Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«О Хуыцау, цӕмӕн ӕруагътай ацы хабар?!»

«О Хуыцау, цӕмӕн ӕруагътай ацы хабар?!»

«О Хуыцау, цӕмӕн ӕруагътай ацы хабар?!»

РИКАРДО ма ныр дӕр хъуыды кӕны, йӕ ус Мариаимӕ рынчындоны тыргъы куыд бадтысты, уый *. Мариа та ногӕй йӕхи дохтыртӕн фенын кодта, ӕмӕ йын ацы хатт цы ныффыстой, уый бакӕсынмӕ нӕдӕр лӕг, нӕдӕр ус сӕ ныфс нӕ хастой. Уӕддӕр Рикардо къонверт бакодта, ӕмӕ дохтырты ӕвзагыл фыст ныхӕстыл тагъд-тагъд сӕ цӕст ахастой. Дзырд «рак» дзы куы федтой, уӕд бамбӕрстой, цы амыдта, уый, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ныккуыдтой.

«Дохтыр немӕ тынг фӕлмӕнӕй дзырдта,— зӕгъы Рикардо,— фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбӕрста, уавӕр тынг ӕвзӕр кӕй у, уымӕн ӕмӕ нын ӕдзух дзырдта, уӕ ныфс Хуыцауыл дарут, зӕгъгӕ».

Мариайӕн рухсытӕ кӕнын нӕма райдыдтой, афтӕ йӕ дохтыр бафиппайдта, сылгоймагӕн иуӕй-иу хатт йӕ рахиз къах ӕнӕбары кӕй фезмӕл-фезмӕл кодта. Ногӕй та йӕ куы басгӕрстой, уӕд рабӕрӕг, рак сӕрымагъзы кӕй апырх. Рухсытӕ йын иу къуыри фӕкодтой, фӕлӕ сӕ стӕй бахъуыд ныууадзын: Мариа бауадзыг ис ӕмӕ, йӕхимӕ нал ӕрцыд, афтӕмӕй дыууӕ мӕйы фӕстӕ амард. «Иуӕй, йӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзтис,— загъта Рикардо,— фӕлӕ йӕ афтӕ тынг мысыдтӕн, ӕмӕ-иу мӕхи дӕр цӕрын нал фӕндыд. Хуыцаумӕ-иу куывтон: „Цӕмӕн ӕруагътай ацы ӕнамонд хабар?!“»

Бӕллӕх куы ӕрцӕуы, уӕд зӕрдӕ алыхуызон фарстытӕй ӕнцой нӕ фӕары

Рикардойау маст ӕмӕ рис чи ӕвзары, ахӕм адӕймӕгтӕ ӕгас дунейыл цал ӕмӕ цал ис. Уыдонӕй бирӕтӕ бынтон ӕнаххосӕй хъизӕмар кӕнынц. Ахъуыды ма кӕнӕм, цас судзгӕ маст хӕссынц адӕмӕн, сӕ кӕрон дӕр кӕмӕн нӕ зыны, уыцы хӕстытӕ. Цал сты, тыхгӕнджыты амӕттаг чи фӕвӕййы, уыдон, фыдмитӕ кӕмӕн фӕкӕнынц, уыцы сывӕллӕттӕ, кӕнӕ, хи бинонты ’хсӕн дӕр тыхмийӕ ӕдас кӕмӕн нӕу, уыдон. Ӕмӕ ма уымӕй дарддӕр цас фыддзинад ис! Ӕнусты дӕргъы адӕм кӕрӕдзийӕн уыйбӕрц ӕнӕрастдзинад ӕмӕ маст скодтой, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй (Екклесиаст 4:1—3). Хъизӕмӕртты хай фӕвӕййынц, ӕрдзон бӕллӕхты чи бахауы, уыдон; фыдӕбойнаг цард кӕнынц алыхуызон низтӕй рынчын кӕнӕ сахъат адӕм. Уӕдӕ диссаг нӕу, бирӕтӕн ӕнцой кӕй нӕ дӕтты иу фарст: Хуыцау ахӕм хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

Хъизӕмӕрттӕн фӕразын Хуыцауыл ӕууӕндӕг адӕмӕн дӕр ӕнцон нӕу. Чи зоны йӕ ды дӕр не ’мбарыс, уарзӕгой ӕмӕ ӕппӕтхъомысджын Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы. Ацы фарст хуымӕтӕг нӕу, ӕмӕ йын ӕххӕст ӕмӕ раст дзуапп ссарыныл баст у нӕ удӕнцой ӕмӕ нӕ хӕлардзинад Хуыцауимӕ. Ахӕм дзуапп ссарӕн ис Библийы, ӕмӕ уый тыххӕй дзырдӕуы иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

[Нывтӕ 3 фарсыл]

Дохтыр нын ӕдзух дзырдта, уӕ ныфс Хуыцауыл дарут, зӕгъгӕ.