Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хицауы ӕхсӕвӕр дын цӕуыл дзурӕг у?

Хицауы ӕхсӕвӕр дын цӕуыл дзурӕг у?

Хицауы ӕхсӕвӕр дын цӕуыл дзурӕг у?

«Чи хӕра ацы дзул, кӕнӕ [чи] нуаза Хицауы нуазӕн аккаг нӕ уӕвгӕйӕ, аххосджын уыдзӕн Хицауы Буар ӕмӕ Туджы ныхмӕ» (1 КОРИНФӔГТӔМ 11:27).

1. 2003 азы цавӕр стырбон уыдзӕн ӕмӕ йын бындур кӕд ӕрцыд ӕвӕрд?

2003 азы ӕппӕты стырдӕр бон уыдзӕн 16 апрелы, хурныгуылды фӕстӕ. Уыцы изӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бӕрӕг кӕндзысты Йесо Чырыстийы мӕлӕт ӕрымысӕн изӕр. Ай размӕ статьяйы куыд дзырдӕуыд, афтӕмӕй Йесо ацы стырбонӕн — хонынц ма йӕ Хицауы ӕхсӕвӕр дӕр — бындур ӕрӕвӕрдта н. э. 33 азы 14 нисаны, йӕ апостолтимӕ Куадзӕн куы скодтой, уый хӕдфӕстӕ. Ӕрымысӕн изӕры цы нысӕнттӕ вӕййы,— донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕн,— уыдон ӕвдисынц Чырыстийы ӕнӕтӕригъӕд буар ӕмӕ цы туг ныккалдта, уый. Ӕрмӕстдӕр ацы нывондӕй ис ӕппӕт дзыллӕты ссӕрибар кӕнӕн, сӕ туджы цы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастой, уымӕй (Ромӕгтӕм 5:12; 6:23).

2. Цавӕр фӕдзӕхст ис 1 Коринфӕгтӕм 11:27?

2 Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй чи аходы, уыдон уый, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хъуамӕ кӕной. Павел ацы хъуыддаг хорз бамбарын кодта йӕ фыстӕджы рагон Коринфы чырыстӕттӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон Хицауы ӕхсӕвӕры ӕгъдау тынг хӕлдтой (1 Коринфӕгтӕм 11:20—22). Павел сӕм фыста: «Чи хӕра ацы дзул, кӕнӕ [чи] нуаза Хицауы нуазӕн аккаг нӕ уӕвгӕйӕ, аххосджын уыдзӕн Хицауы Буар ӕмӕ Туджы ныхмӕ» (1 Коринфӕгтӕм 11:27). Цымӕ ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?

Иуӕй-иутӕ ӕнӕуаг митӕ кодтой

3. Коринфы чырыстӕттӕй-иу бирӕтӕ Хицауы ӕхсӕвӕры сӕхи куыд дардтой?

3 Коринфы чырыстӕттӕй-иу бирӕтӕ Ӕрымысӕн изӕры ӕнӕуаг митӕ кодтой. Уыдон кӕрӕдзийы мидӕг ныддихтӕ сты. Иуӕй-иутӕ-иу се ’хсӕвӕр семӕ ӕрбахастой (кӕд алкӕд нӕ, уӕддӕр цасдӕр рӕстӕг афтӕ кодтой), ӕмӕ-иу ӕй йе бӕрӕгбоны размӕ, йе та бӕрӕгбоны рӕстӕджы хордтой. Бирӕ хатт-иу хӕрд ӕмӕ нуӕзтӕй бӕрц нал зыдтой. Уыдон сӕ митыл хъуыды нӕ кодтой, сӕ уырнындзинад уыд лӕмӕгъ. Афтӕмӕй «аххосджын фесты Хицауы Буар ӕмӕ Туджы ныхмӕ». Хӕдзары-иу ӕхсӕвӕр чи нӕ бахордта, уыдон та-иу сӕххормаг сты, ӕмӕ-иу афтӕмӕй сӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕл сты. Ӕргом дзургӕйӕ, бирӕтӕ-иу уыцы бӕрӕгбонӕй хынджылӕггаг скодтой, не ’мбӕрстой, ахӕм митӕ кӕнӕн дзы кӕй нӕй. Уӕдӕ бафхӕринаг кӕй уыдысты, уый диссаг нӕу! (1 Коринфӕгтӕм 11:27—34).

4, 5. Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй чи саходы, уыдон сӕ зӕрдӕтӕм цӕмӕн хъуамӕ ныккӕсой?

4 Нысӕнттӕй чи аходы, уыдон хъуамӕ алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕры размӕ сӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсой. Нысӕнттӕй чи аходы, уыдонӕн хъуамӕ сӕ цӕсгом Хуыцауы раз уа сыгъдӕг, сӕ уырнындзинад фидар. Йесойы нывондӕн аргъ чи нӕ кӕны, чи йӕ ницӕмӕ дары, уымӕн тӕссаг у, ӕнӕсыгъдӕгыл-иу чи уыд нымад, ӕмӕ-иу афтӕмӕй «ӕмбалады нывондӕй» чи хордта, уыцы израилагау Хуыцауы «адӕмы ’хсӕнӕй куы фесӕфа» (Левит 7:20; Дзуттытӕм 10:28—31).

5 Павел Ӕрымысӕн изӕр абарста, рагзаманты-иу израилӕгтӕ цы иумӕйаг фынг скодтой, уыимӕ. Уый загъта, зӕгъгӕ, нысӕнттӕй чи аходы, уыдон Чырыстиимӕ баиу вӕййынц, ӕмӕ ма уый фӕстӕ йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уӕ бон нӕу нуазын Хицауы нуазӕн ӕмӕ хӕйрӕджы нуазӕн; уӕ бон нӕу бадын Хицауы фынгыл ӕмӕ хӕйрӕджы фынгыл дӕр» (1 Коринфӕгтӕм 10:16—21). Кӕд, нысӕнттӕй чи аходы, уый исты уӕззау тӕригъӕд ӕруагъта, уӕд ыл хъуамӕ Иегъовӕйы раз басӕтта ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуа ӕххуысы тыххӕй (Ӕмбисӕндтӕ 28:13; Иаковы 5:13). Йӕ митыл тынг куы ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ фӕсмондзинады аккаг дыргъ куы ӕрхӕсса, уӕд ын дарддӕр дӕр ис нысӕнттӕй аходӕн (Лукайы 3:8).

Нысӕнттӕн аргъ кӕнынц, фӕлӕ нӕ аходынц

6. Хуыцау кӕй саккаг кодта Хицауы ӕхсӕвӕры нысӕнттӕй аходынӕн?

6 Чырыстийы ӕфсымӕртӕн, ома 144 000-ӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдонӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ хъуамӕ Хицауы ӕхсӕвӕры нысӕнттӕй аходой? (Матфейы 25:31—40; Раргомад 14:1). Нӕ. Хуыцау сыгъдӕг удӕй кӕй байсӕрста ӕмӕ афтӕмӕй Чырыстийы «ӕмбындартӕ» чи сси, уыдоны скодта уый аккаг (Ромӕгтӕм 8:14—18; 1 Иоанны 2:20). Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахады дӕлбар зӕххыл ӕнусмӕ цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? (Лукайы 23:43; Раргомад 21:3, 4). Уыцы адӕм Йесойы ӕмбындартӕ не сты, стӕй сын уӕларвон ныфс дӕр нӕй. Уымӕ гӕсгӕ ацы чырыстӕттӕ Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй нӕ аходынц, фӕлӕ сын стыр аргъ кӕнынц (Ромӕгтӕм 6:3—5).

7. Фыццӕгӕм ӕнусы чырыстӕттӕ кӕцӕй зыдтой, Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй сын аходын кӕй ӕмбӕлд?

7 Фыццӕгӕм ӕнусы ӕцӕг чырыстӕттӕ иууылдӕр уыдысты сыгъдӕг удӕй сӕрст. Хуыцауы комытӕф сӕм кӕй хӕццӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ дзы бирӕтӕм уыд уӕлӕрдзон курдиӕттӕ, зӕгъӕм, ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат. Уый афтӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сын зын базонӕн нӕ уыд, сыгъдӕг удӕй сӕрст кӕй сты ӕмӕ сын Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходын кӕй ӕмбӕлы. Абон та уый базонӕн ис Библимӕ гӕсгӕ. Уым дзырдӕуы: «Се ’ппӕт, Хуыцауы Уд кӕй кӕны, сты Хуыцауы фырттӕ. Уымӕн ӕмӕ сымах нӕ райстат цагъарады уды, цӕмӕй та цӕрат тасы мидӕг, фӕлӕ райстат фырт уӕвыны бар дӕттӕг Уды, Кӕцыйӕ дзурӕм: „Аввӕ, Фыд!“» (Ромӕгтӕм 8:14, 15).

8. Матфейы 13 сӕры цы «мӕнӕу» ӕмӕ «мӕгъӕлдаты» кой цӕуы, уыдон кӕй ӕвдисынц?

8 Бирӕ ӕнусты дӕргъы, сыгъдӕг удӕй сӕрст чи уыд, уыдон «мӕнӕуау» задысты «мӕгъӕлдаты» ’хсӕн, ома мӕнг чырыстӕтты ’хсӕн (Матфейы 13:24—30, 36—43). Фӕлӕ 1870 азӕй фӕстӕмӕ «мӕнӕу» «мӕгъӕлдаты» ’хсӕн бӕрӕг дарын райдыдта, ӕмӕ уый фӕдыл цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ сӕрст чырыстон цӕстдарджытӕн уыд загъд: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ... [Ӕрымысӕн изӕрмӕ] чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн хъуамӕ дзӕбӕх бамбарын кӕной ацы домӕнтӕ: 1) хъуамӕ [Чырыстийы] тугыл ӕууӕндой ӕмӕ 2) сӕхи Хицауӕн хъуамӕ снывонд кӕной ӕмӕ цалынмӕ удӕгас сты, уӕдмӕ йын удуӕлдайӕ лӕггад кӕной. Ахӕм зондыл хӕст чи у ӕмӕ йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр хъуамӕ Хицауы мӕлӕнбонмӕ фӕхоной» («Фыстад иртасӕн куыст», VI том, «Ног сфӕлдыстад», 473 фарс, англ.) *.

Агурӕм «ӕндӕр фысты»

9. «Тынг бирӕ адӕм» чи сты, уый 1935 азы куыд рабӕрӕг, ӕмӕ нысӕнттӕй чи ахуыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕн уый цӕуыл дзурӕг уыд?

9 Иегъовӕйы организаци цасдӕры фӕстӕ йе ’ргом тынг аздӕхта, Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕй уӕлдай, иннӕ адӕммӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ XX ӕнусы 30 азты ӕмбисы ӕрцыд иу ахсджиаг хабар. Раздӕр Хуыцауы адӕм, Раргомады 7:9 стихы цы «тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй дзырдӕуы, уыдоны нымадтой ӕндӕр уӕларвон къордыл. Ӕнхъӕлдтой, 144 000 сӕрст чырыстоны куы райгас уой, уӕд семӕ уыдзысты уӕлӕрвты, Чырыстийы чындзы ӕмбӕлттау (Псалом 44:15, 16; Раргомад 7:4; 21:2, 9). Фӕлӕ 1935 азы 31 майы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Вашингтоны (АИШ) цы конгресс уыд, уым раныхасы Библийӕ бамбарын кодтой, зӕгъгӕ, «тынг бирӕ адӕм» сты, кӕроны рӕстӕджы чи цӕры, уыцы «ӕндӕр фыстӕ» (Иоанны 10:16). Уыцы конгрессы фӕстӕ, раздӕр Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй чи ахуыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уый нал кодтой, уымӕн ӕмӕ бамбӕрстой, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нӕ, фӕлӕ сӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕй ис.

10. Абон «ӕндӕр фысты» цы ныфс ис ӕмӕ сыл цы хӕстӕ ис?

10 Уӕлдай тынгдӕр 1935 азӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы адӕм агурынц, «ӕндӕр фыстӕй» чи свӕййы, уыцы адӕмы. Уыдон ӕууӕндынц ахӕстаргъыл, сӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнынц ӕмӕ сӕрст «гыццыл дзугӕн» ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕн (Лукайы 12:32). Ацы ӕндӕр фысты, Паддзахады ӕмбындартӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдонӕй хицӕн кӕны ӕрмӕстдӕр иу хъуыддаг — зӕххыл ӕнусмӕ цӕрыны ныфс. Адон дӕр, рагон Израилы-иу ӕрцӕуӕггӕгтӕй Иегъовӕйӕн чи куывта ӕмӕ йын йӕ Закъон чи ӕххӕст кодта, раст уыдонау ӕххӕст кӕнынц бӕлвырд чырыстон хӕстӕ, зӕгъӕм, монон Израилӕй чи у, уыцы чырыстӕттимӕ хъусын кӕнынц хорз хабар (Галатӕгтӕм 6:16). Фӕлӕ-иу рагон Израилы ӕрцӕуӕггаг паддзах кӕнӕ сауджын куыд никуы сси, афтӕ «ӕндӕр фыстӕй» дӕр ничи уыдзӕн уӕларвон Паддзахады паддзах кӕнӕ сауджын (Дыккаг закъон 17:15).

11. Адӕймаг донаргъуыд кӕд райста, уый, уӕларвмӕ хуынд у ӕви нӕ, уыцы хъуыддагимӕ куыд баст у?

11 1930 азтӕм бӕлвырдӕй-бӕлвырддӕр кодта, уӕларвон къорд ӕмбырд кӕй фӕци, уый. Уӕдӕй фӕстӕмӕ, 70 азы дӕргъы, Хуыцауӕн кувӕг адӕм агурынц, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕ ис, уыцы ӕндӕр фысты. Сӕрстытӕй исчи йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл куы сива, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын 144 000 ӕхсӕн йӕ бынат бацахсдзӕн ӕндӕр фыстӕй исчи, Хуыцауӕн рагӕй иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уый.

Иуӕй-иутӕ афтӕ ӕнхъӕл цӕмӕн вӕййынц

12. Кӕд нал хъӕуы нысӕнттӕй аходын ӕмӕ цӕмӕн?

12 Сӕрст чырыстӕттӕ, уӕларвмӕ хуынд кӕй сты, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц. Фӕлӕ уӕларвмӕ хуынд чи нӕу, уый Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй куы ахода, уӕд та? Уӕларвмӕ хуынд кӕй никуы уыдис, уый бамбаргӕйӕ йӕ цӕсгом нал хъӕцдзӕн нысӕнттӕй аходын. Уӕларвон паддзах ӕмӕ сауджын уа, уымӕ хуынд чи нӕу, фӕлӕ уый зонгӕйӕ йӕхи ахӕмӕй чи ӕвдисы, уымӕ Хуыцау хорз зӕрдӕ нӕ дары (Ромӕгтӕм 9:16; Раргомад 20:6). Сӕрбӕрзонд левит Корей сауджын Аароны бынат байсыныл кӕй архайдта, уый тыххӕй йыл Иегъовӕ йӕ фыдӕх ныккалдта (Рацыд 28:1; Нымӕцтӕ 16:4—11, 31—35). Чырыстӕттӕй исчи уый куы бамбара, ӕмӕ йын Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходын не ’мбӕлы, уӕд дзы хъуамӕ мауал ахода ӕмӕ Иегъовӕмӕ сӕрныллӕгӕй кува хатыры тыххӕй (Псалом 18:14).

13, 14. Иуӕй-иутӕ афтӕ ӕнхъӕл цӕмӕн вӕййынц, зӕгъгӕ, уӕларвмӕ хуынд дӕн?

13 Цымӕ иуӕй-иутӕ афтӕ ӕнхъӕл цӕмӕн вӕййынц, зӕгъгӕ, уӕларвмӕ хуынд дӕн? Чи зоны йӕ цардӕмбал кӕй амард кӕнӕ йыл цыдӕр стыр бӕллӕх кӕй сӕмбӕлд, уый тыххӕй йын зӕххыл цард ад нал кӕны. Йе та, кӕмӕндӕр, ӕвӕццӕгӕн, йе ’ввахс хӕлар йӕхи сыгъдӕг удӕй сӕрст кӕй хоны, уый тыххӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй уа йе ’мбалимӕ. Фӕлӕ Хуыцау никӕмӕн бахӕс кодта, уӕларвмӕ чи цӕудзӕн, уыдоны ӕвзарын. Стӕй Паддзахады ӕмбындар кӕй скӕны, уымӕн ӕй йӕ хъусы нӕ фӕдзуры.

14 Иуӕй-иутӕ та ахӕм хъуыдымӕ, чи зоны, уымӕн ӕрцыдысты, ӕмӕ раздӕр хӕст уыдысты мӕнг ахуырадыл, зӕгъгӕ, хорз адӕм иууылдӕр уӕларвмӕ цӕуынц. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй нын, раздӕр цы уырнындзинӕдтыл хӕст уыдыстӕм, уыдон, кӕнӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ нӕ зонд ма схӕццӕ кӕной. Дзырдӕн, ахъуыды кӕнӕн ис мӕнӕ ахӕм фарстытыл: ме ’нкъарӕнтыл мын чи ӕндавы, ахӕм хостӕ нуазын? Мӕ зӕрдӕмӕ алцыдӕр ӕввахс кӕй исын, мӕхи сӕрстыл уый тыххӕй нӕ нымайын?»

15, 16. Иуӕй-иутӕ сӕхи сӕрстытыл цӕмӕн фӕнымайынц?

15 Иннӕтӕн та сӕ бон у ахъуыды кӕнын: цӕмӕй зындгонд суон, уымӕ бӕллын? Чырыстийы ӕмбындар уон, уый мӕ уый тыххӕй фӕнды, ӕмӕ мӕм ныр кӕнӕ фидӕны фылдӕр бартӕ уа? Фыццӕгӕм ӕнусы Паддзахады ӕмбындартӕ ӕмбырдгонд куы цыдысты, уӕд сӕ ӕмбырды алкӕмӕ дӕр стыр бартӕ нӕ уыд. Уӕларвмӕ хуынд чи у, уый нӕ бӕллы стыр бынатмӕ кӕнӕ стыр бартӕм. Стӕй сӕрст кӕй у, уымӕй ӕппӕлгӕ нӕ кӕны. Ахӕм чырыстӕттӕ сты сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Чырыстийы зондыл» чи цӕуы, уымӕ хъуамӕ уа уыцы миниуӕг (1 Коринфӕгтӕм 2:16).

16 Иуӕй-иутӕ та Библи хорз кӕй зонынц, ӕвӕццӕгӕн сӕм уымӕн афтӕ кӕсы, ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрдзысты. Фӕлӕ Хуыцау адӕймаджы сыгъдӕг удӕй куы байсӕрды, уӕд алцызонӕг кӕнӕ зондаби нӕ фесты. Уый афтӕ куы уыдаид, уӕд Павел иуӕй-иу сӕрстытӕн зонд нӕ амыдтаид ӕмӕ сын уынаффӕ нӕ лӕвӕрдтаид (1 Коринфӕгтӕм 3:1—3; Дзуттытӕм 5:11—14). Хуыцау монон хӕринаг дӕтты йӕ адӕмӕй алкӕмӕндӕр (Матфейы 24:45—47). Уымӕ гӕсгӕ афтӕ хъуамӕ мачи хъуыды кӕна, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕй зондджындӕр, ӕмбаргӕдӕр сты. Адӕймаг Библийӕ цыфӕнды фарстӕн дӕр дзуапп куы зона, уацамынды дӕсны куы уа, кӕнӕ йын йӕ раныхӕстӕм адӕм ӕхсызгонӕй куы хъусой, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сыгъдӕг удӕй сӕрст у. Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ дӕр ацы хъуыддӕгты дӕсны сты.

17. Адӕймаг сыгъдӕг удӕй сӕрст ӕрцӕудзӕн ӕви нӕ, уый кӕмӕй ӕмӕ цӕмӕй аразгӕ у?

17 Хистӕр нӕлгоймаджы кӕнӕ фӕлтӕрд чырыстоны йе ’муырнджытӕй исчи куы фӕрса уӕларвмӕ хуынды тыххӕй, уӕд хорз уаид йемӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл аныхас кӕнын. Фӕлӕ иуӕн иннӕйы тыххӕй йӕ бон нӕу зӕгъын, уӕларвмӕ хуынд у ӕви нӕ. Уӕларвмӕ ӕцӕгдӕр хуынд чи у, уый йе сбӕлвырд кӕнынӕн иннӕты нӕ фӕрсдзӕн. Сӕрстытӕ «ӕмбийгӕ мыггагӕй райгуыргӕ [не сты], фӕлӕ ӕнӕмбийгӕ Хуыцауы дзырдӕй, ӕгас ӕмӕ ӕнустӕм уӕвӕгӕй» (1 Петры 1:23). Хуыцау йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ йӕ Ныхасы фӕрцы адӕймаджы зӕрдӕйы ныссадзы «мыггаг», ӕмӕ уый афтӕмӕй свӕййы «ног сконд», уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, ахӕм (2 Коринфӕгтӕм 5:17). Уӕлӕрвты чи цӕрдзӕн, уыдоны Иегъовӕ йӕхӕдӕг ӕвзары. Адӕймаг сыгъдӕг удӕй сӕрст ӕрцӕудзӕн ӕви нӕ, уый, «кӕй фӕнды ӕмӕ [йӕм] чи тындзы, уымӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ... Хуыцауӕй» (Ромӕгтӕм 9:16). Фӕлӕ адӕймаг уӕларвмӕ хуынд у ӕви нӕ, уый йӕ бон куыд у базонын?

Цӕмӕй йӕ зонынц

18. Хуыцауы сыгъдӕг уд куыд лӕууы ӕвдисӕн сӕрстыты удӕн?

18 Сӕрст чырыстӕттӕ, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты, уый базонынц Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы. «Сымах... райстат фырт уӕвыны бар дӕттӕг Уды,— фыста Павел,— Кӕцыйӕ дзурӕм: „Аввӕ, Фыд!“ Гъе ацы Уд ӕвдисӕн лӕууы мах удӕн, мах Хуыцауы сывӕллӕттӕ кӕй стӕм. Ӕмӕ кӕд сывӕллӕттӕ, уӕд бындартӕ дӕр, Хуыцауы бындартӕ, ӕмбындартӕ Чырыстийӕн, кӕд ӕрмӕст Йемӕ хъизӕмар кӕнӕм, цӕмӕй Йемӕ дӕр скадджын уӕм» (Ромӕгтӕм 8:15—17). Сӕрстытӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы ӕмбарынц кӕнӕ сын ӕй сӕ зӕрдӕ фӕзӕгъы, Фыстад Иегъовӕйы сывӕллӕтты тыххӕй цы дзуры, уый уыдонмӕ кӕй хауы (1 Иоанны 3:2). Сыгъдӕг уды фӕрцы ӕнкъарынц, Хуыцауы фырттӕ кӕй сты, стӕй сын уый сӕ зӕрдӕты цырен кӕны уыцы диссаджы ныфсы цӕхӕр (Галатӕгтӕм 4:6, 7). Алцӕмӕйдӕр ӕххӕст у, афтӕмӕй дӕ бинонтимӕ ӕмӕ дӕ хӕлӕрттимӕ ӕнусмӕ зӕххыл цӕр, уый амондджын хъуыддаг куыннӕ у! Фӕлӕ сын Хуыцау уыдӕттӕй нӕ бавӕрдта ныфс. Хуыцау сын йӕ сыгъдӕг удӕй сӕ зӕрдӕты афтӕ тынг ссыгъта уӕларвон царды ныфс, ӕмӕ зӕххон хорздзинӕдтӕ ныууадзыныл разы сты (2 Коринфӕгтӕм 5:1—5, 8; 2 Петры 1:13, 14).

19. Сӕрст чырыстӕтты царды ног бадзырдӕн цы ахадындзинад ис?

19 Сӕрст чырыстӕттӕ, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты ӕмӕ семӕ ног бадзырд арӕзт кӕй ӕрцыд, уый зонынц бӕлвырд. Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд уый тыххӕй загъта: «Ацы нуазӕн у ног фӕдзӕхст [«бадзырд», НД] Мӕ Туджы, кӕцы сымах тыххӕй калд цӕуы» (Лукайы 22:20). Уыцы ног бадзырд арӕзт ӕрцыд Хуыцау ӕмӕ сӕрстыты ’хсӕн (Иереми 31:31—34; Дзуттытӕм 12:22—24, НФ). Йесо у ӕхсӕнылӕг. Чырысти йӕ туг куы ныккалдта, уӕд ног бадзырд йӕ тыхы бацыд. Уыцы бадзырд хаудта иудейтӕм дӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмы минӕвӕрттӕм дӕр. Ӕмӕ куыд иутӕй, афтӕ иннӕтӕй дӕр Иегъовӕ скодта адӕм йӕхи номыл ӕмӕ систы Авраамы «мыггаг» (Галатӕгтӕм 3:26—29; Куыстытӕ 15:14). Ацы «ӕнусон бадзырды» фӕрцы Хуыцауы сыгъдӕг удӕй гуырд израилӕгтӕ иууылдӕр ӕгас кӕнынц ӕнӕмӕлгӕ цардмӕ уӕлӕрвты (Дзуттытӕм 13:20, НД).

20. Чырысти сӕрстытимӕ цавӕр бадзырд скодта?

20 Сӕрстытӕ сӕ ныфсыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц. Семӕ ма арӕзт ӕрцыд ӕндӕр бадзырд дӕр — Паддзахады бадзырд. Уыдон Йесоимӕ кӕй уыдзысты, уый тыххӕй сын йӕхӕдӕг загъта: «Мӕ фыдӕвзарӕнты рӕстӕг уыдыстут мемӕ, ӕмӕ ӕз уемӕ аразын паддзахады тыххӕй бадзырд, мӕ Фыд мемӕ бадзырд куыд сарӕзта, афтӕ» (Лукайы 22:28—30, НД). Ацы бадзырд Чырысти йе ’мпаддзӕхтимӕ скодта мыггагмӕ (Раргомад 22:5).

Ӕрымысӕн изӕры афон у цины рӕстӕг

21. Ӕрымысӕн изӕры афон нын ахъаз кӕд фӕуыдзӕн?

21 Ӕрымысӕн изӕры афон у цины рӕстӕг. Уыцы рӕстӕгмӕ Библийӕ кӕсынӕн цы скъуыддзӕгтӕ пълангонд вӕййы, уыдон кӕй фӕкӕсӕм, уый нын стыр ахъаз фӕвӕййы. Уый ма хорз рӕстӕг у кувынӕн, Йесойы зӕххон цард ӕмӕ мӕлӕтыл арф хъуыды кӕнынӕн, афтӕ ма Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕн дӕр (Псалом 76:13; Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Уыцы бон нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, Хуыцау ӕмӕ нӕ Чырысти куыд тынг уарзынц, уый. Ӕмӕ уыцы уарзт бӕрӕг у, Йесо йӕ уд адӕмы балхӕныны тыххӕй кӕй радта, уымӕй (Матфейы 20:28; Иоанны 3:16). Иегъовӕ ӕмӕ нын Йесо цы сарӕзтой, уый нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы ӕмӕ нӕ фидар кӕны дарддӕр дӕр Чырыстийы зондыл цӕуынӕн (Рацыд 34:6; Дзуттытӕм 12:3). Ӕрымысӕн изӕр ма нын не уӕнгты хъарутӕ бауадздзӕн, Хуыцауӕн цы ныхас радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн ӕмӕ йӕ уарзон Фырты фӕдыл ӕнӕзивӕгӕй цӕуынӕн.

22. Хуыцауы ӕппӕты стырдӕр лӕвар цы у ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый куыд ис равдисӕн?

22 Ӕвӕдза, цӕй диссаджы лӕвӕрттӕ нын дӕтты Иегъовӕ! (Иаковы 1:17). Йӕ Ныхасы нын амоны зонд, ахъаз нын кӕны йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы. Афтӕ ма нын ныфс бавӕрдта ӕнусон цардӕй дӕр. Хуыцауы стырдӕр лӕвар у Чырыстийы нывонд. Ӕмӕ уыцы нывонд хаст ӕрцыд, сыгъдӕг удӕй сӕрст чи у ӕмӕ йыл чи ӕууӕнды, ӕппӕт уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй (1 Иоанны 2:1, 2). Уӕдӕ дын Йесойы мӕлӕт цӕуыл дзурӕг у? Ды дӕр уыцы хъуыддагӕй бузныг уыдзынӕ ӕмӕ 2003 азы 16 апрелы, хурныгуылды фӕстӕ Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнынмӕ ӕрбацӕудзынӕ?

[Фиппаинаг]

^ 8 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ; ныр нал цӕуы.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй кӕмӕн ӕмбӕлы аходын?

• «Ӕндӕр фыстӕ» Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ ӕрмӕстдӕр цӕугӕ цӕмӕн ӕрбакӕнынц, ӕмӕ нысӕнттӕй цӕуылнӕ саходынц?

• Сӕрст чырыстӕттӕ кӕцӕй зонынц, Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры сын кӕй ис дзул ӕмӕ сӕнӕй аходӕн?

• Ӕрымысӕн изӕры афон хорз рӕстӕг цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Схемӕ/Нывтӕ 14 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Ӕрӕмысӕн изӕры уыдис

МИЛУАНТӔЙ

15 597 746

15

14

13 147 201

13

12

11

10

 9

 8

 7

 6

 5

4 925 643

 4

 3

 2

 1

878 303

63 146

1935 1955 1975 1995 2002

[Ныв 14 фарсыл]

Ацы аз Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ ӕрбацӕудзынӕ?

[Нывтӕ 17 фарсыл]

Ӕрымысӕн изӕры афон у хорз рӕстӕг Библи фылдӕр кӕсынӕн ӕмӕ Паддзахады хабар зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнынӕн.