Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фыддзинад ӕцӕг фӕуӕлахиз?

Фыддзинад ӕцӕг фӕуӕлахиз?

Фыддзинад ӕцӕг фӕуӕлахиз?

ФЫДГӔНӔГ ӕмӕ хӕрзгӕнӕг тыхты ’хсӕн тох цӕуы, зӕгъгӕ, уыцы хъуыды ӕнусты дӕргъы ӕнцой нӕ дӕтты фысджытӕ ӕмӕ философтӕн, ӕмӕ сӕм уый фӕдыл ӕвзӕры бирӕ ӕнӕбындур хъуыдытӕ. Фӕлӕ ис, Хуыцау ӕмӕ Хӕйрӕджы ’хсӕн цы хӕст цӕуы, уый тыххӕй раст хабӕрттӕ кӕм ис фыст, ахӕм чиныг. Уыцы чиныг у Библи. Уый ӕргом кӕны уыцы ныхмӕлӕудимӕ баст фарстытӕ ӕмӕ ӕмбарын кӕны, ӕцӕгдӕр чи фӕуӕлахиз, уый.

Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг сфӕлдисынӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕнӕуынгӕ уӕларвон сфӕлдисонд, Сайтан Хӕйрӕг, сдзырддаг кодта Хуыцауы хицаудзинад. Куыд? Уый загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй цыдӕр хорздзинад ӕмбӕхсы ӕмӕ адӕмӕн ӕнӕ Хуыцауӕй сӕ цард хуыздӕр уаид (Уӕвынад 3:1—5; Раргомад 12:9).

Рагзаманты цӕрӕг Иовы бонты Сайтан ӕрӕвӕрдта ӕндӕр фарста. Сайтан архайдта цӕмӕй Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивтаид ӕмӕ загъта: «Царм цармы тыххӕй, фӕлӕ адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 2:4). Ӕвӕдза, ацы ныхӕстӕ ӕрмӕст Иовмӕ нӕ хаудысты! Сайтан Иовы номы бӕсты «адӕймаг» кӕй загъта, уымӕй алы адӕймаджы иузӕрдиондзинад дӕр сдызӕрдыггаг кодта. Йӕ ныхӕстӕ йын ис афтӕ бамбарӕн: «Адӕймаг йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй цыфӕнды дӕр сараздзӕн. Ратт мын фадат ӕмӕ дын ӕз Хуыцауӕй кӕйфӕндыдӕр аздахдзынӕн».

Хуыцау ӕмӕ Хӕйрӕгӕй чи фӕуӕлахиз, уый сбӕлвырд кӕнынӕн хъӕуы дзуапп радтын дыууӕ фарстӕн: адӕмӕн сӕхи бон у ӕнтыстджынӕй хицауиуӕг кӕнын? Хӕйрӕг ӕппӕт адӕмы дӕр аздӕхта ӕцӕг Хуыцауӕй?

Адӕмӕн сӕхи бон у ӕнтыстджынӕй хицауиуӕг кӕнын?

Миназты дӕргъы адӕм бафӕлвӕрдтой алыхуызон цардӕвӕрдтӕ. Ивгъуыд рӕстӕджыты хицауиуӕг кодтой монархтӕ, аристократтӕ, демократтӕ, автократтӕ, фашисттӕ ӕмӕ коммунисттӕ. Адӕм сӕ иууылдӕр кӕй бафӕлвӕрдтой, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕнӕбон разындысты?

«Ромӕгтӕ, сӕхӕдӕг уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, афтӕмӕй архайын райдыдтой хицауиуӕг кӕныны хъуыддагимӕ баст эксперименты»,— фыссы Г. Дж. Уэллс («A History of the World», 1922 аз). Уый дарддӕр дзуры: «Хицауад ӕппынӕдзух кодта ивгӕ, иу никуы уыд. Уыцы эксперимент, иуырдыгӕй, нӕ рауад. Иннӕрдыгӕй та, хъуыддаг ууыл нӕ фӕци, ӕмӕ ма абон дӕр Европӕ ӕмӕ Америкӕ сӕ сӕр цъӕл кӕнынц, паддзахадыл хицауиуӕг кӕныны зынрахатӕн фарстатыл, ромӕгтӕ фыццаг кӕуыл сӕмбӕлдысты, уыдоныл».

Уыцы хъуыддаджы XX ӕнус дӕр фӕсте нӕ баззад. XX ӕнусы кӕрон демократон хицауиуӕгад нымад ӕрцыд иууыл хуыздӕрыл. Демократийы закъӕттӕм гӕсгӕ паддзахады хъуыддӕгты архайыны бар ис алы адӕймагӕн дӕр. Фӕлӕ цымӕ демократи равдыста, адӕмӕн ӕнӕ Хуыцауӕй сӕ бон кӕй у ӕнтыстджынӕй хицауиуӕг кӕнын? Джавахарлал Неру, Индийы раздӕры премьер-министр, демократи банымадта хорзыл, фӕлӕ ма бафтыдта: «Ӕз афтӕ уымӕн дзурын, ӕмӕ иннӕтӕ ноджы ӕвзӕрдӕр сты». Францы раздӕры президент Валери Жискар д’Эстен загъта: «Мах уынӕм, ныры демократи уӕззау уавӕры кӕй ис, уый».

Суанг ма н. э. агъоммӕ V ӕнусы дӕр грекъаг философ Платон бафиппайдта демократон хицаудзинады лӕмӕгъ бынӕттӕ. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй уый ӕфхӕрдта «демократон паддзахӕдтӕн стыр зиан чи хӕссы, уыцы политикты талынгдзинад ӕмӕ ӕдыхдзинад» («A History of Political Theory»). Абоны хицауады кусджытӕй бирӕтӕ хъаст кӕнынц, зӕгъгӕ, зын ссарӕн сты, хицауады кусынӕн чи сбӕзза, ахӕм курдиатджын адӕймӕгтӕ. Дзыллӕтӕ «разы не сты сӕ разамонджытӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон зынынц тынг ӕнӕбон, адӕм цы стыр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдонимӕ абаргӕйӕ»,— дзырдӕуы иу америкаг газеты («The Wall Street Journal»). Уым ма дарддӕр ис фыст: «Разамынд агургӕйӕ, дызӕрдыггӕнаг ӕмӕ гӕртамхор хицӕуттыл куы сӕмбӕлынц, уӕд тынг смӕсты вӕййынц».

Ныр та ӕркӕсӕм паддзах Соломоны хицауиуӕгадмӕ рагон Израилы. Иегъовӕ Хуыцау Соломонӕн радта ӕнахуыр стыр зонд (3 Паддзахӕдты 4:29—34). Куыд цардысты Израилы адӕм, Соломон 40 азы дӕргъы паддзахиуӕг куы кодта, уӕд? Библи нын дзуапп дӕтты: «Иудӕ ӕмӕ Израил уыдысты денджызы змисау бирӕ; хордтой, нуӕзтой ӕмӕ цин кодтой». Уым ма дарддӕр дзырдӕуы: «Соломоны цӕргӕбонты Иудӕ ӕмӕ Израил, Данӕй суанг Вирсавимӕ, цардысты ӕдасӕй, алчидӕр йӕхи сӕнӕфсиры талайы бын ӕмӕ йӕхи легъуибӕласы бын» (3 Паддзахӕдты 4:20, 25). Зондджын паддзах, ӕнӕуынгӕ Дунедарӕг Иегъовӕ Хуыцауы уынгӕ минӕвар, куы паддзахиуӕг кодта, уӕд адӕм цардысты фӕрнӕй, уыдысты хъӕздыг ӕмӕ хъӕлдзӕг.

Куыд тынг хицӕн кӕнынц кӕрӕдзийӕ адӕймаджы хицаудзинад ӕмӕ Хуыцауы хицаудзинад! Цымӕ исчи ӕнӕдызӕрдыгӕй зӕгъдзӕн, Сайтан хицаудзинады фарсты кӕй фӕуӕлахиз? Нӕ, пехуымпар Иереми раст загъта: «О Иегъовӕ, зонын ӕй, лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уый. Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты» (Иереми 10:23).

Сайтанӕн йӕ бон у ӕппӕт адӕмы дӕр Хуыцауӕй аздахын?

Цымӕ Сайтан йӕ ныхасӕн хицау разынд ӕмӕ ӕппӕт адӕмы дӕр Хуыцауӕй аздӕхта? Библийы, Дзуттытӕм ӕрвысты 11 сӕры апостол Павел ранымадта, рагзаманты цӕрӕг иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕмттӕ. Уый фӕстӕ загъта: «Рӕстӕг мын фаг нӕ уыдзӕн, цӕмӕй уын радзурон Гедеоны, Варакы, Самсоны, Йеффайы, Давиды, Самуилы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй» (Дзуттытӕм 11:32). Хуыцауы уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты Павел схуыдта «ӕврагъ ӕвдисӕнтӕ» (Дзуттытӕм 12:1НФ). Ам «ӕврагъӕй» цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый амоны бӕрӕг хуыз ӕмӕ ас цы хицӕн ӕврагъӕн ис, уымӕ нӕ, фӕлӕ иугуыр мигътӕм. Уый раст абарст у, уымӕн ӕмӕ рагзаманты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уыйбӕрц уыдысты, ӕмӕ зындысты тынг стыр мигъты хуызӕн. О, ӕнусты дӕргъы ӕнӕнымӕц бирӕ адӕм барвӕндонӕй ӕмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кодтой Иегъовӕ Хуыцауӕн (Йесо Навин 24:15).

Нӕ рӕстӕджы та цы уынӕм? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕгас дунейы сӕ нымӕц 6 милуанӕй ахызт, кӕд XX ӕнусы карз фӕдылзылд ӕмӕ ныхмӕлӕудыл сӕмбӕлдысты, уӕддӕр. Иу-9 милуан адӕймаджы та сӕм хорз цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ сӕ бирӕтӕ аразынц бӕлвырд къахдзӕфтӕ, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уой.

Сайтаны ныхӕстӕн, зӕгъгӕ, адӕмы Иегъовӕйӕ аздахдзынӕн, ӕппӕты хуыздӕр дзуапп радта Хуыцауы Фырт, Йесо Чырысти. Ӕгӕрыстӕмӕй хъизӕмӕртты цӕджындзыл удхаргӕнгӕйӕ дӕр иузӕрдионӕй баззад. Йесо ма фӕстаг хатт куы сулӕфыд, уӕд ныхъхъӕр кодта: «Мӕ Фыд! Дӕ къухтӕм дӕттын Мӕ уд» (Лукайы 23:46).

Цӕмӕй адӕм йӕ дӕлбар уой, уый тыххӕй Сайтан, цыдӕриддӕр йӕ бон у, уый аразы, райдай фыдӕвзарӕнтӕй ӕмӕ фӕу ӕргом фӕдылзылдыл. Адӕмы «буары фӕндон, цӕстыты фӕндон ӕмӕ царды хъалдзинадӕй» фӕлваргӕйӕ, уый архайы, цӕмӕй сӕ Иегъовӕйӕ аздаха кӕнӕ та сӕ уымӕ хӕстӕг ма бауадза (1 Иоанны 2:16). Сайтан ма ӕнӕуырнджытӕн «бакуырм кодта сӕ зонд, цӕмӕй уыдонӕн ма сӕрттива Чырыстийы кады хорз уацхъуыды рухс» (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Сайтан йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй адӕммӕ ӕртхъирӕн кӕны ӕмӕ сӕ тас уадзы (Куыстытӕ 5:40).

Фӕлӕ Хуыцауы фарс чи у, уыдоныл Хӕйрӕджы бар нӕ цӕуы. Уыдон базонынц Иегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ бауарзынц «сӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ сӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ сӕ ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37). О, Йесо Чырысти ӕмӕ ӕнӕнымӕц бирӕ адӕм Хуыцауыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ иузӕрдион кӕй сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Сайтан Хӕйрӕг састы бынаты кӕй баззад.

Цы нын ӕрхӕсдзӕн фидӕн?

Адӕм ма алыхуызон хицауӕдтӕ бирӕ раив-баив кӕндзысты? Пехуымпар Данел развӕлгъау загъта: «Уыцы паддзӕхты дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ лӕвӕрд нӕ фӕуыдзӕн; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ» (Данелы 2:44). «Уӕларвон Хуыцау» цы Паддзахад ӕрӕвӕрдзӕн, уый у уӕларвон хицауад Йесо Чырыстийы разамындӕй. Уый у, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты кувын кӕй тыххӕй ахуыр кодта, растдӕр уыцы Паддзахад (Матфейы 6:9, 10). Уыцы Паддзахад адӕмы хицауӕдты иууылдӕр скуынӕг кӕндзӕн «Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы уыцы [ӕрхӕццӕгӕнӕг] стыр боны» ӕмӕ йӕ бӕрны уыдзӕн ӕгас зӕхх дӕр (Раргомад 16:14, 16).

Цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы Сайтанмӕ та? Библийы йӕ сомбоны тыххӕй ис фыст: «[Иегъовӕйы зӕд] райста кӕфхъуындары, рагон калмы, кӕцы у хӕйрӕг ӕмӕ сайтан, ӕмӕ йӕ хъадаманты бакодта мин азмӕ. Ӕмӕ йӕ ныппӕрста ӕнӕбын арфмӕ, ӕмӕ йӕ сӕхгӕдта, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта мыхуыр, цӕмӕй мауал сайа адӕмы, цалынмӕ мин азы фӕуой, уӕдмӕ» (Раргомад 20:1—3). Сайтан ӕнӕбын арфмӕ ӕппӕрст куы ӕрцӕуа ӕмӕ йӕ бон куы ницыуал уа, уӕд райдайдзӕн Йесо Чырыстийы Миназон хицауиуӕгад.

Цӕй диссаджы цӕрӕнбынат суыдзӕн уӕд зӕхх! Фесӕфдзысты фыддзинад ӕмӕ фыдгӕнджытӕ. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Фыддзинад кӕнджытӕ цагъд уыдзысты. [...] Сабыртӕ та зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:9—11). Цӕрдзысты фӕрнӕй, тӕссаг сын нӕ уыдзӕн нӕдӕр адӕмӕй, нӕдӕр цӕрӕгойтӕй (Исай 11:6—9). Суанг ма ивгъуыд рӕстӕджыты Сайтаны фарс цы милуангай адӕм уыд (ӕнӕзонгӕйӕ, кӕнӕ сын фадат кӕй нӕ уыд Иегъовӕйы базонынӕн), уыдон дӕр фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхдзысты ӕмӕ сӕ Хуыцау сахуыр кӕндзӕн (Куыстытӕ 24:15).

Миназон хицауиуӕгады кӕрон зӕхх дзӕнӕт суыдзӕн, адӕм та — ӕххӕст. Уый фӕстӕ Сайтан уагъд ӕрцӕудзӕн «чысыл рӕстӕгмӕ», цӕмӕй ӕнусмӕ куынӕггонд ӕрцӕуа, Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ чи уа, ӕппӕт уыдонимӕ (Раргомад 20:3, 7—10).

Кӕй фарс уыдзынӕ?

XX ӕнус уыд ахӕм рӕстӕг, Сайтан йӕ фыдӕх зӕххыл куы калдта. Абон дунейы цы уавӕртӕ уынӕм, уыдон ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ Сайтан фӕуӕлахиз, фӕлӕ сты, ацы фыддунейы фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый нысан (Матфейы 24:3—14; Раргомад 6:1—8). Чи фӕуӕлахиз, уыцы фарста нӕдӕр, фыддзинад цас арӕх у, уымӕй бӕлвырд кӕны, ӕмӕ нӕдӕр, адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд хъуыды кӕнынц, уымӕй. Сӕйрагдӕр у: кӕй хицауиуӕгад у хуыздӕр ӕмӕ Хуыцауӕн уарзондзинадӕй исчи лӕггад кӕны ӕви нӕ. Ацы дыууӕ хъуыддаджы дӕр фӕуӕлахиз Иегъовӕ.

Кӕд рӕстӕг равдыста Сайтаны мӕнгдзинад, уӕд ма Хуыцау фыддзинад цӕмӕн уадзы? Иегъовӕ быхсы, уымӕн ӕмӕ «Йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ» (2 Петры 3:9). Хуыцауы фӕнды, «цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад базонынмӕ» (1 Тимофеймӕ 2:4). Ныфс нӕ ис, ӕмӕ ма цы рӕстӕг баззад, уымӕй спайда кӕндзынӕ Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ «иунӕг ӕцӕг Хуыцау, ӕмӕ йе ’рвыст Йесо Чырыстиимӕ» зонгӕ кӕнынӕн (Иоанны 17:3). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты уыцы зонындзинӕдтӕ райсынӕн, цӕмӕй ды дӕр баиу уай, уӕлахиздзауы фарс фидарӕй цы милуангай адӕмтӕ лӕууы, уыдонмӕ.

[Нывтӕ 5 фарсыл]

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Сайтан састы бынаты баззад.