Ныр фынӕйы рӕстӕг нӕу!
Ныр фынӕйы рӕстӕг нӕу!
«Уӕдӕ фынӕй нӕ кӕндзыстӕм, иннӕты хуызӕн, фӕлӕ уыдзыстӕм цӕрдӕг ӕмӕ ӕвронг» (1 ФЕССАЛОНИКӔГТӔМ 5:6).
1, 2. а) Цавӕр сахартӕ уыдысты Помпей ӕмӕ Геркуланум? ӕ) Помпей ӕмӕ Геркуланумы цӕрджытӕ цавӕр хабар ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ уый тыххӕй сӕ сӕр цы баййӕфта?
НӔ ЭРӔЙЫ I ӕнусы Везувийы хохы тӕккӕ дӕлбазыр лӕууыдис дыууӕ хъӕздыг ромаг сахары: Помпей ӕмӕ Геркуланум. Ромаг бонджынтӕ тынг уарзтой сӕ ӕвдӕлон рӕстӕг уыцы дыууӕ сахары ӕрвитын. Сӕ театрты цыдис мин адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ дзы Помпейы амфитеатрӕн ӕмбал нӕ уыд: ӕнӕхъӕн сахары цӕрджытӕ дӕр дзы бацыдаиккой. Помпейы сахар цынадуры бынӕй чи къахта, уыцы ахуыргӕндтӕ дзы ссардтой 118 нуазӕндоны ӕмӕ хӕрӕндоны,— уыдонӕй иуӕй-иуты хъазыдысты ӕхцайыл кӕнӕ уыдысты хӕзгулдӕттӕ. Адӕм ӕфсарм, худинаг кӕй нал зыдтой, стӕй ма хъӕздыгдзинад ӕмӕ мулкыл кӕй бафтыдысты, уымӕн абон ӕвдисӕн сты, сахары къултыл цы нывтӕ баззад, уыдон ӕмӕ алыхуызон мигӕнӕнтӕ.
2 Н. э. 79 азы 24 августы Везуви базмӕлыд. Арткалӕг хӕхтӕ чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй хох фыццаг хатт куы стыдта (дыууӕ сахарыл скалдта цынадуры рыг ӕмӕ ӕртхутӕг), уӕд уый, ӕвӕццӕгӕн, адӕмы нӕ бахъыгдардтаид сӕ сӕртӕ бафснайын. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, бирӕтӕ алырдӕмты фӕлыгъдысты. Иннӕтӕ та кӕд уыдтой, хохӕй фӕздӕг кӕй кӕлы, уӕддӕр сӕхи афтӕ дардтой, цыма никуы ӕмӕ ницы — змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодтой. Уӕд дын иуафон, ӕмбисӕхсӕв, хох ныггуыпп кодта, ӕмӕ Геркуланум тӕвд газтӕ, дуртӕ ӕмӕ цынадуры бын фӕци: сахары чи баззад, уыдон иууылдӕр ныххуыдуг сты. Дыккаг райсом Помпейы цӕрджытыл дӕр хур нал скаст: ӕртхутӕг ӕмӕ цынадуры рыджы бын фесты. Кӕд ӕмӕ сӕхи цӕстӕй уыдтой, фыдбылыз сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уый уӕддӕр куыд бабын сты!
Иудейы цардуаджы кӕрон
3. Иерусалимыл цы бон акодта ӕмӕ Помпей ӕмӕ Геркуланум куыд фесӕфтысты, уым ӕмхуызонӕй цы уыд?
3 Помпей ӕмӕ Геркуланумыл цы саубон акодта, уый адӕймаг куы фехъусы, уӕд йӕ зӕрдӕ
ныккӕрзы. Фӕлӕ уыцы дыууӕ сахары сӕфтӕй фараст аз раздӕр Иерусалимыл цы бон акодта, уый бирӕ ӕбуалгъдӕр уыди, кӕд адӕймаджы къухӕй ӕрцыд, уӕддӕр. Ӕмӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уымӕй «ӕбуалгъдӕр хабар, адӕм кӕдӕй сты, уӕдӕй ардӕм никуыма ӕрцыд»: уый фыдӕй фӕцагъды сты милуан дзуттагӕй фылдӕр. Фӕлӕ Помпей ӕмӕ Геркуланумы хабар куыд уыд, афтӕ, Иерусалимы цы баййӕфта, уый дӕр ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ уыд.4. Уӕды цардӕвӕрды кӕрон хӕстӕг кӕй уыд, уый базоныны тыххӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы загъта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ фыццаг хатт I ӕнусы куыд сӕххӕст сты?
4 Йесо Чырысти дзырдта, Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты. Уый ма бацамыдта, уыцы хабары размӕ цытӕ ӕрцӕудзӕн, уыдӕттӕм, зӕгъгӕ, уыдзӕн хӕстытӕ, ӕххормаг рӕстӕджытӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ ӕнӕзакъондзинад. Афтӕ ма дзырдта, мӕнг пехуымпартӕ кӕй сбирӕ уыдзысты, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы Паддзахады хорз хабар ӕгас дунейыл дӕр хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн (Матфейы 24:4—7, 11—14). Йесойы ныхӕстӕ сӕйраджыдӕр ӕххӕст кӕнынц абон, фӕлӕ I ӕнусы дӕр сӕххӕст сты, ӕрмӕст ӕгас зӕххыл нӕ. Истори куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Иудейы уыцы заман скодта стонг рӕстӕг (Куыстытӕ 11:28, НФ). Дзуттаг историк Иосиф Флавий фыссы, зӕгъгӕ, Иерусалим куы ныппырх кодтой, уый размӕ уыцы рӕтты уыдис зӕххӕнкъуыст. Иерусалимӕн йе сӕфты бон куыд ӕввахс кодта, афтӕ змӕстытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, дзуттаг политикон къордтӕ кӕрӕдзиимӕ тох кодтой, ӕмӕ дзуттытӕ муртаттимӕ цы сахарты цардысты, уым та адӕм кӕрӕдзи ӕргӕвстой. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъуыстгонд цыд «арвы бын ӕппӕт скӕндтытӕн» (Колоссӕгтӕм 1:23).
5, 6. а) Н. э. 66 азы Йесойы ныхӕстӕй кӕцытӕ сӕххӕст сты? ӕ) Н. э. 70 азы Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд афтӕ бирӕ адӕм цӕмӕн фӕцагъды?
5 Н. э. 66 азы дзуттытӕ растадысты Ромы ныхмӕ. Йӕ басӕттынмӕ араст Цести Галл, ӕмӕ йе ’фсад Иерусалимыл ӕртыхст. Уыцы рӕстӕг Йесойы фӕдылдзӕуджыты зӕрдыл ӕрлӕууыдысты сӕ ахуыргӕнӕджы ныхӕстӕ: «Куы фенат Иерусалимы алыварс ӕфсӕдтӕ, уӕд зонут, йӕ гӕныстон кӕнын афон кӕй ӕрбахӕстӕг: уӕд Иудейы уӕвджытӕ лидзӕнт хӕхтӕм; ӕмӕ сахары чи ис, рацу уырдыгӕй; ӕмӕ алфамбылайты чи ис, уый йӕм мауал бацӕуӕд» (Лукайы 21:20, 21). Ныр хъуамӕ сыстой, ӕмӕ Иерусалимӕй рацӕуой. Фӕлӕ куыд ӕгъдауӕй? Ӕнӕнхъӕлӕджы Галл йе ’фсадимӕ фӕстӕмӕ аздӕхт ӕмӕ, Иерусалимы ӕмӕ Иудейы цы чырыстӕттӕ цард, уыдонӕн фӕндаг байгом. Ныр уыдон, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕхбӕстӕм алыгъдысты (Матфейы 24:15, 16).
6 Цыппар азы фӕстӕ, Куадзӕнмӕ ӕввахс, Ромы ’фсӕдтӕ, сӕ сӕргъы инӕлар Тит, афтӕмӕй, ӕрбаздӕхтысты, цӕмӕй дзуттыты басастаиккой. Уыдон Иерусалимыл ӕрхъула кодтой ӕмӕ йын йӕ «алыварс фидӕрттӕ скодтой» — ныр ничиуал раирвӕздзӕн (Лукайы 19:43, 44). Кӕд тӕссаг уыд, хӕст кӕй ныггуыпп кӕндзӕн, уымӕй, уӕддӕр уый размӕ дзуттытӕ Ромы паддзахадӕй алырдыгӕй ӕрбацыдысты Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ. Ныр къӕппӕджы бахаудысты. Иосиф Флавий куыд фыссы, афтӕмӕй ромӕгтӕ цъысымы кӕй батардтой, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты уыцы ӕнамонд куывддзаутӕ *. Фӕстагмӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд Ромы паддзахады цы дзуттытӕ цард, уыдонӕн сӕ ӕвдӕм хай фӕцагъды. Иерусалим ӕмӕ йын йӕ кувӕндон кӕй ныппырх кодтой, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ дзуттыты паддзахадӕн ӕмӕ, Моисейы Закъоныл цы дин ӕнцади, уымӕн йӕ кӕрон ӕрцыд * (Маркы 13:1, 2).
7. Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд иузӕрдион чырыстӕттӕ куыд аирвӕзтысты?
7 Дзуттытӕй чырыстон чи уыд, уыдон н. э. 70 азы Иерусалимӕй куы нӕ алыгъдаиккой, уӕд сын иннӕты ми бакодтаиккой: кӕнӕ сӕ амардтаиккой, кӕнӕ сӕ уацары акодтаиккой. Фӕлӕ истори куыд ӕвдисы, афтӕмӕй уыдон байхъуыстой, Йесо 37 азы размӕ цы загъта, уымӕ. Сӕ сӕр сахарӕй айстой ӕмӕ фӕстӕмӕ нал раздӕхтысты.
Апостолты фӕдзӕхстытӕ йӕ афоныл
8. Петр цы ’мбӕрста ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕй кӕцыты кой кодта?
8 Ацы дунемӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджы 2 Петры 3:1, 2). Петр чырыстӕтты куы фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, уӕхи цӕттӕ дарут, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Йесо йӕ мӕлӕтӕй къорд боны размӕ йӕ апостолтӕн цы загъта, уый кой кодта: «Уӕхи цӕттӕ дарут... Уымӕн ӕмӕ уыцы афон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» (Маркы 13:33, МСЕ).
ӕбуалгъдӕр бӕллӕх — уыцы бӕллӕх ацы цардӕвӕрдӕн скӕндзӕн кӕрон. Иерусалим куы ныппырх кодтой, уымӕй ӕхсӕз азы раздӕр апостол Петр чырыстӕттӕн афоныл ахӕм ахсджиаг уынаффӕ радта, зӕгъгӕ, уӕхи цӕттӕ дарут. Уыцы уынаффӕ уӕлдай тынгдӕр хауы ныры чырыстӕттӕм. Петр уыдта, чырыстӕтты кӕй хъуыд сӕ «зонд» (НД) райхъал кӕнын, цӕмӕй «Хицауы [Йесо Чырыстийы] фӕдзӕхстмӕ» сӕ хъус ӕрдардтаиккой (9. а) Цавӕр хъуыдытӕ сты зианхӕссӕг? ӕ) Дызӕрдыг кӕнын тӕссаг цӕмӕн у?
9 Абон иуӕй-иутӕ худынц, зӕгъгӕ, «кӕм ис Йӕ ӕрцӕуыны зӕрдӕвӕрд?» (2 Петры 3:3, 4). Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕнынц, цард, дунейӕн йе сфӕлдисынӕй куыд уыд, уӕдӕй ардӕм бӕлвырд кӕй нӕ фӕивта. Ахӕм хъуыдытӕ сты зианхӕссӕг. Мах афтӕ дызӕрдыг кӕнын куы райдайӕм, уӕд, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый нал хатдзыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй сабыргай-сабыргай нӕ зӕрдӕйы фӕдыл ацӕудзыстӕм (Лукайы 21:34). Петр ма куыд дзырдта, афтӕмӕй, худгӕ чи кӕны, уыдон айрох кодтой, Нойы заман доны хъаймӕт ӕгас дуне кӕй фесӕфта, уый. Чи зӕгъдзӕн, ӕмӕ дунейы уӕд ницы фӕивта?! (Уӕвынад 6:13, 17; 2 Петры 3:5, 6).
10. Быхсын зын кӕмӕн уыд, уыдонӕн Петр цы загъта?
10 Петр йе ’муырнджытӕм фыста, цӕмӕй быхстаиккой ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцау алы хатт тагъд кӕй нӕ фӕкӕны. Раздӕр уал сын Петр загъта: «Хицаумӕ иу бон... у, куыд мин азы, ӕмӕ мин азы, куыд иу бон» (2 Петры 3:8). Иегъовӕ ӕнусон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у алы хъуыддагмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсын ӕмӕ, кӕд цы араздзӕн, уымӕн хуыздӕр афон равзарын. Дарддӕр та Петр фыссы, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕм иууылдӕр ӕрфӕсмон кӕной. Хуыцау кӕй быхсы, уый бирӕтӕн ирвӕзындзинады хос у, уымӕн ӕмӕ раздӕр куы райдыдтаид архайын, уӕд абон нӕ уаиккой (1 Тимофеймӕ 2:3, 4; 2 Петры 3:9). Фӕлӕ Иегъовӕ афтӕ кӕй быхсы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕнцад лӕудзӕн, никуы ницы сараздзӕн. «Хицауы бон... ӕрцӕудзӕн хуыснӕгау»,— фыссы Петр (2 Петры 3:10, НФ).
11. Цӕмӕй цӕттӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы ӕмӕ афтӕмӕй Иегъовӕйы боны ’рцыд «фӕтагъддӕр кӕнӕн» куыд ис?
11 Петр хорз абарст скодта. Къӕрных зын ӕрцахсӕн вӕййы, фӕлӕ хъахъхъӕнӕг ӕхсӕв йӕ рад хӕсгӕйӕ цӕттӕйӕ куы лӕууа, уӕд ӕй бафиппайдзӕн. Ӕхсӕв ӕрфынӕй-ӕрфынӕй чи кӕны, уыцы хъахъхъӕнӕг та никӕй ӕрцахсдзӕн. Уӕдӕ цӕмӕй хъахъхъӕнӕг ма бафынӕй уа, уый тыххӕй йын цы чындӕуа? Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв иу ран куы нӕ бада, фӕлӕ дыууӕрдӕм куы рацу-бацу кӕна, уӕд нӕ бафынӕй уыдзӕн. Афтӕ мах дӕр, чырыстӕттӕ, Хуыцауы хъуыддаджы ӕдзух куы архайӕм, уӕд цӕттӕ уыдзыстӕм. Петр дӕр нӕ «сыгъдӕг цард ӕмӕ Хуыцауы ӕфсарммӕ» уымӕн разӕнгард кӕны (2 Петры 3:11, НФ). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд раздӕрау «нӕ зӕрдыл дардзыстӕм Иегъовӕйы бон». Ацы ран мивдисӕг «зӕрдыл дарын» цы рагон грекъаг дзырдӕй ӕрцыд ивд, уый комкоммӕ амоны «фӕтагъддӕр кӕнын» (2 Петры 3:12, НД). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ кӕд цы араздзӕн, уый махӕй кӕнгӕ нӕу. Йӕ бон ӕрцӕудзӕн ӕмгъуыдыл. Фӕлӕ Хуыцауы хъуыддаджы куы архайӕм, уӕд ныл рӕстӕг тагъддӕр атӕхдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:58).
12. Иегъовӕ кӕй быхсы, уый нӕ алкӕмӕндӕр цавӕр фадат дӕтты?
12 Кӕд исчи афтӕ хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы бон фӕстиат кӕны, уӕд уыдоны хъӕуы байхъусын Петры уынаффӕмӕ ӕмӕ уыцы боны ’рцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Цалынмӕ Хуыцау быхсы, уӕдмӕ та уал уыцы рӕстӕгӕй хуыздӕр пайда кӕнӕм. Зӕгъӕм, нӕ удыхъӕды дарддӕр фидар кӕнӕм Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджытӕ ӕмӕ ма нын цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ хорз хабар ноджы фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм. Нӕхи цӕттӕ куы дарӕм, уӕд ацы дунейы кӕрон Иегъовӕйы раз разындзыстӕм «фӕрнджын, ӕнӕфӕчъизийӕ ӕмӕ ӕназымӕй» (2 Петры 3:14, 15, НФ). Ӕвӕдза, цӕй стыр хорзӕх уыдзӕн уый!
13. Павел Фессалоникты цӕрӕг чырыстӕттӕм цы фыста, уымӕй абон уӕлдай стырдӕр нысаниуӕг цавӕр ныхӕстӕн ис?
13 Павел йӕ фыццаг фыстӕджы Фессалоникты цӕрӕг чырыстӕттӕм фыста, зӕгъгӕ, ма бафынӕй ут. Уый фӕдзӕхста: «Уӕдӕ фынӕй нӕ кӕндзыстӕм, иннӕты хуызӕн, фӕлӕ уыдзыстӕм цӕрдӕг ӕмӕ ӕвронг» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 6). Ацы ныхӕстӕн абон дӕр стыр нысаниуӕг ис, уымӕн ӕмӕ а-фыддунейӕн йӕ кӕрон ӕрӕввахс кӕны. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕрынц, Хуыцау кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ сын уый хатт сӕ ныфс дӕр асӕтты. Павел уымӕн дзырдта: «Ӕвронг [«цырддзаст», НД] уыдзыстӕм, сфӕлындгӕйӕ уарзондзинады ӕмӕ уырнындзинады згъӕрты, ӕмӕ ирвӕзындзинады ныфсы згъӕрхуды» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:8). Хуыцауы Ныхас иудадзыг куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нӕхи не ’мбырды ӕфсымӕртыл куы бӕттӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Павелы фӕдзӕхстмӕ хъусын ӕмӕ цырддзаст уын (Матфейы 16:1—3).
Милуантӕ сӕхи цӕттӕ дарынц
14. Бирӕтӕ Петры амынд, уӕхи цӕттӕ дарут, зӕгъгӕ, сӕ зӕрдӕмӕ кӕй исынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
14 Цымӕ Хуыцауы удцырынӕй фыст фӕдзӕхст, уӕхи цӕттӕ дарут, зӕгъгӕ, абон сӕ зӕрдӕмӕ бирӕтӕ айстой? О! 2001 азы 1 сентябрӕй 2002 азы 1 сентябрмӕ хъусынгӕнджыты нымӕц схызт 6 304 645, уый ивгъуыд азӕй у 3, 1 проценты фылдӕр. Утӕппӕт адӕм 1 202 381 302 сахаты Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй дзырдтой, уый ӕвдисы, сӕхи цӕттӕ кӕй дарынц, уый. Ацы адӕм сӕ куыст уӕлӕнгӕйтты нӕ кӕнынц. Сӕ царды сын уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Бирӕтӕ Хуыцауы хъуыддаг уарзынц растдӕр сальвадойраг къай Едуардо ӕмӕ Ноемиау.
15. Сальвадоры бирӕтӕ сӕхи цӕттӕ кӕй дарынц, уый цавӕр хабарӕй у бӕрӕг?
15 Къорд азы размӕ Едуардо ӕмӕ Ноеми сӕ хъус ӕрдардтой Павелы ныхӕстӕм: «Фӕцӕуы ацы дунейы фӕлгонц» (1 Коринфӕгтӕм 7:31). Дыууӕйӕ дӕр сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой ӕмӕ пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой. Рӕстӕг куыд цыди, афтӕ сӕ къухы бирӕ хорзӕхтӕ бафтыди, Едуардо ма суанг районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарӕджы куыст дӕр кодта. Кӕд Едуардо ӕмӕ Ноеми бирӕ фыдӕбӕттӕ бавзӕрстой, уӕддӕр зонынц, раст кӕй бакодтой: уыдон цӕмӕйдӕрты фӕцух сты, фӕлӕ уӕддӕр сӕ рӕстӕг иууылдӕр Хуыцауы хъуыддагӕн радтой. Сальвадоры цы 29 269 хъусынгӕнӕджы ис — 2 545 пионеры хынцгӕйӕ — уыдонӕй дӕр бирӕтӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц, ӕмӕ уый руаджы фарон хъусынгӕнджыты нымӕц 2 проценты фӕфылдӕр.
16. Кот-д’Ивуары иу ӕрыгон ӕфсымӕр цавӕр зӕрдӕйы уаг равдыста?
16 Кот-д’Ивуары иу ӕрыгон чырыстон лӕппу дӕр ахӕм зӕрдӕйы уаджы хицау у. Уый филиалмӕ ныффыста: «Ӕз дӕн кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Мӕ цӕсгом нӕ хъӕцы ӕфсымӕртӕй искӕй пионерӕй лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕнын, уымӕн ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр фӕзминаг нӕ дӕн. Уый тыххӕй ӕз ме ’хцаджын куыст ныууагътон ӕмӕ мӕхицӕн куыстуат бакодтон. Ныр мӕхӕдӕг мӕхицӕн хицау дӕн, ӕмӕ мын уацамындӕн фылдӕр рӕстӕг ис». Ацы ӕрыгон чырыстон лӕппу сси, Кот-д’Ивуары цы 983 пионеры ис, уыдонӕй иу. Уыцы бӕстӕйы фарон уыдис 6 701 хъусынгӕнӕджы, ома сӕ нымӕц 5 проценты фӕфылдӕр.
17. Бельгийы иу ӕрыгон хо куыд равдыста, адӕм Ӕвдисӕнтыл ӕнӕрвӕссонтӕ кӕй кӕнынц, уымӕй кӕй нӕ тӕрсы?
17 Бельгийы цы 24 961 хъусынгӕнӕджы цӕры, уыдон тынг тыхст сты, адӕм сыл ӕнӕрвӕссонтӕ кӕй кӕнынц, азым сӕм кӕй хӕссынц ӕмӕ сын сӕ бартӕ кӕй исынц, уымӕй. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ зӕрдӕйы цӕхӕр нӕ мынӕг кӕны, ницӕмӕй тӕрсынц. Иу скъолайы, ӕгъдауы урочы, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сектӕ куы рахуыдтой, уӕд нӕ 16-аздзыд хо ахуыргӕнӕгӕй бар ракуырдта, цӕмӕй Ӕвдисӕнты тыххӕй радзура. Уый къласӕн равдыста кино «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ — йӕ номмӕ гӕсгӕ архайӕг организаци» ӕмӕ сын брошюрӕйӕ, «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Чи сты?», зӕгъгӕ, цыдӕртӕ бакаст, ӕмӕ афтӕмӕй уыдон базыдтой, Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгдӕр чи сты, уый. Хо цы радзырдта, уымӕй йе ’мкъласонтӕ разыйӕ баззадысты, ӕмӕ сын иннӕ къуыри радтой фӕлварӕн куыст — фарстытӕ иууылдӕр уыдысты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты чырыстон дины тыххӕй.
18. Кӕд Аргентинӕ ӕмӕ Мозамбичы цард уӕззау у, уӕддӕр хъусынгӕнджытӕ Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый цы ’вдисы?
18 Ацы фӕстаг бонты чырыстӕттӕ царды бирӕ зынтӕ ӕмӕ фыдӕбӕттӕ ӕвзарынц. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ куыст нӕ уадзынц. Зӕгъӕм: кӕд Аргентинӕйы цард фӕуӕззаудӕр ис, уӕддӕр та фарон Ӕвдисӕнты нымӕц схызт 126 709. Мозамбичы адӕм дӕр тынг мӕгуыр цард кӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр уацамынды архайдта 37 563 адӕймаджы — фароны нымӕцимӕ абаргӕйӕ 4 проценты фылдӕр. Албанийы дӕр кӕд бирӕтӕн цӕрын фӕзын ис, уӕддӕр дзы хъусынгӕнджыты нымӕц 12 проценты фӕфылдӕр, ӕмӕ ныр сты 2 708. Уӕдӕ бӕлвырд у, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фыццаджыдӕр уӕларвон Паддзахад куы фӕагурынц, уӕд цыфӕнды зын уавӕры дӕр Иегъовӕйы сыгъдӕг уды ницы фӕкъуылымпы кӕны (Матфейы 6:33, НФ).
19. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, нырма фысау сабыр адӕмӕй бирӕты зӕрдӕтӕ Библийы ӕцӕгад кӕй агурынц, уый? ӕ) Ӕрвылазон хыгъдӕй ма цавӕр хабӕрттӕ ӕвдисынц, Иегъовӕйы адӕм сӕхи цӕттӕйӕ кӕй дарынц? (Кӕс 20—23 фӕрстыл ӕрвылазон хыгъдмӕ.)
19 Фарон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕгас дунейы алы мӕй дӕр рӕстӕмбисӕй 5 309 289 Библийы ахуыры кӕй уагътой, уымӕй бӕрӕг у, нырма фысау сабыр адӕмӕй бирӕты зӕрдӕтӕ Библийы ӕцӕгад кӕй агурынц. Ацы аз Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд ноджы фылдӕр адӕм — 15 597 746 адӕймаджы, ӕмӕ уыдонӕн сӕ фылдӕр нырма Иегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕнынц. Хъуамӕ дарддӕр дӕр Библи ахуыр кӕной ӕмӕ сӕхи Иегъовӕйыл ӕмӕ ӕмбырдыл бӕттой. Куыд ӕхсызгон нын у, «тынг бирӕ адӕм», ома «ӕндӕр фыстӕ», уацамынды ӕнтыстджын кӕй сты. Уыдон сӕ сӕрст чырыстон ӕфсымӕртимӕ иумӕ Дунесфӕлдисӕгӕн «ӕхсӕвӕй-бонӕй Йӕ кувӕндоны» лӕггад кӕнынц (Раргомад 7: 9, 15; Иоанны 10:16).
Лоты хабар — зондзонӕн
20. Лот ӕмӕ йӕ усыл цы хабар ӕрцыд, уый нын зондзонӕн цӕмӕй у?
20 Гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты айрох уа, цы рӕстӕджы цӕрынц, уый. Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм Авраамы ӕфсымӕры лӕппу Лоты. Цы зӕдтӕ йӕм ӕрбацыдысты, уыдон ын загътой, 2 Петры 2:7, НФ). Ӕмӕ йын иу афон уыцы дыууӕ зӕды куы загътой, зӕгъгӕ, фӕтагъддӕр кӕн, Содомӕй рацу, уӕд Лот «фӕстӕ-фӕстӕ кодта». Уыдон Лот ӕмӕ йӕ бинонты къухтыл ныххӕцыдысты, ӕмӕ сӕ сахарӕй тыхӕй ракодтой. Фӕстӕдӕр Лоты ус зӕдты фӕдзӕхст ницӕмӕ ӕрдардта, ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕкаст. Ӕвӕдза, куыд рӕузонд разынд, ӕмӕ йӕхи куыд бабын кодта! (Уӕвынад 19:14—17, 26). Йесо дӕр уымӕн фӕдзӕхста: «Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы» (Лукайы 17:32).
Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сафынвӕнд кӕй скодта. Уыцы хабар Лотмӕ диссаг нӕ фӕкастаид, уымӕн ӕмӕ уый сфӕлмӕцыд «уыцы тыхджын ӕнӕуаг адӕмимӕ цӕрынӕй» (21. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, ныр фынӕйы рӕстӕг нӕу?
21 Помпей ӕмӕ Геркуланумыл ахӕм бӕллӕх кӕй ӕрцыд, Иерусалим кӕй ныппырх кодтой, Нойы заман доны хъаймӕт кӕй уыд, уыцы хабӕрттӕ, стӕй Лоты заман цы ’рцыд, уый дӕр — иууылдӕр ӕвдисынц, алы фӕдзӕхстмӕ дӕр хъус дарын кӕй хъӕуы, уый. Мах, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, нӕхи цӕстӕй уынӕм кӕроны рӕстӕджы нысан (Матфейы 24:3). Мах ныууагътам мӕнг дин (Раргомад 18:4). Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттау, мах дӕр «нӕ зӕрдыл дардзыстӕм Иегъовӕйы бон» (2 Петры 3:12, НД). Раст у, ныр фынӕйы рӕстӕг нӕу! Цӕмӕй цӕттӕйӕ лӕууӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы ӕмӕ нӕ цавӕр миниуджытыл хъӕуы кусын? Уыдӕттыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 6 абз. Иерусалимы фыццаг ӕнусы 120 000 мин адӕймагӕй фылдӕр нӕ цардаид. Евсевийы хыгъдмӕ гӕсгӕ, н. э. 70 азы Иудейы сахартӕй ӕмӕ хъӕутӕй Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ ӕрцыдаид 300 000 мин адӕймаджы бӕрц. Иннӕтӕ та, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты Ромы паддзахады ӕндӕр рӕттӕй.
^ 6 абз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ Моисейы Закъон ног бадзырдӕй раивта н. э. 33 азы (Ефесӕгтӕм 2:15).
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Иерусалимы цы чырыстӕттӕ цард, уыдон куыд аирвӕзтысты?
• Апостолтӕ Петр ӕмӕ Павелы фыстӕджыты цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нын куыд баххуыс уыдзысты, цӕмӕй нӕхи цӕттӕ дарӕм?
• Абон йӕхи цӕттӕ чи дары ӕмӕ уый цӕмӕй бӕрӕг у?
• Лот ӕмӕ йӕ усыл цы хабар ӕрцыд, уый нын зондзонӕн цӕмӕй у?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Таблицӕ 20—23 фарсыл]
ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ ӔППӔТДУНЕОН ХЫГЪД 2002 ЛӔГГАДЫ АЗӔН
(Кӕс публикацимӕ)
[Нывтӕ 24 фарсыл]
Чырыстӕттӕ Хуыцауы хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уый фӕрцы сты цӕттӕ.