ цы базонӕм, уый нӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр хъара, уымӕн цы хъӕуы? Нӕхӕдӕг Библи кӕй ахуыр кӕнӕм, уый иннӕтыл куыд хъуамӕ ӕндава? Ацы ахсджиаг фарстытӕм ӕркӕсдзыстӕм иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. 1979 азӕй фӕстӕмӕ сызгъӕрины аргъ уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ гӕпп кодта: 1980 азы йӕ грамм уыд тынг зынаргъ — 27, 42 доллӕры, 1999 та тынг ӕрхаудта: йӕ иу грамм уыд 8,15 доллӕры.

Бахъуыды кодтай?

• Цы нысан кӕны хъуыды кӕнын?

• Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

• Библи цӕмӕн ахуыр кӕнӕм?

• Библи ахуыр кӕнынӕн нын стыр ӕххуыс цы у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 21 фарсыл]

Вефилы бинонтӕ алы райсом дӕр боны стих кӕй февзарынц, уый фӕрцы сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕны.

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Искуыдӕм цӕугӕйӕ кассетӕтӕм куы хъусӕм, уӕд нӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ сӕфдзӕн.

[Ныв 22 фарсыл]

Адӕм-иу сызгъӕрин агурыныл сӕ хъарутӕ, сӕ рӕстӕг не ’вгъау кодтой. Ды дӕр Хуыцауы Ныхас удуӕлдайӕ ахуыр кӕныс?

[Барлӕвӕрдӕй]

California State Parks-ы барлӕвӕрдӕй, 2002

[Нывтӕ 23 фарсыл]

Библи у хӕзна, ӕмӕ уый фӕрцы ссарӕн ис ӕнусон цард.