Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уӕ кӕрӕдзи уарзут»

«Уӕ кӕрӕдзи уарзут»

«Уӕ кӕрӕдзи уарзут»

«Уымӕй уӕ базондзысты иууылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уӕ кӕрӕдзи куы уарзат, уӕд» (ИОАННЫ 13:35, НФ).

1. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв уӕлдайдӕр цавӕр миниуӕгыл дзырдта?

«МӔ ХЪӔБУЛТӔ» (Иоанны 13:33, «Мах дуг» № 5, 1992). Афтӕ рӕвдаугӕ бадзырдта Йесо йӕ апостолтӕм йӕ мӕлӕты размӕ изӕр. Евангелиты ӕрмӕстдӕр ацы ран дзырдӕуы, Йесо йӕ апостолты йӕ хъӕбултӕ кӕй схуыдта. Ӕмӕ сӕ уыцы фӕстаг ӕхсӕв афтӕ уымӕн схуыдта, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, йӕ фӕдылдзӕуджыты бирӕ кӕй уарзта, уый. Уыцы ’хсӕв Йесо иу-30 хатты загъта уарзондзинады тыххӕй. Фӕлӕ цымӕ уыцы миниуӕгыл афтӕ бирӕ цӕмӕн дзырдта?

2. Чырыстӕттӕ кӕрӕдзи цӕмӕн хъуамӕ уарзой?

2 Йесо хорз бамбарын кодта, кӕрӕдзи уарзын цӕмӕн хъӕуы, уый. Уый загъта: «Уымӕй уӕ базондзысты иууылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уӕ кӕрӕдзи куы уарзат, уӕд» (Иоанны 13:35, НФ; 15:12, 17). Уӕдӕ цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ кӕрӕдзи ӕфсымӕртау уарзӕм. Ӕцӕг чырыстӕтты адӕм цыдӕр ӕнахуыр уӕлӕдарӕс ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй нӕ зонынц, фӕлӕ кӕрӕдзи иу мадызӕнӕгау кӕй уарзынц, уымӕй. Ацы ӕрдхӕрӕны миниуӕг у, раззаг статьяйы куыд дзырдтам, афтӕмӕй, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ цы ӕртӕ ахсджиаг уагӕвӕрд хъуамӕ ӕххӕст кӕной, уыдонӕй дыккаг. Куыд ӕй ис ӕххӕст кӕнӕн?

«Фылдӕр уын ӕнтысӕд»

3. Кӕрӕдзи уарзыны тыххӕй апостол Павел цы фӕдзӕхста?

3 Фыццаг ӕнусы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕрӕдзи куыд бирӕ уарзтой, абон дӕр йӕ ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзи афтӕ уарзынц. Уыцы рагон чырыстӕттӕм апостол Павел фыста: «Ӕфсымӕры уарзыны тыххӕй уӕм фыссын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг сымах ахуыргонд стут Хуыцауӕй кӕрӕдзийы уарзыныл; уымӕн ӕмӕ сымах афтӕ кӕнут ӕппӕт ӕфсымӕртимӕ». Фӕлӕ сӕ уӕддӕр Павел фӕдзӕхста, уыцы хъуыддаджы уын «фылдӕр... ӕнтысӕд», зӕгъгӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 3:12; 4:9, 10). Мах дӕр хъуамӕ Павелы фӕдзӕхст нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй нын «фылдӕр ӕнтыса» кӕрӕдзи уарзын.

4. Павел ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлдай тынгдӕр кӕуыл хъуамӕ аудӕм?

4 Павел ма уыцы фыстӕджы — Хуыцауы фӕндӕй кӕй ныффыста, уым — йе ’муырнджытӕм фыста, цӕмӕй «ныфсхаст кӕной зӕрдӕсастыты» (НФ) ӕмӕ «ӕххуыс кӕной лӕмӕгътӕн» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14). Ӕндӕр фыстӕджы та чырыстӕтты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, «тыхджынтӕ [кӕй] хъуамӕ хӕссой лӕмӕгъты ӕдыхдзинӕдтӕ» (Ромӕгтӕм 15:1). Йесо дӕр дзырдта, лӕмӕгътыл аудын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Кӕд Петрӕн загъта, зӕгъгӕ мӕ цы ’хсӕв ӕрцахсой, уыцы ’хсӕв мыл бавдисӕн кӕндзынӕ, уӕддӕр ын бафӕдзӕхста: «Аздӕхгӕйӕ, сфидар кӕн де ’фсымӕрты». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр Йесойы ныууадздзысты ӕмӕ сӕ хъӕудзӕн ӕххуыс (Лукайы 22:32; Иоанны 21:15—17). Хуыцауы Ныхас дӕр нын уымӕн амоны, цӕмӕй нӕ уарзты хъармӕй батавӕм, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ӕмӕ ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы, уыдоны (Дзуттытӕм 12:12). Афтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм? Йесо цы дыууӕ хорз ӕмбисонды радзырдта, уыдон ын дзуапп дӕттынц.

Сӕфт фыс ӕмӕ сӕфт драхмӕ

5, 6. а) Йесо цавӕр дыууӕ цыбыр ӕмбисонды радзырдта? ӕ) Ацы дыууӕ ӕмбисонды Иегъовӕйы цавӕр Хуыцауӕй ӕвдисынц?

5 Чи фӕдзӕгъӕл, уыдонмӕ Иегъовӕ цы зӕрдӕ дары, уый адӕмӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кӕныны тыххӕй Йесо радзырдта дыууӕ цыбыр ӕмбисонды. Фыццаг уыд фыййауы тыххӕй. Йесо загъта: «Сымахӕй сӕдӕ фысы кӕмӕ уа ӕмӕ дзы иу куы фесӕфа, уӕд нӕ ныууадздзӕн нӕуӕдз фарасты ӕдзӕрӕг ран, ӕмӕ нӕ ацӕудзӕн сӕфт фысы агурынмӕ, цалынмӕ йӕ ссара, уӕдмӕ? Ссаргӕйӕ та йӕ цингӕнгӕ сисдзӕн йе уӕхсджытӕм; ӕмӕ ӕрцӕугӕйӕ сӕхимӕ, фӕдзурдзӕн йӕ хӕлӕрттӕм ӕмӕ сыхӕгтӕм ӕмӕ зӕгъдзӕн уыдонӕн: „цин кӕнут мемӕ, ӕз ссардтон мӕ сӕфт фысы“. Зӕгъын уын, афтӕ уӕлӕрвты иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕн, цӕйнӕфӕлтау нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгыл, фӕсмон кӕнын кӕй нӕ хъӕуы» (Лукайы 15:4—7).

6 Дыккаг ӕмбисонд та уыд иу сылгоймаджы тыххӕй. Йесо радзырдта: «Кӕнӕ цавӕр ус, дӕс драхмӕйы кӕмӕн уа, ӕмӕ йын дзы иу драхма куы фесӕфа, уӕд нӕ ссудздзӕни цырагъ, ӕмӕ нӕ байдайдзӕни йӕ уат мӕрзын, ӕмӕ йӕ лыстӕг нӕ агурдзӕни, цалынмӕ йӕ ссара, уалынмӕ? Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд ӕрӕмбырд кӕндзӕни йӕ ӕмгӕртты ӕмӕ йӕ сыхӕгты. Ӕмӕ сын зӕгъдзӕни: „цин кӕнут мемӕ, ӕз ссардтон мӕ сӕфт драхмайы“. Тӕккӕ афтӕ, зӕгъын сымахӕн, вӕййы цин Хуыцауы Зӕдтӕм иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр» (Лукайы 15:8—10НФ).

7. Сӕфт фысы ӕмӕ сӕфт драхмӕйы тыххӕй ӕмбисӕндты цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыдыйы ис?

7 Ацы цыбыр ӕмбисӕндтӕй зондӕн райсӕн цы ис? Уыдон нын ӕвдисынц, 1) чи ӕрлӕмӕгъ, уымӕ хъуамӕ цы зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ 2) йын куыд хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, уый. Цӕй ӕркӕсӕм сӕм.

Сӕфт, фӕлӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ

8. а) Фыййау ӕмӕ сылгоймаг цы фесӕфтой, ууыл куыд стыхстысты? ӕ) Цы фесӕфтой, ууыл сӕ дыууӕ дӕр афтӕ кӕй стыхстысты, уый цӕуыл дзурӕг у?

8 Дыууӕ ӕмбисонды дӕр чидӕр цыдӕр фесӕфта, фӕлӕ ма ӕркӕсӕм, цы фесӕфтой, ууыл куыд стыхстысты, уымӕ. Фыййау хъуыды дӕр нӕ акодта: «Дӕлӕмӕ дӕр ӕмӕ уӕлӕмӕ дӕр фыс у, цы йӕ агурон? Уӕртӕ ма мӕм 99 фысы куы ис! Ӕнӕ уымӕй дӕр фӕцӕрдзынӕн». Сылгоймаг дӕр нӕ загъта: «Цӕуыл тыхсын, иу драхмӕ йедтӕмӕ куы ницы у? Фараст драхмӕйы дӕр мын фаг сты». Нӕ, фыййау йӕ сӕфт фысы агурынмӕ фӕцыд, раст ӕм цыма ӕндӕр фыстӕ нал уыд, уыйау. Сылгоймаг дӕр драхмӕйыл афтӕ стыхст, цыма йӕм ӕхцайы капекк нал баззад. Сӕ дыууӕйӕн дӕр, цы фесӕфтой, уый уыди зынаргъ. Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

9. Фыййау ӕмӕ сылгоймаг афтӕ кӕй стыхстысты, уый цы ӕвдисы?

9 Ӕркӕсӕм ма, Йесо дыууӕ ӕмбисонды дӕр йӕ ныхас куыд фӕцис: «Афтӕ уӕлӕрвты иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕн» ӕмӕ «тӕккӕ афтӕ, зӕгъын сымахӕн, вӕййы цин Хуыцауы Зӕдтӕм иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр». Фыййау ӕмӕ сылгоймаг, цы фесӕфтой, ууыл афтӕ кӕй стыхстысты, уый иу гыццыл ӕвдисы Иегъовӕ ӕмӕ йӕ уӕларвон скӕндтыты ӕнкъарӕнтӕ. Фыййау йе сӕфт фысы куыд бирӕ уарзта, сылгоймаджы зӕрдӕ та драхмӕйыл куыд фӕрыст, растдӕр афтӕ, чи адзӕгъӕл вӕййы ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕй йӕхи чи аиуварс кӕны, уыдоны дӕр Иегъовӕ афтӕ уарзы, йӕ зӕрдӕ сыл афтӕ риссы (Иереми 31:3). Ахӕм адӕймӕгтӕн, ӕвӕццӕгӕн, сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Иегъовӕйы коммӕ нӕ кӕсынц. Кӕд ӕрлӕмӕгъ сты, уӕддӕр, чи зоны, Иегъовӕйы уагӕвӕрдтыл сӕ къух бынтондӕр нӕ систой (Псалом 118:176; Куыстытӕ 15:29). Уый тыххӕй Иегъовӕйы никуы фӕндыд, цӕмӕй ахӕм адӕймӕгтӕ «йӕ цӕсгомы разӕй фесӕфтаиккой» (4 Паддзахӕдты 13:23).

10, 11. а) Ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм? ӕ) Йесойы дыууӕ ӕмбисондмӕ гӕсгӕ, ахӕм адӕймӕгтыл куыд хъуамӕ аудӕм?

10 Мах дӕр Иегъовӕ ӕмӕ Йесойау, чи ӕрлӕмӕгъ ӕмӕ чырыстон ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы, уыдоныл тынг тыхсӕм ӕмӕ нӕ сӕ хорз фӕнды (Иезекил 34:16; Лукайы 19:10). Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уый, пайда кӕмӕй нал ис, ахӕмыл нӕ нымайӕм, фӕлӕ сӕфт фысыл. Ахӕм хъуыдытӕ нӕм нӕ вӕййы: «Лӕмӕгъ у, ӕмӕ йыл мӕ зӕрдӕ цы рисса? Ӕмбырды куы нӕ уа, уӕддӕр ницы кӕны». Нӕ, мах афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм. Чи адзӕгъӕл ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхын кӕй фӕнды, уыдонмӕ мах дӕр Иегъовӕйау кӕсӕм: нӕ зӕрдӕйӕн тынг зынаргъ сты.

11 Ахӕм адӕймӕгтыл куыд хъуамӕ аудӕм? Йесойы дыууӕ ӕмбисондӕй бӕрӕг у, уый нӕ бон кӕй у аразын, 1) куы сӕм фӕраздӕр уӕм, 2) куы сыл баузӕлӕм ӕмӕ 3) сыл зӕрдӕйӕ куы уӕм. Цӕй ӕмӕ сӕ иу иннӕйы фӕдыл равзарӕм.

Нӕхӕдӕг фӕраздӕр уӕм

12. Фыййау кӕй «ацыд сӕфт фысы агурынмӕ», уый йӕ цы хуызӕн адӕймагӕй ӕвдисы?

12 Фыццаг ӕмбисонды Йесо дзуры, фыййау кӕй «ацыд сӕфт фысы агурынмӕ». Уый не ’нхъӕлмӕ каст, цалынмӕ фыс йӕхӕдӕг ӕрцыдаид, фӕлӕ фӕраздӕр ӕмӕ йӕ агурӕг ацыд. Кӕд йӕ фӕндаг зын, тӕссаг ӕмӕ дард уыд, уӕддӕр ӕй уый нӕ баурӕдта. Агуырдта йӕ, «цалынмӕ йӕ [не] ссара, уӕдмӕ» (Лукайы 15:4).

13. Рагзаманты иузӕрдион адӕм лӕмӕгъты куыд фидар кодтой, ӕмӕ сӕ куыд ис фӕзмӕн?

13 Уӕдӕ фидардӕр чи у, уый хъуамӕ фӕраздӕр уа, ӕмӕ чи ӕрлӕмӕгъ, уымӕ бацӕуа — йӕ ныфсыл ын ныфс бафтауа. Рагзаманты дӕр иузӕрдион адӕм ацы хъуыддаг хорз ӕмбӕрстой. Зӕгъӕм, паддзах Саулы фырт Ионафан куы базыдта, йе ’ввахс хӕлар Давиды ныфс кӕй асаст, уӕд «сыстад ӕмӕ Давидмӕ хъӕдмӕ ацыд, цӕмӕй йын йӕ цонг фӕфидар кодтаид, зӕгъгӕ дӕ Хуыцауӕй ныфс уӕд» (1 Паддзахӕдты 23:15, 16). Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ та, стыр хицау Нееми куы федта йе ’мтуг, йе ’мстӕг иудейтӕ кӕй ӕрлӕмӕгъ сты, уӕд уый дӕр ӕвӕстиатӕй «сыстад» ӕмӕ сын загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы уӕ зӕрдыл дарут (Нееми 4:14). Мах дӕр-иу хъуамӕ «сыстӕм», ома хъуамӕ фӕраздӕр уӕм, цӕмӕй-иу, чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонмӕ бацӕуӕм ӕмӕ-иу сӕ фӕфидар кӕнӕм. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг ӕмбырды кӕмӕ хауы?

14. Чырыстон ӕмбырды чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн зӕрдиагӕй чи хъуамӕ ӕххуыс кӕна?

14 Уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ «ӕнӕхъару цӕнгтӕ фидар кӕной ӕмӕ ӕдых зӕнгты хъару уадзой» ӕмӕ «йӕ зӕрдӕ тыхст кӕмӕн у, уыдонӕн дзурой: „Фидар лӕуут. Ма тӕрсут“» (Исай 35:3, 4; 1 Петры 5:1, 2). Фӕлӕ Павел афтӕ куы дзырдта, зӕгъгӕ, «ныфсхаст кӕнут зӕрдӕсастыты» (НФ) ӕмӕ «ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн», уӕд уый ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕм нӕ хауд. Павел фыста «Фессалоникӕйы [ӕгас] аргъуанмӕ [ӕмбырдмӕ]» (1 Фессалоникӕгтӕм 1:1; 5:14). Уӕдӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕной лӕмӕгътӕн. Йесойы ӕмбисонды фыййау куыд бакодта, афтӕ алы чырыстон дӕр хъуамӕ «сӕфт фысы агурӕг» цӕуа. Фӕлӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс куы курӕм, уӕд ӕнтыстджындӕр уыдзыстӕм. Де ’мбырды чи ӕрлӕмӕгъ, уымӕн дӕ бон куыд баххуыс кӕнын у?

Узӕлут сыл

15. Цымӕ фыййау фысы йе уӕхсджытӕм цӕмӕ систа?

15 Фыййау йӕ фысы куы ссара, уӕд цымӕ цы бакӕндзӕн? «Сисдзӕн [ӕй] йе уӕхсджытӕм» (Лукайы 15:5). Уыцы гыццыл хабар куыд тынг хъары зӕрдӕмӕ ӕмӕ куыд ирд ӕвдыст у! Фыс, гӕнӕн ис, цалдӕр боны ӕмӕ ӕхсӕвы ӕнӕзонгӕ рӕтты рацу-бацу кодта, ӕмӕ йӕ, чи зоны, домбӕйттӕ акъабӕзтӕ кӕнынмӕ дӕр хъавыдысты (Иов 38:39, 40). Стӕй цалдӕр боны кӕй ницы бахордта, уый тыххӕй ӕрлӕмӕгъ. Афтӕмӕй дзугмӕ уыцы гуыргъахъхъ фӕндӕгтыл иунӕгӕй ацӕуын нӕ афӕраздзӕн. Фӕлӕ йӕм фыййау ӕргуыбыр кодта, хъавгӕ йӕ систа ӕмӕ йӕ уыцы зынвадат фӕндӕгтыл фӕстӕмӕ ӕрхаста дзугмӕ. Фыййау йӕ фысыл афтӕ кӕй баузӕлыд, уый куыд ис фӕзмӕн?

16. Фыййау сӕфт фысыл куыд баузӕлыд, уый нын фӕзминаг цӕмӕн у?

16 Ӕмбырдмӕ рагӕй чи нал цӕуы, уымӕн, чи зоны, йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ. Уый дӕр, йӕ фыййауӕй чи адзӕгъӕл, уыцы фысау, ӕвӕццӕгӕн, адзӕгъӕл ӕмӕ ацы фыддунейы гуыргъахъхъ фӕндӕгтыл рахау-бахау кӕны. Ӕдас ранӕй, ома чырыстон ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн, уый тыххӕй Хӕйрӕгӕн, «бӕстыл [чи] зилы богътӕгӕнаг домбайау» ӕмӕ «искӕй аныхъуырынмӕ» чи агуры, уымӕн ныры хуызӕн ӕнцон никуы у ууыл йӕхи ныццӕвын (1 Петры 5:8НФ). Уыйхыгъд ма, монон хӕринагӕй цух кӕй ӕййӕфта, уый тыххӕй дӕр ӕрлӕмӕгъ. Афтӕмӕй йӕхӕдӕг иунӕгӕй нӕ бафӕрадзӕн уыцы гуыргъахъхъ фӕндагыл фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуын. Ӕмӕ кӕд хъуыддаг афтӕ у, уӕд ӕм хъӕуы ӕргуыбыр кӕнын, хъавгӕ йӕ сисын ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ ӕрбахӕссын (Галатӕгтӕм 6:2). Уый бакӕнын нӕ бон куыд у?

17. Чи ӕрлӕмӕгъ, уымӕ куы бацӕуӕм, уӕд ын апостол Павелау нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

17 Апостол Павел загъта: «Бастади миййаг исчи, уӕд ӕз йемӕ нӕ-иу бастайын, цы?» (2 Коринфӕгтӕм 11:29НФ; 1 Коринфӕгтӕм 9:22). Павелӕн йӕ зӕрдӕ адӕмыл тынг рысти, уӕлдайдӕр лӕмӕгътыл. Махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ лӕмӕгътыл хъуамӕ афтӕ рисса. Ахӕм чырыстонмӕ куы бацӕуат, уӕд ын зӕгъут, Иегъовӕйы зӕрдӕйӕн тынг зынаргъ кӕй у ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты зӕрдӕ иуыл йемӕ кӕй дзуры (1 Фессалоникӕгтӕм 2:17). Зӕгъут ын, йе ’муырнджытӕ йӕм ӕхсызгонӕй кӕй фӕкӕсдзысты ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй уой, «зын сахат... адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууа, уый тыххӕй чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕрау» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17; Псалом 33:19). Нӕ фӕлмӕн, нӕ рӕвдаугӕ ныхӕстӕй йӕ хъавгӕ ӕмӕ сабыргай сисдзыстӕм, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ бон бауыдзӕн дзугмӕ ӕрбаздӕхын. Дарддӕр та нын цы кӕнгӕ у? Уый базондзыстӕм сылгоймаг ӕмӕ сӕфт драхмӕйы тыххӕй ӕмбисондӕй.

Зӕрдӕйӕ сыл ут

18. а) Йесойы ӕмбисонды сылгоймаг цы фесӕфта, ууыл йӕ къух цӕуылнӕ ауыгъта? ӕ) Сылгоймаг цы фесӕфта, уый бацагурынӕн цы бакодта ӕмӕ йӕ куыд ссардта?

18 Сылгоймагӕн кӕд йӕ драхмӕ фесӕфт, уӕддӕр зоны, ссарӕн ӕй кӕй ис, уый, ӕмӕ тынг нӕ тыхсы. Къутӕртӕй ӕмырӕхгӕд быдыры йын куы схаудаид кӕнӕ цъыфдзасты куы ныххаудаид, уӕд ӕй агургӕ дӕр нал кодтаид, уымӕн ӕмӕ йӕ нал ссардтаид. Фӕлӕ йын хӕдзары кӕмдӕр кӕй схауд, уый тыххӕй йӕ райдыдта лӕмбынӕг ӕмӕ зӕрдиагӕй агурын (Лукайы 15:8). Фыццаг уал цырагъ ссыгъта, цӕмӕй йын рухсдӕр уыдаид. Уый фӕстӕ астӕрд цъылынӕй мӕрзын райдыдта, зӕгъгӕ, кӕд, мыййаг, искуыцӕй ратулид ӕмӕ йын йӕ дзӕгъ-дзӕгъ фехъусин. Фӕстагмӕ алы къуымыл дӕр цырагъ ахаста, ӕмӕ драхмӕ цырагъы рухсмӕ ферттывта. Сылгоймаг драхмӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй агуырдта, уый тыххӕй йӕ фыдӕбон ӕнӕхъуаджы нӕ фӕци!

19. Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн ӕххуыс кӕныны фӕдыл нӕ сӕфт драхмӕйы ӕмбисонд цӕуыл ахуыр кӕны,?

19 Ӕмбисонды ацы лыстӕг хабар ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ныл Библимӕ гӕсгӕ цы хӕс ис,— лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын,— уый нӕ бон у ӕххӕст кӕнӕн. Фӕлӕ уыцы хъуыддагӕн, бӕгуыдӕр, хъарутӕ хъӕуы. Дзырдӕн, апостол Павел ефесаг хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта: «Афтӕ фыдӕбон кӕнгӕйӕ хъӕуы кӕсын лӕмӕгътӕм» (Куыстытӕ 20:35а). Дӕ зӕрдыл дар, сылгоймагмӕ ахӕм хъуыды нӕ уыд, зӕгъгӕ йӕ ам кӕнӕ уым райсом кӕнӕ иннӕ бон ацагурдзынӕн. Нӕ, уый йӕ драхмӕ агуырдта ӕмӕ агуырдта, «цалынмӕ йӕ [не] ссардта», уӕдмӕ. Мах дӕр хъуамӕ афтӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнӕм, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ис, уыдонӕн. Куыд?

20. Куыд ис лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнӕн?

20 Чи ӕрлӕмӕгъ, уымӕн та цӕмӕй йӕ уырнындзинад сфидар уа ӕмӕ та ӕцӕгад бауарза, уый тыххӕй цы бакӕнӕн ис? Чи зоны йын фаг уа, Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕйӕ исты ахуыр кӕнын. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, лӕмӕгъ чырыстонимӕ иумӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд ын нӕ бон уыдзӕн сабыргай ӕмӕ дзӕбӕх баххуыс кӕнын. Чи зоны, уацамындӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕр зоны, уыцы хъуыддаг хуыздӕр кӕмӕн рауайдзӕн, ахӕм адӕймаджы. Йӕ бон у бацамонын, лӕмӕгъ чырыстонимӕ цавӕр фарстытӕ хъӕуы равзарын кӕнӕ цавӕр ӕрмӕг хъӕуы ахуыр кӕнын, уый. Сылгоймаг ӕмбисонды йе сӕфт ӕхца цӕмӕй агуырдта, ахӕм цыдӕртӕ махмӕ дӕр ис, цӕмӕй, Хуыцау ныл цы хӕс сӕвӕрдта — лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын, уый ӕххӕст кӕнӕм. Уыдон сты, зӕгъӕм, нӕ дыууӕ ног чиныджы: «Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн» ӕмӕ «Ӕрбаввахс у Иегъовӕмӕ», (уыр.) *.

21. Лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын алкӕмӕндӕр арфӕйаг хъуыддаг куыд у?

21 Лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын алкӕмӕндӕр арфӕйаг хъуыддаг у. Кӕмӕн баххуыс кӕнӕм, уымӕн йӕ зӕрдӕ барухс вӕййы, йе ’ввахс хӕлӕрттимӕ фӕстӕмӕ кӕй баиу ис, уымӕй. Мах дӕр цин кӕнӕм, райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг дӕттын кӕй у, ууыл (Лукайы 15:6, 9; Куыстытӕ 20:35ӕ). Ӕмбырды иууылдӕр кӕрӕдзийӕн куы феххуыс кӕнынц, уӕд дзы уарзондзинады цӕхӕр тынгдӕр фӕсудзы. Сӕйраджыдӕр та афтӕмӕй мах кадджын кӕнӕм нӕ аудаг Фыййӕутты, Иегъовӕ ӕмӕ Йесойы, уымӕн ӕмӕ уыдонау мах дӕр фӕнды лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын (Псалом 71:12—14; Матфейы 11:28—30; 1 Коринфӕгтӕм 11:1; Ефесӕгтӕм 5:1). Ӕвӕдза, цас бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй хъуамӕ уарзӕм нӕ кӕрӕдзи!

[Фиппаинаг]

^ 20 абз. Мыхуыры сӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Иууылдӕр кӕрӕдзи цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?

• Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдоны нӕ уарзондзинады хъармӕй цӕмӕн хъуамӕ батавӕм?

• Цӕуыл нӕ ахуыр кӕнынц сӕфт фысы ӕмӕ сӕфт драхмӕйы тыххӕй ӕмбисӕндтӕ?

• Лӕмӕгъ чи у, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 24, 25 фарсыл]

Цӕмӕй лӕмӕгътӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй сӕм хъуамӕ фӕраздӕр уӕм, баузӕлӕм сыл ӕмӕ сыл зӕрдӕйӕ уӕм.

[Ныв 24, 25 фарсыл]

Лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын у арфӕйаг хъуыддаг.