«Цӕттӕ дарут уӕхи!»
«Цӕттӕ дарут уӕхи!»
«Сымахӕн цы зӕгъын, уый хауы алкӕмӕдӕр: цӕттӕ дарут уӕхи» (МАРКЫ 13:37, МСЕ).
1, 2. а) Иу лӕджы куы фӕкъахтой, уӕд цы бамбӕрста? ӕ) Йесо къӕрныхы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас ракодта, уымӕй зондӕн цы ис райсӕн, «фынӕй кӕнӕн» кӕй нӕй, уый фӕдыл?
ХУАНӔН йӕ хӕзнатӕ уыдысты хӕдзары: сынтӕджы бын. Афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ сӕ уым ничи ссардзӕн. Фӕлӕ иу ӕхсӕв, Хуан ӕмӕ йӕ бинойнаг сӕ тӕккӕ фынӕйыл куы уыдысты, уӕд сӕм уатмӕ къӕрных бабырыд. Къӕрных, кӕм ын джигул кӕнгӕ у, уый бӕгуыдӕр зыдта. Сынтӕджы бын цы хӕзнатӕ уыди, уыдон иууылдӕр ӕнӕуынӕрӕй раласта. Хуанӕн ма йӕ сынтӕджы цур тумбычкӕйы лагъзы цы ӕхца уыдис, уыдон дӕр систа. Лӕг райсомӕй куы сыстад, уӕд кӕсы — чидӕр ӕй фӕкъахта. Ныр бамбӕрста: фынӕй адӕймагӕн йӕ бон нӕу, цы йӕм ис, уый бахъахъхъӕнын.
2 Уырнындзинады хабар дӕр афтӕ у. Куы бафынӕй уӕм (ахӕсгӕ хуызы), уӕд нӕдӕр нӕ ныфс бахъахъхъӕндзыстӕм, нӕдӕр нӕ уырнындзинад. Павел дӕр уымӕн фӕдзӕхста: «Фынӕй нӕ кӕндзыстӕм, иннӕты хуызӕн, фӕлӕ уыдзыстӕм цӕрдӕг ӕмӕ ӕвронг» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:6). «Фынӕй кӕнӕн» кӕй нӕй, уый бамбарын кӕнынӕн Йесо ракодта къӕрныхы тыххӕй фӕсномыг ныхас. Уый радзырдта, Тӕрхонгӕнӕгӕй куы ныллӕууа, уӕд цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдӕттӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ ныффӕдзӕхста: «Уӕдӕ хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД], уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, кӕцы сахат ӕрцӕудзӕн уӕ Хицау. Фӕлӕ уый зонут сымах, хӕдзары хицау куы зонид, кӕцы афон ӕрцӕудзӕн давӕг, уӕд хъӕлдзӕг уаид [«нӕ бафынӕй уаид», НД] ӕмӕ нӕ бауадзид йӕ хӕдзар фӕкъахын. Уый тыххӕй сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ кӕцы сахат ӕнхъӕл не стут, ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матфейы 24:42—44). Къӕрных бабырын кӕмӕ фӕхъавы, уымӕн нӕ фӕхабар кӕны. Уый бабыры, куы ничи йӕм фенхъӕлмӕ кӕсы, уӕд. Ацы дунейы кӕрон дӕр ӕрцӕудзӕн, Йесо куыд загъта, афтӕ — «кӕцы сахатыл ӕнхъӕл не стӕм», уӕд.
«Уӕхи цӕттӕ дарут, уырнындзинады фидар лӕуут»
3. Йе ’лдармӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы цагъарты цӕвиттонӕй Йесо куыд равдыста, нӕхи цӕттӕйӕ дарын куыд ахсджиаг у, уый?
3 Лукайы Евангелийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йесо чырыстӕтты абарста, йе ’лдармӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, ахӕм цагъартимӕ. Уыдон ӕхсӕв хъуамӕ бадтаиккой, цӕмӕй, се ’лдар чындзӕхсӕвӕй куы ӕрцыдаид, уӕд йӕ размӕ рацыдаиккой. Раст афтӕ, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, «кӕцы сахат ӕнхъӕл не стӕм, ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» дӕр (Лукайы 12:40). Иегъовӕйӕн рагӕй нырмӕ чи лӕггад кӕны, уыдонӕй иуӕй-иуты, гӕнӕн ис, айрох уа, цы рӕстӕджы цӕрынц, уый. Чи зоны, хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, дунейы кӕронмӕ нырма бирӕ хъӕуы. Фӕлӕ нӕ ахӕм хъуыды, гӕнӕн ис, Хуыцауӕй адард кӕна, нӕ зӕрдӕ та нын мулкмӕ скӕна, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа (Лукайы 8:14; 21:34, 35).
4. Цӕй фӕрцы уыдзыстӕм къӕрцхъус ӕмӕ уымӕн Йесо цавӕр цӕвиттон ӕрхаста?
4 Йесойы фӕсномыг ныхасы ма ис ноджыдӕр иу зондзонӕн. Цагъартӕ нӕ зыдтой, сӕ ӕлдар цафон фӕзындзӕн, уый. Фӕлӕ цы ’хсӕв хъуамӕ фӕзындаид, уый, ӕвӕццӕгӕн, зыдтой. Ӕндӕр ӕхсӕв ӕрцӕуинаг куы уыдаид, уӕд уыцы ’хсӕв цы бадтаиккой?! Фӕлӕ цы ’хсӕв ӕрцӕудзӕн, уый зыдтой, ӕмӕ нӕ бафынӕй сты, цӕттӕ уыдысты йе ’рбацыдмӕ. Уӕдӕ абон дӕр афтӕ у: Библийы пехуымпарӕдтӕ нын ӕвдисынц, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, фӕлӕ кӕрон цы бон кӕнӕ цы сахат уыдзӕн, уый нын нӕ амонынц (Матфейы 24:36). Ацы дунейӕн кӕрон кӕй уыдзӕн, уый зонӕм, ӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ, нӕхи цӕттӕ дарӕм. Фӕлӕ, Иегъовӕйы бон ӕввахс кӕй у, ууыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм, уӕд ноджы къӕрцхъусдӕр уыдзыстӕм (Софони 1:14).
5. Павелы фӕдзӕхст, «уӕхи цӕттӕ дарут», зӕгъгӕ, куыд ис зӕрдӕмӕ айсӕн?
5 Павел коринфӕгты фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «уӕхи цӕттӕ дарут, уырнындзинады фидар лӕуут» (1 Коринфӕгтӕм 16:13, НД). О, уырнындзинады цас фидардӕр лӕууӕм, уыйас хуыздӕр цӕттӕ уыдзыстӕм. Фӕлӕ уымӕн куыд гӕнӕн ис? Уый тыххӕй хъӕуы Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасын (2 Тимофеймӕ 3:14, 15). Библи лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ алы ӕмбырдмӕ дӕр куы цӕуӕм, уӕд нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар, ӕмӕ Иегъовӕйы бон нӕ зӕрдыл дардзыстӕм. Ӕмӕ цӕмӕй ма рох кӕнӕм, ацы дунейы кӕрон Библимӕ гӕсгӕ цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдон, уый тыххӕй-иу сӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм *. Хорз ма уаид, дунейы хабӕрттӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ хъус дарын дӕр. Германы иу ӕфсымӕр уый фӕдыл мӕнӕ цы ныффыста: «Ног хабӕртты куы радзурынц хӕстыты, зӕххӕнкъуыстыты, фыдракӕндты ӕмӕ, адӕм ӕрдз кӕй чъизи кӕнынц, уый тыххӕй, уӕд ма адӕймаджы цы зонын фӕхъӕуы, кӕрон ӕввахс кӕй у, уый».
6. Йесо цавӕр цӕвиттонӕй равдыста, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ чырыстон дӕр, гӕнӕн ис, къӕрцхъус мауал уа, уый?
6 Маркы Евангелийы 13 сӕры дӕр фыст ис, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕхи цӕттӕ дарой. Уыцы сӕры куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты абарста, йӕ хицау дард балцы кӕмӕн уыд ӕмӕ йӕм чи ӕнхъӕлмӕ каст, ахӕм дуаргӕсимӕ. Йӕ хицау цы сахат фӕзындзӕн, уый бӕлвырд нӕ зоны, ӕмӕ бады, ӕнхъӕлмӕ йӕм кӕсы. Йесо загъта, зӕгъгӕ, хӕдзары хицау цы рӕстӕг фӕзындзӕн, уый бӕрӕг нӕу: фыццаг хъахъхъӕнӕн афон уа, дыккаг, ӕртыккаг ӕви цыппӕрӕм. Цыппӕрӕм хъахъхъӕнӕн афон-иу райдыдта ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл ӕмӕ-иу фӕци, бон-иу куы ’рбацъӕх, уӕд. Уыцы рӕстӕг дуаргӕсы хуыссӕг ӕнцонтӕй, гӕнӕн уыдис, ӕмӕ йӕ быны скодтаид. Зындгонд у, ӕхсӕв бонӕй куы фӕхицӕн кӕны, уыцы афон ӕфсӕддонтӕ нымадтой тӕккӕ хуыздӕр рӕстӕгыл знагыл ӕваст хи ныццӕвынӕн. Абон дӕр, ацы фӕстаг бонты кӕрон, Хуыцауӕй дард адӕм сӕ тӕккӕ «адджын фынӕйыл» кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ уӕм ноджы къӕрцхъусдӕр (Ромӕгтӕм 13:11, 12). Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цалдӕр хатты цӕмӕн загъта: «Уӕхи цӕттӕ дарут [...] Уӕдӕ сымах дӕр цӕттӕ дарут уӕхи. [...] Сымахӕн цы зӕгъын, уый хауы алкӕмӕдӕр: цӕттӕ дарут уӕхи» (Маркы 13:32—37, МСЕ).
7. Тӕссаг нын цӕмӕй у ӕмӕ уый тыххӕй Библийы арӕх цавӕр фӕдзӕхст ӕмбӕлы?
7 Йесо зӕххыл лӕггадгӕнгӕйӕ ӕмӕ йӕ райгасы фӕстӕ дӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕм сидт, цӕмӕй къӕрцхъус уыдаиккой. Уыимӕ ма Сыгъдӕг Фыстады ацы дунейы кӕроны тыххӕй кӕм дзырдӕуы, уым алы ран дӕр ис фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, цӕттӕ ут * (Лукайы 12:38, 40; Раргомад 3:2; 16:14—16). Дзырд дӕр ыл нӕй, тынг тӕссаг у, ӕмӕ нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа. Ӕвӕдза, куыд ахсджиаг сты уыцы фӕдзӕхстытӕ! (1 Коринфӕгтӕм 10:12; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 6).
Ӕртӕ апостолы бафынӕй сты
8. Йесо Гефсиманы дыргъдоны йе ’ртӕ апостолмӕ куы бахатыд, зӕгъгӕ, «ма бафынӕй ут», уӕд-иу куыд рауадис?
8 Петр, Иаков ӕмӕ Иоанныл цы хабар ӕрцыд, уый ӕвдисы, адӕймаджы зӕрдӕйы цыфӕнды Матфейы 26:38). Йесо ӕртӕ хатты йӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта йӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕмӕ-иу йӕ хӕлӕрттӕм куы ӕрбаздӕхт, уӕд та-иу сӕ, ӕртӕ хатты дӕр, фынӕйӕ баййӕфта (Матфейы 26:40, 43, 45).
хорз фӕндтӕ ма уа, уӕддӕр ын уый йӕ хуыссӕг кӕй нӕ фӕлидзын кӕндзӕн. Ӕртӕйӕ дӕр уыдысты Хуыцауӕн кувӕг лӕгтӕ, стӕй Йесойыл тынг ӕнувыд уыдысты, йӕ цурӕй нӕ цыдысты. Фӕлӕ сӕ н. э. 33 азы 14 нисаны ӕхсӕвы хуыссӕг йӕ быны скодта ӕмӕ бафынӕй сты. Йесо йӕ апостолтимӕ иу хӕдзары уӕллаг уаты Куадзӕн конд куы фӕци, уӕд уыцы ӕртӕ апостолимӕ араст Гефсиманы дыргъдонмӕ. Уым сӕм бахатыд: «Мӕ уд мӕлӕтон хъыг кӕны; фӕут ам ӕмӕ хъӕлдзӕг ут Мемӕ [«ма бафынӕй ут», НД]» (9. Апостолты хуыссӕг цӕмӕн ахста?
9 Уыцы ’хсӕв ацы иузӕрдион лӕгтӕ Йесойы зӕрдӕ цӕуылнӕ барухс кодтой? Ӕртӕйӕ дӕр уыдысты тынг фӕллад. Стӕй, ӕвӕццӕгӕн, рӕстӕг ӕмбисӕхсӕвӕй ахызт ӕмӕ «сӕ цӕстытӕ хуыссӕгӕй ӕруӕззау сты» (Матфейы 26:43, НФ). Фӕлӕ та сын Йесо уӕддӕр загъта: «Хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД] ӕмӕ кувут, цӕмӕй ма бахауат фыдӕвзарӕны: уд цӕрдӕг у, буар та ӕнӕхъару» (Матфейы 26:41).
10, 11. а) Кӕд Йесо, Гефсиманы дыргъдоны уӕвгӕйӕ, фӕллад уыд, уӕддӕр цӕуылнӕ бафынӕй? ӕ) Йесо йӕ апостолтӕн куы загъта, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, уӕд сыл цы ’рцыд, ӕмӕ уый махӕн зондзонӕн цӕмӕн у?
10 Уӕдӕ Йесо дӕр уыцы фӕстаг ӕхсӕв фӕллад куыннӕ уыдаид?! Уӕддӕр уый йӕхи не ’руагъта, зӕгъгӕ, афынӕй кӕнон, фӕлӕ йӕ зӕххон царды фӕстаг уысмтӕ йӕ цӕссыг калгӕйӕ фӕкуывта. Къорд бонты размӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй куывтаиккой: «Уӕдӕ, хъӕлдзӕг ут [«ма бафынӕй ут», НД] алы афон ӕмӕ кувут, цӕмӕй ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхтӕй аирвӕзат ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз балӕууыны аккаг уат» (Лукайы 21:36; Ефесӕгтӕм 6:18). Йесойы фӕдзӕхст нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм ӕмӕ мах дӕр афтӕ зӕрдиагӕй Иегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд нӕ «бафынӕй» уыдзыстӕм, ома нӕхи цӕттӕ дардзыстӕм.
11 Йесо, бӕгуыдӕр, зыдта, йӕ апостолтӕй хъауджы, рӕхджы йӕ кӕй ӕрцахсдзысты ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон кӕй скӕндзысты. Уӕлдай стырдӕр фӕлварӕнтӕ та йӕм ӕнхъӕлмӕ каст хъизӕмӕртты цӕджындзыл. Бӕргӕ дзырдта йӕ апостолтӕн уый тыххӕй, фӕлӕ йӕ нӕ бамбӕрстой. Ӕмӕ фынӕй дӕр уымӕн баисты, Йесо куы куывта, уӕд (Маркы 14:27—31; Лукайы 22:15—18). Махӕн дӕр уыцы апостолтау нӕ буар у ӕдых ӕмӕ нырма бирӕ цыдӕртӕ нӕ зонӕм. Ӕмӕ цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый куы рох кӕнӕм, уӕд «бафынӕй» уыдзыстӕм — раздӕрау цӕттӕ нал уыдзыстӕм. Фӕлӕ цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм цырддзаст.
Ӕртӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ миниуӕджы
12. Цӕмӕй цырддзаст уӕм, уый тыххӕй нӕ, Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цавӕр ӕртӕ миниуӕджы хъӕуы?
12 Цӕмӕй, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый нӕ ма рох кӕна, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы? Базыдтам, ахсджиаг кӕй у Иегъовӕмӕ кувын ӕмӕ йын йӕ бон нӕ зӕрдыл дарын. Уыйхыгъд ма, Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм ӕртӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ миниуӕджы: «Мах та боны фырттӕ уӕвгӕйӕ, ӕвронг уыдзыстӕм [«цырддзаст уыдзыстӕм», НД], сфӕлындгӕйӕ уарзондзинады ӕмӕ уырнындзинады згъӕрты, ӕмӕ ирвӕзындзинады ныфсы згъӕрхуды» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:8). Цыбыртӕй равзарӕм, уырнындзинад, ныфс ӕмӕ уарзондзинад адӕймагӕн йӕхи цӕттӕ дарынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый.
13. Цӕмӕй адӕймаг цырддзаст уа, уый тыххӕй йӕ уырнындзинад цӕмӕн хъӕуы?
13 Мах хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм Иегъовӕйыл ӕмӕ йӕ «зӕрдиагӕй... чи агуры, уыдоны кӕй хорзӕхджын кӕны», ууыл (Дзуттытӕм 11:6, НД). Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы загъта, уый фыццаг хатт І ӕнусы кӕй сӕххӕст, уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны, абон та ӕгас дунейыл дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Ахӕм уырнындзинад нӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Иегъовӕйы бонмӕ, уымӕн ӕмӕ зонӕм, пехуымпарад «ӕнӕмӕнг [кӕй] сӕххӕст уыдзӕн, [кӕй] нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Аввакум 2:3).
14. Цӕмӕй нӕхи цӕттӕ дарӕм, уый тыххӕй нӕ ныфс ӕхсызгонӕй цӕмӕн хъӕуы?
14 Нӕ фидар ныфс у растдӕр «удӕн... науӕнгуыры» хуызӕн: уый фӕрцы нӕ бон у зынтӕн Дзуттытӕм 6:18, 19). Сыгъдӕг удӕй сӕрст хо Маргарет (цӕуы йыл 90 азӕй фылдӕр, донаргъуыд райста 70 азы размӕ) дзуры: «1963 азы мӕ удыхай ракӕй ӕруатон ӕмӕ абон-райсом кодта, ӕмӕ уый тыххӕй мӕхицӕн дзырдтон: тӕхуды, ӕмӕ тагъддӕр ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуид! Ныр ӕй ӕмбарын — уӕд ӕз ӕрмӕстдӕр мӕхи мӕт кодтон. Махӕн уӕд нӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, нӕ хъуыддаг ӕгас дунейыл афтӕ кӕй анхъӕвздзӕн. Суанг ма йын абон дӕр кӕмдӕрты фӕндаг нырма ӕрӕджы байгом ис. Иегъовӕ кӕй быхсы, уый мын у тынг ӕхсызгон». Апостол Павел нын ныфс ӕвӕры: «Фӕразондзинадӕй [цӕуы] Хуыцауы разыдзинад, Хуыцауы разыдзинадӕй — ныфс, ӕмӕ ныфс та фыдӕнхъӕл нӕ кӕны» (Ромӕгтӕм 5:3—5, НД).
фӕразын, кӕд нӕ Хуыцауы ӕнӕивгӕ зӕрдӕвӕрдты сӕххӕстмӕ иу цасдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы, уӕддӕр (15. Нӕ зӕрдӕты уарзондзинад куы судза, уӕд, кӕд рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕддӕр нӕ цы фӕнддзӕн кӕнын?
15 Чырыстон уарзондзинад у ӕрдхӕрӕны миниуӕг, уымӕн ӕмӕ цыдӕриддӕр аразӕм, уый аразӕм, нӕ зӕрдӕты уарзондзинад кӕй ис, уый тыххӕй. Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, лӕггад дӕр ын уый тыххӕй кӕнӕм, ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 13:13). Нӕ зӕрдӕты уарзондзинад куы судза, уӕд нӕ бон уыдзӕн фидар лӕууын ӕмӕ нӕхи цӕттӕ дарын. «[Уарзондзинад] алцӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цыдӕриддӕр бафӕразы. [...] Уарзын никуы банцайдзӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:7, 8, НФ).
нын уӕлдай нӕу, йӕ фӕнд кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Хуыцау цасфӕнды ма быхса, ӕмӕ цасфӕнды уыцы иу дуар ма бахойӕм, уӕддӕр адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзӕм. Павел фыста, зӕгъгӕ, «ныр сты ацы ӕртӕ: уырнындзинад, ныфс, уарзондзинад; фӕлӕ уарзондзинад у се ’ппӕтӕй стылдӕр» («Цы дӕм ис, ууыл фидар хӕц»
16. Нӕ къухтӕ ӕруадзыны бӕсты нӕм цавӕр зӕрдӕйы уаг хъуамӕ уа?
16 Мах цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый хуымӕтӕг рӕстӕг нӕу — дунейы цы хабӕрттӕ цӕуынц, уыдон нын иудадзыг нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, фӕстаг бонты кӕрон кӕй цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Ныр уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ нӕ къухтӕ ӕруадзӕм. Ныр хъуамӕ, «цы нӕм ис, ууыл фидарӕй хӕцӕм» (Раргомад 3:11, НФ). Ӕдзух куы кувӕм ӕмӕ куы архайӕм, цӕмӕй нӕм уа уырнындзинад, ныфс ӕмӕ уарзондзинад, уӕд цӕттӕ уыдзыстӕм фӕлварӕн бонмӕ (1 Петры 4:7). Хицауы хъуыддаджы нын куыст бирӕ ис. Ӕмӕ Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ хъуыддӕгтыл хӕст куы уӕм, уӕд уый фӕрцы къӕрцхъус уыдзыстӕм (2 Петры 3:11).
17. а) Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, уымӕй кӕд ницы рауади, уӕддӕр нӕ хъыг кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы? (Кӕс фӕлгӕты 31 фарсыл.) ӕ) Куыд ис Иегъовӕйы фӕзмӕн, ӕмӕ афтӕ чи кӕны, уыдонмӕ цавӕр хорзӕхтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
17 Иереми фыста: «Иегъовӕ мӕ иу хай у... ӕмӕ йӕм уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн. Йӕ ныфс ыл чи дары ӕмӕ йӕ чи агуры, уыдонӕн Иегъовӕ хорз у. Адӕймаг, Иегъовӕ йӕ кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕса,— ӕнӕдзургӕйӕ дӕр, уӕд уый хорз у» (Иеремийы хъарӕг 3:24—26). Иутӕ нӕ Иегъовӕйы бонмӕ нырма ӕрӕджы райдыдтой ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Иннӕтӕ та, Иегъовӕ нӕ кӕд ирвӕзын кӕндзӕн, уыцы бонмӕ бирӕ азты дӕргъы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг, цы ӕнусон цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыимӕ абаргӕйӕ ницы у! (2 Коринфӕгтӕм 4:16—18). Ӕмӕ уал, Иегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ, нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм ӕнӕмӕнгхъӕугӕ чырыстон миниуджытӕ ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй, цалынмӕ Иегъовӕ быхсы, уӕдмӕ ӕцӕгад базоной. Цӕй уӕдӕ нӕхи цӕттӕ дарӕм. Мах дӕр Иегъовӕйау быхсӕм ӕмӕ нын цы ныфс радта, уый тыххӕй йын арфӕ кӕнӕм. Дарддӕр дӕр нӕ зӕрдӕйы тӕлфӕд ӕнусон царды ныфс, цӕмӕй дарддӕр дӕр цырддзаст уӕм. Уӕд нӕхи цӕстытӕй фендзыстӕм мӕнӕ ацы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый: «[Иегъовӕ] сисдзӕн дӕу, цӕмӕй зӕхх дӕхи бакӕнай; ӕмӕ ӕнӕрӕстыты куы цӕгъдой, ды фендзынӕ» (Псалом 36:34).
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 5 абз. Хорз уаид зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уымӕн 2000 азы 1 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 7 ӕмӕ 8 фӕрстыл цы ӕхсӕз бӕлвырдгӕнӕны ис, уыдон (2 Тимофеймӕ 3:1).
^ 7 абз. «Цӕттӕ ут»-ӕй цы рагон грекъаг мивдисӕг ӕрцыд ивд, уый фӕдыл дзырдуатаразӕг У. Е. Вайн дзуры, зӕгъгӕ, уый комкоммӕ амоны «хуыссӕг сурын» ӕмӕ «ӕвдисы, адӕймаджы хуыссӕг куы нӕ фӕахсы, уый нӕ, фӕлӕ цӕйдӕр тыххӕй ӕхсӕв куы фӕбады».
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕввахс кӕй у, уый?
• Петр, Иаков ӕмӕ нын Иоанны хабӕрттӕ зондзонӕн куыд сты?
• Цӕмӕй цырддзаст уӕм, уый тыххӕй нӕ цавӕр ӕртӕ миниуӕджы хъӕуы?
• Цы нӕм ис, ууыл нӕ уӕлдайдӕр ныртӕккӕ «фидар хӕцын» цӕмӕн хъӕуы?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Рамкӕ/Ныв 31 фарсыл]
«Тӕхудиаг уыдзӕни, чи банхъӕлмӕ кӕса, уый» (Данел 12:12)
Хъахъхъӕнӕгмӕ афтӕ кӕсы, цыма, цы хӕдзар хъахъхъӕны, уырдӕм къӕрных бырдзӕн. Куы баталынг вӕййы, уӕд алы сыбар-сыбурмӕ дӕр йӕ хъус фӕдары: уӕд та, мыййаг, къӕрных ӕрбахъуызы. Уый ӕнӕхъӕн ӕхсӕв йӕ хъус фӕдары алы уынӕрмӕ дӕр, дзагъырдзӕстӕй фӕкӕсы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, гӕнӕн ис, ӕмӕ бӕласы сыфтӕры сыбар-сыбур кӕнӕ гӕдыйы хыбар-хыбур йӕ хъустыл ауайа, ӕмӕ йӕ уый фӕсайа (Лукайы 12:39, 40).
Ахӕм хабар, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕрцӕуа, «нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕзындмӕ [чи] ӕнхъӕлмӕ кӕсы», уыдоныл дӕр (1 Коринфӕгтӕм 1:7). Апостолтӕ дӕр ӕнхъӕл уыдысты, Йесо йӕ райгасы фӕстӕ кӕй «сараздзӕн... ногӕй Израилы паддзахад» (Куыстытӕ 1:6, НФ). Фессалоникты цӕрӕг чырыстӕттӕн къорд азты фӕстӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын хъуыд, Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы ӕрмӕстдӕр фидӕны кӕй уыдзӕн, уый (2 Фессалоникӕгтӕм 2:3, 8). Фӕлӕ кӕд Иегъовӕйы бон, Йесойы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ ӕнхъӕл куы уыдысты, уӕд не ’рцыд, уӕддӕр уыдон царды фӕндагӕй нӕ ахызтысты (Матфейы 7:13).
Абон дӕр нӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ ныл уыцы бон ныддаргъ ис, уӕддӕр хъуамӕ уӕм цырддзаст. Ӕмӕ кӕд къӕрцхъус хъахъхъӕнӕгӕн хатт йӕ хъустыл цыдӕр ауайы ӕмӕ йӕ уый фӕсайы, уӕддӕр хъуамӕ лӕууа йӕ бынаты! Уый йӕ куыст у. Афтӕ зӕгъӕн ис чырыстӕттӕй дӕр.
[Ныв 28 фарсыл]
Иегъовӕйы бон ӕввахс кӕй у, уый дӕ фидарӕй уырны?
[Нывтӕ 29 фарсыл]
Фембӕлдтӕм куы цӕуӕм, куы кувӕм ӕмӕ Библи лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕхи цӕттӕ дардзыстӕм.
[Ныв 32 фарсыл]
Маргаретау мах дӕр быхсдзыстӕм ӕмӕ цӕттӕ уыдзыстӕм.