Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Бирӕ дыргъ хӕссут»

«Бирӕ дыргъ хӕссут»

«Бирӕ дыргъ хӕссут»

«Бирӕ дыргъ... хӕссут ӕмӕ мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый хъуыддагӕй... ӕвдисут» (ИОАННЫ 15:8, НД).

1. а) Цы загъта Йесо йӕ апостолтӕн, йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдон цавӕр уагӕвӕрд хъуамӕ ӕххӕст кӕной, уый фӕдыл? ӕ) Цавӕр фӕрстытыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

ЙЕСО йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ апостолтимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ бирӕ фӕныхас кодта. Ӕвӕццӕгӕн, рӕстӕг ӕмбисӕхсӕвӕй дӕр ахызт, фӕлӕ Йесо йӕ ахсджиаг, йӕ ӕнувыд хӕлӕртты кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ уӕддӕр семӕ ныхас кӕны. Уый сын уыцы изӕр сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдон ма цавӕр уагӕвӕрд ӕххӕст кӕнын хъӕуы, уый. Йесо загъта: «Уымӕй кадджын кӕны мӕ Фыд, сымах бирӕ дыргъ кӕй хӕссут ӕмӕ мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый хъуыддагӕй кӕй ӕвдисут» (Иоанны 15:8НД). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы уагӕвӕрд сфидар кодта, уый мах абон ӕххӕст кӕнӕм? «Бирӕ дыргъ хӕссут», зӕгъӕ, цы нысан кӕны? Уый базонынӕн ӕркӕсӕм, уыцы изӕр цӕуыл дзырдтой, уымӕ.

2. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр дыргъ хӕссыны тыххӕй цавӕр цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхаста?

2 «Дыргъ хӕссут», зӕгъгӕ, уыцы амынд уыдис, Йесо йӕ апостолтӕн цы цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхаста, уымӕн йӕ иу хай. Уый загъта: «Ӕз Дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры Бӕлас, Мӕ Фыд та — Сӕнӕфсирдоны Хицау; Мӕ алкӕцы дыргъ нӕ хӕссӕг къалиуы, Уый алыг кӕны; ӕмӕ алкӕцы, дыргъ хӕссӕджы, сыгъдӕг кӕны, цӕмӕй фылдӕр ӕрхӕсса дыргъ. Сымах ныр стут сыгъдӕггонд дзырды сӕрты, кӕцы Ӕз фехъусын кодтон сымахӕн. Ут Мӕн мидӕг, Ӕз та сымах мидӕг. Къалиуӕн йӕ бон куыд нӕу дыргъ хӕссын йӕхицӕй, бӕласыл куы нӕ уа уӕд, афтӕ сымах дӕр, куы нӕ уат Мӕн мидӕг, уӕд! Ӕз Дӕн Бӕлас, сымах та къалиутӕ; [...] Уымӕй кадджын кӕны мӕ Фыд, сымах бирӕ дыргъ кӕй хӕссут ӕмӕ мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый хъуыддагӕй кӕй ӕвдисут. Мӕн Фыд куыд бауарзта, афтӕ Ӕз дӕр бауарзтон сымах; Мӕ уарзондзинады ут. Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы сӕххӕст кӕнат, уӕд уыдзыстут Мӕ уарзондзинады» (Иоанны 15:1—7; 8, НД, 9, 10).

3. Цы хъуамӕ аразой Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ дыргъ хӕссынӕн?

3 Ацы цӕвиттоны Иегъовӕ у Сӕнӕфсирдоны Хицау, Йесо — сӕнӕфсиры бӕлас, Йесо кӕмӕ дзырдта, уыцы апостолтӕ та — къалиутӕ. Ӕмӕ цалынмӕ апостолтӕ Йесоимӕ иудзинады уыдаиккой, уӕдмӕ дыргъ хастаиккой. Ӕмӕ цӕмӕй уый фӕстӕ дӕр ӕнӕмӕнгдӕр иудзинады уыдаиккой, уымӕн цы хъуыд, уый тыххӕй сын Йесо загъта: «Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы сӕххӕст кӕнат, уӕд уыдзыстут Мӕ уарзондзинады». Фӕстӕдӕр апостол Иоанн дӕр ныффыста ахӕм ныхӕстӕ йе ’муырнджытӕм: «Йӕ [Чырыстийы] фӕдзӕхстытыл чи хӕцы, ахӕм Йемӕ ӕмдзинады ис» * (1 Иоанны 2:24; 3:24НФ). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у: Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ йын йӕ фӕдзӕхстытыл куы хӕцой, уӕд йемӕ уыдзысты «ӕмдзинады», ома иудзинады, ӕмӕ сӕ бон уыдзӕн дыргъ хӕссын. Цавӕр дыргъ хъуамӕ хӕссой?

Фадат рӕзынӕн

4. Дыргъ цы къалиуыл нӕ вӕййы, уый Иегъовӕ кӕй «алыг кӕны», уыцы хъуыддаг нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

4 Сӕнӕфсир бӕласы тыххӕй цӕвиттоны Иегъовӕ, дыргъ цы къалиуыл нӕ вӕййы, уый «алыг кӕны». Ацы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Ууыл, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕй алкӕй бон дӕр у дыргъ хӕссын, нӕ уавӕртӕ цавӕрфӕнды ма уой, уӕддӕр. О, уарзондзинады Хуыцау Иегъовӕ нӕ «алыг кӕндзӕн», кӕнӕ йӕ къух нӕ ауигъдзӕн, Чырыстийы ахуыргӕнинагыл, йӕ бон цыдӕр кӕй не сси бакӕнын, уый тыххӕй (Псалом 102:14; Колоссӕгтӕм 3:23; 1 Иоанны 5:3).

5. а) Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттон куыд ӕвдисы, нӕ бон фылдӕр дыргъ хӕссын кӕй у, уый? ӕ) Цавӕр дыууӕ «дыргъы» равзардзыстӕм?

5 Йесо сӕнӕфсиры бӕласы тыххӕй цы цӕвиттон ӕрхаста, уый ӕвдисы, нӕ уавӕртӕ нӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ архайӕм Хуыцауы хъуыддаджы сгуыхыныл ӕмӕ размӕ цӕуыныл. Ӕркӕсӕм ма, Йесо йӕхӕдӕг уый тыххӕй цы загъта: «Мӕ алкӕцы дыргъ нӕ хӕссӕг къалиуы, Уый алыг кӕны; ӕмӕ алкӕцы, дыргъ хӕссӕджы, сыгъдӕг кӕны, цӕмӕй фылдӕр ӕрхӕсса дыргъ» (Иоанны 15:2). Йесо йӕ цӕвиттоны фӕстаг ныхӕстӕй йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кӕны, цӕмӕй «фылдӕр ӕрхӕссой дыргъ» (Ин 15:8 стих). Уый цы нысан кӕны? Цы нын бантыст, ууыл хъуамӕ ма ӕрлӕууӕм (Раргомад 3:14, 15, 19). Аивдӕр нын у фылдӕр дыргъ хӕссынӕн фадӕттӕ агурын. Ӕмӕ цавӕр дыргъ хъуамӕ хӕссӕм? Хъуамӕ хӕссӕм 1) «уды дыргъ» ӕмӕ 2) Хуыцауы Паддзахады дыргъ (Галатӕгтӕм 5:22, 23; Матфейы 24:14).

Чырыстон миниуджыты дыргъ

6. Сыгъдӕг уды дыргъы фыццаг миниуӕг ахсджиаг кӕй у, уый тыххӕй Йесо Чырысти цы загъта?

6 «Уды дыргъы» миниуджытӕй уарзондзинад лӕууы фыццаг бынаты. Хуыцауы сыгъдӕг уд чырыстӕтты зӕрдӕты цырен кӕны уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕххӕст кӕнынц, Йесо, сӕнӕфсир бӕласы тыххӕй цӕвиттон ’рхӕссыны размӕ цы фӕдзӕхст радта, уый. Уый йӕ апостолтӕн загъта: «Ног фӕдзӕхст дӕттын сымахӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзат» (Иоанны 13:34). Йесо йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕв йӕ апостолтимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын цалдӕр хатт загъта, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзой (Иоанны 14:15, 21, 23, 24; 15:12, 13, 17).

7. Дыргъ хӕссынӕн адӕймаг Чырыстийы миниуджытӕ кӕй хъуамӕ фӕзма, уый тыххӕй апостол Павел цы загъта?

7 Петр,— уый дӕр уыцы ’хсӕв уым уыд,— бамбӕрста, ӕцӕг чырыстӕттӕм кӕй хъуамӕ уа, Чырыстимӕ цы уарзондзинад уыд, уый ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм миниуджытӕ дӕр. Бирӕ азты фӕстӕ Петр фыста чырыстӕттӕм, цӕмӕй сахуыр уыдаиккой хиуыл хӕцын, кӕрӕдзи ӕфсымӕртау уарзын ӕмӕ адӕмы дӕр уарзын. Стӕй ма, куыд загъта, афтӕмӕй нӕм ахӕм миниуджытӕ куы уа, уӕд «нӕ баззайдзыстӕм ӕнӕнтыст ӕмӕ ӕнӕ дыргъӕй» (2 Петры 1:5—8). Нӕ уавӕртӕ куыдфӕнды ма уой, уӕддӕр нӕ алкӕй бон дӕр у сыгъдӕг уды дыргъ хӕссын. Цӕй уӕдӕ уарзондзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын ӕмӕ ма Чырыстийы ӕндӕр миниуджытӕ ноджы хуыздӕр ӕвдисӕм, уымӕн ӕмӕ «ахӕмтыл закъон ницы бар дары», ницы сӕ къуылымпы кӕны (Галатӕгтӕм 5:23). Цӕй уӕдӕ «хӕссӕм фылдӕр дыргъ».

Хуыцауы Паддзахады дыргъ хӕссын

8. а) Сыгъдӕг уды дыргъ ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады дыргъы ’хсӕн цы бастдзинад ис? ӕ) Цавӕр фарст нӕ хъӕуы равзарын?

8 Зайӕгойӕн йӕ рӕсугъд, хур ӕмӕ донӕй ӕфсӕст дыргътӕ сты йӕ фидауц. Фӕлӕ дыргътӕ ӕрмӕст рӕсугъды тыххӕй не сты. Дыргъты цы ӕппытӕ, ома мыггӕгтӕ вӕййы, зайӕгойтӕ уыдон руаджы фӕбирӕ кӕнынц. Раст афтӕ сыгъдӕг уды дыргъ дӕр ӕрмӕст нӕ чырыстон удыхъӕды фидауц нӕу. Нӕ зӕрдӕйы уарзондзинады цӕхӕр кӕй судзы, стӕй Хуыцауыл кӕй ӕууӕндӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды, Библи цы Паддзахады хабары кой кӕны, уый мыггаг тауын. Дӕ хъус ма ӕрдар, ацы дыууӕ хъуыддаджы ’хсӕн цы бастдзинад ис, уымӕ апостол Павел куыд бацамыдта. Уый загъта: «Мах дӕр уырны [сыгъдӕг уды дыргъ] ӕмӕ уый тыххӕй дзурӕм» (2 Коринфӕгтӕм 4:13). Ӕндӕр ран та, Павел куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй мах «хӕссӕм Хуыцауӕн ӕппӕлды нывонд, ома... дзыхы дыргъ» — дыргъы дыккаг хуыз, ӕмӕ ахӕм дыргъ дӕр хъуамӕ хӕссӕм (Дзуттытӕм 13:15). Цымӕ нӕ бон нӕу Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр хъусын кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй фылдӕр «дыргъ хӕссын»?

9. Дыргъ хӕссын ӕрмӕстдӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ хауы? Бамбарын ӕй кӕн.

9 Цӕмӕй ацы фарстӕн раст дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй уал базонӕм, Хуыцауы Паддзахады дыргъмӕ цы хауы, уый. Дыргъ хӕссын ӕрмӕст ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын амоны? (Матфейы 28:19). Цы дыргъ хъуамӕ хӕссӕм, уый цымӕ сӕйраджыдӕр, не ’ххуысы фӕрцы донаргъуыд чи райста ӕмӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи сси, уыдоны амоны? Нӕ. Афтӕ куы уыдаид, уӕд Хуыцауы Паддзахады хабармӕ хорз кӕм нӕ хъусынц, ахӕм рӕтты бирӕ рӕстӕджы дӕргъы иузӕрдионӕй чи хъусын кӕны, уыцы зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн сӕ зӕрдӕты ныфсы цӕхӕр бамынӕг уаид. Ӕмӕ цы Паддзахады дыргъ хӕссӕм, уый ӕрмӕст ног ахуыргӕнинӕгты куы амонид, уӕд уыцы уацамындуарзаг Ӕвдисӕнтӕ уыдаиккой, Йесо йӕ цӕстуынгӕ цӕвиттоны цы ӕнӕдыргъ къалиуты кой кӕны, растдӕр уыдон хуызӕн! Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый афтӕ нӕу. Уӕдӕ уацамынды цы Паддзахады дыргъ хӕссӕм, уый сӕйраджыдӕр цы у?

Паддзахады мыггаг бӕркадджынӕй тауӕм

10. Паддзахады дыргъ цы у ӕмӕ цы нӕу, уый Йесойы ӕмбисонд, тауӕг ӕмӕ алыхуызон зӕххыты тыххӕй, куыд ӕвдисы?

10 Йесо, тауӕг ӕмӕ алыхуызон зӕххыты тыххӕй цы ӕмбисонд радзырдта, уым ис дзуапп,— зӕрдӕфидаргӕнӕн дзуапп хорз кӕм нӕ хъусынц, ахӕм рӕтты хъусынгӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн. Йесо загъта, зӕгъгӕ, мыггаг у Паддзахады хабар — фыст ис Хуыцауы Ныхасы, зӕхх та ӕвдисы адӕмы алыхуызон зӕрдӕтӕ. Мыггӕгтӕй иутӕ «ӕрхаудтой хорз зӕххыл, ӕмӕ куы сӕвзӕрдысты, уӕд ӕрхастой дыргъ» (Лукайы 8:8НД). Цавӕр дыргъ? Мӕнӕу ӕфсир куы скӕны, уӕд сцӕттӕ, сбур вӕййы, ӕмӕ афтӕмӕй ратты тыллӕг, «ӕрхӕссы дыргъ»: ног ӕфсиртӕ нӕ, фӕлӕ ног мыггаг. Афтӕ чырыстон дӕр цы дыргъ ӕрхӕссы, уый алы хатт ног ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ фӕамоны, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады ног мыггаг.

11. Хуыцауы Паддзахады дыргъ цы у?

11 Уымӕ гӕсгӕ, ацы ран дыргъ нӕдӕр ног ахуыргӕнинӕгтӕм амоны, ӕмӕ нӕдӕр рӕсугъд чырыстон миниуджытӕм. Тыд цы мыггаг цӕуы, уый кӕд Паддзахады тыххӕй дзырд у, уӕд дыргъ та хъуамӕ уа уый хуызӕн мыггаг. Афтӕмӕй ацы ран дыргъ хӕссын у Паддзахады тыххӕй дзурын (Матфейы 24:14). Уӕдӕ цыфӕнды уавӕрты ма уӕм, уӕддӕр цымӕ нӕ бон у ахӕм Паддзахады дыргъ хӕссын — Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнын? Дзырддӕр ыл нӕй! Ӕмӕ куыд ӕгъдауӕй, уый Йесо ӕмбарын кӕны уыцы цӕстуынгӕ цӕвиттоны.

Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый Хуыцауы кадӕн дӕттӕм

12. Алы чырыстоны бон дӕр у Паддзахады дыргъ хӕссын? Бамбарын ӕй кӕн.

12 «Хорз зӕххыл тыд,— загъта Йесо,— вӕййы дыргъхӕссӕг, афтӕ ӕмӕ иу ӕрхӕссы дыргъ сӕдӕ хатты, иннӕ ӕхсай, иннӕ та ӕртын» (Матфейы 13:23). Быдыры цы хор байтауынц, уымӕн йӕ тыллӕджы бӕркад алыхуызон уавӕртӕй кӕнгӕ у. Хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр афтӕ у: уым дӕр нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ архайӕм, ӕмӕ нӕ Йесо кӕй ӕмбары, уый йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у. Иутӕн фылдӕр фадӕттӕ ис, иннӕтӕн та сӕ ӕнӕниздзинад хуыздӕр у ӕмӕ фидардӕр сты. Уӕдӕ кӕд алкӕд иннӕтимӕ абаргӕйӕ нӕ ӕнтыстдзинӕдтӕ фылдӕр кӕнӕ къаддӕр вӕййынц, уӕддӕр нӕ бон иууыл хуыздӕр куыд у, афтӕ куы архайӕм, уӕд нӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ райдзӕн (Галатӕгтӕм 6:4). Ацӕргӕ кӕй стӕм кӕнӕ нӕ низ кӕй бадомдта, уый тыххӕй кӕд уацамынды нӕ бон бирӕ архайын нӕу, уӕддӕр нӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд Иегъовӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нымайы, «бирӕ дыргъ» чи хӕссы, ахӕмтыл. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йын удуӕлдайӕ лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йын, цы нӕм ис, уый «ӕппӕтдӕр» дӕттӕм * (Маркы 12:43, 44; Лукайы 10:27).

13. а) Цӕмӕн «цӕуӕм» ӕмӕ Паддзахады дыргъ цӕмӕн хӕссӕм, уымӕн йӕ сӕйраг аххосаг цы у? ӕ) Адӕм хорз кӕм нӕ хъусынц, ахӕм ран нӕ бон куыд бауыдзӕн дыргъ хӕссын? (Кӕс 31 фарсыл фӕлгӕты)

13 Паддзахады дыргъ цӕмӕн хӕссӕм, уый алкӕддӕр нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн «цӕуын ӕмӕ хӕссын дыргъ», нӕ бон цас у, уыйбӕрц (Иоанны 15:16). Йесо загъта уыцы ахоссӕгтӕй сӕйраджы тыххӕй: «Уымӕй кадджын кӕны мӕ Фыд, сымах бирӕ дыргъ кӕй хӕссут» (Иоанны 15:8НД). О, нӕ уацамындӕй адӕмы раз кадджын кӕнӕм Иегъовӕйы ном (Псалом 108:30). Иу-75 азы кӕуыл цӕуы, уыцы Иегъовӕйы Ӕвдисӕн, Онор, зӕгъгӕ, дзуры: «Тынг кадджын хъуыддаг у Стыр Хуыцауы номӕй дзурын, кӕд нӕм адӕм хорз нӕ хъусынц, уӕддӕр». Клаудиойы, 1974 азӕй фӕстӕмӕ Хуыцауӕн ӕнувыдӕй чи лӕггад кӕны, уый бафарстӕуыди, зӕгъгӕ йӕм кӕд адӕм хорз нӕ хъусынц, уӕддӕр йӕ уацамынд цӕуылнӕ ныууагъта, ӕмӕ дзуаппӕн ӕрхаста Иоанны 4:34. Уым кӕсӕм Йесойы ныхӕстӕ: «Мӕ хӕринаг у Мӕн Рарвитӕджы фӕндон ӕмӕ Уый хъуыддаг сӕххӕст кӕнын». Клаудио ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕз дӕр дӕн Йесойау Паддзахады хъусынгӕнӕг, ӕмӕ мӕ фӕнды уыйау куыст ӕрмӕст райдайын нӕ, фӕлӕ ма йӕ кӕронмӕ дӕр ахӕццӕ кӕнын» (Иоанны 17:4). Ӕгас дунейы дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы ныхӕстимӕ разы сты (Кӕс фӕлгӕт «Куыд ис „хӕссӕн дыргъ фӕразондзинады“?», 31 фарс.)

Хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыр кӕнын

14. а) Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ Йесойы куыстӕн цавӕр дыууӕ нысаны уыд? ӕ) Абон чырыстӕттӕ цы куыст кӕнынц, уый тыххӕй цы зӕгъдзынӕ?

14 Евангелитӕм гӕсгӕ, Хуыцауы Паддзахады фыццаг хъусынгӕнӕг уыд Аргъауӕг Иоанн (Матфейы 3:1, 2; Лукайы 3:18). Йӕ сӕйраг нысан уыд «ӕвдисӕнад кӕнын»; уыцы куыст кодта тынг зӕрдиагӕй ӕмӕ йӕ уыд ныфс, «алыхуызон адӕм уый фӕрцы кӕй баууӕнддзысты» (НД) (Иоанны 1:6, 7). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Иоанн кӕмӕн хъусын кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ систы Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ (Иоанны 1:35—37). Афтӕмӕй, Иоанн хъусын дӕр кодта ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр цӕттӕ кодта. Йесо дӕр уыд хъусынгӕнӕг ӕмӕ ахуыргӕнӕг (Матфейы 4:23; 11:1). Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цӕмӕн бахӕс кодта, ӕрмӕст Паддзахады хабар хъусын кӕнын нӕ, фӕлӕ ма, уыцы хабармӕ чи байхъуса, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын дӕр, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суой (Матфейы 28:19, 20). Абон мах дӕр хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыр кӕнӕм.

15. Н. э. фыццаг ӕнусы адӕм куыд хъуыстой чырыстӕттӕм ӕмӕ абон махмӕ куыд хъусынц, уым ӕмхуызонӕй цы ис?

15 Н. э. I ӕнусы, Павел куыд хъусын кодта ӕмӕ куыд ахуыр кодта, уый чи фехъуыста, уыдонӕй «иутӕ разы кодтой йӕ ныхӕстимӕ, иннӕтӕ та не ’ууӕндыдысты» (Куыстытӕ 28:24). Абон дӕр уавӕр афтӕ у. Хъыгагӕн, Паддзахады мыггагӕн йӕ фылдӕр ӕрхауы мӕгуыр зӕххыл. Фӕлӕ уӕддӕр, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй иуӕй-иу мыггӕгтӕ ӕрхауынц хорз зӕххыл, уидаг ауадзынц ӕмӕ ӕвзар суадзынц. Дзырдӕн, ӕгас дунейы алы къуыри дӕр рӕстӕмбисӕй 5 000 адӕймагӕй фылдӕр свӕййынц Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ! Ацы ног ахуыргӕнинӕгтӕ «сразы сты... ныхӕстыл», адӕмӕн сӕ фылдӕр та — нӕ. Паддзахады хабар сын сӕ зӕрдӕтӕ куыд бацагайы? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй батыхсынц, ӕндӕр ныхасӕй, цы мыггаг байтауынц, ууыл дон кӕй фӕкӕнынц, уый фӕрцы (1 Коринфӕгтӕм 3:6). Равзарӕм ӕрмӕстдӕр дыууӕ цӕвиттоны.

Адӕмыл хъӕуы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ тыхсын

16, 17. Уацамынды кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдоныл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ тыхсӕм?

16 Бельгийы цӕрӕг ӕрыгон Ӕвдисӕн, Каролинӕ, зӕгъгӕ, иу зӕронд усӕн Паддзахады хабар хъусын кодта, фӕлӕ йӕм уый нӕ байхъуыста. Каролинӕ ӕмӕ йе ’мбал хо сылгоймаджы къух бастӕй куы федтой, уӕд ӕм фӕкӕсынмӕ бахатыдысты, фӕлӕ уый не сразы. Дыууӕ боны фӕстӕ та йӕм уыцы дыууӕ хойы бацыдысты, ӕмӕ йӕ бафарстой йӕ ӕнӕниздзинадӕй. «Уый йыл тынг бандӕвта,— загъта Каролинӕ.— Кӕй йыл тыхсӕм, ууыл тынг бадис кодта. Нӕ дыууӕйы дӕр мидӕмӕ бакодта ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам».

17 Хо Сэнди дӕр, цӕры Иугонд Штатты, уацамынды кӕимӕ фӕныхас кӕны, уыдоныл тынг тыхсы. Бынӕттон газеты фӕагуры сывӕллоны райгуырды фӕдыл арфӕтӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ ноггуырды ныййарджытӕм хӕдзармӕ бацӕуы «Мӕ библион радзырдты чиныг»-имӕ *. Мадӕлтӕ сӕ ноггуырдтимӕ хӕдзары кӕй фӕбадынц, стӕй сӕм чи бацӕуы, уыдонӕн ӕй цингӕнгӕйӕ кӕй февдисынц, уый тыххӕй тынг арӕх ныхас бацайдагъ вӕййы. «Ныййарджытӕн фӕдзурын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн исты кӕсой, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕввахсдӕр кӕнынц,— дзуры Сэнди.— Фӕстӕдӕр та сын фӕзӕгъын, ныры ӕхсӕнады сывӕллон хъомыл кӕнын зын кӕй у, уый тыххӕй». Афтӕмӕй иу хатт цы хӕдзармӕ бацыд, уым мад йӕ ӕхсӕз сывӕллонимӕ ӕрӕджы Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой. Нӕхӕдӕг-иу куы фӕраздӕр уӕм ӕмӕ-иу адӕймагыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы батыхсӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ уацамынд ӕнтыстджын уыдзӕн.

18. а) Алкӕй бон дӕр нӕ цӕмӕн у «бирӕ дыргъ хӕссыны» уагӕвӕрд ӕххӕст кӕнын? ӕ) Иоанны Евангелимӕ гӕсгӕ нӕ цавӕр ӕртӕ уагӕвӕрды фӕнды ӕххӕст кӕнын?

18 Ӕвӕдза, «бирӕ дыргъ хӕссыны» уагӕвӕрд нӕ бон ӕххӕст кӕнын кӕй у, ууыл куыд тынг цин кӕнӕм! Ӕрыгон стӕм ӕви зӕронд, ӕнӕниз стӕм ӕви рынчын, адӕм нӕм хорз хъусынц ӕви ӕвзӕр,— алкӕй бон дӕр нӕ у бирӕ дыргъ хӕссын. Куыд? Сыгъдӕг уды дыргъ хъуыддагӕй ноджы тынгдӕр ӕвдисгӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хабар зӕрдиагӕй хъусынгӕнгӕйӕ. Уыйхыгъд ма, Йесойы ныхасыл лӕугӕйӕ ӕмӕ кӕрӕдзи уарзгӕйӕ. Ацы ӕртӕ ахсджиаг уагӕвӕрды — фыст сты Иоанны Евангелийы — куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, ӕцӕгдӕр Чырыстийы «ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм», уый (Иоанны 8:31, «Мах дуг» № 5, 1992; 13:35, НФ).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Кӕд цӕстуынгӕ цӕвиттоны сӕнӕфсиры бӕласы къалиутӕ ӕвдисынц Йесойы апостолты ӕмӕ, Хуыцауы уӕларвон Паддзахадмӕ чи бацӕудзӕн, уыцы чырыстӕтты, уӕддӕр дзы цы хъуыдытӕ ис, уыдон ахъаз сты Чырыстийы нырыккон фӕдылдзӕуджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Иоанны 3:16; 10:16).

^ 12 абз. Йӕ кары кӕнӕ йӕ низы тыххӕй хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рахизынхъом чи нӕу, уыдонӕн, чи зоны, сӕ бон бауа хъусын кӕнын фыстӕджытӕ фысгӕйӕ ӕмӕ телефонӕй дзургӕйӕ (кӕд бар ис, уӕд), кӕнӕ сӕм хӕдзармӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн.

^ 17 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Бирӕ цавӕр дыргъ хъуамӕ хӕссӕм?

• Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ «бирӕ дыргъ хӕссыны» уагӕвӕрд нӕ бон у ӕххӕст кӕнын?

• Иоанны Евангелийы цавӕр ӕртӕ ахсджиаг уагӕвӕрды ис, Йесойы фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 31 фарсыл]

КУЫД ИС «ХӔССӔН ДЫРГЪ ФӔРАЗОНДЗИНАДЫ?»

ЦЫ ДЫН баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауы Паддзахады хабармӕ хорз кӕм нӕ хъусынц, ахӕм ран иузӕрдионӕй хъусын кӕнын? Ацы фарстӕн дӕлдӕр лӕвӕрд ис дзуаппытӕ.

«Адӕм нӕм хъусой ӕви нӕм ма хъусой, Йесо нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый нӕ куы нӕ рох кӕна, уӕд уыдзыстӕм хъӕлдзӕг ӕмӕ фидар» (Харри, 72-аздзыд, донаргъуыд райста 1946 азы).

«2 Коринфӕгтӕм 2:17 ныхӕстӕ мын алкӕддӕр стыр ныфс сты. Уым дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уацамынды вӕййӕм “Хуыцауы раз, Чырыстийы ӕмдзинады» (НФ). Уӕдӕ уацамынды мӕ дыууӕ хӕлары дӕр мемӕ вӕййынц„ (Клаудио, 43-аздзыд, донаргъуыд райста 1974 азы).

«Ӕргом зӕгъдзынӕн, хъусын кӕнын мын зын у. Фӕлӕ мӕхиуыл бавзӕрстон, Псаломы 17:30 цы фыст ис, уый: „Мӕ Хуыцауимӕ схизын къулмӕ“» (Джерард, 79-аздзыд, донаргъуыд райста 1955 азы).

«Уацамынды мын искӕмӕн иу стих бакӕсын куы бантысы, уӕд мӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы, уымӕн ӕмӕ та иу адӕймаг йӕ зӕрдӕ Библийы руаджы басгӕрста» (Элеонорӕ, 26-аздзыд, донаргъуыд райста 1989 азы).

«Уацамынды алы хатт уыцы иу ныхӕстӕй нӕ райдайын мӕ ныхас. Уыдон афтӕ бирӕ сты, ӕмӕ мын мӕ цӕрӕнбонтӕ дӕр фаг не сты се ’ппӕтӕй спайда кӕнынӕн» (Пол, 79-аздзыд, донаргъуыд райста 1940 азы).

«Карзӕй мӕм куы сдзурынц, уӕд уый мӕхимӕ нӕ бамбарын. Фӕныхас кӕнын уӕзданӕй ӕмӕ адӕймаджы хъуыдымӕ байхъусын» (Дэниел, 75-аздзыд, донаргъуыд райста 1946 азы).

«Ногаргъуыд ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ мын хаттӕй-хатт фӕдзурынц, Ӕвдисӕнтӕ кӕй систы, ӕз сын кӕддӕр кӕй хъусын кодтон, уый фӕрцы. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй фӕстӕдӕр уыдонимӕ чидӕр Библи ахуыр кодта ӕмӕ сын баххуыс кодта сӕ цард фӕивынӕн. Куыд ӕхсызгон мын у, нӕ куыст ӕмдыхӕй кӕй кӕнӕм, уый» (Джоан, 66-аздзыд, донаргъуыд райста 1954 азы).

Дӕуӕн та цы ӕххуыс кӕны «хӕссын дыргъ фӕразондзинады»? (Лукайы 8:15).

[Нывтӕ 28 фарсыл]

Сыгъдӕг уды дыргъ хъуыддагӕй кӕй ӕвдисӕм ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ бирӕ дыргъ хӕссӕм.

[Ныв 32 фарсыл]

Йесо куы загъта, зӕгъгӕ, «бирӕ дыргъ хӕссут», уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд?