Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауыл ӕууӕндӕм. Фӕлӕ йӕ зонӕм?

Хуыцауыл ӕууӕндӕм. Фӕлӕ йӕ зонӕм?

Хуыцауыл ӕууӕндӕм. Фӕлӕ йӕ зонӕм?

ГЕРМАНЫ цӕрджытӕн сӕ дыууӕ ӕртыккӕгӕм хай ӕууӕнды Хуыцауыл. Фӕлӕ иу мин адӕймагӕй фылдӕры куы бафарстой, зӕгъгӕ, кӕуыл ӕууӕндут, уыцы Хуыцау цыхуызӕн у, уӕд сӕ алчидӕр йӕхирдыгонау радта дзуапп. «Адӕм кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц, Германы адӕмӕн дӕр сӕ хъуыды Хуыцауы тыххӕй афтӕ хицӕн кӕны»,— дзырдӕуы журнал «Фокус»-ы. Адӕймаг Хуыцауыл кӕй ӕууӕнды, уый раппӕлинаг у, фӕлӕ хъыгаг нӕу, цавӕр Хуыцау у, уый нӕ зоны ӕмӕ йыл афтӕмӕй кӕй ӕууӕнды?

Хуыцауы тыххӕй адӕмӕн бӕлвырд хъуыды кӕй нӕй, уый ӕрмӕст Германы нӕу афтӕ, фӕлӕ ма ӕнӕхъӕн Европӕйы дӕр. Австри, Стыр Британи ӕмӕ Нидерландты цы ӕрфарст ауагъдӕуыд, уымӕй рабӕрӕг, адӕм уыцы иу хъуыдыйыл разы кӕй сты, зӕгъгӕ, Хуыцау у «уӕлӕрдзон тых кӕнӕ зын афыссӕн цыдӕр». Уӕлдайдӕр та фӕсивӕдӕн, суанг йӕхи уырнӕг чи хоны, уыдонӕн дӕр Хуыцау у, адӕймаджы зонд кӕй нӕ ахсы, ахӕм цыдӕр.

Хуыцауы зоныс?

Кӕйдӕр тыххӕй зонын ӕмӕ кӕйдӕр зонын иу нӕу. Кӕйдӕр тыххӕй, зӕгъӕм, рагзаманты цӕрӕг паддзах, номдзыд спортсмен кӕнӕ зындгонд актеры тыххӕй зонын у, чидӕр кӕй ис, уый зонын. Фӕлӕ кӕйдӕр зонын та амоны ноджы фылдӕрмӕ. Уымӕ хауы, адӕймаджы удыхъӕд, йӕ уагахаст, йе ’нкъарӕнтӕ, цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы, ӕмӕ йӕм фидӕнмӕ цы пълӕнттӕ ис, уый зонын дӕр. Кӕйдӕр куы зонӕм, уӕд нын уый дӕтты фадат, цӕмӕй йемӕ схӕлар уӕм.

Сӕдӕ мингай адӕм скодтой ахӕм хатдзӕг, зӕгъгӕ, Хуыцауы тыххӕй гыццыл цыдӕртӕ зонын,— кӕнӕ кӕй ис, ӕрмӕст уый зонын,— фаг нӕу. Уыдон архайынц, цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базоной. Уый сын исты ахъаз фӕци? Иу нӕлгоймаг, йӕ ном Пауль, цӕгат Германы цӕрӕг, раздӕр Хуыцауыл ӕууӕндыд, адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд ӕууӕндынц, афтӕ. Фӕлӕ иухатт йӕхицӕн загъта, зӕгъгӕ, хъуамӕ Хуыцауы хуыздӕр базонон. Пауль дзуры: «Хуыцауы хуыздӕр базонынӕн хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ, фӕлӕ уыцы хъуыддаг уый аргъ у. Сфӕлдисӕгимӕ ӕввахс ахастыты куы уай, уӕд уый адӕймаджы цард кӕны бирӕ хуыздӕр».

Хуыцауы хуыздӕр базонынӕн цы рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ бахардз кӕнай, уыдон цымӕ уый аргъ сты? Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс иннӕ статья.

[Хицӕнгонд текст 3 фарсыл]

Кӕйдӕр тыххӕй зонын ӕмӕ кӕйдӕр зонын иу нӕу.