Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕмӕн хъӕуы Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнын?

Цӕмӕн хъӕуы Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнын?

Цӕмӕн хъӕуы Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнын?

«Ӕз Хицауӕн Йӕхицӕй райстон уый, кӕцы сымахӕн дӕр раттон» (1 КОРИНФӔГТӔМ 11:23).

1, 2. Н. э. 33 азы Йесо Куадзӕны изӕр цы сарӕзта?

УЫМ уыд Иегъовӕйы иунӕггуырд Фырт. Уыдысты ма дзы, «фыдӕбӕтты рӕстӕг» йемӕ чи уыд, уыцы иуӕндӕс лӕджы дӕр (Лукайы 22:28). Уый уыд н. э. 33 азы, 31 мартъийы, цыппӕрӕмы, изӕрӕй. Ӕвӕццӕгӕн, цалхыдзаг мӕй Иерусалимы сӕрмӕ арвыл ленк кодта. Йесо Чырысти йӕ апостолтимӕ Куадзӕн нырма гыццыл раздӕр скодта. Мӕнгард Искариотаг Иудӕйы рарвыстӕуыд, фӕлӕ иннӕтӕ хъуамӕ баззадаиккой. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесойы фӕндыд иу ахсджиаг хъуыддаг бакӕнын. Цавӕр?

2 Матфей, Евангели фыссӕг, уым уыд, ӕмӕ йын ныхасы бар раттӕм. Уый фыссы: «Йесо систа дзул ӕмӕ арфӕ ракодта, ӕмӕ йӕ асаста, ӕмӕ йӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕтгӕйӕ загъта: айсут, ӕмӕ хӕрут; ай у Мӕ Буар. Ӕмӕ райста нуазӕн, ӕмӕ бузныг зӕгъгӕйӕ, радта уыдонӕн, ӕмӕ сын загъта: нуазут амӕй уӕ ӕппӕт; цӕмӕйдӕриддӕр ай у Мӕ ног фӕдзӕхсты [«бадзырды», НД] Туг, бирӕтӕн сӕ тӕригъӕдты ныппарыны тыххӕй калд кӕцы ӕрцӕудзӕн» (Матфейы 26:26—28, НФ). Цымӕ уыцы хабар хъуамӕ ӕрмӕстдӕр иу хатт ӕрцыдаид? Цы ахадындзинад ын уыд? Ӕмӕ йын абон дӕр исты ахадындзинад ис?

«Уый кӕнут»

3. Н. э. 33 азы 14 нисаны, изӕрӕй, Йесо цы сарӕзта, уымӕн стыр ахадындзинад цӕмӕн уыд?

3 Н. э. 33 азы 14 нисаны, изӕрӕй, Йесо Чырысти цы сарӕзта, уый йӕ царды цыдӕр хуымӕтӕджы хъуыддаг нӕ уыд. Апостол Павел уый тыххӕй 20 азы фӕстӕ фыста Коринфы цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕм,— уӕд дӕр ма бӕрӕг кодтой уыцы бӕрӕгбон. Кӕд Павел н. э. 33 азы Йесо ӕмӕ йӕ 11 апостолимӕ нӕ уыд, уӕддӕр, уыцы изӕр цы ’рцыд, уыдӕттӕ фехъуыстаид апостолтӕй искӕмӕй. Уыйхыгъд ма, уыцы хабӕрттӕ Павел, ӕвӕццӕгӕн, бӕлвырд базыдта цӕстылуайӕнӕй. Мӕнӕ цы фыста: «Ӕз Хицауӕн Йӕхицӕй райстон уый, кӕцы сымахӕн дӕр раттон, Хицау Йесо уыцы ӕхсӕв, кӕцыйы лӕвӕрд уыд, райста дзул ӕмӕ арфӕ ракӕнгӕйӕ ӕрсаста ӕмӕ загъта: „райсут, хӕрут, уый у Мӕ Буар, сымах тыххӕй саст чи цӕуы; уый кӕнут Мӕн ӕрымысынӕн“. Афтӕ нуазӕн дӕр ӕхсӕвӕры фӕстӕ, ӕмӕ загъта: „ацы нуазӕн у ног фӕдзӕхст [«бадзырд», НФ] Мӕн Туджы мидӕг; уый кӕнут ӕрмӕст [«алы хатт», НД] куы нуазат Мӕн ӕрымысынӕн“» (1 Коринфӕгтӕм 11:23—25).

4. Чырыстӕтты Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

4 Лука дӕр йӕ Евангелийы ныффыста Йесойы амынд: «Уый кӕнут Мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лукайы 22:19). Ацы бӕрӕгбон хонынц Чырыстийы мӕлӕт ӕрымысӕн изӕр. Павел та йӕ схуыдта Хицауы ӕхсӕвӕр. Ӕмӕ йыл ацы ном бӕгуыдӕр фидауы, уымӕн ӕмӕ йын бындур ӕвӕрд ӕрцыд изӕрӕй (1 Коринфӕгтӕм 11:20, НД). Чырыстӕттӕн амынд уыд Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнын. Фӕлӕ уыцы бӕрӕгбонӕн бындур ӕвӕрд цӕмӕн ӕрцыд?

Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур ӕвӕрд цӕмӕн ӕрцыд

5, 6. а) Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур, иуӕй, цӕмӕн ӕрӕвӕрдта? ӕ) Хицауы ӕхсӕвӕрӕн ма бындур ӕвӕрд цӕй тыххӕй ӕрцыд?

5 Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур ӕвӕрд цӕмӕн ӕрцыд, уый, иуӕй, баст у, Йесойы амӕлын цӕмӕн хъуыд, уыцы нысӕнттӕй иуимӕ. Куы мард, уӕд дӕр равдыста, йӕ уӕларвон Фыды фарс кӕй у. Афтӕмӕй Чырысти сбӕлвырд кодта, Сайтан Хӕйрӕг фӕлитой кӕй у, уымӕн ӕмӕ уый дзырдта, зӕгъгӕ, адӕм Хуыцаумӕ цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, ӕмӕ йын уый тыххӕй лӕггад кӕнынц (Иов 2:1—5). Йесо кӕронмӕ иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй равдыста, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, ӕмӕ афтӕмӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ дӕр барухс кодта (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

6 Хицауы ӕхсӕвӕрӕн ма бындур уымӕн ӕвӕрд ӕрцыд, ӕмӕ Йесо — ӕххӕст, ӕнӕтӕригъӕд адӕймаг — «Йӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй» кӕй радта, уый цӕмӕй ма рох кӕнӕм (Матфейы 20:28). Фыццаг адӕймаг тӕригъӕд кӕй ракодта, уый тыххӕй ӕнӕхай фӕци ӕххӕст цардӕй дӕр ӕмӕ йӕм уый фӕрцы цы бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕй дӕр. Фӕлӕ Йесо загъта: «Афтӕ бауарзта Хуыцау дуне, ӕмӕ ратта Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй алкӕцы, Ууыл ӕууӕндӕг, ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард» (Иоанны 3:16). О, «мӕлӕт у мызд тӕригъӕды тыххӕй, Хуыцауы лӕвар та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ромӕгтӕм 6:23, НФ). Хицауы ӕхсӕвӕр нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, Иегъовӕ ӕмӕ нӕ йӕ Фырт куыд тынг уарзынц, уый, ӕмӕ уый бӕрӕг у, Йесо мах тыххӕй кӕй амард, уымӕй. Афтӕ тынг нӕ кӕй уарзынц, уый тыххӕй сӕ куыд бузныг хъуамӕ уӕм!

Кӕд ӕй хъӕуы бӕрӕг кӕнын?

7. Ӕрымысӕн изӕры сӕрст чырыстӕттӕ «алы хатт» нысӕнттӕй кӕй саходынц, уый куыд ӕмбаргӕ у?

7 Хицауы ӕхсӕвӕры тыххӕй Павел загъта: «Алы хатт, сымах куы хӕрут ацы дзул ӕмӕ нуазут ацы нуазӕн, Хицауы мӕлӕт хъусын кӕнут, цалынмӕ Уый ӕрцӕуа» (1 Коринфӕгтӕм 11:26). Сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ цалынмӕ удӕгас уой, уӕдмӕ Ӕрымысӕн изӕры аходдзысты нысӕнттӕй. Афтӕмӕй уыдон азӕй-азмӕ Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ ӕгас дунейӕн ӕвдисдзысты, Хуыцау Йесойы нывондӕн кӕй радта, ууыл кӕй ӕууӕндынц.

8. Кӕдмӕ бӕрӕг кӕндзысты сӕрст чырыстӕттӕ Хицауы ӕхсӕвӕр?

8 Кӕдмӕ бӕрӕг кӕндзысты сӕрст чырыстӕттӕ Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр? «Цалынмӕ Уый ӕрцӕуа»,— загъта Павел. Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы бон бӕрӕг кӕндзысты, цалынмӕ Йесо не ’рцӕуа ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты уӕлӕрвтӕм нӕ акӕна, уӕдмӕ (ома, «зӕххыл адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа», уӕд сӕ ӕгас кӕндзӕн) (1 Фессалоникӕгтӕм 4:14—17, НД). Йесо йӕ иуӕндӕс иузӕрдион апостолӕн дӕр ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Куы ацӕуон ӕмӕ [куы] ӕрцӕттӕ кӕнон бынат сымахӕн, [уӕд] ӕрцӕудзынӕн ногӕй ӕмӕ акӕндзынӕн сымах Мӕхимӕ, цӕмӕй сымах дӕр, Ӕз кӕм дӕн, уым уат» (Иоанны 14:3).

9. Йесо Маркы 14:25 цы загъта, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

9 Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд йӕ къухмӕ райста сӕны нуазӕн ӕмӕ йӕ иузӕрдион апостолтӕн загъта: «Ӕз цалынмӕ Хуыцауы Паддзахады ног сӕн баназон, уӕдмӕ нал баназдзынӕн сӕнӕфсиры дыргъты донӕй» (Маркы 14:25, МСЕ). Йесо, ӕвӕццӕгӕн, сӕн нуазыны кой нӕ кодта,— уӕлӕрвты сӕн кӕцӕй нуӕзтаид,— фӕлӕ цы хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ цин ӕвдисы, уый тыххӕй (Псалом 103:15; Екклесиаст 10:19). Йесо ӕмӕ йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ уӕларвон Паддзахады иумӕ куы уой, уӕд сын уый ӕцӕгдӕр уыдзӕн стыр цины хабар, ӕмӕ йӕм уыдон зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц (Ромӕгтӕм 8:23; 2 Коринфӕгтӕм 5:2).

10. Куыд арӕх бӕрӕг кӕнын хъӕуы Ӕрымысӕн изӕр?

10 Йесойы мӕлӕнбон алы мӕй дӕр, алы къуыри дӕр науӕд алы бон дӕр хъӕуы бӕрӕг кӕнын? Нӕ. Йесо Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур сӕвӕрдта Куадзӕны бон, стӕй йӕ маргӕ дӕр уыцы бон акодтой. Куадзӕн та дзуттытӕн уыд, н. э. агъоммӕ 1513 азы Египеты цагъарадӕй кӕй ссӕрибар сты, уый «мысӕн бон» (Рацыд 12:14). Куадзӕн-иу бӕрӕг кодтой афӕдз иу хатт, дзуттыты къӕлиндармӕ гӕсгӕ 14-ӕм нисаны (Рацыд 12:1—6; Левит 23:5). Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесойы мӕлӕнбон алы мӕй дӕр, алы къуыри дӕр кӕнӕ алы бон дӕр бӕрӕг кӕнын нӕ хъӕуы, фӕлӕ афӕдз иу хатт, уымӕн ӕмӕ Куадзӕн афӕдз иу хатт кодтой.

11, 12. Историмӕ гӕсгӕ рагзаманты Ӕрымысӕн изӕр куыд бӕрӕг кодтой?

11 Уӕдӕ бӕлвырд у, Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын кӕй хъӕуы афӕдз иу хатт — 14 нисаны. Уый фӕдыл иу чиныджы дзырдӕуы: «Къаннӕг Азийы чырыстӕттӕ алы аз дӕр 14 нисаны пасхӕ [Хицауы ӕхсӕвӕр] кӕй бӕрӕг кодтой, уый тыххӕй сӕ схуыдтой квартодецимантӕ [«цыппӕрдӕсонтӕ»]... Уыцы бон-иу куы майрӕмбонмӕ ӕрхаудта, куы та ӕндӕр бонмӕ» («The New Schaff-Herzog Encyclopedia of Religious Knowledge», IV том, 44 фарс).

12 Историк Джон Лоренс фон Мосхайм фыссы н. э. II ӕнусы цӕрӕг квартодециманты ӕгъдауы тыххӕй, зӕгъгӕ, уыдон 14 нисаны Ӕрымысӕн изӕр уымӕн бӕрӕг кодтой, ӕмӕ «сын Чырыстийы дӕнцӕг уыд закъон». Ӕндӕр историк та афтӕ дзуры: «Азийы квартодециманты аргъуантӕ цы ӕгъдауыл хӕст уыдысты, ахӕм ӕгъдау уыд Иерусалимы аргъуаны дӕр. II ӕнусы ацы аргъуантӕ Пасхӕйы бон, 14 нисаны, мысыдысты, Чырысти йӕ мӕлӕтӕй ахӕстаргъ кӕй бафыста, уый» («Studia Patristica», V том, 1962, 8 фарс).

Дзул цы нысан кӕны

13. Йесо Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд цавӕр дзул райста?

13 Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд «райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ, радта сӕм ӕй [апостолтӕм]» (Маркы 14:22, МСЕ). Йесо цы дзул райста, уый уыд, гыццыл раздӕр Куадзӕны йӕ апостолтимӕ цы дзул хордта, ахӕм (Рацыд 13:6—10). Уыцы дзул донгонд кӕй уыд, тъӕпӕн ӕмӕ-иу хъӕбӕр дӕр уый тыххӕй рауад. Хъуыди-иу ӕй къухӕй сӕттын. Йесо тынг бирӕ адӕмы бафсадынӕн диссаг куы сарӕзта ӕмӕ дзул куы сбирӕ кодта, уӕд уый дӕр уыд хус ӕмӕ хъӕбӕр: Йесо йӕ къухӕй ӕрсаста ӕмӕ йӕ адӕмыл айуарын кодта (Матфейы 14:19; 15:36). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры дзул сӕтгӕ кӕй ӕркӕнынц, уый дины кӕнонтӕм ницы бар дары.

14. а) Ӕрымысӕн изӕрмӕ дзул ӕнӕ ӕнхъизӕнӕй цӕмӕн скӕнынц? ӕ) Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ цавӕр дзул ис балхӕнӕн кӕнӕ скӕнӕн?

14 Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур ӕвӕргӕйӕ, Йесо цы дзул райста, уый тыххӕй загъта: «Уый у Мӕ Буар, сымах тыххӕй саст чи цӕуы» (1 Коринфӕгтӕм 11:24; Маркы 14:22). Уыцы дзул ӕнӕ ӕнхъизӕнӕй конд кӕй уыд, уый хуымӕтӕджы нӕ уыд. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ ӕнхъизӕн нысан кӕны сахъатдзинад, фыддзинад кӕнӕ тӕригъӕд (1 Коринфӕгтӕм 5:6—8). Дзул та ӕвдыста Йесойы ӕххӕст, ӕнӕтӕригъӕд буар, ӕлхӕнӕг нывондӕн ӕппӕты хуыздӕр чи уыд, уый (Дзуттытӕм 7:26; 10:5—10). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы хъуыддаг хорз зонынц, ӕмӕ сын Йесо цы дӕнцӕг ныууагъта, уымӕ гӕсгӕ сӕм Ӕрымысӕн изӕры вӕййы донгонд дзул. Кӕнӕ ма хатт уыцы бӕрӕгбонмӕ ӕрбахӕссынц дзуттаг маццӕ дӕр, хъӕдындз, ӕйчытӕ кӕнӕ ӕндӕр исты конд кӕуыл нӕ вӕййы, ахӕм донгӕндтӕ. Науӕд та донгӕндтӕ скӕнӕн ис иу гыццыл нуарджын ссадыл (хуыздӕр уаид мӕнӕуы ссадыл) дон акӕнгӕйӕ. Хыссӕ хъӕуы дзӕбӕх атъӕпӕн кӕнын, тӕнӕг куыд уа, ӕмӕ йӕ иу гыццыл зетийӕ сӕрст тебӕйы сфыцын, хус ӕмӕ хъӕбӕргомау куыд уа.

Сӕн цы нысан кӕны

15. Чырысти йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд йӕ нуазӕны цы уыд?

15 Йесо донгонд дзул куы алӕвӕрдта, уӕд уый фӕстӕ систа нуазӕн, «арфӕгӕнгӕйӕ, радта уыдонӕн [апостолтӕн]: ӕмӕ дзы банызтой се ’ппӕт дӕр». Йесо бамбарын кодта: «Ай у Мӕ ног фӕдзӕхсты Туг, бирӕты тыххӕй калд чи уыдзӕн, уый» (Маркы 14:23, 24, НФ). Цымӕ нуазӕны цы уыд? Сӕнӕфсиры дон нӕ, фӕлӕ сӕн. Библи сӕны кой куы фӕкӕны, уӕд сӕнӕфсиры донмӕ нӕ фӕамоны. Дзырдӕн зӕгъӕм: Йесо куыд загъта, афтӕмӕй «зӕронд лалымты» сӕнӕфсиры дон нӕ, фӕлӕ ног, ӕнхъизгӕ ма чи фӕкӕны, ахӕм сӕн куы ныккӕнай, уӕд ӕй арӕдувдзӕн. Уыйхыгъд ма Йесо сӕн нӕ, фӕлӕ сӕнӕфсиры дон куы нуӕзтаид, уӕд дзы йе знӕгтӕ куыд дзырдтаиккой, зӕгъгӕ, «сӕн нуазын уарзы»?! Уӕд сӕ ныхӕстӕн бындур нӕ уыдаид (Матфейы 9:17; 11:19). Куадзӕны бон-иу нуӕзтой сӕн. Чырысти дӕр йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр куы кодта, уӕд йӕ къухмӕ райста сӕны нуазӕн.

16, 17. Ӕрымысӕн изӕрӕн цавӕр сӕн бӕззы ӕмӕ цӕмӕн?

16 Нуазӕны цы уыд, уый ӕвдыста Йесойы туг,— адӕмы тыххӕй кӕй ныккалдта,— ӕмӕ уый равдисынӕн бӕззы ӕрмӕстдӕр сырх сӕн. Уый йӕхӕдӕг загъта: «Ай у Мӕ ног фӕдзӕхсты Туг, бирӕты тыххӕй калд чи уыдзӕн, уый». Апостол Петр та фыста: ««Зонгӕйӕ, ӕмбийгӕ ӕвзист кӕнӕ сызгъӕринӕй ӕлхӕд кӕй не стут сымах [сӕрст чырыстӕттӕ], уӕ фыдӕлтӕй лӕвӕрд тыхст цардӕй, фӕлӕ Чырыстийы зынаргъ Тугӕй, куыд ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг уӕрыккӕй» (1 Петры 1:18, 19).

17 Уӕдӕ Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ нуазӕны уыд сӕн. Абон цы сырх сӕнтӕ кӕнынц, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ бӕззынц, уымӕн ӕмӕ сӕ спъиртт ӕмӕ коньяккимӕ хӕццӕ кӕнынц кӕнӕ сыл кӕрдӕджытӕ ӕмӕ хъацӕнтӕ ныккӕнынц. Йесойы туг уый аргъ уыд, ӕмӕ дзы ахӕстаргъ бафыстаид, ӕмӕ йӕ хӕццӕ кӕнын ницӕимӕ хъуыд. Уӕдӕ ахӕм сӕнтӕ, куыд портвейн, херес ӕмӕ вермут нӕ бӕззынц. Ӕрымысӕн изӕры нуазӕнты хъуамӕ конд уа сыгъдӕг сырх сӕн (ӕнӕ сӕкӕр ӕмӕ ӕнӕ спъирттӕй). Хорз ма у хӕдзарон сыгъдӕг сырх сӕн дӕр (ӕнӕ сӕкӕрӕй) кӕнӕ сырх бургундаг ӕмӕ бордо.

18. Ӕрымысӕн изӕры Йесо дзул ӕмӕ сӕн буар ӕмӕ туг цӕуылнӕ фестын кодта?

18 Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур ӕвӕргӕйӕ диссӕгтӕ нӕ арӕзта: дзул йӕ буар нӕ фестын кодта, сӕн та — йӕ туг. Адӕймаджы фыд хӕрын ӕмӕ туг нуазын Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ у стыр ӕбуалгъ хъуыддаг (Уӕвынад 9:3, 4; Левит 17:10). Стӕй уыцы ’хсӕв Йесойы буарыл нырма ницы ӕрцыд ӕмӕ йӕ туг дӕр нӕма ныккалд. Дзуттыты къӕлиндармӕ гӕсгӕ йӕ буар — ӕппӕты хуыздӕр нывондаг — нывондӕн хаст ӕрцыд ӕмӕ йӕ туг ныккалд уыцы бон, 14 нисаны, фӕссихор. Уӕдӕ бӕлвырд у: Ӕрымысӕн изӕры цы дзул ӕмӕ цы сӕн вӕййы, уыдон сты нысӕнттӕ, ӕмӕ ӕвдисынц Чырыстийы буар ӕмӕ туг *.

Ӕрымысӕн изӕр — иумӕйаг фынг

19. Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнынӕн цалдӕр тӕбӕгъ ӕмӕ агуывзӕйы цӕмӕн бахъӕуы?

19 Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур ӕвӕргӕйӕ йӕ иузӕрдион апостолтӕм алӕвӕрдта иу нуазӕн, цӕмӕй дзы сахуыстаиккой. Матфейы Евангелийы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Йесо «райста нуазӕн, ӕмӕ бузныг зӕгъгӕйӕ, радта [йӕ] уыдонӕн, ӕмӕ сын загъта: нуазут амӕй уӕ ӕппӕт» (Матфейы 26:27, НФ). Сӕнӕй ӕрмӕстдӕр иуӕндӕс лӕджы кӕй сахуыстой,— уыдон та, ӕвӕццӕгӕн, иу фынгыл бадтысты ӕмӕ сын зын нӕ уыд нуазӕн иуӕй иннӕмӕ адӕттын,— уымӕ гӕсгӕ сын иу нуазӕн дӕр фаг уыд. Ацы аз ӕгас дунейы дӕр милуантӕ ӕрбацӕудзысты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты 94 мин ӕмбырдӕй фылдӕрмӕ Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнынмӕ. Уыйбӕрц адӕмӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу нуазӕн не сфаг уыдзӕн. Фӕлӕ стыр ӕмбырдты цалдӕр нуазӕны куы ’рцӕттӕ кӕной, цӕмӕй сӕ дӕттыныл бирӕ рӕстӕг ма ацӕуа, уӕддӕр алы нуазӕны дӕр цы сӕн уа, уый ӕвдисдзӕн Чырыстийы туг. Афтӕ донгӕндтӕ дӕр сӕвӕрӕн ис цалдӕр тӕбӕгъы. Фыстады никуы ис фыст, зӕгъгӕ, нуазӕнтӕ кӕнӕ агуывзӕтӕ хъуамӕ уой ахӕм ӕмӕ ахӕм. Фӕлӕ агуывзӕтӕ дӕр ӕмӕ тӕбӕгътӕ дӕр хъуамӕ уой нывыл. Агуывзӕтӕ тынг дзаг кӕнын нӕ хъӕуы, науӕд сӕ кӕрӕдзимӕ куы дӕттой, уӕд сӕн акӕлдзӕн.

20, 21. Ӕрымысӕн изӕр иумӕйаг фынг схонӕн цӕмӕн ис?

20 Ӕрымысӕн изӕры кӕд донгӕндтӕ цалдӕр тӕбӕгъы вӕййынц, сӕн та цалдӕр агуывзӕйы, уӕддӕр у иумӕйаг фынг. Рагон Израилы-иу адӕймагӕн йӕ бон уыд иумӕйаг фынг ӕрӕвӕрын, Хуыцауы кувӕндонмӕ йӕ кусӕрттаг ӕрбакӕнгӕйӕ. Уым-иу ӕй аргӕвстой. Кусӕрттагӕй-иу иу хай нывондхӕссӕныл басыгътой, радтой-иу дзы, чи-иу ӕй бакой кодта, уыцы сауджынӕн ӕмӕ иннӕ сауджынтӕн Аароны фырттӕй, ӕмӕ-иу афтӕ рауади, цыма-иу ӕй иууылдӕр иумӕ хордтой (Левит 3:1—16; 7:28—36). Ӕрымысӕн изӕр дӕр иумӕйаг фынг у, уымӕн ӕмӕ йӕм чи ӕрбацӕуы, уыдоны иумӕйаг хъуыддаг иу кӕны.

21 Уыцы иумӕйаг фынджы хистӕр у Иегъовӕ. Йесо у нывонд, сӕрст чырыстӕттӕ та сты, сӕн ӕмӕ дзулӕй чи фӕаходы, уыдон. Нысӕнттӕй чи саходы, уыдон Иегъовӕйы фынгӕй кӕй хӕрынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ се ’хсӕн ис фарн. Павел дӕр уый фӕдыл фыста: «Арфӕдзинады нуазӕн, кӕцыйыл арфӕ кӕнӕм, нӕу Чырыстийы Туджы ӕрбаиудзинад? Дзул, кӕцыйы ӕрсӕттӕм, нӕу Чырыстийы Буары ӕрбаиудзинад? Иу дзул ӕмӕ мах бирӕтӕ иу буар; уымӕн ӕмӕ иуылдӕр саходӕм иу дзулӕй» (1 Коринфӕгтӕм 10:16, 17).

22. Цавӕр фӕрстытӕ нӕ хъӕуы равзарын Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл?

22 Хицауы ӕхсӕвӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн у иунӕг стырбон. Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Уый кӕнут Мӕн ӕрымысынӕн». Ӕрымысӕн изӕры мах ӕрымысӕм Йесойы мӕлӕт. Уыцы мӕлӕтӕй равдыста, Иегъовӕйы фарс кӕй у, уый. Куыд базыдтам, афтӕмӕй уыцы иумӕйаг фынгыл цы дзул вӕййы, уый ӕвдисы Чырыстийы буар — нывондӕн хаст чи ӕрцыд. Сӕн та ӕвдисы йӕ туг — адӕмы тыххӕй кӕй ныккалдта. Фӕлӕ дзул ӕмӕ сӕнӕй бирӕтӕ нӕ саходынц. Цымӕ цӕуылнӕ? Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй чи нӕ саходы, уыцы милуанты царды йын исты ахадындзинад ис? Дӕуӕн та Хицауы ӕхсӕвӕр цӕуыл дзурӕг у?

[Фиппаинаг]

^ 18 абз. Кӕс «Фыстады ӕмбарынад»-ы, 2 томы, 271 фарс (англ.); мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йесо Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур цӕмӕн ӕрӕвӕрдта?

• Куыд арӕх хъӕуы Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын?

• Ӕрымысӕн изӕры цы донгонд дзул вӕййы, уый цы нысан кӕны?

• Ӕрымысӕн изӕры цы сӕн вӕййы, уый цы ’вдисы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 11 фарсыл]

Йесо бындур ӕрӕвӕрдта Хицауы ӕхсӕвӕрӕн.