Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы нӕм ис, уый иууылдӕр дӕттын хъӕуы?

Цы нӕм ис, уый иууылдӕр дӕттын хъӕуы?

Цы нӕм ис, уый иууылдӕр дӕттын хъӕуы?

«МӔГУЫР дӕр мӕ схонут — мӕнӕн уӕлдай нӕу. Ӕз ӕхца Йесойы тыххӕй курын»,— загъта протестантты сауджын. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, динӕн ӕхца амал кӕныны фарста дзырддаг кӕй у. Куыд зыны, афтӕмӕй дины организацитӕ сты, ӕхцайӕ сын тынг кӕй ӕххуыс кӕнынц, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Хъӕуы сӕ мызд фидын, аргъуантӕ аразын ӕмӕ сӕм зилын, миссионерты дарын. Ӕппӕт уыдӕттӕн сӕм ӕхца кӕцӕй хъуамӕ цӕуа?

Аргъуантӕй бирӕтӕ сӕ хъуыддӕгтӕ ӕрнывыл кӕныны мадзалыл нымайынц дӕсӕм хай исын *. «Дӕсӕм хай ӕмбырд кӕныны руаджы Хуыцау Йӕ паддзахадӕн ӕхца амал кӕны зӕххыл,— дзуры евангелист Норман Робертсон.— Афтӕмӕй Йӕ хъуыддӕгтӕ аразы ӕмӕ уый фӕрцы Евангели хъуыстгонд цӕуы». Аргъуанмӕ цӕуджытӕн сӕ хӕс мысайнаг дӕттын кӕй у, уый тыххӕй сын комкоммӕ дзуры: «Сымах дӕсӕм хай ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ дӕттут, ӕмӕ уӕ бон у. Уымӕй ӕвдисут коммӕгӕсдзинад. Дӕсӕм хай куы нӕ хӕссат, уӕд Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ халут. Афтӕмӕй, сымах цы нӕу, уый уӕхи кӕнут» («Tithing—​God’s Financial Plan»).

Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, чырыстоны хӕс кӕй у дины хъуыддӕгтӕн ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнын. Фӕлӕ мысайнаг тыхӕй куы фӕкурынц, уӕд дӕ уый сагъӕсы нӕ бафтауы кӕнӕ не смӕсты вӕййыс? Бразилиаг динамонӕг Инасью Стридер аргъуанты фауы, зӕгъгӕ «сӕ аргъуанты зындзинӕдтӕ аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй» уыдон ӕмбырд кӕнынц дӕсӕм хай, ӕмӕ, дам, ахӕм хъуыддӕгтӕ сты «закъоны ныхмӕ, худинаггӕнӕг ӕмӕ дин зыгъуыммӕгӕнӕг». Уый фӕстиуӕгӕн, динамонӕг куыд загъта, афтӕмӕй «ӕгуыст адӕм, идӕдзтӕ, фырмӕгуыр районты цӕрджытӕ ӕмӕ хуымӕтӕг, ӕнӕхин адӕймӕгтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ сӕ Хуыцау ныууагъта, ӕмӕ сӕ сауджынӕн афтӕ бирӕ хъуамӕ раттой, ӕмӕ уый фӕстӕ сӕ бинонтӕ сыдӕй куыд мӕлой».

Ӕвӕццӕгӕн дӕ фӕнды базонын: дӕсӕм хай тыхӕй чи куры, уыцы аргъуантӕ Сыгъдӕг Фыстад раст ӕмбарын кӕнынц? Кӕнӕ иуӕй-иу динтӕ сӕ адӕмы Хуыцауы фыдӕхӕй уый тыххӕй тӕрсын кӕнынц, цӕмӕй сӕ цармыстыгъд кӕной? Хуыцауы ӕцӕгдӕр афтӕ фӕнды, ӕмӕ нӕм цы ис, уый йын иууылдӕр раттӕм?

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Дӕсӕм хай у адӕймаджы иумӕйаг ӕфтиагӕн йӕ 10 проценты.