Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цас фидар у дӕ уырнындзинад?

Цас фидар у дӕ уырнындзинад?

Цас фидар у дӕ уырнындзинад?

«Сымах лӕуут фидар уырниады мидӕг» (2 КОРИНФӔГТӔМ 1:24, НФ).

1, 2. Цӕмӕн нӕм хъуамӕ уа уырнындзинад ӕмӕ йӕ куыд ис фидар кӕнӕн?

ИЕГЪОВӔЙЫ лӕггадгӕнджытӕ зонынц, кӕй сӕм хъуамӕ уа уырнындзинад, уымӕн ӕмӕ «ӕнӕ уырнындзинадӕй... Хуыцауы зӕрдӕ балхӕнӕн нӕй» (Дзуттытӕм 11:6). Уӕдӕ Хуыцауӕй сыгъдӕг уд ӕмӕ йӕ рӕсугъд дыргъ — уырнындзинад, кӕй курӕм, уый раст у (Лукайы 11:13; Галатӕгтӕм 5:22, 23). Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты уырнындзинад фӕзмгӕйӕ махӕн дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕны (2 Тимофеймӕ 1:5; Дзуттытӕм 13:7).

2 Нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн, Хуыцауы Ныхас ӕппӕт чырыстӕттӕн дӕр цы фӕндаг амоны, ууыл ӕнӕфӕцудгӕйӕ куы цӕуӕм, уӕд. Уырнындзинадӕн ма ахъаз у, алы бон дӕр Библи кӕсын ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг иртасын, «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕг» цы чингуытӕ, журналтӕ ӕмӕ брошюрӕтӕ уадзы, уыдоны фӕрцы (Лукайы 12:42—44; Йесо Навин 1:7, 8). Мах нӕ кӕрӕдзи фӕфидар кӕнӕм, ӕдзух ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты куы вӕййӕм, уӕд (Ромӕгтӕм 1:11, 12; Дзуттытӕм 10:24, 25). Нӕ уырнындзинад ма фӕфидар вӕййы, адӕмӕн уацамынды Хуыцауы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд дӕр (Псалом 144:10—13; Ромӕгтӕм 10:11—15).

3. Нӕ уарзагзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕнынц?

3 Нӕ уарзагзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын Библийӕ уынаффӕтӕ кӕй дӕттынц ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс кӕй ӕфтауынц, уый дӕр нын нӕ уырнындзинад фидар кӕны. Уыдон цӕуынц апостол Павелы зондыл. Уый коринфӕгтӕм ныффыста: «Уӕ циныл ма цин бафтауынмӕ хъавӕм: цӕмӕйдӕриддӕр, сымах лӕуут фидар уырниады мидӕг» (2 Коринфӕгтӕм 1:23, 24НФ). Ӕндӕр тӕлмацы та афтӕ у: «Уӕ циндзинадӕн ахъаз кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уырнындзинадӕй сымах стут фидар». Рӕстгӕнджытӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы сты. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах бӕсты Хуыцауыл ничи ӕууӕнддзӕн, стӕй йыл нӕ бӕсты иу дӕр ӕнувыд нӕ уыдзӕн. Ацы хъуыддаджы «алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн» (Галатӕгтӕм 3:11; 6:5).

4. Библи цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой кӕны, уыдоны царды хабӕрттӕ нын нӕ уырнындзинад куыд фӕфидар кӕндзысты?

4 Фидар уырнындзинад кӕмӕн уыди, Библи бирӕ ахӕм адӕмы кой кӕны. Чи зоны дзы бирӕты сгуыхтдзинӕдтӕ зоныс. Фӕлӕ цард-цӕрӕнбонты бонӕй-бонмӕ сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй куыд ӕвдыстой, уый дын зындгонд у? Уыдон, мах цы зын уавӕрты вӕййӕм, ахӕмты сӕхи куыд дардтой, уыцы хабӕрттыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн.

Уырнындзинад нӕ ныфсджындӕр кӕны

5. Библи куыд ӕвдисы, уырнындзинады фӕрцы Хуыцауы ныхас ӕдӕрсгӕйӕ кӕй фӕхъусын кӕнӕм, уый?

5 Уырнындзинады фӕрцы адӕймаг Хуыцауы ныхас ӕдӕрсгӕйӕ фӕхъусын кӕны. Енох йӕ рӕстӕджы Хуыцауы тӕрхон ныфсджынӕй хъусын кодта. «Мӕнӕ,— дзырдта уый,— Хицау фӕцӕуы йӕ сыгъдӕг Зӕдты мин-минтимӕ, се ’ппӕтӕн тӕрхон скӕнынмӕ, ӕмӕ се ’хсӕны ӕнӕхуыцауты се ’ппӕты базылын кӕнынмӕ сӕ алы ӕнӕхуыцауады миты тыххӕй, ӕмӕ сӕ алы мӕсты дзырдты тыххӕй, Йӕ ныхмӕ Йын кӕй фӕдзырдтой ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынтӕ» (Иудӕйы 14, 15НФ). Енохӕй йе знӕгтӕ — Хуыцауы чи ницӕмӕ дардта, уыдон — ахӕм ныхӕстӕ кӕй хъуыстой, уый тыххӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ уд хъардтой йӕ амарыныл. Фӕлӕ уый уӕддӕр ӕдӕрсгӕйӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй хъусын кодта ӕмӕ йӕ Хуыцау «айста»: мӕрдвынӕй баци ӕмӕ адӕймаг мӕлгӕ-мӕлын куыд фӕхъизӕмар кӕны, уый нӕ бавзӕрста (Уӕвынад 5:24; Дзуттытӕм 11:5НФ). Ӕмӕ кӕд Иегъовӕ мах тыххӕй ахӕм диссӕгтӕ нӕ кӕны, уӕддӕр ӕм куы фӕкувӕм, цӕмӕй йын йӕ ныхас зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕдӕрсгӕйӕ хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ фехъусы (Куыстытӕ 4:24—31).

6. Хуыцау Нойӕн цы уырнындзинад ӕмӕ ныфс радта, уыдон ын куыд фӕахъаз сты?

6 Уырнындзинадӕй Ной «сарӕзта ковчег, йӕ хӕдзар фервӕзын кӕнынӕн» (Дзуттытӕм 11:17; Уӕвынад 6:13—22). Ной ма уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» дӕр: йе ’мдуггӕгтӕн уӕндонӕй хъусын кодта Хуыцауы тӕрхон (2 Петры 2:5). Куы-иу сын дзырдта, зӕгъгӕ, доны хъаймӕты бон ӕрцӕуы, уӕд-иу ыл, ай-гъай дӕр, сӕхи худӕгӕй схастой. Абон дӕр афтӕ: ацы цардӕвӕрд тагъд кӕй фесӕфдзӕн, уымӕн Библийӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ӕрхӕссӕм, уӕд ныл бирӕтӕ фӕхудынц (2 Петры 3:3—12). Фӕлӕ Хуыцау Енох ӕмӕ Нойӕн куыд ахъаз кодта, махӕн дӕр афтӕ ахъаз кӕны, цӕмӕй ахӕм уац зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕдӕрсгӕйӕ хъусын кӕнӕм.

Уырнындзинады фӕрцы стӕм фӕразон

7. Авраам ӕмӕ иннӕтӕ уырнындзинад ӕмӕ фӕразондзинад куыд ӕвдыстой?

7 Уырнындзинад ӕмӕ нӕ фӕразондзинад хъӕуынц, уӕлдайдӕр та ныр, ацы фыддунейы кӕронмӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд. «Уырнындзинад ӕмӕ бирӕ фӕразондзинады фӕрцы зӕрдӕвӕрдӕй хайджын» чи уыдзӕн, уыдонӕй иу у иудейты рагфыдӕл, Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг — Авраам (Дзуттытӕм 6:11, 12). Фидар уырнындзинады хицау кӕй уыд, уый тыххӕй ныууагъта Уры сахар йӕ хъӕздыг цардимӕ ӕмӕ ӕрӕнцад ӕнӕзонгӕ зӕххыл,— Хуыцау ын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕххыл. Исахъ ӕмӕ дзы Иаковӕн дӕр Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта. Фӕлӕ «адон иуылдӕр амардысты уырнындзинады, зӕрдӕвӕрд нӕ райсгӕйӕ». Уырнындзинадӕй «уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома уӕларвонмӕ». Ӕмӕ Хуыцау «сцӕттӕ кодта уыдонӕн сахар» (Дзуттытӕм 11:8—16). О, Авраам, Исахъ, Иаков ӕмӕ сӕ хуыцауысконд устытӕ фӕрӕзтой ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты Хуыцауы уӕларвон Паддзахады ӕрцыдмӕ; ӕмӕ уӕд райгас уыдзысты зӕххыл цӕрынӕн.

8. Цавӕр уавӕрты нӕ фӕцудыдта Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы уырнындзинад ӕмӕ куыд фӕрӕзтой?

8 Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков кӕд Зӕрдӕвӕрд зӕхх бынӕн нӕ райстой ӕмӕ Авраамы мыггаджы фӕрцы ӕппӕт адӕмтӕ арфӕгонд куыд цӕуынц, уый дӕр нӕ федтой, уӕддӕр сӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта (Уӕвынад 15:5—7; 22:15—18). Ӕмӕ кӕд сахар, йӕ амайӕг Хуыцау кӕмӕн у, уый, фӕзындаид бирӕ сӕдӕ азты фӕстӕ, уӕддӕр фӕрӕзтой ӕмӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ не сивтой. Уӕдӕ ныр (Мессианон Паддзахад уӕларвы куы хицауиуӕг кӕны, уӕд) мах дӕр уыцы хъуыддаджы хъӕуы уыдоны бафӕзмын (Псалом 41:6, 12; 42:5).

Уырнындзинады фӕрцы адӕймагмӕ фӕзыны стырдӕр нысӕнттӕ

9. Уырнындзинады фӕрцы адӕймагмӕ цавӕр нысӕнттӕ фӕзыны?

9 Иудейты рагфыдӕлтӕ, Хуыцауыл иузӕрдион адӕймӕгтӕ, хананейӕгты ӕнӕуаг цардмӕ никуы бахӕлӕг кодтой. Се ’ппӕтмӕ дӕр уыдис стырдӕр нысӕнттӕ. Уырнындзинады фӕрцы махмӕ дӕр фӕзынд стыр нысӕнттӕ, ӕмӕ нӕ уыдон нӕ уадзынц, Фыдбылызы, ома Сайтан Хӕйрӕджы, къухы цы дуне ис, уым аныгъуылын (1 Иоанны 2:15—17; 5:19).

10. Иосиф, ацы дунейы стыр бынат ахсынӕй бирӕ стырдӕр нысанмӕ кӕй бӕллыд, уый кӕцӕй зонӕм?

10 Хуыцауы фӕндӕй Иаковы фырт Иосиф сси Египеты хӕлцады хицау. Фӕлӕ кӕд ахӕм бынат ахста, уӕддӕр нӕ бӕллыд ацы дунейы йӕхицӕн стыр ном скӕнынмӕ. Иегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл Иосиф йӕ зӕрдӕ кӕй дардта, уымӕ гӕсгӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз мӕлын, фӕлӕ уӕм Хуыцау ӕнӕмӕнгдӕр йе ’ргом раздахдзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхмӕ бакӕндзӕн». Иосиф йе ’фсымӕртӕм бахатыд, цӕмӕй йын йӕ мард, Хуыцау сын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, ууыл сӕмбӕлын кодтаиккой. Куы амард, уӕд ӕй байсӕрстой ӕмбийынӕй хизӕг хостӕй ӕмӕ йӕ Египеты чырыны сӕвӕрдтой. Фӕлӕ израилӕгтӕ Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар сты, уӕд Моисей Иосифы стджытӕ йемӕ раласта, цӕмӕй сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ фӕхӕццӕ кодтаид (Уӕвынад 50:22—26; Рацыд 13:19). Махӕн дӕр Иосифы хуызӕн уырнындзинад куы уа, уӕд ацы дунейы стыр бынатмӕ нӕ былдзыстӕм, фӕлӕ тырндзыстӕм уымӕй бирӕ стырдӕр нысӕнттӕм (1 Коринфӕгтӕм 7:29—31).

11. Моисейы Хуыцауы хъуыддаджы архайын кӕй фӕндыд, уый куыд равдыста?

11 Моисеймӕ «хуыздӕр фӕкаст Хуыцауон адӕмимӕ иумӕ удхар фӕкӕнын, цӕйнӕфӕлтау рӕстӕгмӕ тӕригъӕдджынӕй йӕ удыдзӕбӕхӕн ацардаид», ома Египеты паддзахы хӕдзары цардаид ӕмӕ йӕм стыр ахуыр уыдаид (Дзуттытӕм 11:23—26; Куыстытӕ 7:20—22). Уый охыл ӕй нӕ бафӕндыд, цӕмӕй стыр бынат ахстаид, стӕй йӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ Египеты исты зындгонд зӕппадзы нывӕфтыд чырыны бавӕрдтаиккой. Фӕлӕ уыдӕттӕ цы сты, уый фӕстӕ йӕм цы кад ӕрхауд, уыимӕ абаргӕйӕ?! Уый уыд «Хуыцауы ’рвыст лӕг», Закъоны цӕдисы ӕхсӕнылӕг, Иегъовӕйы пехуымпар ӕмӕ Библи фысджытӕй сӕ иу (Ездрӕ 3:2). Ацы дунейы стыр бынатмӕ бӕллыс ӕви дӕ дӕ уырнындзинад стырдӕр нысӕнттӕм (Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразынмӕ) разӕнгард кӕны?

Уырнындзинады фӕрцы адӕймагӕн йӕ цард царды ад кӕнын райдайы

12. Раав Хуыцауыл кӕй баууӕндыд, уый йын йӕ цардыл куыд бандӕвта?

12 Уырнындзинады фӕрцы адӕймагмӕ канд стыр нысӕнттӕ нӕ фӕзыны, фӕлӕ ма йын цард царды ад кӕнын дӕр райдайы. Иерихойнаг хъахбай сылгоймаг Раав, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрста, йӕ цард кӕй ницы у, уый. Фӕлӕ Хуыцауыл кӕй баууӕндыд, уый тыххӕй йыл йӕ хорзӕх ӕрцыд. Уый «[уырнындзинады] хъуыддӕгтӕй сраст, райсгӕйӕ [израилаг] бӕрӕгдзауты ӕмӕ сӕ ауадзгӕйӕ ӕндӕр фӕндагыл», афтӕ, ӕмӕ уыдон аирвӕзтысты се знӕгтӕй: хананейӕгтӕй (Иаковы 2:24—26). Раав Иегъовӕйы иунӕг ӕцӕг Хуыцауыл кӕй нымадта, уый ма ноджыдӕр иу хъуыддагӕй равдыста — йӕ ӕнӕуаг цардыл хъоды бакодта (Йесо Навин 2:9—11; Дзуттытӕм 11:30, 31). Уый ӕнӕуырнӕг хананейагӕй не смой кодта, фӕлӕ Иегъовӕйӕн кувӕг лӕгӕй (Дыккаг закъон 7:3, 4; 1 Коринфӕгтӕм 7:39). Раавмӕ стыр кад ӕрхауд — сси Мессиайы фыдӕл (1 Паралипоменон 2:3—15; Руф 4:20—22; Матфейы 1:5, 6). Уый дӕр, йе ’нӕуаг цардыл чи бавдисӕн кодта, уыцы адӕмау райсдзӕн ноджыдӕр иу хорзӕх — зӕххыл дзӕнӕты райгас уыдзӕн.

13. Давид цавӕр уӕззау тӕригъӕд ракодта, фӕлӕ уый фӕстӕ йӕхи цы хуызӕнӕй равдыста?

13 Раав йӕ тӕригъӕдджын цард куы ныууагъта, уӕдӕй фӕстӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, рӕстӕй цард. Фӕлӕ, Иегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыдонӕй-иу иуӕй-иутӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ дӕр ракодтой. Паддзах Давид Вирсавийӕн тыхми бакодта, йӕ лӕджы йын хӕсты амарын кодта, ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ракуырдта (2 Паддзахӕдты 11:1—27). Давид йӕ митыл йӕхи фӕсмонӕй кӕй хордта, уый тыххӕй Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Дӕ сыгъдӕг уд ма айс мӕнӕй». Давид Хуыцауы сыгъдӕг удӕй ӕнӕхай нӕ фӕцис. Уырныдта йӕ, Иегъовӕ кӕй у тӕригъӕдгӕнаг, ӕмӕ йын йӕ тӕригъӕдракӕнды тыххӕй йӕ «ныммургонд ӕмӕ ныллӕг зӕрдӕ» дӕлдзинӕг кӕй нӕ кӕндзӕн, уый (Псалом 50:13, 19МГТ; Псалом 102:10—14). Давид ӕмӕ Вирсави сӕ уырнындзинады тыххӕй хорзӕхгонд ӕрцыдысты — систы Мессиайы рагфыдӕлтӕ (1 Паралипоменон 3:5; Матфейы 1:6, 16; Лукайы 3:23, 31).

Нӕ уырнындзинад фӕфидардӕр вӕййы, Хуыцау нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый куы базонӕм, уӕд

14. Гедеон, Хуыцау ын кӕй ӕххуыс кодта, уый куыд базыдта, ӕмӕ нын уыцы хабар нӕ уырнындзинадыл куыд ӕндавы?

14 Уӕвгӕ, кӕд уырнындзинады фӕрцы стӕм, уӕддӕр нӕ хатт фӕфӕнды бӕлвырд базонын, Хуыцау нын ӕххуыс кӕны ӕви нӕ. Уый фӕндыд базонын тӕрхонгӕнӕг Гедеоны дӕр, «уырнындзинадӕй [паддзахӕдтыл чи] уӕлахиз кодта», уыдонӕй сӕ иуы (Дзуттытӕм 11:32, 33). Иу заман, мадианитӕгтӕ ӕмӕ йӕ хъузӕттӕ Израилмӕ куы ӕрбабырстой, уӕд Гедеоныл ӕрцыд Хуыцауы сыгъдӕг уд. Иегъовӕ йын ахъазгӕнӕг кӕй уыд, уый базонын ӕй кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ йӕм бахатыд, изӕрмилты мусы цы къуымбил атӕнӕг кодта, ууыл нысан равдиса. Фыццаг фӕлварӕны фӕстӕ къуымбилыл ӕртӕх сбадт, зӕхх та йӕ алыварс хусӕй баззад. Дыккаг фӕлварӕны фӕстӕ та къуымбил хусӕй баззад, зӕххыл та, къуымбилы алыварс, уыдис ӕртӕх. Гедеон, уӕззау зонды хицау, федта, Хуыцау ын ахъазгӕнӕг кӕй у, ӕмӕ йӕ уый ноджы тынгдӕр бафидар кодта. Йӕ ныфс Хуыцауыл сӕвӕрдта ӕмӕ израилӕгты знӕгты ныддӕрӕн кодта (Тӕрхонгӕнджыты 6:33—40; 7:19—25). Арӕх нӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ лыг кӕнын фӕхъӕуы. Ӕмӕ нын Хуыцау ӕххуыс кӕны ӕви нӕ, уый зонын нӕ кӕй фӕфӕнды, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ уырнындзинад лӕмӕгъ у. Уымӕй уӕлдай ма, исты хъуыддаг алыг кӕнынӕн Библийы ӕмӕ нӕ дины чингуыты амындтӕ куы фӕагурӕм, стӕй сыгъдӕг уды ӕххуыс куы фӕкурӕм, уӕд уымӕй февдисӕм нӕ уырнындзинад (Ромӕгтӕм 8:26, 27).

15. Варакы уырнындзинадыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

15 Тӕрхонгӕнӕг Варакы уырнындзинад дӕр фӕфидар, Хуыцау ын кӕй ахъаз кӕны, уый йын куы загътой, уӕд. Ус-пехуымпар Деворӕ йӕ баразӕнгард кодта израилӕгты хананейаг паддзах Иавинӕй ссӕрибар кӕнынмӕ, цӕмӕй сын сӕ туг дойныйӕн мауал нуӕзтаид. Хуыцау ын кӕй ахъаз кӕны, уый зонгӕйӕ Варак йемӕ хӕстмӕ акодта 10 мин лӕджы ӕнӕбары гӕрзифтонгӕй ӕмӕ фӕуӕлахиз, Сисарӕ йӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууыд, Иавины уыцы ӕфсадыл, кӕд бирӕ фылдӕр уыдысты, уӕддӕр. Уыцы уӕлахизыл Деворӕ ӕмӕ Варак зарӕг скодтой (Тӕрхонгӕнджыты 4:1—5:31). Деворӕ Варакы сразӕнгард кодта, цӕмӕй суыдаид Хуыцауӕй нысангонд Израилы фӕтӕг, ӕмӕ уый уыд Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмӕй, уырнындзинадӕй «ӕцӕгӕлон ӕфсӕдты [чи] сырдта», уыдонӕй сӕ иу (Дзуттытӕм 11:34). Варакӕн Хуыцау йӕ уырнындзинады тыххӕй куыд раарфӕ кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд, Иегъовӕйы организацийы нын цы зын хӕслӕвӕрдтӕ раттынц, уыдон ӕххӕст кӕнынмӕ нӕ ныфс хӕсдзыстӕм.

Уырнындзинады фӕрцы нӕм ис фарн

16. Авраам Лотимӕ фӕрнӕй цӕрыныл кӕй архайдта, уый нын зондзонӕн куыд у?

16 Уырнындзинады фӕрцы нын Хуыцауы хъуыддаджы канд зын хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ ма нын фарн дӕр хӕссы. Иухатт хӕрззӕронд Авраам ӕмӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лоты (уыдис дзы бирӕ кӕстӕр) фыййӕуты ’хсӕн быцӕу рауад, ӕмӕ сын ӕнӕ фӕхицӕнгӕнгӕ нал уыд. Авраам Лотӕн бар радта, цӕмӕй равзӕрстаид кӕрдӕгджындӕр хизӕнуӕттӕ (Уӕвынад 13:7—12). Авраам куыннӕ лӕгъстӕ кодтаид Хуыцауӕн, цӕмӕй йын уыцы хъуыддаг алыг кӕнынӕн баххуыс кодтаид?! Ӕрмӕст йӕхи мӕт кӕй нӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ хъуыддаг сабырӕй алыг кодта. Цӕй уӕдӕ, кӕд нын, мыййаг, не ’мчырыстон ӕфсымӕртӕй искӕимӕ хъаугъа рауад, уӕд Авраамы уӕздандзинад нӕ зӕрдыл даргӕйӕ, Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кувӕм ӕмӕ «агурӕм фарн» (1 Петры 3:10—12НФ).

17. Павел, Варнавӕ ӕмӕ Марк кӕд иу рӕстӕг фӕхицӕн сты, уӕддӕр, сабырӕй кӕй бафидыдтой, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

17 Ӕркӕсӕм, чырыстон ӕгъдӕуттӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнгӕйӕ, фарн куыд нӕ сӕфы, уымӕ. Варнавӕ сразы ис Павелимӕ йӕ дыккаг уацамындон балцы ацӕуын, цӕмӕй та иумӕ Кипры ӕмӕ Къаннӕг Азийы ӕмбырдтыл ӕрзылдаиккой. Фӕлӕ Варнавӕйы фӕндыд йемӕ йе ’фсымӕры лӕппу Маркы ракӕнын. Йӕ фӕнд Павелы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, уымӕн ӕмӕ сӕ уый размӕ Марк Памфилийы ӕрдӕгфӕндагыл ныууагъта. «Ардыгӕй ӕрцыд маст» ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты. Варнавӕ Маркы йемӕ Кипрмӕ акодта, Павел та Силӕйы ракодта, ӕмӕ иумӕ зылдысты «Сири ӕмӕ Киликийыл, аргъуанты фидар кӕнгӕйӕ» (Куыстытӕ 15:36—41). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Павел Маркимӕ Ромы иумӕ кӕй уыдысты, стӕй дзы кӕй ӕппӕлыд, уымӕй бӕрӕг у, кӕй бафидыдтой (Колоссӕгтӕм 4:10; Филимонмӕ 23, 24). Н. э. 65 азмӕ ӕввахс Павел ахӕстоны куы бадт, уӕд Тимофейӕн загъта: «Маркы ракӕ ӕмӕ йӕ демӕ ӕркӕ; куыстӕн мӕ хъӕуы» (2 Тимофеймӕ 4:11, НФ). Павел, ӕвӕццӕгӕн, зӕрдиагӕй куывта, цӕмӕй Варнавӕ ӕмӕ Маркимӕ сӕ ахастытӕ ӕрнывыл уыдаиккой, ӕмӕ уый фӕрцы бафидыдтой, ӕмӕ се ’хсӕн уыд «Хуыцауы фарн» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

18. Еводи ӕмӕ Синтихийы хъуыддаг сыгъдӕгӕйдӕр цӕуыл ахицӕн?

18 Мах иууылдӕр стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм» (Иаковы 3:2НД). Иу рӕстӕджы дыууӕ чырыстон хойы ’хсӕн хъаугъа рауад ӕмӕ уыдоны тыххӕй Павел фыста: «Лӕгъстӕ кӕнын Еводийӕн, лӕгъстӕ кӕнын Синтихийӕн, ӕмуд куыд уой Хицауы куысты. [...] Ӕххуыс сын кӕ, мемӕ иумӕ... Евангелийы тыххӕй чи фӕтох кодта [уыдонӕн]» (Филиппӕгтӕм 4:1—3НФ). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хуыцауысконд сылгоймӕгтӕ бафидыдтой, Матфейы 5:23, 24 цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ. Библийы амындты стыр тых кӕй ис, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд махӕн дӕр не ’хсӕн уыдзӕн фарн.

Уырнындзинады фӕрцы фӕразӕм

19. Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйы уырнындзинад цавӕр фӕлварӕн нӕ фӕцудын кодта?

19 Уырнындзинады фӕрцы мӕстытӕн ӕнцондӕр у фӕразын. Чи зоны, ӕмӕ маст кӕнӕм, нӕ бинонтӕй Ӕвдисӕн чи у, уый Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ кӕй нӕ байхъуыста, ӕмӕ ӕнӕуырнӕгмӕ кӕй смой кодта кӕнӕ ӕнӕуырнӕг ус кӕй ракуырдта, ууыл (1 Коринфӕгтӕм 7:39). Исахъ ӕмӕ Ревеккӕ тынг маст кодтой, сӕ фырт Исав ӕнӕхуыцау устытӕ кӕй ракуырдта, ууыл. Сӕ хеттаг чындзытӕ сын «бирӕ мӕстытӕ [кӕй] бавзарын кодтой», уый тыххӕй Ревеккӕ загъта: «Хетты чызджытӕй мын мӕ цард царды ад нал кӕны. Иаков дӕр ма йӕхицӕн Хетты чызджытӕй ус куы ’ркӕна, мӕнӕ адоны хуызӕн, ацы зӕхбӕстӕйы чызджытӕй, уӕд ма мӕ цард цы у?» (Уӕвынад 26:34, 35; 27:46). Фӕлӕ уыцы фӕлварӕн Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйы уырнындзинад нӕ фӕцудын кодта. Цӕй уӕдӕ цыфӕнды зын уавӕрты дӕр нӕ уырнындзинад фидар уӕд.

20. Ноемин ӕмӕ нын Руфы уырнындзинад фӕзминаг цӕмӕй у?

20 Хӕрззӕронд Ноемин уыди иудеаг идӕдз ус ӕмӕ зыдта, йӕ адӕмӕй кӕцыдӕр устыты фырттӕ кӕй суыдзысты Мессиайы рагфыдӕлтӕ. Йӕ лӕппутӕ ӕнӕзӕнӕгӕй кӕй амардысты, стӕй йӕхӕдӕг дӕр сывӕллон ныййарыны кары кӕй нал уыд, уымӕ гӕсгӕ зын зӕгъӕн уыд, ӕмӕ Мессиа йӕ хӕдзарвӕндагӕй уыдаид. Фӕлӕ йӕ идӕдз чындз Руф смой кодта кардзыд Воозӕй, ныййардта лӕппу, ӕмӕ сси Мессиайы, ома Йесойы рагфыдӕл (Уӕвынад 49:10, 33; Руф 1:3—5; 4:13—22; Матфейы 1:1, 5). Ноемин ӕмӕ Руфыл кӕд бирӕ ӕнамонд хабӕрттӕ ӕрцыд, уӕддӕр сӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта, ӕмӕ сыл уый тыххӕй цин сӕмбӕлд. Махыл дӕр цыфӕнды ӕнамонд хабар ма ’рцӕуа, уӕддӕр нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд нӕ цины цӕхӕр нӕ бамынӕг уыдзӕн.

21. Уырнындзинад нын цы дӕтты ӕмӕ нӕ хъарутӕ цӕмӕ хъуамӕ раттӕм?

21 Сомбон кӕмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый ничи зоны. Фӕлӕ нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд цыфӕнды зынтӕн дӕр бафӕраздзыстӕм. Уырнындзинады фӕрцы стӕм ныфсджындӕр ӕмӕ фӕразондӕр. Стӕй нӕм фӕзыны стыр нысӕнттӕ, ӕмӕ нын цард царды ад кӕнын райдайы. Уырнындзинады фӕрцы нын адӕмимӕ ӕнцондӕр у цӕрын, ӕнамонд хабар ныл куы ’рцӕуа, уӕд та фидар лӕууын. Цӕй уӕдӕ мах дӕр уӕм, чи «лӕууы уырнындзинады, уды ирвӕзындзинадӕн», уыдонӕй! (Дзуттытӕм 10:39). Цӕй уӕдӕ нын нӕ уарзӕгой Хуыцау Иегъовӕ цы хъару дӕтты, уый фӕрцы, ӕмӕ йӕ кадӕн дарддӕр дӕр уырнындзинадӕй фидар уӕм.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Уырнындзинады фӕрцы ныфсджындӕр кӕй кӕнӕм, уый Сыгъдӕг Фыстад куыд бӕлвырд кӕны?

• Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ нын уырнындзинады фӕрцы цард царды ад кӕнын райдыдта?

• Уырнындзинад фарн куыд хӕссы?

• Уырнындзинады фӕрцы зынтӕн фӕразӕн кӕй ис, уый цы бӕлвырд кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 12 фарсыл]

Ной ӕмӕ Енохӕн фидар уырнындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы ныхас ӕдӕрсгӕйӕ хъусын кодтой.

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Моисейау мах дӕр нӕ уырнындзинад разӕнгард кӕны Хуыцауы хъуыддаджы архайынмӕ.

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Варак, Деворӕ ӕмӕ Гедеон куы федтой, Хуыцау сын кӕй ӕххуыс кӕны, уый, уӕд сӕ уырнындзинад бафидар.