Хорз хабарыл ӕууӕндыс?
Хорз хабарыл ӕууӕндыс?
«Ӕрхӕстӕг Хуыцауы Паддзахад! Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл ӕмӕ ӕууӕндут Евангелийыл [«хорз хабарыл», НД]» (МАРКЫ 1:15, МСЕ).
1, 2. Куыд бамбарын кӕндзынӕ Маркы 1:14, 15?
НӔ ЭРӔЙЫ 30 азы Йесо Чырысти Галилейы ӕрӕвнӕлдта тынг кадджын ӕмӕ ахсджиаг куыстмӕ — райдыдта хъусын кӕнын «Хуыцауы хорз хабар» (НД). Йӕ ныхӕстӕ галилейӕгтӕй бирӕты базмӕлын кодтой. Уый дзырдта: «Ӕрцыд афон ӕмӕ ӕрхӕстӕг Хуыцауы Паддзахад! Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл ӕмӕ ӕууӕндут Евангелийыл [«хорз хабарыл», НД]» (Маркы 1:14, 15, МСЕ).
2 Йесойӕн «ӕрцыд афон» Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынӕн, адӕмӕн та — Хуыцауы хорзӕх ссарыны тыххӕй бӕлвырд къахдзӕфтӕ скӕнынӕн (Лукайы 12:54—56). «Хуыцауы Паддзахад» та ӕрхӕстӕг, Йесо, суинаг Паддзах, адӕмы ’хсӕн кӕй уыдис, уымӕ гӕсгӕ. Йӕ ныхӕстӕ рӕстуд адӕмы зӕрдӕтӕ афтӕ агайдтой, ӕмӕ-иу сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой. Фӕлӕ уыдон, хорз хабарыл кӕй ӕууӕндыдысты, уый куыд ӕвдыстой? Мах та йӕ куыд хъуамӕ ӕвдисӕм?
3. Адӕм хорз хабарыл кӕй ӕууӕндынц, уый раздӕр куыд ӕвдыстой ӕмӕ йӕ ныр куыд ӕвдисынц?
3 Апостол Петр дӕр Йесойау адӕммӕ сидтис, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой сӕ тӕригъӕдтыл. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Иерусалимы Петр иудейтӕн загъта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сымахӕй алчидӕр донаргъуыд Йесо Чырыстийы номыл райсӕд, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой; ӕмӕ уӕд райсдзыстут Сыгъдӕг Уды хӕрзиуӕг». Мингӕйттӕ сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой, донаргъуыд райстой ӕмӕ систы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ (Куыстытӕ 2:38, 41, 4:4, НФ). Н. э. 36 азы, муртаттӕй чи ӕрфӕсмон кодта, уыдон дӕр афтӕ бакодтой (Куыстытӕ 10:1—48). Абон дӕр, минтӕ хорз хабарыл кӕй баууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн вӕййынц, сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынц, Хуыцауӕн нывонддзырд раттынц ӕмӕ донаргъуыд райсынц. Уыдон сӕ зӕрдӕмӕ айсынц ирвӕзындзинады хорз хабар. Йесойы ӕлхӕнӕг нывондыл кӕй баууӕндыдысты, уый та хъуыддагӕй ӕвдисынц. Уыйхыгъд ма сӕхи бакодтой Хуыцауы Паддзахады бӕрны ӕмӕ рӕстӕй цӕрынц.
4. Цы у уырнындзинад?
4 Фӕлӕ цы у уырнындзинад? Апостол Павел ӕй бамбарын кодта: «Уырниад та у, ӕнхъӕлмӕ цӕмӕ кастӕуы, уый сӕххӕстыл ныфс дарын, ӕмӕ цытӕ дзы нӕ уындӕуы, уыдӕттыл дызӕрдыг ма кӕнын» (Дзуттытӕм 11:1, НФ). Уырнындзинад нын не ’ууӕнк фидар кӕны, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонӕн ӕнӕрцӕугӕ кӕй нӕй, ууыл — раст цыма нӕ къухы цавӕрдӕр исбонӕн гӕххӕт ис, уыйау. Уырнындзинад ма у, уынгӕ цы нӕ кӕнӕм, уыдӕттыл «дызӕрдыг нӕ кӕнын» кӕнӕ бӕлвырд кӕй сты, ууыл фидарӕй ӕууӕндын. Зонгӕ дӕр ӕй хорз кӕнӕм, стӕй йӕ зӕрдӕйӕ дӕр ӕнкъарӕм, ахӕм цыдӕртӕ ӕцӕгӕйдӕр кӕй сты, кӕд сӕ уынгӕ нӕ кӕнӕм, уӕддӕр (2 Коринфӕгтӕм 5:7; Ефесӕгтӕм 1:18).
Уӕд нӕм уырнындзинад!
5. Уырнындзинад нӕм цӕмӕн хъуамӕ уа?
5 Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕхи зонынхъом куы фӕвӕййы, уӕд Хуыцауы фӕагуры, фӕлӕ нӕ уырнӕгӕй ничи райгуыры. Ӕцӕгдӕр, адӕмӕй «уырнындзинад се ’ппӕтмӕ нӕй» (2 Фессалоникӕгтӕм 3:2). Фӕлӕ чырыстӕттӕм хъуамӕ ӕнӕмӕнгдӕр уа уырнындзинад, науӕд Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕй ӕнӕхай фӕуыдзысты (Дзуттытӕм 6:12). Павел йӕ фыстӕджы куы ранымадта, фидар уырнындзинад кӕмӕ уыдис, уыдоны, уӕд уый фӕстӕ загъта: «Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр, нӕ алыварс уый бӕрц бирӕ ӕвдисӕнтӕ уӕвгӕйӕ, нӕхицӕй аппарӕм алы уаргъ ӕмӕ къуылымпыгӕнӕг тӕригъӕд [«ӕмӕ ныл чи ӕрбатыхст, уыцы тӕригъӕд», НФ], ӕмӕ фӕразондзинады цӕудзыстӕм нӕ размӕ бӕрӕггонд фӕндагыл, кӕсгӕйӕ уырнындзинады хицау ӕмӕ ӕххӕстгӕнӕг Йесомӕ» (Дзуттытӕм 12:1, 2). «Ӕмӕ ныл чи ӕрбатыхст, уыцы тӕригъӕд» та цы у? Уый у лӕмӕгъ уырнындзинад кӕнӕ адӕймагмӕ раздӕры уырнындзинад куы нӕуал уа. Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, ма фӕцуда, уый тыххӕй хъуамӕ «кӕсӕм... Йесомӕ» ӕмӕ йӕ фӕзмӕм. Уыйхыгъд ма, хъуамӕ ӕнӕфсарм, буары хъуыддӕгтыл хъоды бакӕнӕм, мулкылмард ма уӕм ӕмӕ, дунейы философи ӕмӕ Библийы ныхмӕ цы ’гъдӕуттӕ сты, уыдонӕй нӕхи дард ласӕм (Галатӕгтӕм 5:19—21; Колоссӕгтӕм 2:8; 1 Тимофеймӕ 6:9, 10; Иудӕйы 3, 4). Уымӕй уӕлдай ма нӕ хъуамӕ уырна, Хуыцау нӕ йӕ базыры бын кӕй дары, ӕмӕ йӕ Ныхасы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон ӕцӕгдӕр царды кӕй ахадынц.
6, 7. Уырнындзинады тыххӕй кувын раст цӕмӕн у?
6 Нӕхи фӕндӕй нӕм уырнындзинад ницы хуызы фӕзындзӕн. Уырнындзинад у Хуыцауы сыгъдӕг уды, ома йӕ архайгӕ тыхы дыргъ (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Фӕлӕ нӕ, зӕгъӕм, хъӕуы нӕ уырнындзинад фидар кӕнын, уӕд та? Уый фӕдыл Йесо загъта: «Сымах кӕд... зонут хорз лӕвӕрттӕ дӕттын уӕ сывӕллӕттӕн, уӕд уӕлдайдӕр Уӕларвон Фыд ратдзӕн Сыгъдӕг Уды, уымӕй чи кура, уыдонӕн» (Лукайы 11:13). Уӕдӕ курӕм Хуыцауӕй сыгъдӕг уд, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинадӕн ахъаз кӕна, ӕмӕ фӕразӕм цыфӕнды зын уавӕрты дӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын (Ефесӕгтӕм 3:20).
7 Хуыцауӕй фидар уырнындзинад кӕй курӕм, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Йесо иу лӕппуйӕ хӕйрӕджы куы хъуамӕ расырдтаид, уӕд ын лӕппуйы фыд ныллӕгъстӕ кодта: «Уырны мӕ, Хицау! Баххуыс кӕн мӕ лӕмӕгъ уырнындзинадӕн» (Маркы 9:24, МСЕ). Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ӕм иу заман бахатыдысты: «Фӕфылдӕр нын кӕн нӕ уырнындзинад» (Лукайы 17:5, НФ). Цӕй уӕдӕ мах дӕр Хуыцауӕй курӕм фидар уырнындзинад, зонгӕйӕ, кӕй нын фехъусдзӕн нӕ куывд (1 Иоанны 5:14).
Хъуамӕ ӕууӕндӕм Хуыцауы Ныхасыл
8. Хуыцауы Ныхасыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нын уый куыд фӕахъаз уыдзӕн?
8 Йесо йӕ цард нывондӕн куы радта, уымӕй гыццыл раздӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Уӕ зӕрдӕ уынгӕг ма кӕнӕд; ӕууӕндут Хуыцауыл ӕмӕ Мӕныл дӕр ӕууӕндут» (Иоанны 14:1). Мах, чырыстӕттӕ, ӕууӕндӕм Хуыцау ӕмӕ йӕ Фыртыл. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасыл ӕууӕндӕм? Цы фыст дзы ис, уый нын нӕ цардыл хуыздӕрырдӕм зындзӕн, куы йӕ ахуыр кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд. Уыимӕ мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, йӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ нын йӕ амындтӕ иууыл хуыздӕр кӕй сты (Дзуттытӕм 4:12).
9, 10. Иаковы 1:5—8 уырнындзинады тыххӕй цы фыст ис, уый куыд бамбарын кӕндзынӕ?
9 Махӕн, ӕнӕххӕст адӕмӕн, фыдбылызарӕх царды зын у. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасыл куы ’ууӕндӕм, уӕд нын царды бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн (Иов 14:1). Дзырдӕн зӕгъӕм, цавӕрдӕр фӕлварӕны цы бакӕнӕм, уымӕн ницы зонӕм. Хуыцауы Ныхас нын мӕнӕ цы амоны: «Кӕд сымахӕй искӕмӕ нӕ фаг кӕны зонд, уадз курӕд Хуыцауӕй, ӕппӕтӕн хӕларӕй ӕмӕ ӕнӕуайдзӕфӕй дӕттӕгӕй,— ӕмӕ йын лӕвӕрд уыдзӕн. Фӕлӕ уадз курӕд уырнгӕйӕ, гыццылдӕр дызӕрдыг нӕ кӕнгӕйӕ, дызӕрдыг чи кӕны, уый дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ ахӕлиу кӕны, уыцы денджызы уылӕны хуызӕн у: уадз ахӕм адӕймаг Хицауӕй исты райсын ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд, дыууӕрдӕм хъуыдыгӕнӕг адӕймаг фидар нӕу йӕ ӕппӕт фӕндӕгтыл» (Иаковы 1:5—8).
10 Иегъовӕ Хуыцауӕй зонд кӕй курӕм, уый тыххӕй нын никуы бауайдзӕф кӕндзӕн. Уый нын баххуыс кӕндзӕн фӕлварӕнмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн. Чи зоны нын не ’муырнджытӕй исчи бацамона хъӕугӕ стихтӕм кӕнӕ сӕ Библи ахуыргӕнгӕйӕ нӕхӕдӕг бафиппайӕм. Кӕнӕ та нын, чи зоны, Иегъовӕйы сыгъдӕг уд цавӕрдӕр ӕндӕр хуызы баххуыс кӕна. Нӕ уӕларвон Фыдӕй куы «курӕм уырнгӕйӕ, гыццылдӕр дызӕрдыг нӕ кӕнгӕйӕ», уӕд нын ратдзӕн зонд фӕлварӕнты фидар лӕууынӕн. Фӕлӕ дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ кӕй ахӕлиу кӕны, ахӕм денджызы уылӕнтау куы уӕм, уӕд нын Хуыцау ницы ратдзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уый дзурӕг уыдзӕн, фӕндфидарӕй ӕмӕ иудадзыг кӕй нӕ фӕкувӕм, стӕй ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр ныфсджын кӕй нӕ вӕййӕм, суанг ма нӕ Хуыцауӕй алыхатт ныфс кӕй нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм Хуыцауы Ныхасыл ӕмӕ йын йӕ амындтӕ, йӕ уынаффӕтӕ нӕ зӕрдӕмӕ исӕм. Ӕркӕсӕм, Библийы амындтӕ
ӕмӕ уынаффӕтӕн цы ахадындзинад ис, уымӕн цалдӕр цӕвиттонмӕ.Уырнындзинад ӕмӕ, адӕймаджы ӕхсызгонӕй цы фӕхъӕуы, уый
11. Алы бон дӕр нӕ ӕхсызгонӕй цы фӕхъӕуы, уый тыххӕй нын Хуыцауы Ныхас ныфс цӕмӕй ӕвӕры?
11 Истӕмӕй цух куы ӕййафӕм кӕнӕ мӕгуыр куы уӕм, уӕд куыд? Хуыцауы Ныхас нын ныфс ӕвӕры — Иегъовӕ нын дӕтдзӕн, цардӕн нӕ ӕхсызгонӕй цы хъӕуа, уый. Афтӕ ма зонӕм, чи йӕ уарзы, уыцы иузӕрдион адӕмы фидӕны зӕххы хорздзинӕдтӕй кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (Псалом 71:16; Лукайы 11:2, 3). Пехуымпар Илиайы хабар куы бакӕсӕм, уӕд нӕ стыр ныфс бацӕудзӕн. Стонг заман ӕй Иегъовӕ иу бон дӕр ӕххормагӕй нӕ ныууагъта. Фӕстӕдӕр, цӕмӕй Илиа, сылгоймаг ӕмӕ йӕ лӕппу ӕххормагӕй ма амардаиккой, уый тыххӕй Хуыцау сарӕзта диссаг: куыд фӕзӕгъынц, афтӕ се ссад, сӕ сой уыдысты уӕлейӕ исгӕ — бынӕй ахадгӕ (3 Паддзахӕдты 17:2—16). Афтӕ ма Иегъовӕ ахъаз кодта Иеремийӕн дӕр, вавилойнӕгтӕ Иерусалимыл куы ’рхъула кодтой, уӕд (Иереми 37:21). Кӕд Иереми ӕмӕ Илиайӕн хӕринаг бирӕ нӕ уыд, уӕддӕр сӕ Иегъовӕ ӕххормагӕй никуы ныууагъта. Абон дӕр афтӕ: чи йыл ӕууӕнды ӕмӕ уый хъуыддагӕй чи ӕвдисы, уыдоныл Хуыцау ауды, ахъаз сын кӕны (Матфейы 6:11, 25—34).
12. Адӕймаг Хуыцауыл куы ӕууӕнда, уӕд ын къӕбӕр амал кӕнын ӕнцондӕр цӕмӕн уыдзӕн?
12 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уымӕй нӕ фӕхъӕздыг уыдзыстӕм, фӕлӕ нын уый фӕрцы къӕбӕр амал кӕнын алкӕддӕр ӕнцондӕр уыдзӕн. Цӕвиттон: Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, хъуамӕ истӕмӕ арӕхсӕм, уӕм ӕууӕнкджын ӕмӕ куыстуарзаг (Ӕмбисӕндтӕ 22:29; Екклесиаст 5:18, 19; 2 Коринфӕгтӕм 8:21). Адӕм дӕ куыстуарзагӕй зоной, уый гыццыл хъуыддаг нӕу. Хорз куыст ссарын ӕнцон кӕм нӕу, ахӕм рӕтты дӕр ӕууӕнкджын, сӕрӕн ӕмӕ куыстуарзаг адӕймагӕн, иннӕтимӕ абаргӕйӕ, йӕ уавӕр бирӕ хуыздӕр вӕййы. Ӕмӕ кӕд бирӕ нӕ бакусы, уӕддӕр ӕй ӕхсызгонӕй цы фӕхъӕуы, уый йӕм вӕййы. Уӕдӕ адӕймаг йӕ хидвӕллойӕ цы къӕбӕр самал кӕны, уый та куыд адджын у?! (2 Фессалоникӕгтӕм 3:11, 12).
Уырнындзинад зӕрдӕйы рыст къаддӕр кӕны
13, 14. Уырнындзинад нын нӕ зӕрдӕйы рыст куыд къаддӕр кӕны?
13 Хуыцауы Ныхасы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй адӕймаг йӕ ахсджиаджы, йӕ хионы мӕлӕтыл куы хъынцъым кӕна, уым худинагӕй ницы ис. Иудейты рагфыдӕл Авраам — Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг — йӕ удыхай Саррӕйы зианыл тынг фӕрыст (Уӕвынад 23:2). Давидӕн куы фӕхабар чындӕуыд, йӕ хъӕбул Авессалом кӕй фӕмард, уӕд зӕрдӕдихтӕ кодта (2 Паддзахӕдты 18:33). Суанг алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг Йесо дӕр куыдта йӕ хӕлар Лазӕры зианыл (Иоанны 11:35, 36). Нӕ хион кӕй фӕзиан, ууыл кӕд тынг маст кӕнӕм, уӕддӕр Хуыцауы Ныхасы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндӕм, уымӕ гӕсгӕ нын бирӕ ӕнцондӕр у нӕ зӕрдӕйы рыстӕн фӕразын.
14 «Ныфс мӕ ис Хуыцауӕй,— загъта Павел,— кӕй уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты» (Куыстытӕ 24:15). Мах ӕууӕндӕм, Хуыцау мин-минты кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл (Иоанны 5:28, 29). Уыдоны ’хсӕн уыдзӕн Авраам ӕмӕ Саррӕ, Исахъ ӕмӕ Ревеккӕ, Иаков ӕмӕ Лийӕ — иууылдӕр адон сты ӕмыр ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцау сӕ ног дунейы куы райгас кӕна, уыцы бонмӕ (Уӕвынад 49:29—32). Ӕвӕдза, нӕ ахсджиӕгтӕ зӕххыл куы ӕгас кӕной, уӕд, уый цӕй амондджын рӕстӕг уыдзӕн! (Раргомад 20:11—15). Хуыцауыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нын ныр нӕ зӕрдӕйы судзгӕ маст иууылдӕр нӕ фӕсурдзӕн, фӕлӕ йӕм уый фӕрцы ӕввахс уыдзыстӕм, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн нӕ судзгӕ маст фӕразынӕн (Псалом 120:1—3; 2 Коринфӕгтӕм 1:3).
Уырнындзинад зӕрдӕсаст адӕймагӕн дӕтты ныфс
15, 16. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, абон Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн зӕрдӕсаст адӕм кӕй ис, уым диссагӕй кӕй ницы ис? ӕ) Зӕрдӕсаст адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн?
15 Сыгъдӕг Фыстады куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Хуыцауыл ӕнувыд адӕймӕгтыл дӕр ӕрхӕндӕг бафты. Иов йӕ карз фӕлварӕнты рӕстӕджы хъуыды кодта, Хуыцау ӕй кӕй ныууагъта (Иов 29:2—5). Нееми тынг хъыг кодта, Иерусалим ӕмӕ йӕ систӕ пырхытӕй кӕй лӕууыдысты, ууыл (Нееми 2:1—3). Петр дӕр, Йесойыл кӕй бавдисӕн кодта, ууыл афтӕ фӕмаст кодта, ӕмӕ «уынгӕгӕй скуыдта» (Лукайы 22:62). Павел дӕр фыста йе ’муырнджытӕм Фессалоникты ӕмбырды, цӕмӕй «ныфсхаст кӕной зӕрдӕсастыты» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, НФ). Уӕдӕ абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн зӕрдӕсаст адӕм кӕй ис, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ сын цы баххуыс кӕндзӕн?
16 Зӕрдӕсаст кӕй стӕм, уымӕн йӕ аххосаг, гӕнӕн ис, иу цыдӕр хъуыддаг нӕу, фӕлӕ уыцы иу рӕстӕджы цалдӕр хъуыддаджы. Ӕмӕ сӕ иу стыр бӕллӕхыл ма нымайӕм, фӕлӕ сӕ иу иннӕйы фӕдыл иуварс кӕнӕм Библийы амындты руаджы. Афтӕмӕй нӕ маст фӕкъаддӕр уыдзӕн. Цы ма нын фӕахъаз уыдзӕн? Исты куыст куы кӕнӕм ӕмӕ нӕ фӕллад куы уадзӕм — ӕрмӕст бӕрцӕй. Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕлвырд у: Хуыцауыл ӕмӕ йын йӕ Ныхасыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нын у удӕнцойы хос, уымӕн ӕмӕ бӕлвырд зонӕм, Хуыцау ныл кӕй ауды, уый.
17. Иегъовӕ ныл кӕй ауды, уый кӕцӕй зонӕм?
17 Петр нын ныфс ӕвӕры: «Уӕдӕ ӕрсабыр ут Хуыцауы фидар къухы бын, ӕмӕ уӕ йӕ рӕстӕджы сисдзӕн; уе ’ппӕт сагъӕстӕ Ууыл сӕвӕрут, уымӕн ӕмӕ Уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:6, 7). Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Хицау ӕххуыс кӕны хауджытӕн се ’ппӕтӕн, ӕмӕ слӕууын кӕны дӕлӕмӕ ӕппӕрстыты иуылдӕр» (Псалом 144:14). Адон Хуыцауы Ныхасы фыст кӕй сты, уый тыххӕй сыл хъуамӕ ӕууӕндӕм. Ӕмӕ кӕд нӕ зӕрдӕ раздӕрау ӕрхӕндӕг у, уӕддӕр нын нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны, нӕ мӕстытӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды бар бакӕнӕн кӕй ис, уыцы хъуыддаг!
Куыд ӕххуыс кӕны уырнындзинад ӕндӕр фӕлварӕнты
18, 19. Куыд нын ӕххуыс кӕны уырнындзинад низтӕ фӕразынӕн ӕмӕ не ’муырнджытӕй рынчын чи у, уыдоны зӕрдӕтӕ фидар кӕнынӕн?
18 Нӕ уырнындзинад нын, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕцудын кӕна, нӕхи кӕнӕ нӕ ахсджиӕгты уӕззау низ. Библийы куыд фыстӕуы, афтӕмӕй, Иегъовӕ Епафродиты, Тимофейы ӕмӕ Трофимы сӕ низӕй Филиппӕгтӕм 2:25—30; 1 Тимофеймӕ 5:23; 2 Тимофеймӕ 4:20). «Мӕгуырыл» «чи хъуыды кӕны», уыдон тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Хицау сфидар кӕндзӕн уый йӕ низы уатыл. Ды йын йӕ уат баивдзынӕ йӕ нӕфӕразыны афон» (Псалом 40:2—4, МГТ). Ацы ныхӕстӕ нын куыд фӕахъаз уыдзысты, нӕ нӕфӕразгӕ ӕмуырнджыты зӕрдӕтӕ фидар кӕнынӕн?
нӕ фервӕзын кодта, фӕлӕ сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ низ фӕразынӕн хъарутӕ лӕвӕрдта (19 Нӕ рынчын ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты уырнындзинад фидар кӕнынӕн хорз уаид семӕ кувын, афтӕ ма нӕхицӕн дӕр нӕ бон у уыдоны тыххӕй кувын. Зонӕм ӕй, Иегъовӕ абон ӕнӕниз никӕй кӕны, ӕмӕ дзы уый нӕ курӕм. Фӕлӕ дзы нӕ бон у курын, цӕмӕй нӕ рынчын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн тыхтӕ радта сӕ низтӕ фӕразынӕн. Стӕй ма сын сӕ уырнындзинадӕн дӕр ахъаз кӕна, цӕмӕй уыцы тыхст бонты фидар фӕлӕууой. Иегъовӕ сын хъарутӕ ратдзӕн, ӕмӕ сӕ уырнындзинад дӕр уыдзӕн фидар, сӕ ныфс, «иу адӕймаг дӕр [куы] нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“», зӕгъгӕ, уыцы рӕстӕгыл куы дарой, уӕд (Исай 33:24). Йесо Чырыстийы райгасы фӕрцы ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады руаджы коммӕгӕс адӕм тӕригъӕд, низтӕ ӕмӕ мӕлӕтӕй мыггагмӕ кӕй фервӕздзысты, уый нын цӕй стыр ныфс дӕтты! Уыцы диссаджы фидӕны тыххӕй бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, «низтӕ иуылдӕр» чи фесафдзӕн, уымӕй (Псалом 102:1—3; Раргомад 21:1—5).
20. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ нын уырнындзинады фӕрцы ӕнцондӕр у кардзыды «уынгӕджы бонтӕн» фӕразын?
20 Уырнындзинады фӕрцы ма нӕ бон у зӕрыбонтӕн — ӕнӕниздзинад куы фӕцуды ӕмӕ уӕнгты хъару куы нал вӕййы, уыцы «уынгӕджы бонтӕн» — фӕразын (Екклесиаст 12:1—7). Уый тыххӕй кардзыд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бон у хӕрззӕронд псаломзарӕггӕнӕгау кувын: «Ды ме ’нхъӕлцаудзинад, Хицау, Хуыцау... Ма аиуварс кӕн мӕн зӕронд афон; мӕ тых куы байдайа къаддӕр кӕнын, ма ныууадз мӕн» (Псалом 70:5, 9). Псаломзарӕггӕнӕджы хъуыдис Иегъовӕйы ӕххуыс. Йе ’ххуыс хъӕуы, Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггадгӕнгӕйӕ, йӕ сӕрыл халас кӕмӕн сбадт, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты дӕр. Фидар уырнындзинад сӕм кӕй ис, уый тыххӕй ма дызӕрдыг кӕнӕнт, Иегъовӕ сӕ мыггагмӕ йӕ базыры бын кӕй дардзӕн, ууыл (Дыккаг закъон 33:27).
Хуыцауы Ныхасыл не ’ууӕнк ма фӕцудӕд
21, 22. Хуыцауыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нын йемӕ цавӕр ахастытӕ уыдзӕн?
21 Хорз хабар ӕмӕ Хуыцауы Ныхасыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр у Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын (Иаковы 4:8). О, Иегъовӕ у Дунедарӕг, фӕлӕ ма у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ Фыд дӕр (Исайы 64:8; Матфейы 6:9; Куыстытӕ 4:24). «Ды [дӕ] мӕ Фыд, мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ ирвӕзындзинады фидарад»,— зарыд псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 88:27). Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Ныхасыл кӕй ӕууӕндӕм, уый хъуыддагӕй куы ӕвдисӕм, уӕд махӕн дӕр суыдзӕн нӕ «ирвӕзындзинады фидарад». Ӕвӕдза, цӕй стыр кад у, уый!
22 Иегъовӕ у сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕтты Ромӕгтӕм 8:15). Ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдыл кӕй ӕууӕндӕм, уый тыххӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм. Давид загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад ныууагътой мӕн, фӕлӕ Хицау райсдзӕн мӕн» (Псалом 26:10). Уыйхыгъд ма зонӕм, «Иегъовӕ йе стыр номы хатырӕй [кӕй] нӕ ныууадздзӕн йӕ адӕмы» (1 Паддзахӕдты 12:22).
Фыд дӕр, ӕмӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕй ис, уыцы чырыстӕтты Фыд дӕр (23. Цӕмӕй Иегъовӕйы хорз хӕлӕрттӕ уӕм, уымӕн цы хъӕуы?
23 Цӕмӕй Иегъовӕимӕ хорз хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ хорз хабарыл ӕууӕндӕм ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстад нымайӕм йӕ Ныхасыл (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Мах хъуамӕ Иегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхасӕн бар дӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ фӕндагӕн рухс уа (Псалом 118:105; Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Ӕмӕ кувгӕйӕ куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ рыст нын кӕй ӕмбары, тӕригъӕд нын кӕй кӕны ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уӕд нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн.
24. Цавӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ ис Ромӕгтӕм 14:8?
24 Хуыцауыл кӕй баууӕндыдыстӕм, уымӕ гӕсгӕ йын мыггагмӕ нӕхи снывонд кодтам. Нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд мӕлгӕ куы акӕнӕм, уӕддӕр нӕ Хуыцау нымайдзӕн, кӕй хъуамӕ райгас кӕна, уыцы ӕнувыд лӕггадгӕнджытыл. О, «кӕд цӕрӕм — Хицауы тыххӕй цӕрӕм, кӕд мӕлӕм — Хицауы тыххӕй мӕлӕм» (Ромӕгтӕм 14:8). Цӕй уӕдӕ ацы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ уырнындзинад та Хуыцауы Ныхасыл ӕмӕ хорз хабарыл фидардӕр кӕнӕм.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Цы у уырнындзинад ӕмӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы?
• Хорз хабар ӕмӕ Хуыцауы Ныхасыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм?
• Уырнындзинады фӕрцы куыд ис алыхуызон фӕлварӕнты фидар лӕууӕн?
• Цы кӕнгӕ нын у, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма фӕцуда?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 8 фарсыл]
Иереми ӕмӕ Илиамӕ уырнындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Иегъовӕ нӕ ныууагъта.
[Нывтӕ 9 фарсыл]
Иов, Петр ӕмӕ Неемийы уырнындзинад уыд фидар.
[Нывтӕ 10 фарсыл]
Цӕмӕй Иегъовӕйы хорз хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хорз хабарыл ӕууӕндӕм.