Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Мӕ ныхасыл лӕуут»

«Мӕ ныхасыл лӕуут»

«Мӕ ныхасыл лӕуут»

«Мӕ ныхасыл куы лӕууат, уӕд ӕцӕг мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ стут» (ИОАННЫ 8:31, «Мах дуг» № 5, 1992).

1. а) Йесо уӕларвмӕ куы аздӕхт, уӕд йӕ фӕстӕ цы ныууагъта? ӕ) Цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?

ЙЕСО Чырысти — чырыстон дины бындурӕвӕрӕг — уӕларвмӕ куы аздӕхт, уӕд йӕ фӕстӕ нӕ ныууагъта нӕдӕр йӕхи фыст чингуытӕ, нӕдӕр йӕхи арӕзт цыртдзӕвӕнтӕ, нӕдӕр йӕхи ӕмбырд хъӕздыгдзинад. Йӕ фӕстӕ ныууагъта ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ, йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдонӕн. Иоанны Евангелийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдонӕн Йесо сфидар кодта ӕртӕ ахсджиаг уагӕвӕрды. Цавӕртӕ сты? Куыд сӕ ис ӕххӕст кӕнӕн? Ӕмӕ куыд ис базонӕн, ӕцӕгдӕр Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ систӕм ӕви нӕ? *

2. Иоанны Евангелимӕ гӕсгӕ, Йесойы фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдонӕн Йесо цавӕр ахсджиаг уагӕвӕрд сфидар кодта?

2 Йесо йӕ мӕлӕтӕй ӕхсӕз мӕй раздӕр ссыд Иерусалиммӕ ӕмӕ хъусын кодта, Халагъудты бӕрӕгбонмӕ цы адӕм ӕрцыд, уыдонӕн (уыцы бӕрӕгбон-иу ахаста къуыри). Бӕрӕгбон йе ’мбисыл куы уыд, уӕд «адӕмӕй... бирӕтӕ баууӕндыдысты Ууыл». Йесо ӕцӕгад дарддӕр хъусын кодта, ӕмӕ йыл бӕрӕгбоны фӕстаг бон дӕр «бирӕтӕ баууӕндыдысты» (Иоанны 7:10, 14, 31, 37; 8:30). Уыцы рӕстӕг Йесо йе ’ргом аздӕхта, ӕрӕджы йыл чи баууӕндыд, уыдонмӕ, ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдонӕн сфидар кодта ахсджиаг уагӕвӕрд. Фысгӕ та йӕ ныккодта апостол Иоанн йӕ Евангелийы: «Мӕ ныхасыл куы лӕууат, уӕд ӕцӕг мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ стут» (Иоанны 8:31, «Мах дуг» № 5, 1992).

3. Йесойы «ныхасыл... лӕууынӕн» адӕймаджы цавӕр миниуӕг хъӕуы?

3 Йесо нӕ дзырдта, ӕрӕджы йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн сӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕй уыд. Нӕ, уый дзырдта, кӕй сын уыд фадат, цӕмӕй суыдаиккой йе ’цӕг ахуыргӕнинӕгтӕ, кӕд ын йӕ ныхасыл лӕууыдаиккой ӕмӕ фӕразон уыдаиккой, уӕд. Уыдон ын йӕ ныхас сӕ зӕрдӕмӕ айстой, фӕлӕ йӕ ныр ӕххӕст дӕр хъуамӕ кодтаиккой (Иоанны 4:34; Дзуттытӕм 3:14). Йесо зыдта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй алкӕмӕ дӕр фӕразондзинад кӕй хъуамӕ уыдаид. Ӕмӕ Иоанны Евангелийы куыд фыст ис, афтӕмӕй йӕ апостолтимӕ фӕстаг хатт куы ныхас кодта, уӕд дыууӕ хатты уымӕн загъта: «Цу Мӕ фӕдыл» (Иоанны 21:19, 22). Ӕмӕ рагон чырыстӕттӕй бирӕтӕ раст афтӕ бакодтой (2 Иоанны 4). Фӕлӕ цӕй фӕрцы уыдысты фӕразон?

4. Рагон чырыстӕттӕ фӕразон цӕй руаджы уыдысты?

4 Апостол Иоанн, иу-70 азы дӕргъы Чырыстийы иузӕрдион ахуыргӕнинаг чи уыд, уый дзырдта иу ахсджиаг хъуыддаджы фӕдыл. Уый иузӕрдион чырыстӕттӕй раппӕлыд ӕмӕ загъта: «Сымах стут тыхджын ӕмӕ Хуыцауы дзырд ис уӕ мидӕг [«мидзӕрдӕйы», НФ], ӕмӕ сымах басастат хинӕйдзаджы». Йесойы уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ фӕразон уыдысты ӕмӕ Хуыцауы ныхасыл лӕууыдысты, уымӕн ӕмӕ сӕ мидзӕрдӕйы дардтой Хуыцауы ныхас. Уыдон Хуыцауы ныхасӕн зӕрдӕбынӕй аргъ кодтой (1 Иоанны 2:14, 24). Абон дӕр афтӕ, цӕмӕй «кӕронмӕ ныффӕразӕм», уый тыххӕй хъуамӕ базонӕм, Хуыцауы ныхас ма нӕ мидзӕрдӕйы ис ӕви нӕ (Матфейы 24:13). Фӕлӕ йӕ куыд базонӕн ис? Уый тыххӕй ӕркӕсӕм Йесойы ӕмбисондмӕ.

«Дзырд чи фехъусы»

5. а) Йесо йе ’мбисонды цавӕр зӕххы хуызты кой кодта? ӕ) Йесойы ӕмбисонды мыггаг ӕмӕ зӕхх цы ӕвдисынц?

5 Йесо радзырдта мыггӕгтӕ тауӕджы тыххӕй ӕмбисонд; фыст ис Матфейы, Маркы ӕмӕ Лукайы Евангелиты (Матфейы 13:1—9, 18—23; Маркы 4:1—9, 14—20; Лукайы 8:4—8, 11—15НФ). Ӕртӕ ран дӕр ацы ӕмбисонд куы бакӕсай, уӕд фендзынӕ, йӕ мидис иу кӕй у: иухуызон мыггӕгтӕ ӕрхауынц алыхуызон зӕххыл ӕмӕ сыл цы ’рцӕуы, уымӕй хицӕн кӕнынц. Фыццаг ран зӕхх уыд над, хъӕбӕр; дыккаг ран арф нӕ уыд; ӕртыккаг ран сындзытӕй нал зынд. Цыппӕрӕм ран зӕхх, иннӕ ӕртӕйӕ хъауджыдӕр, уыд «хорз». Йесо йӕхӕдӕг куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй мыггаг у Хуыцауы Паддзахады хабар, фыст ис Библийы, зӕхх та — алыхуызон зӕрдӕтӕ кӕмӕн ис, уыцы адӕймӕгтӕ. Ӕмӕ кӕд, алыхуызон зӕххы хуызтӕй ӕвдыст адӕймӕгты се ’ппӕты дӕр цыдӕр иу кӕны, уӕддӕр хорз зӕхх цы адӕмы ӕвдисы, уыдоны иннӕтӕй хицӕн кӕны иу миниуӕг.

6. а) Йесойы ӕмбисонды цыппӕрӕм зӕххы хуыз иннӕ ӕртӕйӕ цӕмӕй хицӕн кӕны ӕмӕ кӕмӕ амоны? ӕ) Цы хъӕуы, цӕмӕй, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм цы фӕразондзинад хъуамӕ уа, уый махмӕ дӕр уа?

6 Лукайы 8:12—15 (НФ) куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй цыппар хатты дӕр адӕм «дзырд фехъуыстой». Фӕлӕ «хорз ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕ» кӕмӕн ис, уыдон дзырд ӕрмӕст хъусгӕ нӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ ма йӕ сӕ зӕрдӕйы дӕр дарынц ӕмӕ «хӕссынц дыргъ фӕразондзинады» («Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз). Зӕхх хорз, хӕмпус ӕмӕ арф кӕй у, уый тыххӕй мыггаг уидаг ауадзы, ӕвзар суадзы ӕмӕ тыллӕг ратты (ома дыргъ ӕрхӕссы) (Лукайы 8:8). Афтӕ, хорз зӕрдӕ кӕмӕн ис, уыдон дӕр Хуыцауы ныхас бамбарынц, аргъ кӕнын ын райдайынц ӕмӕ сӕ цард уымӕ гӕсгӕ саразынц (Ромӕгтӕм 10:10; 2 Тимофеймӕ 2:7). Ӕмӕ Хуыцауы ныхӕстӕ сӕ мидзӕрдӕйы дарынц. Уӕдӕ уымӕн ӕрхӕссынц дыргъ фӕразондзинады. Ӕмӕ цӕмӕй, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм цы фӕразондзинад хъуамӕ уа, уый махмӕ дӕр уа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Ныхасӕн зӕрдӕбынӕй аргъ кӕнӕм (1 Тимофеймӕ 4:15). Фӕлӕ куыд?

Зӕрдӕйы уавӕр ӕмӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнын

7. Хорз зӕрдӕ цы фӕаразы?

7 Ӕркӕсӕм ма, Библийы куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ хорз ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕ адӕймаг цы фӕаразы. «Рӕстгӕнӕджы зӕрдӕ дзуапп раттыны размӕ хъуыды акӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 15:28). «Уадз мӕ хъӕлӕсы ныхӕстӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ уой фӕндон Дӕу разы, Хицау» (Псалом 18:15). «Мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ — зонынад» (Псалом 48:4).

8. а) Библи кӕсгӕйӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм? ӕ) Куы скувӕм ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы Ныхасыл лӕмбынӕг куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ныл куыд бандавы? (Ӕрхӕсс цалдӕр хъуыдыйы фӕлгӕтӕй, «Фидар сты... ӕцӕгады».)

8 Ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ Псалтир чи ныффыста, уыдонау-иу мах дӕр хъуамӕ скувӕм ӕмӕ-иу лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм Хуыцауы Ныхасыл ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл. Библи кӕнӕ йӕ бындурыл фыст литературӕйӕ исты куы фӕкӕсӕм, уӕд хъуамӕ цыбӕл бӕлццоны митӕ ма кӕнӕм: ӕрдзы рӕсугъд бынӕттӕ куы ауыны, уӕд сдиссаг вӕййы, сонтӕй сын сӕ нывтӕ фӕисы, афтӕмӕй та сыл йӕ цӕст хорз нӕ ахӕссы. Библи ахуыргӕнгӕйӕ-иу хъуамӕ нӕ кӕсын цъусдуг фӕуадзӕм ӕмӕ-иу ыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, ома-иу уыцы «нывтыл» нӕ цӕст ахӕссӕм *. Уӕвгӕ, Хуыцауы ныхасыл сабырӕй куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр бахъары. Уый ма ӕндавы не ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ нӕ зондахастыл дӕр. Стӕй ма нӕ фӕфӕнды Хуыцауӕн кувгӕ-кувын нӕ зӕрдӕ раргом кӕнын дӕр. Афтӕмӕй Иегъовӕмӕ тынгдӕр ӕввахс кӕнӕм ӕмӕ йӕ бирӕ кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕфӕнды цыфӕнды зын уавӕрты дӕр Йесойы фӕдыл цӕуын (Матфейы 10:22). О, цӕмӕй кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм Хуыцауы ныхӕстыл (Лукайы 21:19).

9. Куыд базонӕн ис, Хуыцауы ныхас равзӕрынӕн нӕ зӕрдӕйы хорз фадӕттӕ кӕй ис, уый?

9 Йесойы ӕмбисонды ма дзырдӕуы, зӕгъгӕ, мыггаджы, ома Хуыцауы ныхасы, цыдӕртӕ нӕ фӕуадзы рӕзын. Уӕдӕ цӕмӕй Йесойы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ 1) зонӕм, ӕмбисонды мӕгуыр зӕххӕй цы цӕлхдуртӕ ӕвдыст сты, уыдон, ӕмӕ 2) сӕ сӕрты хизӕм кӕнӕ сӕ иуварс кӕнӕм. Афтӕмӕй базондзыстӕм, нӕ зӕрдӕйы Хуыцауы Паддзахады мыггаг ӕвзӕрынӕн хорз фадӕттӕ кӕй ис ӕмӕ нын дыргъ кӕй хӕссы.

«Фӕндаджы былыл» ӕвдисы, ӕгӕр ӕнӕвдӕлон чи у, уыдоны

10. Йесойы ӕмбисонды зӕххы фыццаг хуыз цавӕр у ӕмӕ цы ӕвдисы?

10 Мыггӕгтӕ фыццаг ӕрхаудысты «фӕндаджы былыл», ӕмӕ «къӕхты бын фесты» (Лукайы 8:5НФ). Мӕнӕуы хуымтыл цы фӕндаг фӕцӕуы, ууыл адӕм дыууӕрдӕм кӕй фӕкӕнынц, уый тыххӕй йӕ фӕйнӕфарс зӕхх къӕхты бын ныхъхъӕбӕр вӕййы (Маркы 2:23). Афтӕ, ацы дунейы цыдӕр ӕнӕхъӕугӕ хъуыддӕгтӕн сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ чи бахӕрын кӕны, уыцы адӕм дӕр, Хуыцауы ныхасӕн зӕрдӕбынӕй аргъ кӕной, уымӕн ӕгӕр ӕнӕвдӕлон разынынц. Уыдон «ныхас» фехъусынц, фӕлӕ йыл нӕ фӕхъуыды кӕнынц. Афтӕмӕй сӕ зӕрдӕтӕ «хъӕбӕрӕй баззайынц». Цалынмӕ йӕ бауарзынц, уӕдмӕ «хӕйрӕг ӕрцӕуы ӕмӕ [сын] сӕ зӕрдӕйӕ ахӕссы дзырд, цӕмӕй сӕ ма бауырна, ӕмӕ ма фервӕзой» (Лукайы 8:12НФ). Фӕлӕ цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй цы бакӕнӕн ис?

11. Цӕмӕй зӕрдӕ хъӕбӕр зӕххау ма суа, уый тыххӕй цы бакӕнӕн ис?

11 Цӕмӕй зӕрдӕ фӕндаджы был хъӕбӕр зӕххау ма суа, уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ саразӕн ис. Над, хъӕбӕр зӕхх куы бахуым кӕнай ӕмӕ йыл куы ничиуал цӕуа, уӕд сфӕлмӕн уыдзӕн. Зӕрдӕйы хабар дӕр афтӕ у: цӕмӕй фӕлмӕн уа ӕмӕ бӕркадджын уа, уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг арын Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынӕн. Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй нӕ ацы царды сагъӕстӕ ма аныхъуырой (Лукайы 12:13—15). Уӕдӕ сбӕлвырд кӕн, царды «ахсджиагдӕр цы хъуыддӕгтӕ сты» (НД), уыдоныл хъуыды кӕнынӕн дын рӕстӕг ис ӕви нӕ (Филиппӕгтӕм 1:9—11).

«Дурджын ран» ӕвдисы, чи тӕрсы, уыдоны

12. Йесойы ӕмбисонды дыккаг ран цы мыггаг ӕрхауд, уымӕн йе ’взар цӕмӕн бахус?

12 Дыккаг ран цы мыггаг ӕрхауд, уый фыццаджы хуызӕн уӕлейӕ нӕ баззад. Уыцы мыггаг уидаг ауагъта ӕмӕ йе ’взар сзынд. Фӕлӕ хур куы скаст, уӕд йӕ уыраугӕ тынтӕй бахус. Фӕлӕ ма ӕркӕсӕм иу ахӕм ахсджиаг хъуыддагмӕ: ӕвзар хуры тӕвдӕй нӕ бахус. Афтӕ куы уыдаид, уӕд хорз зӕххыл цы ӕвзар сзад, уый дӕр бахус уыдаид, уымӕн ӕмӕ уымӕ дӕр хур каст. Фӕлӕ уый нӕ бахус — дзӕбӕх ӕрфидар ӕмӕ хӕрдмӕ фӕцыд. Уӕдӕ иннӕ ран ӕвзар цӕмӕн бахус? Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ ӕвзар уымӕн бахус, ӕмӕ уыцы ран «зӕхх бирӕ... нӕ уыд», стӕй «нӕ уыди уымӕл» дӕр (Матфейы 13:5, 6; Лукайы 8:6, НФ). Зӕххы бинаг хай «дурджын» кӕй у, уый тыххӕй дзы ӕвзар даргъ уидаг нӕ ауадзы, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ бон нӕ вӕййы дон цъирын ӕмӕ дзы дзӕбӕх не ’рфидар вӕййы. Зӕхх арф кӕй нӕу, ӕвзар дӕр уымӕн бахус.

13. Арф цы зӕхх нӕ вӕййы, уый цавӕр адӕмы ӕвдисы ӕмӕ сӕхи сӕйраджыдӕр афтӕ цӕмӕн равдисынц?

13 Ӕмбисонды ацы хайы ӕвдыст цӕуынц ахӕм адӕм, «кӕцытӕ дзырд куы фехъусынц, уӕд ӕй цингӕнгӕ райсынц» ӕмӕ Йесойы фӕстӕ «рӕстӕгмӕ» зӕрдиагӕй фӕцӕуынц (Лукайы 8:13). Фӕлӕ сыл «уынгӕгдзинады, кӕнӕ ӕфхӕрды» хуры уыраугӕ тынтӕ куы аныдзӕвынц, уӕд сӕ ахӕм стыр тас бацӕуы, ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы цины цӕхӕр ахуыссы, сӕ ныфс асӕтты ӕмӕ Чырыстийы фӕдыл нал фӕцӕуынц (Матфейы 13:21НФ). Фӕлӕ цӕмӕн стӕрсынц, уымӕн йӕ сӕйраг аххосаг, сӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый нӕ вӕййы. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй милуантӕ бирӕ мӕстытӕ ӕмӕ зынтӕ ӕвзарынц, фӕлӕ нырмӕ дӕр фидар сты (2 Коринфӕгтӕм 2:4; 7:5). Иуӕй-иуты тас уымӕн бацӕуы ӕмӕ ӕцӕгад уымӕн ныууадзынц, сӕ зӕрдӕтӕ дурджын зӕххау хъӕбӕр кӕй сты, ӕмӕ уый аххосӕй сӕ бон нӕ вӕййы Хуыцауы диссаг хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын. Ӕмӕ афтӕмӕй, сӕ ныхмӕ куы рацӕуынц, уӕд нӕ бафӕразынц фидар фӕлӕууын, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ ныхас ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ бауарзынц. Цы бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй ныл ахӕм хабар ма ’рцӕуа?

14. Адӕймаджы цы бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ, арф цы зӕхх нӕ вӕййы, уый хуызӕн ма суа?

14 Адӕймагӕн хъуамӕ йӕ зӕрдӕ ма «сдурджын уа» сусӕг мастӕй ӕмӕ хиуарзондзинадӕй кӕнӕ ӕндӕр ахӕм ӕвзӕр ӕнкъарӕнтӕй. Фӕлӕ йын дзы кӕд «дуртӕ» фӕзындис, уӕд сӕ, Хуыцауы ныхасӕн цы тых ис, уый фӕрцы ныммур кӕнӕн ис (Иереми 23:29; Ефесӕгтӕм 4:22; Дзуттытӕм 4:12). Куы-иу скува ӕмӕ-иу афтӕмӕй Хуыцауы ныхасыл куы хъуыды кӕна, уӕд «кӕй тауынц, уыцы дзырд» фидар уидаг ауадздзӕн адӕймаджы зӕрдӕйы (Иаковы 1:21НФ). Афтӕмӕй йӕм уыдзӕн хъарутӕ зын рӕстӕджы фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ ӕхсар, цӕмӕй фӕлварӕнты дӕр иузӕрдионӕй баззайа.

«Сындзыты ӕхсӕн» ӕвдисы саджилзӕрдӕ адӕмы

15. а) Зӕххы ӕртыккаг хуызмӕ нӕ нӕ хъус тынгдӕр ӕрдарын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Зӕххы ӕртыккаг хуызы цы ӕвзар сӕвзӕрд, ууыл цы ’рцыд ӕмӕ цӕмӕн?

15 Зӕххы ӕртыккаг хуызмӕ, сындзыты бын чи фӕци, уымӕ нӕ тынгдӕр хъӕуы нӕ хъус ӕрдарын, уымӕн ӕмӕ хорз зӕххы хуызӕн у. Куыд хорз зӕххыл, афтӕ сындзджын зӕххыл дӕр мыггаг уидаг ауагъта ӕмӕ ӕвзар суагъта. Дыууӕ ран дӕр мыггаг равзӕрын ницы бахъыгдардта. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ уавӕр фӕивта, ӕмӕ ӕвзар бахус. Уыцы зӕхх, хорз зӕххӕй хъауджы, сындзыты бын фӕци. Мыггаг ӕвзар куы суагъта, уӕд ӕй бахъуыд тох кӕнын, йемӕ цы «сындзытӕ сзад», уыдонимӕ. Афтӕ цасдӕр рӕстӕг зайӕгойтӕ фӕтох кодтой ӕфсадӕн буаргъӕдтыл, рухсыл ӕмӕ бынатыл, фӕлӕ уӕддӕр сындзытӕ ӕвзар сӕ «быны фӕкодтой» (Лукайы 8:7НФ).

16. а) Сындзджын зӕхх цавӕр адӕмы ӕвдисы? ӕ) Ӕртӕ Евангелийы скъуыддзӕгтӕм гӕсгӕ сындзытӕ цы ӕвдисынц? (Кӕс фиппаинаг.)

16 Сындзыты бын цы зӕхх фӕвӕййы, уый цавӕр адӕмы ӕвдисы? Йесо ӕмбарын кӕны: «Сындзыты ӕрхауӕг та уыдон сты, кӕцытӕ дзырд хъусынц, фӕлӕ ацӕугӕйӕ, мӕт кӕнынӕй, царды адджындзинӕдтӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй бамынӕг вӕййынц, ӕмӕ дыргъ нӕ хӕссынц» (Лукайы 8:14). Тауӕджы тыд мыггаг дӕр ӕмӕ сындзытӕ дӕр зӕххы иу афон куыд зайынц, афтӕ иуӕй-иу адӕймӕгтӕ дӕр архайынц, цӕмӕй Хуыцауы дзырд дӕр уа сӕ зӕрдӕты ӕмӕ «зӕххон адджындзинӕдтӕй» дӕр цух ма уой. Хуыцауы ныхасы ӕцӕгад тыд цӕуы сӕ зӕрдӕты, фӕлӕ йӕ уым ӕндӕр фӕндтимӕ тох кӕнын бахъӕуы бынаты тыххӕй. Ахӕм адӕймӕгты зӕрдӕ у саджил (Лукайы 9:57—62). Уый тыххӕй сын рӕстӕг нал вӕййы, цӕмӕй-иу скувой ӕмӕ-иу афтӕмӕй Хуыцауы ныхасыл лӕмбынӕг хъуыды кӕной. Хуыцауы ныхас сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕх кӕй не ’рфидар вӕййы, зӕрдӕбынӕй дӕр ын уымӕн нӕ фӕаргъ кӕнынц, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй та фӕразын зын у. Уый фыдӕй дунейы хъуыддӕгты фӕдыл ацӕуынц, ӕмӕ сабыргай-сабыргай дард кӕнын райдайынц Хуыцауӕй ӕмӕ «бамынӕг вӕййынц» *. Ӕвӕдза, Иегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи нӕ уарзы, уыдон цы кӕуинаг уавӕрмӕ ӕрцӕуынц! (Матфейы 6:24; 22:37).

17. Йесо йе ’мбисонды цы «сындзыты» кой кодта, уыдон нӕ цӕмӕй сӕ «быны ма фӕкӕной», уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

17 Царды нын ахсджиагдӕр мулк ӕмӕ хъӕздыгдзинад куы нӕ уой, фӕлӕ Хуыцауы хъуыддаг, уӕд нӕ ацы дунейы мӕстытӕ ӕмӕ удирхӕфсӕнтӕ сӕ «быны нӕ фӕкӕндзысты» (Матфейы 6:31—33; Лукайы 21:34—36). Хъуамӕ ӕнӕмӕнгдӕр Библи кӕсӕм ӕмӕ йыл хъуыды кӕнӕм. Нӕ фадӕттӕ ӕмӕ нӕ нӕ уавӕртӕ цас амонынц, уымӕ гӕсгӕ нӕ цард куы фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнӕм, уӕд нын фылдӕр рӕстӕг уыдзӕн, цӕмӕй-иу скувӕм, ӕмӕ-иу афтӕмӕй лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм (1 Тимофеймӕ 6:6—8). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй афтӕ чи сарӕзта,— йӕ зӕрдӕйӕ сындзытӕ ӕд уидӕгтӕ чи стыдта, цӕмӕй дыргъхӕссӕг зайӕгойӕн ӕфсадӕн буаргъӕдтӕ, рухс ӕмӕ бынат уа,— уыдонӕн Иегъовӕ арфӕ кӕны. 26-аздзыд Сандрӕ дзуры: «Ӕцӕгады фӕндагыл цӕугӕйӕ Хуыцауӕй цы хорзӕхтӕ райстон, ууыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд бамбарын: ӕвӕдза, ахӕм цыдӕртӕ ӕз ацы дунейы аргӕ дӕр не скодтаин!» (Псалом 83:12).

18. Куыд ис Хуыцауы ныхасы лӕууӕн ӕмӕ, чырыстӕттӕм цы фӕразондзинад хъуамӕ уа, ахӕм фӕразондзинад ӕвдисӕн?

18 Уӕдӕ махӕй алчидӕр, ӕрыгон уа ӕви ацӕргӕ, цалынмӕ Хуыцауы дзырд йӕ мидзӕрдӕйы дара, уӕдмӕ Хуыцауы ныхасыл лӕудзӕн ӕмӕ йӕм, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм цы фӕразондзинад хъуамӕ уа, ахӕм фӕразондзинад уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ кӕсӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы «зӕхх» ма ныхъхъӕбӕр уа, кӕнӕ сындзыты бын ма фӕуа, фӕлӕ уа фӕлмӕн ӕмӕ арф. Афтӕмӕй нӕ бон бауыдзӕн Хуыцауы ныхас нӕ мидзӕрдӕйы цӕрӕнбонты дарын ӕмӕ «хӕссын дыргъ фӕразондзинады» (Лукайы 8:15).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 1 абз. Ацы статьяйы равзардзыстӕм фыццаг уагӕвӕрд. Иннӕ дыууӕйыл та дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяты.

^ 8 абз. Цӕмӕй скувай ӕмӕ Библийӕ цы скъуыддзаг бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕнай, уый тыххӕй дӕхимӕ ратт ахӕм фарстытӕ: ацы скъуыддзаг Иегъовӕйы миниуджытӕй иуыл дзуры ӕви цалдӕрыл? Куыд баст у Библийы сӕйраг хъуыдыимӕ? Царды дзы куыд спайда кӕнӕн ис? Иннӕтӕн цӕмӕй фӕахъаз уыдзӕн?

^ 16 абз. Ӕртӕ Евангелийы дӕр, Йесо йе ’мбисонды цы мыггаджы кой кӕны, уый фӕвӕййы мӕстыты ӕмӕ ацы дунейы удирхӕфсӕнты бын: «ацы зӕххон царды мӕт», «мулчы бӕллиц», «ӕндӕр мондӕгтӕ» ӕмӕ «царды адджындзинӕдты» бын (Маркы 4:19МСЕ; Матфейы 13:22; Лукайы 8:14; Иереми 4:3, 4).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йесойы ныхасыл цӕмӕн хъуамӕ лӕууӕм?

• Куыд ис Хуыцауы ныхас нӕ мидзӕрдӕйы дарӕн?

• Йесо цы цыппар зӕххы хуызы кой ракодта, уыдон цавӕр адӕймӕгты ӕвдисынц?

• Куыд арыс рӕстӕг Хуыцауы ныхасыл хъуыды кӕнынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 20 фарсыл]

«ФИДАР СТЫ... ӔЦӔГАДЫ»

ЧЫРЫСТИЙЫ ахуыргӕнинаг рагӕй чи у, уыдонӕй бирӕтӕ афӕдзӕй-афӕдзмӕ сӕ цардӕй бӕлвырд кӕнынц, «фидар [кӕй] сты... ӕцӕгады» (2 Петры 1:12). Кӕцӕй сӕм разынд ахӕм фӕразондзинад? Ӕркӕсӕм, уый тыххӕй сӕхӕдӕг цы дзурынц, уымӕ.

«Алы бон дӕр, цалынмӕ не ’схуыссын, уӕдмӕ Библийӕ скъуыддзаг бакӕсын ӕмӕ Хуыцаумӕ скувын. Уый фӕстӕ та, цы бакӕсын, ууыл фӕхъуыды кӕнын» (Джин, донаргъуыд райста 1939 азы).

«Иегъовӕ кӕд Стыр Хуыцау у, уӕддӕр нӕ бирӕ кӕй уарзы, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ зӕрдӕ цыдӕрхуызон ӕрсабыр вӕййы ӕмӕ мӕм тыхтӕ фӕзыны, цӕмӕй йыл дарддӕр дӕр иузӕрдион уон» (Патрици, донаргъуыд райста 1946 азы).

«Библи лӕмбынӕг кӕй фӕахуыр кӕнын ӕмӕ „Хуыцауы арфадтыл“ кӕй фӕхъуыды кӕнын, уый фӕрцы уал азы дӕргъы мӕ бон у Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын» (1 Коринфӕгтӕм 2:10) (Аннӕ, донаргъуыд райста 1939 азы).

«Цӕмӕй мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ мидхъуыдытӕ базонон, уый тыххӕй фӕкӕсын Библи ӕмӕ йӕ ӕмбарын чи кӕны, ахӕм литературӕ» (Зелдӕ, донаргъуыд райста 1943 азы).

«Бирӕ уарзын, тезгъо кӕнынмӕ куы рацӕуын ӕмӕ Иегъовӕмӕ куы фӕкувын, ӕмӕ йын мӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, уыдӕттӕ иууылдӕр куы фӕдзурын, уый» (Ральф, донаргъуыд райста 1947 азы).

«Алы райсом дӕр боны стих ӕмӕ йе ’мбарынгӕнӕн хъуыдытӕ равзарын, уый фӕстӕ Библийӕ скъуыддзаг бакӕсын. Афтӕмӕй мӕм ног хъуыдытӕ фӕзыны, ӕмӕ сыл боны дӕргъы фӕхъуыдытӕ кӕнын» (Мари, донаргъуыд райста 1935 азы).

«Библийы чингуытӕй искӕцы стихгай хӕлд куы фӕцӕуы, уый афтӕ бирӕ уарзын, ӕмӕ диссаг» (Дэниел, донаргъуыд райста 1946 азы).

Ды та кӕд фӕкувыс ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы ныхӕстыл кӕд фӕхъуыды кӕныс? (Данелы 6:11ӕ; Маркы 1:35; Куыстытӕ 10:9).

[Ныв 22 фарсыл]

Сӕйраджыдӕр Хуыцауы хъуыддӕгтӕ куы кӕнӕм, уӕд «хӕсдзыстӕм дыргъ фӕразондзинады».