Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕйраг тӕрхондон раст дины фарс рахӕцыд «Арараты зӕххыл»

Сӕйраг тӕрхондон раст дины фарс рахӕцыд «Арараты зӕххыл»

Сӕйраг тӕрхондон раст дины фарс рахӕцыд «Арараты зӕххыл»

Урссӕр сомихаг нӕлгоймаг, ӕртӕ сывӕллоны фыд, лӕууы йӕ бӕстӕйы сӕйраг тӕрхондоны раз. Йӕ сӕрибардзинад ӕмӕ ма йе ’муырнджытӕй бирӕты сӕрибардзинад дӕр ис тӕссаг уавӕры. Тӕрхонгӕнджытӕ хъусынц, цӕуыл ӕууӕнды, уый Библийӕ куыд ӕмбарын кӕны, уымӕ. Цӕмӕй бамбарӕм, ацы тӕрхон раст динӕн Сомихы стыр уӕлахиз куыд ӕрхаста, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, уый размӕ хабӕрттӕм.

СОМИХЫ бӕстӕ ис Туркӕн йе скӕсӕнырдыгӕй, Кавказы хӕхты Сӕйраг рӕгъы хуссарварс. Уым цӕры 3 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Сӕйраг горӕт Ереванмӕ рӕсугъдӕй зынынц Арараты хохы дыууӕ цъуппы, таурӕгъмӕ гӕсгӕ, дунеон Доны хъаймӕты фӕстӕ Нойы ковчег кӕм ӕрӕнцад, уыдон (Уӕвынад 8:4) *.

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Сомихы фӕзындысты 1975 азы. Сомих 1991 азы раздӕры Советон Цӕдисӕй куы ахицӕн, уӕд дзы арӕзт ӕрцыд Дины хъуыддӕгты паддзахадон совет, ӕмӕ уый хъуамӕ регистраци кодтаид динон организацитӕ. Фӕлӕ уыцы Совет цалдӕр хатты не сразы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты срегистраци кӕныныл, сӕйраджыдӕр та ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ 1991 азӕй Сомихы иу 100 ӕрыгон Ӕвдисӕнӕй фылдӕрыл стӕрхон кодтой ӕмӕ сӕ бирӕты ахӕстоны сбадын кодтой, Библийӕ цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй.

Совет ма паддзахадон прокуратурӕйӕн бахӕс кодта, цӕмӕй сбӕлвырд кӕной Лёвӕ Маргаряны — чырыстон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаджы ӕмӕ атомон электростанцӕйы куыстуарзаг юристы — динон архайд. Хъуыддаг ахицӕн, ӕфсымӕр Маргаряны 244-ӕм статьямӕ гӕсгӕ кӕй фӕаххосджын кодтой, ууыл. Уыцы статья йӕ тыхы ис советон дугӕй нырмӕ, райстой йӕ Хрущевы рӕстӕджы. Йӕ нысан у Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмӕ иннӕ динон къордты архайд къуылымпы кӕнын ӕмӕ сӕ сӕхгӕнын.

Уыцы статьямӕ гӕсгӕ фыдракӕндыл нымад у динон къорд аразын, разамынд ын дӕттын, ӕмӕ дзурын, зӕгъгӕ, уыцы къорды фӕрцы дины ахуырӕдтӕ хъусын кӕнын, фӕлӕ ӕцӕгдӕр та «фӕсивӕды, регистраци кӕмӕн нӕй, уыцы динон къорды фембӕлдтӕм сайын ӕмӕ сӕ ардауын, цӕмӕй сӕ фыдыбӕстӕйы раз сӕ хӕстӕ ма ӕххӕст кӕной». Прокуроры сӕйраг ӕфсон уыди, ӕфсымӕр Маргарян горӕт Мецаморы цы фембӕлдтӕ уагъта, уым-иу ӕнахъом сывӕллӕттӕ кӕй уыд, уый. Прокурор ма ӕфсымӕр Маргаряны аххосджын кодта, зӕгъгӕ, ӕмбырды лӕппу фӕсивӕды ӕфсадмӕ цӕуын нӕ уадзы.

Тӕрхон

Тӕрхон райдыдта 2001 азы 20 июлы, майрӕмбоны, Армавиры районон тӕрхондоны, тӕрхонгӕнӕг Манвел Симоняны сӕргълӕудӕй, ӕмӕ ма августы дӕр цыди. Прокуроры ’рдыгӕй ӕвдисӕнты куы фарстой, уӕд сӕ бирӕтӕ ӕппынфӕстаг басастысты, ӕфсымӕр Маргаряны ныхмӕ фыст ӕвдисӕндзырдты иу хай Ӕдасдзинады националон министрады (раздӕр КГБ) кусджыты дзыхӕй кӕй фыстой ӕмӕ сын уыцы гӕххӕттытыл сӕ къух дӕр уыдон кӕй ӕрфыссын кодтой. Уыцы ӕвдисӕнтӕй иу сылгоймаг басаст, Ӕдасдзинады министрады кусӕг ын кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй зӕгъа, зӕгъгӕ, «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ хицауад ӕмӕ нӕ дины ныхмӕ цӕуынц». Уыцы сылгоймаг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй йӕхӕдӕг никӕй зыдта, ӕрмӕст фехъуыста, паддзахадон телеуынынады сӕ ныхмӕ кӕй дзырдтой.

Ӕфсымӕр Маргарянӕн ныхасы бар куы радтой, уӕд бамбарын кодта, ӕнахъом сывӕллӕттӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдтӕм сӕ ныййарджыты фӕндӕй кӕй цӕуынц. Уый ма бамбарын кодта, алчидӕр йӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕны, ӕфсадмӕ ацӕудзӕн ӕви нӕ. Прокурор цалдӕр боны дӕргъы, тӕрхонгӕнӕгӕй дарддӕр, фарстытӕ лӕвӕрдта, процессы чи архайдта, уыдонӕй алкӕмӕдӕр. Ӕфсымӕр Маргарян уӕзданӕй дзуапп лӕвӕрдта Библийӕ, йӕ дины тыххӕй йӕ цӕмӕй фарстой, уымӕн, прокурор та уыцы рӕстӕг стихтӕм касти йӕхи Библийы.

2001 азы 18 сентябры тӕрхонгӕнӕг фехъусын кодта, цы уынаффӕ рахастой, уый: Маргарян «аххосджын нӕу», уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты «фыдракӕндӕй ницы ис». Ассошиэйтед Пресс уыцы тӕрхоны тыххӕй фехъусын кодта цымыдисаг хабӕрттӕ: «Абон Сомихы ӕнӕаххосыл банымадтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты разамонджытӕй сӕ иуы. Аххосджын та йӕ кодтой, адӕмы йӕ динмӕ кӕй здахы ӕмӕ ма лӕппу фӕсивӕды ӕфсадмӕ кӕй нӕ уадзы, уым дӕр. Дыууӕ мӕйы дӕргъы Тӕрхондон ӕвзӕрста уыцы хъуыддаг, ӕмӕ фӕстагмӕ уынаффӕ рахаста - разамонӕг Левон Маркаряны [Лёвӕ Маргаряны] ныхмӕ фаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Ӕнӕуи та йӕ хъуамӕ 5 азмӕ ахӕстоны сбадын кодтаиккой. [...] Кӕд Сомихы Конституцимӕ гӕсгӕ динтӕн сӕрибардзинад ис, уӕддӕр ног динон къордтӕн тынг зын у регистраци райсын ӕмӕ фылдӕр бартӕ лӕвӕрд цӕуы Сомихы апостолты аргъуанӕн — ӕппӕты дзырддзӕугӕдӕр динӕн». 2001 азы 18 сентябры пресс-релизы Европӕйы ӕдасдзинад ӕмӕ ӕмгуыстдзинады организаци (ОБСЕ) ныффыста: «Тӕрхондон раст уынаффӕ рахаста, фӕлӕ уӕддӕр ОБСЕ-йӕн хъыг у, уыцы хъуыддаг уӕвгӕ кӕй райдыдта».

Фӕдылзылд не ’нцайы

Фӕлӕ прокурортӕ фыццаг инстанцийы тӕрхондоны уынаффӕйыл не сразы сты ӕмӕ та хъаст бахастой, ӕмӕ ма хъуыддаг апелляцион тӕрхондоны ӕвзӕрст цыди ноджы цыппар мӕйы. Процессы райдианы дзуапп дӕттынмӕ ӕфсымӕр Маргарян куы рацыд, уӕд ӕм фыццаг фарст радта тӕрхонгӕнӕг. Ӕфсымӕр Маргарян дзуапп дӕттын куы райдыдта, уӕд ын тӕрхоны сӕрдар йӕ ныхас ӕрдӕгыл фескъуыдта ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыдӕртӕ загъта. Уый фӕстӕ дӕр ӕй иу фарстӕн дӕр кӕронмӕ дзуапп раттын нӕ бауагъта. Уымӕй дарддӕр ма-иу, бӕлвырд ницы бамбарын кӕнгӕйӕ, тӕрхоны сӕрдар аиуварс кодта, адвокат Маргарянмӕ цы фарстытӕ лӕвӕрдта, уыдонӕн сӕ фылдӕр. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ цы фанатиктӕ архайдтой, уыдон тӕрхондоны зал байдзаг кодтой ӕмӕ-иу процессы рӕстӕджы ӕфсымӕр Маргаряны ӕфхӕрдтой. Цалынмӕ тӕрхон цыди, уӕдмӕ телеуынынадӕй тӕрхоны тыххӕй бирӕ мӕнг ӕмӕ ӕнӕраст хабӕрттӕ хъусын кодтой, зӕгъӕм, ӕфсымӕр Маргарян, дам, басаст, аххосджын кӕй у, ууыл.

Тӕрхон йе ’мбисмӕ куы ӕрхӕццӕ, уӕд тӕрхоны коллегийы (уыди дзы ӕртӕ тӕрхонгӕнӕджы) сӕрдар адӕмы дисы бафтыдта, Дины хъуыддӕгты паддзахадон совет прокуратурӕмӕ цы фыстӕг ӕрбарвыста, уый куы бакасти, уӕд. Уым сӕ домдтой, цӕмӕй ӕфсымӕр Маргаряны ныхмӕ исты саразой. Уыцы тӕрхоны ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджытӕй чи уыд, уыдонӕн сӕ дисӕн кӕрон дӕр нал уыд, уымӕн ӕмӕ Сомих Европӕйы Советы уӕнг суӕвыны тыххӕй курдиат куы балӕвӕрдта, уӕд йӕхимӕ хӕс райста, «ӕппӕт аргъуантӕ ӕмӕ динон къордтӕн дӕр, уӕлдайдӕр та сын сӕ фыдӕлтӕй цы динтӕ нӕ баззад, уыдонӕн кӕй ратдзӕн сӕрибарӕй кувыны бар».

Дарддӕр уавӕр карзӕй-карздӕр кодта. Ныхмӕлӕуджытӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъыгдардтой куыд тӕрхондоны мидӕг, афтӕ ӕддейӕ дӕр. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты сылгоймӕгтӕн сӕ къӕхтӕ цавтой. Иу Ӕвдисӕны куы ныццавтой, ӕмӕ сӕм куы ницы сдзырдта, уӕд ын йӕ фӕсонтӕ афтӕ фӕцӕф кодтой, ӕмӕ йӕ рынчындонмӕ ласын бахъуыд.

Уыцы рӕстӕджы тӕрхонгӕнджыты сӕрдары фӕивтой. Тӕрхоны залы чи уыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ архайдтой адвокаты стӕрсын кӕныныл. Фӕлӕ ног сӕрдарӕн алкӕуылдӕр йӕ бар цыд, ӕмӕ ма залӕй адвокатмӕ хъӕрӕй чи ӕртхъирӕн кодта, уыцы сылгоймаджы пъӕлицӕйӕгтӕн ӕддӕмӕ дӕр акӕнын кодта.

Сомихы сӕйраг тӕрхондоны

Ӕппынфӕстаг, 2002 азы 7 мартъийы апелляцион тӕрхондон сфидар кодта фыццаг инстанцийы тӕрхондоны уынаффӕ. Диссаг у, уый размӕ бон Дины хъуыддӕгты паддзахадон совет бынтондӕр кӕй сӕхгӕдтой. Прокуратурӕ та уыцы тӕрхоны уынаффӕйы тыххӕй дӕр ногӕй хъаст бахаста, ацы хатт Сомихы сӕйраг тӕрхондонмӕ — Кассацион тӕрхондонмӕ. Прокурортӕ Тӕрхондонӕй куырдтой, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ногӕй ӕвзӕрст ӕрцыдаид ӕмӕ «аххосджыны уынаффӕ рахастаиккой».

2002 азы 19 апрелы, райсомӕй 11 сахатыл ӕрӕмбырд тӕрхоны коллеги (ӕхсӕз тӕрхонгӕнӕгӕй), сӕ сӕрдар — Мгер Хачатрян. Прокурортӕй иу йӕ фыццаг раныхасы тынг хъаст кодта, раздӕры дыууӕ тӕрхондоны ӕфсымӕр Маргаряны аххосджыныл кӕй нӕ банымадтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ ацы хатт та прокуроры ныхас ӕрдӕгыл фескъуыдтой цыппар тӕрхонгӕнӕджы ӕмӕ йӕм радтой цалдӕр комкоммӕ фарсты. Тӕрхонгӕнджытӕй иу карзӕй дзырдта прокуроры ныхмӕ, тӕрхонгӕнджыты йӕ зондыл акӕныныл кӕй архайдта, уый тыххӕй: ӕфсымӕр Маргаряны ныхмӕ цы хъаст балӕвӕрдта, уым хъусын кӕныны хъуыддаг ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн регистраци кӕй нӕй, уыдон нымадта фыдракӕндтыл, фӕлӕ уый уыд 244⁠-⁠ӕм статьяйы ныхмӕ. Тӕрхонгӕнӕг ма прокурорты митӕ схуыдта «фӕдылзылд фыдракӕндты ӕфсонӕй». Иннӕ тӕрхонгӕнӕг загъта, зӕгъгӕ, Европӕйы тӕрхондоны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддӕгтӕ цал хатты ӕвзӕрстой, уал хатты сӕ «зындгонд диныл» банымадтой ӕмӕ сын сӕ бартӕ хъахъхъӕны Европӕйы бадзырд адӕймаджы барты тыххӕй. Растдӕр уыцы рӕстӕг тӕрхондоны залы сауджын хъыллист кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ нын Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ бӕстӕ змӕнтынц. Тӕрхонгӕнӕг ӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй сабыр бада.

Фӕстӕдӕр тӕрхонгӕнджытӕ сӕхӕдӕг лӕвӕрдтой фарстытӕ Лёвӕ Маргарянмӕ. Ӕфсымӕр Маргарян иттӕг хорз ӕвдисӕнад радта, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн алыхуызон фарстатӕм цавӕр чырыстон цӕстӕнгас ис, уый тыххӕй (Маркы 13:9). Тӕрхонгӕнджытӕ иу чысыл куы ауынаффӕ кодтой, уӕд ӕмхъӕлӕсӕй загътой, аххосджын нӕу, зӕгъгӕ. Ӕфсымӕр Маргарянӕн уыцы хабар ӕхсызгон кӕй уыд, уый йӕ цӕсгомыл бӕрӕг уыд. Тӕрхоны гӕххӕтты уыд фыст: «Цы закъӕттӕ нӕм ис, уым [Лёвӕ Маргаряны] архайд фыдракӕндыл нымад нӕ цӕуы. Ахӕм хъуыддаджы йӕ кӕй аххосджын кодтой, уый у Сомихы Конституцийы 23-ӕм статьяйы ӕмӕ Европӕйы бадзырды 9-ӕм статьяйы ныхмӕ».

Тӕрхондоны уынаффӕ ахъаз кӕны

Прокуратурӕ ацы хъуыддаг куы рамбылдтаид, уӕд ын закъонмӕ гӕсгӕ бындур уыдаид ӕгас Сомихы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хистӕр нӕлгоймӕгты фӕдыл зилынӕн. Фӕлӕ нӕ ныфс ис, тӕрхоны бӕлвырд уынаффӕйы фӕрцы уый кӕй не ’рцӕудзӕн. Уынаффӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты пайдайӕн куы нӕ уыдаид, уӕд та уый дӕр ӕфсон уыдаид, цӕмӕй сӕ дарддӕр дӕр ма регистраци кӕной. Куыд хорз у, Тӕрхондон уыцы мӕнг ӕфсон кӕй аиуварс кодта.

Сомихы 7 минӕй фылдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕны регистраци райсдзысты ӕви нӕ, уый рӕстӕг равдисдзӕн. Ныр та уал раст дин «Арараты зӕххыл» дидин ӕфтауы.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Сомихӕгтӕ уый тыххӕй нымайынц Арарат сӕ хохыл. Рагзаманты Сомихы паддзахад дӕрдтыл ӕххӕссыд ӕмӕ йӕм ацы хӕхтӕ дӕр хаудысты. Уымӕ гӕсгӕ Исайы 37:38 стихы дзырдбаст «Арараты зӕхх» грекъаг Септуагинтӕйы тӕлмац у куыд «Сомих». Абон Арараты хох ис Турчы зӕххыл, йе скӕсӕн арӕнтӕм хӕстӕг.