Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библимӕ гӕсгӕ чырыстонӕн кӕд ис хицӕн кӕныны бар?

Библимӕ гӕсгӕ чырыстонӕн кӕд ис хицӕн кӕныны бар?

Библимӕ гӕсгӕ чырыстонӕн кӕд ис хицӕн кӕныны бар?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ йӕ Уӕлхох уацамынды загъта: «Загъд у ноджы, йӕ усӕй чи ахицӕн уа, раттӕд ын ауагъды ӕвдисӕнад. Ӕз та уын зӕгъын: чи хицӕн кӕны йӕ усӕй хӕтындзинад аххосы йеддӕмӕ, уый йын дӕтты ӕфсон хӕтынмӕ; ӕмӕ чи ракура уагъд усы, уый хӕты» (Матфейы 5:31, 32). Афтӕ ма Йесо фарисейтӕн бамбарын кодта, зӕгъгӕ, кӕд Моисей лӕгтӕн бар радта сӕ устытӕй хицӕн кӕнын, уӕддӕр «фыццаг... афтӕ нӕ уыди» (НФ), ӕмӕ сын уый фӕстӕ загъта: «Ӕз зӕгъын сымахӕн: чи ахицӕн уа йӕ усӕй хӕтындзинады тыххӕй йеддӕмӕ ӕмӕ ракура ӕндӕры, уый хӕты; ӕмӕ уагъд усы чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матфейы 19:8, 9). «Хӕтаг» адӕймаг у, барвӕндонӕй чъизи, стыр худинаджы митӕ цы ӕнӕцыд чызг кӕнӕ ӕнӕус лӕппу фӕкӕны, уый. Афтӕ ма лӕг кӕнӕ ус йе ’мкъайӕ дарддӕр барвӕндонӕй ӕндӕр искӕимӕ ӕмуатон куы фӕуа, уӕд уый дӕр хӕты. Ацы дзырд цы рагон грекъаг дзырдӕй раивдӕуыд, уый, ома порни́а, амоны, Хуыцау ус ӕмӕ лӕгыл кӕй нӕ нымайы, уыдон куы ӕрӕмуатон вӕййынц, уый дӕр. Уымӕ гӕсгӕ, Йесойы ныхӕстӕ — Матфейы 5:32 ӕмӕ 19:9 фыст — дзурӕг сты ууыл, ӕмӕ ус кӕнӕ лӕг порни́амӕ хауӕг митӕ куы кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй ис бындур хицӕн кӕнынӕн. Ахӕм хъуыддаджы фӕстӕ чырыстон, кӕд ӕй фӕнды, уӕд йӕ бон у, ӕмӕ ахицӕн уа йе ’мкъайӕ ӕмӕ йӕ цард ӕндӕр чырыстонимӕ баиу кӕна (1 Коринфӕгтӕм 7:39).

Тынг ӕлгъаг ӕмӕ аллайаг хъуыддаг у, усджын лӕг нӕлгоймагимӕ ӕмуатон куы фӕуа, йе та ус — сылгоймагимӕ, уый. Ахӕм митӕ чи кӕны, уыдон куы нӕ ӕрфӕсмон кӕной, уӕд сын Хуыцауы Паддзахады бынат нӕ уыдзӕн. Афтӕ ма фосимӕ худинаджы хъуыддӕгтӕ кӕнын дӕр Библимӕ гӕсгӕ у тынг ӕвирхъау ми (Левит 18:22, 23; Ромӕгтӕм 1:24—27; 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Ацы ӕлгъаг митӕ дӕр хауынц порни́амӕ. Зӕгъын ма хъӕуы уый, ӕмӕ Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нӕлгоймӕгтӕй нӕлгоймагимӕ, сылгоймӕгтӕй та сылгоймагимӕ чи ӕрӕмуатон, стӕй фосимӕ чи хуыссыд, уыдонӕн мӕлӕты тӕрхон хастой. Афтӕмӕй-иу ӕнаххос къайӕн йӕ бон уыд ӕндӕр адӕймагимӕ йӕ цард баиу кӕнын (Левит 20:13, 15, 16).

Йесо Чырысти загъта, зӕгъгӕ, «алкӕцы, чи кӕсы сылгоймагмӕ мондагӕй, уый фӕхатт йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матфейы 5:28). Фӕлӕ Йесо ацы ран ууыл нӕ дзуры, ӕмӕ адӕймаг хъуыддагӕй нӕ, фӕлӕ йӕ мидзӕрдӕйы куы хӕта, уӕд ын кӕй ис хицӕн кӕныны бар. Нӕ, Чырыстийы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ адӕймагӕн хъуамӕ йӕ зӕрдӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ дзы ма бауадза ӕнӕуаг, хӕлд хъуыдытӕ ӕмӕ цыбӕлтӕн бынат скӕнын (Филиппӕгтӕм 4:8; Иаковы 1:14, 15).

Иудейаг раввинты закъон йе ’ргом тынг здӕхта, лӕг ӕмӕ усыл сӕ кӕрӕдзийы раз цы хӕс ис, уымӕ. Уыцы закъонмӕ гӕсгӕ лӕгӕн йӕ бон уыд йӕ усы ныууадзын, зӕнӕг ын куы нӕ цыдаид, уӕд. Фӕлӕ чырыстӕттӕн Фыстад уый бар нӕ дӕтты. Зӕгъӕм, Авраамы цардӕмбал Саррӕйӕн, Исахъы бинойнаг Ревеккӕйӕн, Иаковы ус Рахилӕн ӕмӕ сауджын Захарийы удыхай Елисаветӕйӕн кӕд бирӕ азты дӕргъы зӕнӕг нӕ цыд, уӕддӕр сӕ сӕ лӕгтӕ нӕ ныууагътой (Уӕвынад 11:30; 17:17; 25:19—26; 29:31; 30:1, 2, 22—25; Лукайы 1:5—7, 18, 24, 57).

Фыстады никуы дзырдӕуы, чырыстонӕн йӕ цардӕмбалы разы цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнын хъом куы нал уа, кӕнӕ зондӕй куы фӕцух уа, науӕд ӕм уӕззау низ куы уа, йе та низӕй куы ныффыдынд уа, уӕд ын хицӕн кӕныны бар кӕй ис. Чырыстоны зӕрдӕйы цы стыр уарзты цӕхӕр хъуамӕ судза, уый йӕ нӕ бауадздзӕн йӕ цардӕмбалӕй хицӕн кӕнын, фӕлӕ йын йӕ рис ӕмбардзӕн ӕмӕ йыл ауддзӕн (Ефесӕгтӕм 5:28—31). Афтӕ ма, чырыстонӕн йӕ цардӕмбал ӕндӕр диныл хӕст куы уа, уӕддӕр ын Библимӕ гӕсгӕ хицӕн кӕнӕн нӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Фыстады дзырдӕуы, чырыстон йе ’нӕуырнӕг ӕмкъаимӕ кӕй хъуамӕ цӕра, уымӕн ӕмӕ, чи зоны, йӕ бон суа йӕ цардӕмбалы раст динмӕ ӕрбакӕнын (1 Коринфӕгтӕм 7:12—16; 1 Петры 3:1—7).

Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды загъта: «Чи хицӕн кӕны йӕ усӕй, хӕтындзинады аххосы йеддӕмӕ, уый йын дӕтты ӕфсон хӕтынмӕ; ӕмӕ чи ракура уагъд усы, уый хӕты» (Матфейы 5:32). Ацы ныхӕстӕй Чырысти бамбарын кодта, йӕ усӕй «хӕтындзинады» (порни́айы) тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй чи хицӕн кӕны, уый йӕ бинойнагӕн ӕфсон кӕй дӕтты хӕтынӕн. Ома, кӕд ус нӕ хӕтыд ӕмӕ дзы йӕ лӕг афтӕмӕй ахицӕн, уӕд сын сӕ къайады цӕдис хӕлдыл нымайӕн нӕй, ӕмӕ усӕн бар нӕй ногӕй смой кӕнын ӕмӕ ӕндӕр лӕгимӕ цӕрын. Чырысти афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «чи ракура уагъд усы, уый хӕты», уӕд дзырдта, йӕ лӕг «хӕтындзинады [порни́айы] аххосӕй» нӕ, фӕлӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй кӕмӕй ахицӕн, ахӕм сылгоймаджы тыххӕй. Уыцы сылгоймаг кӕд закъонмӕ гӕсгӕ хицӕн у йӕ лӕгӕй, уӕддӕр ӕй Библимӕ гӕсгӕ хицӕныл нымайӕн нӕй.

Матфейӕ дарддӕр ма Марк дӕр ныффыста, Йесо фарисейтӕн хицӕн кӕныны тыххӕй цы загъта, уый: «Чи ахицӕн уа йӕ усӕй ӕмӕ ӕндӕры ракура, уый хӕтгӕ кӕны йӕ усӕй; ӕмӕ ус куы ахицӕн уа йӕ лӕгӕй ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд хӕтгӕ кӕны» (Маркы 10:11, 12; Матфейы 19:3—9). Ахӕм ныхӕстӕ ма фыст ис Лукайы 16:18 стихы дӕр: «Алкӕцы йӕ усӕй рахицӕнуӕвӕг ӕмӕ ӕндӕры ракурӕг хӕты; ӕмӕ алкӕцы йӕ лӕгӕй рахицӕн уӕвӕджы ракурӕг хӕты». Ацы стихтӕ адӕймаг хицӕнтӕй куы ӕвзара, уӕд ӕм афтӕ фӕкӕсдзӕн, цыма чырыстонӕн цыфӕндыйӕ дӕр хицӕн кӕнӕн нӕй. Кӕнӕ хицӕн кӕмӕй у, уыцы ус кӕнӕ лӕг цалынмӕ амӕла, уӕдмӕ йын нӕй мой кӕнӕн кӕнӕ ус курӕн. Фӕлӕ нӕ Йесойы ныхӕстӕ — Марк ӕмӕ Лука кӕй ныффыстой, уыдон — бамбарынӕн хъӕуы ӕркӕсын, Матфей цы ныффыста, уымӕ, уымӕн ӕмӕ уым хъуыды ӕнӕхъӕнӕй у. Матфей ма зӕгъы, зӕгъгӕ, чи ахицӕн уа «хӕтындзинады тыххӕй йеддӕмӕ» (Матфейы 19:9; афтӕ ма кӕс Мф 5:32). Уымӕй бӕрӕг у, Марк ӕмӕ Лука цы ныффыстой, уый кӕй хауы, лӕг кӕнӕ усӕй исчи хӕтындзинады (порни́айы) тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр цӕйдӕр аххосӕй куы ахицӕн уой, уымӕ.

Фӕлӕ чи фӕрӕдыд, уый йӕ митыл куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕд Фыстад афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ дзы йӕ цардӕмбал уӕддӕр хъуамӕ ахицӕн уа. Ахӕм рӕстӕджы чырыстон лӕг кӕнӕ усӕн йӕ бон у рӕдыд ныббарын ӕмӕ Оси ӕмӕ Иегъовӕйы бафӕзмын. Куыд? Оси, куыд зыны, афтӕмӕй фӕстӕмӕ бацард йӕ хӕтаг ус Гомеримӕ. Иегъовӕ та ныххатыр кодта Израилӕн, йӕ зӕрдӕ йыл кӕй сивта ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй куывта, ууыл куы ӕрфӕсмон кодта, уӕд (Оси, 3-аг сӕр).

Хуыцау сӕрысуангӕй цы ӕгъдау сфидар кодта, уый та йӕ тыхы бацыд. Йесо Чырыстийы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Иегъовӕ Хуыцау сӕрысуангӕй ӕмкъайадӕн цы ӕгъдау сфидар кодта, уый фӕстӕмӕ йӕ тыхы кӕй бацыд. Йесо ма дзырдта, йӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон ацы ӕгъдауыл фидарӕй кӕй хъуамӕ хӕцыдаиккой. Моисейы закъон цы бартӕ лӕвӕрдта, уыдон кӕд уыцы дуджы нырма сӕ тыхы уыдысты, уӕддӕр Йесойы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ,— йӕ Фыды фӕндон ын чи ӕххӕст кодта ӕмӕ Йесойы ныхасмӕ чи хъуыста, уыдон,— сӕхицӕн ӕфсӕнттӕ нӕ агуырдтой ӕмӕ сӕ цардӕмбӕлттӕй нӕ хицӕн кодтой, «хъӕбӕр зӕрдӕ» сӕм нӕ уыдысты (Матфейы 7:21—29; 19:8). Йесойы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ, Хуыцау ӕмкъайадӕн сӕрысуангӕй цы уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдоны сӕрты нӕ хызтысты, ома сӕ «хӕтындзинады [порни́айы] аххосы йеддӕмӕ» йӕ усӕй ничи хицӕн кодта.

Ӕнӕус лӕппу хъахбай сылгоймагимӕ куы ӕрӕмуатон вӕййы, уӕд йемӕ «иу буар» свӕййы. Афтӕ хӕтаг лӕг дӕр, цы хӕлд сылгоймагимӕ ӕрӕмуатон вӕййы, уыимӕ свӕййы «иу буар», йӕ усимӕ нӕ, фӕлӕ. Хӕтаг лӕг ӕрмӕст йӕхи буары ныхмӕ нӕ кӕны тӕригъӕд, фӕлӕ уӕдмӕ «иу буар» кӕимӕ уыд, уый ныхмӕ, ома йӕ бинойнаджы ныхмӕ (1 Коринфӕгтӕм 6:16—18). Уӕдӕ йӕ уынӕм, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕмкъайады цӕдис хӕтындзинады тыххӕй халӕн цӕмӕн ис, уый. Ус ӕмӕ лӕг хӕтындзинады тыххӕй куы ахицӕн уой, уӕд се ’мкъайадӕн куыд хицауады закъонмӕ гӕсгӕ, афтӕ Библимӕ гӕсгӕ дӕр тых нал вӕййы. Ӕмӕ уӕд, йе ’мкъайы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕмӕн у, уымӕн закъонмӕ гӕсгӕ ис ногӕй смой кӕнын кӕнӕ ус ракурыны бар (Дзуттытӕм 13:4).