Чырыстӕттӕ кӕрӕдзи фӕрцы сты
Чырыстӕттӕ кӕрӕдзи фӕрцы сты
«Мах стӕм кӕрӕдзийӕн уӕнгтӕ» (ЕФЕСӔГТӔМ 4:25).
1. Цы дзырдӕуы иу энциклопедийы адӕймаджы буары тыххӕй?
АДӔЙМАДЖЫ буар у диссаджы конд! Иу энциклопедийы дзырдӕуы: «Иуӕй-иу хатт адӕймаджы буар схонынц ӕппӕтӕй диссагдӕр арӕзт механизм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаджы буар механизм нӕу. Фӕлӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты сты ӕмхуызон. Буар дӕр механизмау конд у бирӕ хӕйттӕй. Буары алы хай дӕр механизмы хӕйттау цыдӕр сӕрмагонд куыст кӕны. Буары хӕйттӕ дӕр ӕмӕ механизмы хӕйттӕ дӕр ӕмгуыст кӕй кӕнынц, уый фӕрцы кусынц дзӕбӕх» («The World Book Encyclopedia»).
2. Адӕймаджы буар ӕмӕ чырыстон ӕмбырд иухуызон цӕмӕй сты?
2 Раст у, буар конд у бирӕ хӕйттӕй, кӕнӕ бирӕ уӕнгтӕй, ӕмӕ дзы алкӕцыдӕр цыдӕр хъӕугӕ куыст кӕны. Буары иу уӕлдай тугдадзин дӕр, иу хӕцъӕф дӕр, иу уӕнг дӕр нӕй. Афтӕ чырыстон ӕмбырды дӕр алы уӕнг цыдӕр аразы, цӕмӕй ӕмбырд фидар уа (1 Коринфӕгтӕм 12:14—26). Уӕдӕ ӕмбырды иу адӕймаг дӕр хъуамӕ йӕхимӕ ахӕм хъуыды ӕмгӕрон дӕр ма ӕрбауадза, зӕгъгӕ, иннӕтӕй хуыздӕр дӕн, афтӕ йӕхи ӕгуыдзӕгыл дӕр хъуамӕ мачи нымайа (Ромӕгтӕм 12:3).
3. Чырыстӕттӕ кӕрӕдзи фӕрцы кӕй сты, уый Ефесӕгтӕм 4:25 куыд ӕвдисы?
3 Буары уӕнгтӕ кӕрӕдзийыл куыд баст сты, афтӕ чырыстӕттӕ дӕр кӕрӕдзийыл сты баст, кӕрӕдзи фӕрцы сты. Апостол Павел ацы хъуыддаг бӕлвырд бамбарын кодта йе ’муырнджытӕн, сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕн: «Мӕнгдзинад иуварс авӕргӕйӕ, дзурут ӕцӕгдзинад алчи йӕхионӕн, уымӕн ӕмӕ мах стӕм кӕрӕдзийӕн уӕнгтӕ» (Ефесӕгтӕм 4:25). Монон Израилы уӕнгтӕ, ома, «Чырыстийы буар», «кӕрӕдзийӕн уӕнгтӕ» кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сты ӕргомзӕрдӕ ӕмӕ иу зондыл хӕст. О, иууылдӕр кӕрӕдзиуыл баст сты (Ефесӕгтӕм 4:11—13). Семӕ фӕрнӕй цӕрынц ӕмӕ ӕмгуыст кӕнынц, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы рӕстзӕрдӕ чырыстӕттӕ дӕр.
4. Нӕуджытӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн?
4 Зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕй ис, ахӕм адӕмӕй алы аз дӕр мингӕйттӕ донаргъуыд райсынц. Ӕмбырды уӕнгтӕ та сын цӕстуарзонӕй ӕххуыс кӕнынц «батагъд кӕнынӕн ӕххӕстдзинадмӕ» (Дзуттытӕм 6:1—3). Зӕгъӕм, Библийӕ сӕм цы фарстытӕ фӕзыны, уыдонӕн сын дзуаппытӕ дӕттынц ӕмӕ семӕ уацамынды цӕуынц. Махӕн дӕр нӕ бон у нӕуджытӕн ӕххуыс кӕнын нӕ хорз цӕвиттонӕй: фембӕлдты зӕрдиагӕй архайгӕйӕ. Бахъуаджы рӕстӕг сын хъуамӕ уӕм ныфс, удӕнцой (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, 15). Хъуамӕ сӕм фӕкӕсӕм «ӕцӕгады цӕуынӕн» (3 Иоанны 4, НФ). Ӕрыгон дӕ ӕви ацӕргӕ, ӕцӕгады фӕндагыл ӕрӕджы слӕууыдтӕ ӕви йыл рагӕй цӕуыс — куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нӕ алкӕй бон дӕр у не ’муырнджыты уырнындзинад фидар кӕнын. О, кӕрӕдзи фӕрцы стӕм.
Уыдон се ’муырнджытӕн ӕххуыс кодтой
5. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ Павелӕн цы хӕрзты бацыдысты?
5 Чырыстон бинонтӕ тынг зӕрдиагӕй феххуыс кӕнынц се ’муырнджытӕн. Цӕвиттон, Акилӕ ӕмӕ йӕ бинойнаг Прискиллӕ (Прискӕ) Павелӕн бирӕ хӕрзты бацыдысты. Куы сӕм ӕрцыди, уӕд ӕй суазӕг кодтой, иумӕ хуыдтой цатыртӕ, ӕмӕ йын ӕххуыс кодтой, Коринфы цы ног ӕмбырд уыд, ууыл аудынӕн (Куыстытӕ 18:1—4). Цалдӕр хатты та Павелы тыххӕй цӕттӕ уыдысты сӕ удтӕ раттынмӕ дӕр. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ цардысты Ромы, Павел уымы цӕрӕг чырыстӕттӕм ацы ныхӕстӕ куы ныффыста: «Зӕрдиагӕй мын бафӕрсут Прискиллӕйы ӕмӕ Акилы, мӕ цӕдисӕтты Йесо Чырыстийы куысты. Сӕ сӕр-иу раттой мӕ уды сӕрвӕлтау; ӕмӕ сын канд ӕз нӕ, фӕлӕ муртаччыты ӕмдзинӕдтӕ [«ӕмбырдтӕ», НД] се ’ппӕт арфӕ кӕнынц» (Ромӕгтӕм 16:3, 4, НФ). Абон дӕр иуӕй-иу чырыстӕттӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйау бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕххуыс кӕнынц ӕмбырдтӕн ӕмӕ се ’муырнджытӕн, хатт та, цӕмӕй сӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ фыдгӕнджыты къухмӕ ма бахауой, уый тыххӕй сӕ цард мӕлӕтмӕ раттынмӕ дӕр цӕттӕ вӕййынц.
6. Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕ Аполлосӕн куыд баххуыс кодтой?
6 Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ ма баххуыс кодтой Аполлосӕн дӕр. Уый уыд дзырдарӕхст чырыстон. Хъусын кодта ефесӕгтӕн Йесо Чырыстийы тыххӕй. Уыцы рӕстӕг Аполлос зыдта ӕрмӕстдӕр Иоанны донаргъуыды тыххӕй: уыцы донаргъуыд истой, адӕймаг Закъон кӕй не ’ххӕст кодта, ууыл фӕсмонӕн. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ федтой, Аполлосмӕ фӕкӕсын кӕй хъуыд, ӕмӕ йын «бӕлвырдӕй бамбарын кодтой Хицауы фӕндаг». Уыдон ын, ӕвӕццӕгӕн, бацамыдтой, чырыстӕттӕ донаргъуыд кӕй фӕдӕттынц, адӕймаджы иу уысммӕ фӕдӕлдонгӕнгӕйӕ ӕмӕ йыл уый фӕстӕ сыгъдӕг уд кӕй ӕрцӕуы. Аполлос цы базыдта, уыдӕттӕ райдыдта иннӕтӕн амонын. Фӕстӕдӕр Ахайы «ӕххуыс кодта уырнджытӕн арфӕдзинадӕй, уымӕн ӕмӕ уый тынг ныхмӕ лӕууыд Иудейтӕм ӕппӕт адӕмы раз, бӕлвырд кӕнгӕйӕ Фыстытӕй, Йесо кӕй у Чырысти» (Куыстытӕ 18:24—28). Уӕдӕ, ӕмбырдты не ’муырнджытӕ цы дзуаппытӕ фӕдӕттынц, уыдон дӕр нын арӕх баххуыс кӕнынц Хуыцауы Ныхас хуыздӕр бамбарынӕн. Ацы хъуыддаджы дӕр нӕ кӕрӕдзийы ӕххуыс хъӕуы.
Ӕххуыс кӕнӕм, цы нӕм ис, уымӕй
7. Филиппӕгтӕ куы фехъуыстой, се ’мчырыстӕттӕ кӕй фӕтыхстысты, уӕд цы бакодтой?
7 Филиппы ӕмбырды Павелы бирӕ уарзтой, ӕмӕ иухатт Фессалоникты куы ӕрлӕууыд, уӕд ын уырдӕм хӕринӕгтӕ ӕмӕ хъӕугӕ дзаумӕттӕ арвыстой (Филиппӕгтӕм 4:15, 16). Иуафон, Иерусалимы ӕфсымӕртӕ куы фӕтыхстысты, уӕд сын филиппӕгтӕ тынг баххуыс кодтой, сӕ комы-комдзӕгтӕ дӕр ма сын арвыстой. Павел Филиппы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй афтӕ тынг фӕбузныг, ӕмӕ ма сӕ сӕ рӕдаудзинады тыххӕй иннӕ чырыстӕттӕн цӕвиттонӕн дӕр хаста (2 Коринфӕгтӕм 8:1—6).
8. Цавӕр адӕймаг уыд Епафродит?
8 Павел ахӕстоны куы бадт, уӕд ын филиппӕгтӕ ӕрмӕст хӕринӕгтӕ ӕмӕ дзаумӕттӕ не ’рвыстой, фӕлӕ ма йӕм арвыстой сӕ минӕвар Епафродиты дӕр. «Чырыстийы хъуыддаджы сӕраппонды уый [Епафродит] уыди мӕлӕтмӕ ’ввахс, тасы батардта йӕ цард, сымахӕн чи нӕ бантысти, уыцы ӕххуыс мӕныл сӕмбӕлыны тыххӕй»,— загъта Павел (Филиппӕгтӕм 2:25—30, НФ; 4:18). Библийы фыст нӕй, Епафродит хистӕр нӕлгоймаг уыд ӕви кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид, уый иннӕты тыххӕй йӕхиуыл нӕ ауӕрста, стӕй дзы ӕфсымӕртӕ зыдтой бирӕ лӕггӕдтӕ, ӕмӕ Павелы тынг хъуыд йе ’ххуыс. Де ’мбырды Епафродиты хуызӕн адӕймаг ис?
Уыдон уыдысты «зӕрдӕрухс»
9. Аристарх нын фӕзминаг цӕмӕй у?
9 Акилӕ, Прискиллӕ ӕмӕ Епафродиты хуызӕн уарзагзӕрдӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн аргъ Колоссӕгтӕм 4:10, 11, НФ). Аристарх Павелӕн кӕй ӕххуыс кодта, уымӕй йӕхи равдыста ӕнувыд хӕларӕй. Уый уыд, растдӕр Ӕмбисӕндты 17:17 цы адӕймаджы кой цӕуы, ахӕм: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы, ӕмӕ у, зын сахат цӕмӕй адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууа, уый тыххӕй чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр». Уӕдӕ мах дӕр не ’муырнджытӕн хъуамӕ «зӕрдӕрухс» ма уӕм? Уӕлдай тынгдӕр ӕххуыс хъӕуы, ӕвӕрӕз уавӕры чи ис, уыдонӕн.
нӕй. Не ’муырнджытӕй иуӕй-иутӕ зӕгъӕг ис, ӕмӕ сты фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстон Аристархы хуызӕн. Уый ӕмӕ иннӕтӕ дӕр чырыстӕттӕн уыдысты «зӕрдӕрухс» — ӕвӕццӕгӕн сын ныфс дӕр уыдысты ӕмӕ сӕ бирӕ лӕггӕдтӕ дӕр зыдтой (10. Цавӕр цӕвиттон ныууагъта Петр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн?
10 Уӕлдайдӕр та хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уой «зӕрдӕрухс» сӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн. Чырысти апостол Петрӕн загъта, зӕгъгӕ, «сфидар кӕн де ’фсымӕрты» (Лукайы 22:32). Петрӕн йӕ бон уыд йе ’фсымӕрты фидар кӕнын, уымӕн ӕмӕ уыди фидар уды хицау ӕмӕ ныфсхаст адӕймаг, ахӕмӕй йӕхи равдыста уӕлдайдӕр Йесойы райгасы фӕстӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, сымах дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайут уе ’муырнджыты фидар кӕныныл, уымӕн ӕмӕ уе ’фсымӕрты ӕмӕ уӕ хоты уе ’ххуыс тынг хъӕуы (Куыстытӕ 20:28—30; 1 Петры 5:2, 3).
11. Тимофей цы адӕймаг уыд, ууыл нӕ хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
11 Павелы ӕмбӕлццон Тимофей уыд хистӕр нӕлгоймаг, ӕмӕ уый тынг тыхст иннӕ чырыстӕттыл. Кӕд йӕ низӕй тыхст, уӕддӕр йӕ уырнындзинад уыд фидар ӕмӕ Павелӕн ӕххуыс кодта хорз хабар хъусын кӕнынӕн. Ӕмӕ филиппӕгтӕм дӕр йӕ фыстӕджы апостол уый тыххӕй ныффыста: «Мӕнӕн ничи ис ахӕм ӕнувыд, сымахыл афтӕ зӕрдиагӕй чи батыхса» (Филиппӕгтӕм 2:20, 22; 1 Тимофеймӕ 5:23; 2 Тимофеймӕ 1:5). Мах дӕр не ’муырнджытыл Тимофейау куы тыхсӕм, уӕд сын уыдзыстӕм стыр ӕххуыс. Раст у, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ ӕмӕ алыхуызон фӕлварӕнтӕн фидар лӕууын хъӕуы, фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у уырнындзинады фидар лӕууын, ӕмӕ уый нӕ хӕс дӕр у; стӕй хъуамӕ нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотыл тынг тыхсӕм. Алкӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: уыдоны хъӕуы не ’ххуыс.
Иннӕтӕн чи ӕххуыс кодта, уыцы сылгоймӕгтӕ
12. Тавифӕйы дӕнцӕгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
12 Адӕмӕн чи ӕххуыс кодта, уыцы хуыцауысконд сылгоймӕгтӕй иу уыд Тавифӕ. Куы амард, уӕд Петрмӕ фӕхабар кодтой. Ӕмӕ сӕм куы ’рцыд, уӕд ӕй скодтой уӕллаг уатмӕ, ӕмӕ «йӕ размӕ рацыдысты идӕдз устытӕ иуылдӕр кӕугӕйӕ, Сычъи [ома, Тавифӕ] цы хӕдӕттӕ ӕмӕ къабатӕ арӕзта семӕ цӕргӕйӕ, уыдон ӕм ӕвдисгӕйӕ». Петр сылгоймаджы райгас кодта. Уӕдӕ та куыннӕ кодтаид «бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ бирӕ хорзӕхтӕ»?! Абон дӕр чырыстон ӕмбырдты ис Тавифӕйы хуызӕн сылгоймӕгтӕ, уыдон дӕр иннӕтӕн уӕлӕдарӕс хуыйынц кӕнӕ та сын ӕндӕр цӕмӕйдӕрты цӕстуарзонӕй ӕххуыс кӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ хорз хъуыддӕгтӕ сӕйраджыдӕр хъуамӕ ахъаз уой Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн (Куыстытӕ 9:36—42; Матфейы 6:33; 28:19, 20).
13. Лидиа йе ’муырнджытыл куыд батыхст?
13 Хуыцауӕй чи ӕфсӕрмы кодта ӕмӕ адӕмыл йӕ арм чи дардта, уыцы сылгоймӕгтӕй ма иу уыд Лидиа. Уыд фиатираг ӕмӕ цард Филиппы, Павел уым н. э. 50 азмӕ ӕввахс куы хъусын кодта, уӕд. Лидиа, ӕвӕццӕгӕн, райста Куыстытӕ 16:12—15). Лидиайы тынг кӕй фӕндыдис адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, уый тыххӕй Павел ӕмӕ йын йе ’мбӕлтты фӕхуыдта. Куыд бузныг вӕййӕм мах дӕр нӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой ӕмуырнджытӕй, куы нӕ суазӕг кӕнынц, уӕд! (Ромӕгтӕм 12:13; 1 Петры 4:9).
иудейты дин, фӕлӕ Филиппы кӕд цардаид ӕрмӕстдӕр цалдӕр иудейаджы, стӕй дзы ӕмбырдгӕнӕн дӕр нӕ уыди. Уый тыххӕй-иу Лидиа ӕмӕ ӕндӕр уырнӕг сылгоймӕгтӕ кувынмӕ сӕмбырд сты доныбыл, ӕмӕ сын Павел дӕр хорз хабар уым фехъусын кодта. Библийы дзырдӕуы: «Хицау байгом кодта [Лидиайы] зӕрдӕ, цӕмӕй бамбара, Павел цы дзырдта, уый. Ӕмӕ куы саргъуыдта йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ, уӕд куырдта махӕй, дзургӕйӕ: кӕд сымах мӕн банымадтат иузӕрдионыл Хицауӕн, уӕд бацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ. Ӕмӕ нӕ сразы кодта» (Нӕ рӕзгӕтӕ, сымах дӕр нын уӕлдайаг не стут
14. Йесо Чырысти сывӕллӕттӕм цы зӕрдӕ дардта?
14 Чырыстон ӕмбырдӕн бындур сӕвӕрдта Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕ Фырт Йесо Чырысти. Адӕмӕн йемӕ ӕнцон кӕй уыди, кӕй сӕ уарзта ӕмӕ сын сӕ зын кӕй ӕмбӕрста, уый тыххӕй-иу йӕ разы сӕмбырд сты. Иухатт Йесомӕ чидӕртӕ сӕ сывӕллӕтты бакодтой. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та сӕ хӕстӕг нӕ уагътой. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уадзут сывӕллӕтты Мӕнмӕ цӕуын ӕмӕ сӕ ма уромут, уымӕн ӕмӕ ахӕмты у Хуыцауы Паддзахад. Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: чи нӕ райса Хуыцауы Паддзахад сывӕллоны хуызӕн, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн» (Маркы 10:13—15). Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хӕрзтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй мах дӕр сывӕллӕттау хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ хуымӕтӕг. Йесо сабиты кӕй уарзта, уый бӕрӕг у, йӕ хъӕбысы-иу сӕ кӕй ӕрбакодта ӕмӕ-иу сын арфӕ кӕй кодта, уымӕй (Маркы 10:16). Сывӕллӕттӕ, абон сымах тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Зонут, ӕмбырды уӕ иууылдӕр уарзынц ӕмӕ сын уӕлдайаг не стут.
15. Лукайы 2:40—52 Йесойы царды тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ сывӕллӕттӕн цавӕр дӕнцӕг ныууагъта?
15 Йесо гыццылӕй дӕр Хуыцауыл тынг ӕнувыд уыд, стӕй Фыстытӕ кӕсын дӕр бирӕ уарзта. 12 азы йыл куы цыдис, уӕд йӕ ныййарджытимӕ, Иосиф ӕмӕ Мариаимӕ, ацыд Назаретӕй Иерусалиммӕ, Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ. Фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ Йесойы ныййарджытӕ бафиппайдтой, семӕ цы адӕм цыд, сӕ фырт уыдонимӕ кӕй нӕй. Агурын ӕй райдыдтой ӕмӕ йӕ ссардтой кувӕндоны кӕртытӕй иуы, иудейты ахуыргӕнджыты ’хсӕн бадгӕйӕ. Уый сӕм хъуыста ӕмӕ сӕм фарстытӕ лӕвӕрдта. Йесо бадис кодта, Иосиф ӕмӕ Мариа кӕй нӕ зыдтой, кӕм ӕй агурын хъӕуы, уый, ӕмӕ сӕ бафарста: «Нӕ зыдтат, Мӕнӕн кӕй ӕмбӕлы уӕвын уым, Мӕ Фыды цы у?» Йӕ ныййарджытимӕ хӕдзармӕ раздӕхт; уыдис сын коммӕгӕс ӕмӕ «хуыздӕрӕй-хуыздӕр кодта зонддзинадӕй ӕмӕ рӕзӕй» (НФ) (Лукайы 2:40—52). Ӕвӕдза, цӕй хорз дӕнцӕг ныууагъта Йесо нӕ кӕстӕртӕн! Бӕгуыдӕр, уыдон хъуамӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой ӕмӕ чырыстон хъуыддӕгтӕн аргъ кӕной (Дыккаг закъон 5:16; Ефесӕгтӕм 6:1—3).
16. а) Йесо кувӕндоны куы хъусын кодта, уӕд гыццыл лӕппутӕ куыд хъӕр кодтой? ӕ) Абон ӕрыгон чырыстӕттӕн цавӕр диссаджы фадат ис?
16 Ӕвӕццӕгӕн, скъолайы фӕдзурыс Иегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ дӕ ныййарджытимӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фӕхъусын кӕныс (Исай 43:10—12; Куыстытӕ 20:20, 21). Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ кувӕндоны куы хъусын кодта ӕмӕ адӕмы куы дзӕбӕх кодта, уӕд гыццыл лӕппутӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: «Осаннӕ Давиды Фыртӕн!» Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ чиныджы дӕснытӕ смӕсты сты ӕмӕ карзӕй загътой: «Хъусыс, цы дзурынц уыдон?» «О! — загъта Йесо.— Мыййаг сымах никуы кастыстут: „гыццыл ӕмӕ дзидзидай сывӕллӕтты дзыхӕй Ды сарӕзтай кад“?» (Матфейы 21:15—17). Нӕ рӕзгӕтӕ, уыцы сывӕллӕттау сымахӕн дӕр ӕмбырды ис диссаджы фадат — Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты кадджын кӕнын. Фӕнды нӕ, цӕмӕй нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууат, ӕмӕ иумӕ хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.
Бахъуаджы рӕстӕг
17, 18. а) Иудейы чырыстӕттӕн Павел ӕххуыс цӕмӕн ӕмбырд кодта? ӕ) Иудейы чырыстӕттӕ се ’муырнджытӕй ӕххуыс кӕй райстой, уый иудейаг ӕфсымӕртыл ӕмӕ, муртаттӕй чырыстон чи сси, уыдоныл куыд бандӕвта?
17 Мах, чырыстӕттӕ, цыфӕнды уавӕрты ма уӕм, уӕддӕр кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уый тыххӕй, не ’муырнджытӕй ӕвадат чи у, уыдонӕн Иоанны 13:34, 35; Иаковы 2:14—17). Афтӕ Павел дӕр, Иудейы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты бирӕ кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ сын Ахайы, Галатийы, Македонийы ӕмӕ Азийы ӕмбырдты райдыдта ӕххуыс ӕмбырд кӕнын. Иерусалимы фӕдылзылдтӕ ӕмӕ змӕстытӕ куы райдыдтой, стӕй ма сыл фыдаз кӕй скодта, уый тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, чырыстӕттӕ, Павел куыд загъта, афтӕмӕй «тухӕнтӕ» ӕмӕ «зындзинӕдтӕ» ӕвзӕрстой, ноджы ма сын, ӕвӕццӕгӕн, сӕ исбон дӕр истой (Дзуттытӕм 10:32—34; Куыстытӕ 11:27—12:1). Уыцы уавӕр хынцгӕйӕ, Павел Иудейы мӕгуыр чырыстӕттӕн райдыдта ӕххуыс ӕмбырд кӕнын (1 Коринфӕгтӕм 16:1—3; 2 Коринфӕгтӕм 8:1—4, 13—15; 9:1, 2, 7).
ӕххуыс кӕнӕм (18 Иудейы сыгъдӕджытӕ ӕххуыс кӕй райстой, уымӕй сбӕлвырд ис, иудейтӕ ӕмӕ, муртаттӕй Иегъовӕйӕн чи куывта, уыдон кӕрӕдзийӕн иу мады зӕнӕгау кӕй уыдысты. Муртаттӕй чырыстон чи сси, уыдон сӕ иудейаг ӕмуырнджытӕн ӕхца кӕй сӕмбырд кодтой, уымӕй равдыстой, Хуыцауы тыххӕй сын цы бацамыдтой, уымӕй сӕ бузныг кӕй уыдысты. Афтӕ ма чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой куыд дзаума ӕмӕ ӕхцайӕ, афтӕ уырнындзинадӕн ахъаз цы уыд, уымӕй дӕр (Ромӕгтӕм 15:26, 27). Абон дӕр, не ’муырнджытӕй ӕвӕрӕз чи у, уыдонӕн цы ӕххуыс бакӕнӕм, уый вӕййы зӕрдӕйӕ ӕмӕ нӕ уарзондзинадыл фӕдзуры (Маркы 12:28—31). Ахӕм рӕстӕджы дӕр нӕ хъӕуы нӕ кӕрӕдзийы ӕххуыс. Алцыдӕр ӕмхуызон кӕй уарӕм, уый фӕрцы «гыццыл» кӕмӕ ис, «уый хъуаг» не ’ййафы (2 Коринфӕгтӕм 8:15).
19, 20. Ӕрхӕсс цӕвиттон, ӕрдзон фыдбылызтӕ куы ’рцӕуы, уӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн куыд феххуыс кӕнынц.
19 Чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕной, уый ӕмбарӕм ӕмӕ бахъуаджы рӕстӕг не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты раз балӕууӕм. Цӕвиттон, 2001 азы райдианы Сальвадоры зӕххӕнкъуыст ӕмӕ лӕбырдты аххосӕй бирӕ фыдбылызтӕ ӕрцыд. Уырдыгӕй фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, «Сальвадоры алы районы дӕр ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кӕнын райдыдтой. Ӕрцыдысты нӕм ӕфсымӕртӕ къордгӕйттӕй Гватемалӕйӕ, Иугонд Штаттӕй ӕмӕ Канадӕйӕ. [...] Цыбыр рӕстӕгмӕ сырӕзт 500 хӕдзарӕй фылдӕр ӕмӕ 3 рӕсугъд Паддзахады залы. Ӕфсымӕртӕ уӕззау куыст кӕй бакодтой, стӕй зӕрдӕбынӕй кӕй куыстой, уымӕй адӕмы цӕсты скадджын кодтой сӕ Хуыцауы».
20 Хусар Африкӕйӕ та фехъусын кодтой: «Доны бын фесты Мозамбикы бирӕ районтӕ. Нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕй дӕр бирӕтӕн дон разнаггад кодта. Тынгдӕр сӕ цы хъуыд, уый сын Мозамбикы филиал арвыста. Фӕлӕ филиалӕй ӕххуысы тыххӕй махмӕ дӕр фӕсидтысты, цӕмӕй сын мах дӕр арвитӕм,
дзӕбӕх ма чи уыд, ахӕм дӕрддзаг дзаумӕттӕ. Уыйбӕрц дзаумӕттӕ сӕмбырд кодтам, ӕмӕ сӕ 12 метры дӕргъӕн контейнеры арвыстам Мозамбикмӕ не ’фсымӕртӕм». Ахӕм рӕстӕджы дӕр кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм.21. Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?
21 Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй адӕймаджы буары уӕнгтӕ иууылдӕр ӕнӕмӕнгхъӕугӕ сты. Афтӕ зӕгъӕн ис чырыстон ӕмбырдӕй дӕр. Ӕмбырды уӕнгтӕ иууылдӕр кӕрӕдзи фӕрцы сты. Уӕдӕ лӕггад дӕр уӕхски-уӕхск хъуамӕ кӕной. Уыцы хъуыддагӕн цӕй фӕрцы ис уӕвӕн, уый базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Адӕймаджы буар ӕмӕ чырыстон ӕмбырд ӕмхуызон цӕмӕй сты?
• Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн се ’муырнджытӕ куы фӕтыхстысты, уӕд цы бакодтой?
• Библийӕ цавӕр цӕвиттонтӕ ӕвдисынц, чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕной, уый?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 10 фарсыл]
Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ ӕххуыс кодтой адӕмӕн.
[Нывтӕ 12 фарсыл]
Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм ӕххуыс кӕнынц кӕрӕдзийӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн бахъуаджы рӕстӕг.