«Цы мӕ хъуыд, уый ссардтон»
«Цы мӕ хъуыд, уый ссардтон»
ӔНӔНИЗДЗИНАД хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ӕнӕхъӕн дунейы депрессийӕ рынчын сты 120 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Алы аз дӕр иу милуан адӕймаджы йӕхи амары ӕмӕ 10—20 милуанмӕ ӕввахс адӕймаджы та фӕхъавынц сӕхи амарын. Депрессийӕ чи хъизӕмар кӕны, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн? Медицинон ӕххуыс, гӕнӕн ис, рис фӕрогдӕр кӕна, фӕлӕ ма ахсджиаг у адӕймаджы ныхасӕй бафидар кӕнын дӕр. Уымӕй уӕлдай ма, афтӕ зӕрдӕсаст чи у, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕххуыс ссардтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты библион литературӕйы, ӕмӕ уый бӕрӕг у Францӕй ӕрвыст фыстӕгӕй.
«Ӕрӕджы дӕр ма не ’мбӕрстон, цӕмӕн цӕрын, уый. Хуыцауӕй куырдтон мӕлӕт. Цыма мӕ зӕрдӕ мӕ мидӕг амард, мӕхи афтӕ хатыдтӕн. Разамынд агургӕйӕ, Иегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куывтон. Бафӕндыд ма мӕ бакӕсын „Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг“ 2002 азӕн ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ фӕдӕн каст. Уый мӕ стыр ныфс бауагъта ӕмӕ мын мӕ уырнындзинад бафидар кодта.
„Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ы ӕмӕ „Райхъал ут!“-ы журналтӕй иуӕй-иу статьятӕм лӕмбынӕг ӕркастӕн ӕмӕ мӕ дисы бафтыдтой! Ацы журналтӕ 15 азӕй фылдӕр иудадзыг кӕсын, фӕлӕ никуы фӕхатыдтӕн, сӕ статьятӕ цас тых дӕттынц ӕмӕ куыд тынг цымыдисаг сты. Сӕ алы ныхасы дӕр зыны уарзондзинад — абон тынг стӕм чи у, уыцы миниуӕг. Цы мӕ хъуыд, уый ссардтон».
Библи дзуры: «Иегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ ӕмӕ ирвӕзын кӕны, ныфссаст чи у, уыдоны» (Псалом 34:18, НД [33:19]). Дзырд дӕр ыл нӕй, зӕрдӕсаст ӕмӕ ӕрхӕндӕг чи у, уыдон иууылдӕр Библийы ссардзысты ӕххуыс ӕмӕ ныфс фидӕнӕн. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ парахат кӕнынц Библийы бындурыл уагъд литературӕ, цӕмӕй ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдон сӕхиуыл банкъарой, Хуыцау цы удӕнцой дӕтты, уый.