Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хъӕбатыр ӕмӕ фидар ут!»

«Хъӕбатыр ӕмӕ фидар ут!»

«Хъӕбатыр ӕмӕ фидар ут!»

«Хъӕбатыр ут: Ӕз дунейы басастон» (ИОАННЫ 16:33).

1. Израилӕгтӕм Ханааны цы ӕнхъӕлмӕ каст ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ цавӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ загъдӕуыд?

ИЗРАИЛӔГТӔ Иорданы цӕугӕдоныл куы хъуамӕ ахызтаиккой ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы хъуамӕ бацыдаиккой, уый хӕдразмӕ сын Моисей загъта: «Хъӕбатыр ӕмӕ фидар ут. Ма сӕ тӕрсут ӕмӕ ма зыр-зыр кӕнут сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау Иегъовӕ уыдзӕн уемӕ». Уый фӕстӕ Моисей фӕдзырдта Йесо Навинмӕ, израилӕгты Ханаанмӕ чи хъуамӕ бакодтаид, уымӕ, ӕмӕ йын сӕрмагондӕй загъта, зӕгъгӕ, хъӕбатыр у (Дыккаг закъон 31:6, 7). Фӕстӕдӕр Иегъовӕ йӕхӕдӕг бафидар кодта Йесо Навины ахӕм ныхӕстӕй: «Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у [...] Ӕрмӕст хъӕбатыр ӕмӕ тынг фидар у» (Йесо Навин 1:6, 7, 9). Уыцы ныхӕстӕ уыдысты сӕ афоныл. Израилӕгтӕ хъуамӕ хъӕбатыр уыдаиккой, уымӕн ӕмӕ сӕм Иорданы иннӕ фарс ӕнхъӕлмӕ кастысты тыхджын знӕгтӕ.

2. Абон цавӕр уавӕры стӕм ӕмӕ нӕ цы хъӕуы?

2 Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр рӕхджы бацӕудзысты Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног дунемӕ, ӕмӕ уыдон дӕр Йесо Навинау хъуамӕ уой хъӕбатыр (2 Петры 3:13; Раргомад 7:14). Фӕлӕ нӕ уавӕр Йесо Навины уавӕрӕй хицӕн кӕны. Уый тох кодта кард ӕмӕ арцӕй. Мах та тох кӕнӕм монон хӕсты ӕмӕ хӕцӕнгарз нӕ къухмӕ нӕ исӕм (Исай 2:2—4; Ефесӕгтӕм 6:11—17). Йесо Навин Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыд, уӕд ма уый фӕстӕ дӕр бирӕ карз хӕстыты тох кодта. Махӕн та нӕ хъазуатон тох ныртӕккӕ у — цалынмӕ ног дунемӕ нӕ бацӕуӕм, уӕдмӕ. Цӕй уӕдӕ, ӕрныхас кӕнӕм, хъӕбатырдзинад нӕ кӕм хъӕуы, цалдӕр ахӕм уавӕрыл.

Цӕмӕн нӕ хъӕуы тох кӕнын?

3. Библи цы дзуры нӕ сӕйраг знаджы тыххӕй?

3 Апостол Иоанн фыста: «Мах зонӕм, мах кӕй стӕм Хуыцауӕй, ӕмӕ ӕппӕт дуне кӕй ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19, НД). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, чырыстӕттӕ сӕ уырнындзинадыл сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ тох кӕной. Чырыстон ӕнаиппӕй куы баззайы, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ та Сайтан Хӕйрӕг састы бынаты кӕй баззад. Уымӕ гӕсгӕ Сайтан зилы «богътӕгӕнаг домбайау» ӕмӕ архайы, цӕмӕй иузӕрдион чырыстӕтты стӕрсын кӕна ӕмӕ сӕ афтӕмӕй аныхъуыра (1 Петры 5:8, НФ). Ӕцӕгдӕр, уый тох кӕны сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлццӕттимӕ (Раргомад 12:17). Уыцы хӕсты пайда кӕны, йӕ фӕндон ын зонгӕйӕ кӕнӕ ӕнӕзонгӕйӕ чи ӕххӕст кӕны, ахӕм адӕмӕй. Сайтан ӕмӕ йӕ хъузӕтты ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн та хъӕуы хъӕбатырдзинад.

4. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты цӕмӕй бафӕдзӕхста фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ цавӕр миниуӕг ӕвдисынц?

4 Сайтан ӕмӕ йӕ хъузӕттӕ хорз хабары ныхмӕ тынг кӕй цӕудзысты, уый зонгӕйӕ Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста: «Сымах дӕтдзысты хъизӕмар кӕнынмӕ ӕмӕ уӕ мардзысты; ӕмӕ сымах ӕнӕуынон уыдзыстут ӕппӕт адӕмӕн Мӕ номы тыххӕй» (Матфейы 24:9). Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст сты фыццаг ӕнусы ӕмӕ абон дӕр ӕххӕст кӕнынц. Нӕ рӕстӕджы дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ бавзӕрстой, историйы дӕргъы иннӕ адӕм цы карз фӕдылзылд баййӕфтой, ахӕм фӕдылзылд. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ ахӕм ныхмӕлӕудыл куы сӕмбӕлынц, уӕд сӕхи хъӕбатырӕй равдисынц. Уыдон зонынц, «адӕмӕй тӕрсын къӕппӕгӕй уӕлдай [кӕй] нӕу», ӕмӕ сӕ къӕппӕджы бахауын та нӕ фӕнды (Ӕмбисӕндтӕ 29:25).

5, 6. а) Кӕд хъуамӕ уӕм хъӕбатыр? ӕ) Иузӕрдион чырыстӕттӕ сӕхи куыд фӕдарынц, сӕ хъӕбатырдзинад фӕлвӕрд куы фӕцӕуы, уӕд?

5 Фӕдылзылд йедтӕмӕ ма сӕмбӕлӕм ӕндӕр фӕлварӕнтыл дӕр, ӕмӕ нӕ уым дӕр хъӕуы хъӕбатырдзинад. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕн фӕлварӕн у хорз хабары тыххӕй ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын. Ахуырдзаутӕй иуӕй-иутӕн стыр фӕлварӕн вӕййы, куы сӕ фӕдомынц, цӕмӕй ард бахӕрой, сӕ паддзахады кӕнӕ тырысайы кад дӕлӕмӕ кӕй не ’руадздзысты, уый тыххӕй. Ахӕм хъуыддӕгтӕн ӕцӕгӕй динон бындур кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ ӕрыгон чырыстӕттӕ фидарӕй аскъуыддзаг кӕнынц Хуыцауы коммӕ кӕсын, ӕмӕ нын тынг ӕхсызгон у сӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй хъусын.

6 Мах ма хъӕбатыр хъуамӕ уӕм, нӕ ныхмӕлӕуджытӕ дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты уылты Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл цъыф куы фӕкалынц кӕнӕ та «закъоны фӕрцы» ӕцӕг чырыстӕтты дин сӕхгӕныныл куы фӕархайынц, уӕд (Псалом 93:20, НД). Зӕгъӕм, нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, газеты, радиойы кӕнӕ та телеуынынадӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй мӕнг куы дзурой? Ууыл бадис кӕндзыстӕм? Нӕ. Мах зонӕм, афтӕ кӕй хъуамӕ уа (Псалом 108:2). Ӕмӕ мах дис дӕр нӕ бакӕнӕм, иуӕй-иутӕ кӕй баууӕндынц, мыхуыры цы ӕнӕраст хабӕрттӕ вӕййы кӕнӕ цы мӕнг ныхӕстӕ фехъусынц, ууыл, уымӕн ӕмӕ «ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды» (Ӕмбисӕндтӕ 14:15). Фӕлӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ не ’ууӕндынц, се ’фсымӕртӕй сын цы дзурынц, ууыл, ӕмӕ уый бар нӕ дӕттынц, цӕмӕй искӕй хахуырты тыххӕй чырыстон фембӕлдтӕй фӕиппӕрд уой, къаддӕр хъусын кӕной кӕнӕ та сӕ уырнындзинад фӕцуда. Уыйхыгъд, уыдон сӕхи «ӕвдисынц... куыд Хуыцауы кусджытӕ... намысы ӕмӕ ӕнӕнамысы, уайдзӕфы ӕмӕ ӕппӕлдтыты: [ныхмӕлӕуджытӕ сӕ] нымайынц сайджытыл, фӕлӕ [ӕцӕгӕй та] раст сты» (2 Коринфӕгтӕм 6:4, 8).

7. Цӕуыл нӕ хъӕуы арф ахъуыды кӕнын?

7 Павел Тимофеймӕ фыста: «Хуыцау нын, ӕвӕдза, нӕ ратта тӕрсыны зӕрдӕ, фӕлӕ хъаруйы... Ай тыххӕй ӕфсӕрмы ма кӕн ӕвдисӕн лӕууын нӕ Хицауӕн» (2 Тимофеймӕ 1:7, 8, НФ; Маркы 8:38). Ацы ныхӕстӕ бакӕсгӕйӕ нӕ бон у ахъуыды кӕнын: мӕ динӕй ӕфсӕрмы кӕнын ӕви йӕ сӕрыл ныфсджынӕй фӕдзурын? Ме ’мкусджытӕн (кӕнӕ ме ’мкъласонтӕн) загътон, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн ӕви уый иннӕтӕй ӕмбӕхсгӕ кӕнын? Иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕнын, уымӕй ӕфсӕрмы кӕнын ӕви сӕрыстыр дӕн, Иегъовӕйы кӕй зонын, уый мӕ иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕны? Исчи хорз хабар хъусын кӕнынӕй куы тӕрса кӕнӕ йӕ динӕй куы ’фсӕрмы кӕна, уӕд хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, Иегъовӕ Йесо Навинӕн цы уынаффӕ радта, уый: «Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у». Макуы дӕ рох кӕнӕд, ӕппӕты ахсджиагдӕр не ’мкусджыты кӕнӕ не ’мкъласонты хъуыды кӕй нӕу, фӕлӕ Иегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти цы хъуыды кӕнынц, уый (Галатӕгтӕм 1:10).

Цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы

8, 9. а) Рагон чырыстӕттӕ цас хъӕбатыр уыдысты, уый иухатт куыд фӕлвӕрдӕуыд? ӕ) Петр ӕмӕ Иоаннмӕ куы бартхъирӕн кодтой, уӕд сӕхи куыд дардтой ӕмӕ дарддӕр хабӕрттӕ куыд цыдысты?

8 Ацы уӕззау рӕстӕджыты нӕ ӕнаиппӕй баззайынӕн цы хъӕбатырдзинад хъӕуы, уый нӕм кӕцӕй уыдзӕн? Цымӕ рагон чырыстӕттӕ цӕй фӕрцы уыдысты хъӕбатыр? Ӕркӕсӕм, Иерусалимы хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Петр ӕмӕ Иоаннӕн куы загътой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал хъусын кӕной, уӕд цы ӕрцыд, уымӕ. Ахуыргӕнинӕгтӕ семӕ не сразы сты, дины разамонджытӕ сӕм бартхъирӕн кодтой, ӕмӕ сӕ стӕй ауагътой. Уыдон се ’фсымӕртӕм ӕрыздӕхтысты ӕмӕ иууылдӕр иумӕ скуывтой: «Хицау [«Иегъовӕ», НД], ӕркӕс сӕ ӕртхъирӕнтӕм ӕмӕ ратт Дӕ цагъартӕн уӕндонӕй дзурын Дӕ ныхас» (Куыстытӕ 4:13—29). Иегъовӕ сын сӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы бафидар кодта ӕмӕ, фӕстӕдӕр иудейаг разамонджытӕ куыд загътой, афтӕмӕй Иерусалим байдзаг кодтой сӕ ахуырадӕй (Куыстытӕ 5:28).

9 Уӕдӕ ахъуыды кӕнӕм уыцы хабӕрттыл. Иудейаг разамонджытӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы бартхъирӕн кодтой, уӕд уыдон сӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ныхмӕлӕуды тыххӕй нӕ ныууагътой. Уый нӕ, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куывтой хъӕбатырдзинады тыххӕй, цӕмӕй сӕ хъуыддаг адарддӕр кодтаиккой. Уый фӕстӕ сӕ куывдмӕ гӕсгӕ архайдтой, ӕмӕ сӕ Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы бафидар кодта. Сӕ цӕвиттонӕй бӕрӕг у, Павел фӕстӕдӕр ӕмӕ, ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон кӕй ис ахӕссӕн, фӕдылзылд чи ӕййафы, уыцы чырыстӕттӕм дӕр. Павел фыста: «Алцыдӕр мӕ бон у бафӕразын, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13, НД).

10. Ӕфсӕрмыгӕнаг чи у, уыдонӕн Иеремийы цӕвиттон куыд ӕххуыс кӕны?

10 Фӕлӕ, адӕймаг ӕфсӕрмыгӕнаг куы уа, уӕд та? Цымӕ ныхмӕлӕудыл куы сӕмбӕла, уӕд дӕр йӕ бон уыдзӕн хъӕбатырӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын? Ӕнӕмӕнгдӕр! Ӕрхъуыды ма кӕн, Иереми цы загъта, Иегъовӕ йӕ пехуымпарӕй куы снысан кодта, уӕд. Уыцы лӕппу загъта: «Ӕз... нырма ӕрыгон дӕн». Бӕрӕг у, йӕхи уыцы куысты аккаг кӕй нӕ кодта. Фӕлӕ йӕ Иегъовӕ бафидар кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Ма дзур „ӕз нырма ӕрыгон дӕн“. Фӕлӕ дӕ кӕмӕдӕриддӕр арвитон, уыдонмӕ хъуамӕ ацӕуай; ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уый хъуамӕ дзурай. Сӕ цӕсгӕмттӕй сын ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон» (Иереми 1:6—10). Иереми хъусын кӕнынмӕ кӕд йӕ ныфс нӕ хаста, уӕддӕр Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ кӕй дардта ӕмӕ йӕ Иегъовӕ кӕй фидар кодта, уый фӕрцы сси диссаджы хъӕбатыр ӕвдисӕн Израилы.

11. Абон чырыстӕттӕн цӕй фӕрцы у сӕ бон, ӕмӕ Иеремийы хуызӕн уой?

11 Сӕрст чырыстӕттӕн дӕр абон ис Иеремийы хӕслӕвӕрды хуызӕн хӕслӕвӕрд, ӕххуыс ма сын кӕнынц «ӕндӕр фыстӕй» «тынг бирӕ адӕм» дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй дарддӕр хъусын кӕнынц Иегъовӕйы фӕндты тыххӕй, кӕд сӕм нӕ хъусынц, худынц сыл ӕмӕ сӕ фӕдыл зилынц, уӕддӕр (Раргомад 7:9; Иоанны 10:16). Уыдонӕн стыр ныфс дӕттынц, Иегъовӕ Иеремийӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Ма тӕрс». Уыдонӕй никуы рох кӕны, уыцы куыст сын Хуыцау кӕй бахӕс кодта ӕмӕ йын йӕ хабар кӕй хъусын кӕнынц (2 Коринфӕгтӕм 2:17).

Хъӕбатырдзинады нын сты фӕзминаг

12. Йесо нын хъӕбатырдзинады фӕзминаг цӕмӕй у ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты куыд бафидар кодта?

12 Иеремийау хъӕбатыр чи уыд, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр хъӕбатыр уӕм (Псалом 76:13). Зӕгъӕм, Йесо куыд лӕггад кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ стыр дисы бафтауы, Сайтаны къахӕн митӕн ӕмӕ ӕнӕсӕттон иудейаг разамонджыты ныхмӕлӕудӕн куыд хъӕбатырӕй фӕлӕууыд, уый (Лукайы 4:1—13; 20:19—47). Иегъовӕ йын хъару кӕй лӕвӕрдта, уый фӕрцы Йесо уыд фидар, ӕмӕ йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Дунейы уын уыдзӕн зындзинад; фӕлӕ хъӕбатыр ут: Ӕз дунейы басастон [«Ӕз фӕуӕлахиз дӕн дунейыл», «Мах дуг» №5, 1992]» (Иоанны 16:33; 17:16). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уыйау куы архайдтаиккой, уӕд уыдон дӕр уыдаиккой уӕлахиздзаутӕ (1 Иоанны 2:6; Раргомад 2:7, 11, 17, 26). Фӕлӕ хъуамӕ хъӕбатыр уыдаиккой.

13. Павел филиппӕгты куыд бафидар кодта?

13 Йесойы мӕлӕтӕй цалдӕр азы куы рацыд, уӕд Павел ӕмӕ Силӕйы Филиппы ахӕстоны бакодтой. Фӕстӕдӕр Павел уыцы сахары ӕмбырд разӕнгард кодта, зӕгъгӕ, «уыцы иу ӕмудӕй... лӕуут ӕмӕ ӕмзӕрдионӕй... тох кӕнут евангелийы уырниады сӕрыл. Ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсут уӕ фыдгултӕй» (НФ). Цӕмӕй сӕ уыцы хъуыддаджы бафидар кодтаид, уый тыххӕй Павел загъта: «[Чырыстӕтты фӕдыл кӕй зилынц], уый у уыдонӕн [фӕдылзилджытӕн] фесӕфты разнысан [«бынысӕфты нысан», НФ], сымахӕн та — ирвӕзындзинады. Ӕмӕ уый Хуыцауӕй у; Уымӕн ӕмӕ сымахӕн лӕвӕрд у Чырыстийы тыххӕй ӕрмӕст Ууыл ӕууӕндын нӕ, фӕлӕ Уый тыххӕй фыдӕбон кӕнын дӕр [«Йӕ сӕрыл бафхӕрд дӕр фӕуын», НФ]» (Филиппӕгтӕм 1:27—29).

14. Павел ныфсджын кӕй уыд, уый ромаг ӕфсымӕртыл куыд фӕзынд?

14 Павел Филиппы сахары ӕмбырдмӕ куы фыста, уӕд та ногӕй уыд ахӕстоны, ацы хатт — Ромы. Фӕлӕ уый ныфсджынӕй хъусын кодта иннӕтӕн. Уый цӕмӕ ӕркодта? Павел ныффыста: «Мӕ хъадамантӕ Чырыстийы тыххӕй зындгонд сты ӕппӕт преторийы ӕмӕ ӕппӕт иннӕтӕн, ӕмӕ Хицауы мидӕг ӕфсымӕрты фылдӕр хай мӕ хъадамантӕй сфидар уӕвгӕйӕ, райдыдтой стылдӕр уӕндондзинадимӕ, ӕдасӕй хъусын кӕнын Хуыцауы дзырд» (Филиппӕгтӕм 1:13, 14).

15. Цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, уый тыххӕй нын чи баххуыс кӕна, ахӕм диссаджы уырнындзинады цӕвиттонтӕ кӕм ис ссарӕн?

15 Павелы цӕвиттон фидар кӕны мах дӕр. Афтӕ ма зӕгъӕн ис, нӕ дуджы цӕрӕг чырыстӕтты тыххӕй дӕр, ӕгъатыр разамонджытӕ кӕнӕ сауджынтӕ кӕм хицауиуӕг кӕнынц, уыцы бӕстӕты фӕдылзылдӕн чи бафӕрӕзта ӕмӕ чи фӕразы, уыдонӕй. Уыцы чырыстӕттӕй бирӕты царды хабӕрттӕ мыхуыр вӕййынц журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы, афтӕ ма «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чингуыты» дӕр (уыр.). Уыцы ӕфсымӕрты царды хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ, хорз уаид нӕ зӕрдыл куы дариккам, уыдон дӕр мах хуызӕн хуымӕтӕг адӕм кӕй уыдысты, фӕлӕ-иу тынг зын уавӕрты куы бахаудтой, уӕд-иу сын Иегъовӕ стыр тых кӕй радта ӕмӕ сӕ бон кӕй сси бафӕразын. Дызӕрдыг кӕнын дӕр нӕ хъӕуы, махӕн дӕр зын сахат афтӕ кӕй баххуыс кӕндзӕн.

Нӕ хъӕбатырдзинад Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕны ӕмӕ йын кад хӕссы

16, 17. Абон нын цы ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм?

16 Ӕцӕгад ӕмӕ рӕстдзинады фарс фидарӕй чи хӕцы, уый ис схонӕн хъӕбатыр. Ноджы хъӕбатырдӕр та уӕд уыдзӕн, ӕмӕ йӕ мидзӕрдӕйы цы тас ис, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ фидар куы уа. О, алы чырыстонӕн дӕр йӕ бон у, ӕмӕ хъӕбатыр уа, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йӕ куы фӕнда Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын, фӕндфидарӕй куы архайа Иегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын, ӕппынӕдзух ыл йӕ ныфс куы дара ӕмӕ йӕ иу уысм дӕр куы нӕ рох кӕна, Иегъовӕ ивгъуыд рӕстӕджыты ӕнӕнымӕц бирӕ адӕмы кӕй бафидар кодта, ӕмӕ уыдон дӕр мах хуызӕн кӕй уыдысты. Уымӕй уӕлдай ма, нӕ хъӕбатырдзинад Иегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕны ӕмӕ йын кад кӕй хӕссы, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд фидарӕй аскъуыддзаг кӕндзыстӕм, кӕй не ’рлӕмӕгъ уыдзыстӕм, уый. Мах Иегъовӕйы зӕрдӕбынӕй кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ хынджылӕг дӕр сфӕраздзыстӕм ӕмӕ ноджы фыддӕр ахаст дӕр (1 Иоанны 2:5; 4:18).

17 Хъуамӕ нӕ ма рох кӕна уый, ӕмӕ нӕ уырнындзинады тыххӕй куы хъизӕмар кӕнӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ цыдӕр ӕвзӕр хъуыддаг сарӕзтам (1 Петры 3:17). Мах хъизӕмар кӕнӕм, Иегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, хорздзинад кӕй кӕнӕм ӕмӕ ацы дунейӕ кӕй не стӕм, уый тыххӕй. Уый фӕдыл апостол Петр загъта: «Фӕлӕ хорз ракӕнды тыххӕй куы хъизӕмар кӕнат, ӕмӕ куы быхсат, уӕд уый у Хуыцауӕн ӕхцон». Петр ма загъта: «Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕфхӕрды чи бахауа, ахӕмтӕ хъуамӕ сӕ удтӕ Уый бӕрны,— сӕ иузӕрдыг сфӕлдисӕджы бӕрны,— бакӕной, хорздзинад кӕнгӕйӕ» (1 Петры 2:20, НФ; 4:19, НФ). О, нӕ уырнындзинад нӕ уарзӕгой Хуыцау Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕны ӕмӕ йын кад хӕссы. Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ уӕм хъӕбатыр!

Хицӕуттимӕ ныхасгӕнгӕйӕ

18, 19. Тӕрхонгӕнӕджы раз нӕхи хъӕбатырӕй куы равдисӕм, уӕд ын, ӕцӕгӕй, цы фехъусын кӕнӕм?

18 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты куы бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, уӕ фӕдыл зилдзысты, уӕд ма сын ноджы загъта: «[Адӕм] уӕ... дӕтдзысты тӕрхондӕттӕм, ӕмӕ уӕ сӕ ныхӕсты нӕмдзысты. Ӕмӕ уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм Мӕн тыххӕй, цӕмӕй уыдон ӕмӕ муртаттыты раз ӕвдисӕн лӕууат» (Матфейы 10:17, 18, НФ). Тӕрхонгӕнӕг кӕнӕ нӕ хицауады кусӕджы раз рӕстӕй куы аххосджын кӕной, уӕд цӕмӕй дзуапп раттӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хъӕбатырдзинад. Фӕлӕ уавӕр цыфӕнды уӕззау дӕр куы уа, уӕддӕр ныфсджынӕй ӕвдисӕнад куы дӕттӕм, уӕд нӕ къухы бафтдзӕн ахсджиаг хъуыддаг. Ӕцӕгӕй та, махыл чи тӕрхон кӕны, уыдонӕн хъусын кӕнӕм Иегъовӕйы ныхӕстӕ, фыст сты 2-аг Псалмы: «Афтӕ, бамбарут, паддзӕхтӕ; сахуыр ут [«уӕхи сраст кӕнут», НД], зӕххы тӕрхонгӕнджытӕ! Хицауӕн кусут тасдзинадимӕ» (Псалом 2:10, 11). Арӕх тӕрхондӕтты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты рӕстӕй куы фефхӕрынц, уӕд тӕрхонгӕнджытӕ фӕтох кӕнынц, цӕмӕй адӕймагӕн бар уа сӕрибарӕй кувынӕн ӕмӕ сӕ мах уый тыххӕй бузныг стӕм. Фӕлӕ иуӕй-иу тӕрхонгӕнджытӕ нӕ ныхмӕлӕуджыты зондыл ацӕуынц. Уыдонӕн Библи дзуры: «Уӕхи сраст кӕнут».

19 Тӕрхонгӕнджытӕ хъуамӕ зоной, ӕппӕты сӕйрагдӕр закъон Иегъовӕ Хуыцауы закъон кӕй у. Уыдон хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, уыдонимӕ тӕрхонгӕнджытӕ дӕр, кӕй дӕттынц дзуапп Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы раз (Ромӕгтӕм 14:10). Уымӕ гӕсгӕ зӕххон тӕрхонгӕнджытӕ раст уынаффӕ рахӕссой ӕви нӕ, мах уӕддӕр хъуамӕ уӕм хъӕбатыр ӕмӕ фидар, уымӕн ӕмӕ не ’ххуысгӕнӕг Иегъовӕ у. Библи дзуры: «Тӕхудиаг сты Уымӕй ныфсджынтӕ» (Псалом 2:12, МГТ).

20. Цӕмӕн у нӕ бон цин кӕнын, нӕ фӕдыл куы зилой ӕмӕ нӕ хахуыр ныхӕстӕ куы кӕной, уӕд?

20 Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды загъта: «Тӕхудиаг стут сымах, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ сурой, ӕмӕ ӕнаххосӕй уӕ фыдкой куы кӕной Мӕн тыххӕй; цин кӕнут ӕмӕ хъӕлдзӕг ут, уымӕн ӕмӕ стыр у уӕ лӕвар уӕлӕрвты: афтӕ сырдтой пехуымпарты дӕр сымах разӕй уӕвджыты» (Матфейы 5:11, 12). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕдылзылды хорзӕй ницы ис, фӕлӕ фӕдылзылд ӕййафгӕйӕ дӕр фидар куы лӕууӕм, суанг ма дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты хахуыр ныхӕстӕ дӕр куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд нӕ бон у цин кӕнын. Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, ӕмӕ нӕ йӕ хорзӕх уыдзӕн. Хъӕбатыр куы уӕм, уӕд уымӕй бӕлвырд кӕндзыстӕм, ӕцӕг уырнындзинад нӕм кӕй ис, ӕмӕ нӕ уый руаджы фидарӕй уырндзӕн, Иегъовӕ нӕм хорз зӕрдӕ кӕй дары. Ноджы ма уый ӕвдисдзӕн, Иегъовӕйыл кӕронмӕ кӕй ӕууӕндӕм, ныфсджын дзы кӕй стӕм. Чырыстоны Хуыцауыл ӕнӕмӕнгдӕр афтӕ кӕй хъӕуы ӕууӕндын, уый та фендзыстӕм иннӕ статьяйы.

Цы базыдтай?

• Абон нӕ цавӕр уавӕрты бахъӕуы хъӕбатырдзинад?

• Цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

• Хъӕбатырдзинады нын фӕзминаг чи у?

• Цӕмӕн нӕ фӕнды, ӕмӕ хъӕбатыр уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 20 фарсыл]

Мах хорз хабарӕй не ’фсӕрмы кӕнӕм.

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Симон Арнольд (ныр Либстер) Германы, Уиддас Мадонӕ Малавийы, Лидия ӕмӕ Алексей Курдас Украинӕйы. Уыдон сӕхи хъӕбатырӕй равдыстой ӕмӕ Фыдбылызы ныхмӕ фӕлӕууыдысты.

[Ныв 22 фарсыл]

Тӕрхонгӕнӕгӕн нӕ цӕстӕнгас Библимӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй куы ӕмбарын кӕнӕм, уӕд ын хъусын кӕнӕм ахсджиаг хабар.

[Ныв 23 фарсыл]

Павел ахӕстоны хъӕбатыр кӕй уыд, уый хорз хабар парахат кӕнынӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕахъаз.