Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕлмас ут алкӕимӕдӕр

Фӕлмас ут алкӕимӕдӕр

Фӕлмас ут алкӕимӕдӕр

«Сӕ зӕрдыл лӕууын кӕн уыдонӕн... [цӕмӕй уой] сабыр, ӕмӕ кӕной алы фӕлмасдзинад ӕппӕт адӕймӕгтӕн» (ТИТМӔ 3:1, 2).

1. Фӕлмас уӕм, уый алы хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

«МӔН-ИУ бафӕзмут,— фыста апостол Павел,— ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ» (1 Коринфӕгтӕм 11:1, НФ). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр сӕ удӕй арт цӕгъдынц ацы амынд ӕххӕст кӕныныл. Раст зӕгъгӕйӕ, йе ’ххӕст кӕнын ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ нӕ рагфыдӕлтӕй нӕ туджы цы хиуарзондзинад рахастам, уый нӕ Чырыстийы фӕзмын нӕ уадзы (Ромӕгтӕм 3:23; 7:21—25). Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нӕ алкӕй бон дӕр у, ӕмӕ уа фӕлмас. Фӕлӕ нын ӕрмӕст нӕхи хъарутӕй ницы рауайдзӕн. Уымӕн ма ноджы ӕндӕр цыдӕр хъӕуы. Цы?

2. Куыд ис «алы фӕлмасдзинад ӕппӕт адӕймӕгтӕн» кӕнӕн?

2 Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы фӕлмасдзинад цӕуы, уый у сыгъдӕг уды дыргъ. Уӕдӕ цас фылдӕр уадзӕм Хуыцауы архайгӕ тых нӕ зӕрдӕмӕ, уыйас тынгдӕр бӕрӕг уыдзӕн йӕ дыргъ нӕ удыхъӕды. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй нӕ бон бауыдзӕн «алы фӕлмасдзинад ӕппӕт адӕймӕгтӕн» кӕнын (Титмӕ 3:2). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, куыд у нӕ бон Йесойы фӕзмын, афтӕ, цӕмӕй нӕ фарсмӕ чи уа, уыдонӕн «ӕнцой» уӕм (Матфейы 11:29; Галатӕгтӕм 5:22, 23).

Хӕдзары

3. Ацы дунейы зондахаст бинонтыл куыд фӕзыны?

3 Адӕймаг фыццаджыдӕр фӕлмас хъуамӕ уа хӕдзары. Ӕнӕниздзинады дунеон организацийы кусджытӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй сылгоймаджы ӕнӕниздзинадӕн фӕндаггон-транспортон бӕллӕхтӕ ӕмӕ ризӕг ӕмткӕй афтӕ тӕссаг не сты, куыд, бинонты ’хсӕн цы ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдон. Зӕгъӕм, Лондоны (Англисы) цы фыдракӕндтӕ раргом кӕнынц, уыдонӕн сӕ цыппӕрӕм хай ӕрцӕуы бинонты ’хсӕн. Пъӕлицӕйы кусджытӕ тынг арӕх сӕмбӕлынц, «хъӕр, ӕмӕ ӕлгъыст алы фыдӕхимӕ» (НФ) чи уарзы, ахӕм адӕмыл. Хъыгагӕн, иуӕй-иу бинонтӕ та кӕрӕдзи уый тыххӕй нал ӕмбарынц, ӕмӕ «мӕстыгӕр» систы. Адӕттӕ иууылдӕр сты «ацы дунейы зондахасты» тӕфаг, ӕмӕ ахӕм митӕн чырыстон бинонты ’хсӕн бынат нӕй (Ефесӕгтӕм 4:31; 1 Коринфӕгтӕм 2:12, НД).

4. Фӕлмасдзинад бинонты цардыл куыд ӕндавы?

4 Цӕмӕй нӕ ацы дуне йӕ фӕдыл ма асайа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕххуыс. «Кӕм ис Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] Уд, уым ис сӕрибардзинад» (2 Коринфӕгтӕм 3:17). Ӕнӕххӕст ус ӕмӕ лӕг кӕрӕдзи куы уарзой, кӕрӕдзийӕн хорздзинад куы аразой, стӕй хиуыл хӕцын ӕмӕ быхсын куы зоной, уӕд уыдзысты ӕнгомдӕр (Ефесӕгтӕм 5:33). Фӕлмасдзинад хӕдзары фарн ӕндидзын кӕны, хъӕрныхас ӕмӕ хылтӕ та бирӕ бинонты цард ӕнад кӕнынц. Цы зӕгъай, уый ахсджиаг у, фӕлӕ йӕ куыд зӕгъай, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, цы зӕрдӕйӕ дзурыс, уый. Адӕймаг цӕуыл мӕт кӕны, цы йӕ тыхсын кӕны, уый фӕлмасӕй куы дзура, уӕд бинонты ’хсӕн уыдзӕн фарн. Куырыхон паддзах Соломон фыста: «Фӕлмӕн ныхас маст сафы, рӕхуыст ныхаст та маст ссудзы» (Ӕмбисӕндтӕ 15:1).

5. Йӕ цардӕмбал Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, уымӕн фӕлмасдзинады фӕрцы цы бантысдзӕн?

5 Уӕлдай фӕлмасдӕр хъуамӕ уа, йӕ цардӕмбал Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, уый. Уыимӕ ма йе ’мкъайӕн хорздзинад куы араза, уӕд ын бантысдзӕн, ныхмӕ чи у, уый Иегъовӕмӕ ӕрбакӕнын. Петр фӕдзӕхста чырыстон устытӕн: «Коммӕ кӕсут уӕ лӕгтӕн, цӕмӕй уыдонӕй исчитӕ, кӕцытӕ коммӕ нӕ кӕсынц дзырдӕн, сӕ устыты цардӕй ӕнӕдзырдӕй басӕттой, куы феной уӕ сыгъдӕг хуыцауы тасы мидӕг цард, уӕд. Уадз уӕ рӕсугъддзинад ӕддейы дзыкку бийынӕй, сызгъӕрин дзауматӕй, кӕнӕ рӕсугъд фӕлыстӕй ма уӕд, фӕлӕ мидӕгӕй сыгъдӕг зӕрдӕ адӕймаг, ӕнӕмбийгӕ рӕсугъд, фӕлмас ӕмӕ сабыр удӕй, кӕцы у зынаргъ Хуыцауы раз» (1 Петры 3:1—4).

6. Фӕлмасдзинад ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕтты кӕрӕдзиуыл куыд бӕтты?

6 Сывӕллӕттӕ ӕмӕ ныййарджытӕ хатт кӕрӕдзи ныхмӕ свӕййынц, уӕлдайдӕр та Иегъовӕйыл зӕрдӕйӕ куы нӕ вӕййынц, уӕд. Фӕлӕ чырыстон бинонтӕ хъуамӕ уой фӕлмас. Павел фыдӕлтӕн амыдта: «Ма мӕсты кӕнут уӕ цӕуӕты, фӕлӕ ахуыр кӕнут уыдоны Хицауы ахуырады ӕмӕ зондамынды» (Ефесӕгтӕм 6:4). Хӕдзары фарны ратӕдзӕн фӕлмасдзинад куы вӕййы, уӕд ныййарджытӕ ӕмӕ зӕнӕг кӕрӕдзиуыл ӕнувыддӕр вӕййынц. Иу ӕфсымӕр, Дин, зӕгъгӕ, фондз ӕфсымӕрӕй иу — дзуры йӕ фыды тыххӕй: «Мӕ фыд уыд тынг фӕлмас адӕймаг. Никуы ницӕуыл фӕбыцӕу стӕм, ӕнахъом куы уыдтӕн, уӕддӕр. Мӕстджынӕй дӕр-иу фӕлмӕн уыд. Йӕ карздӕр ӕфхӕрд уыд, мӕ уатмӕ-иу мӕ кӕй арвыста кӕнӕ-иу мӕ цыдӕр аразын кӕй нӕ бауагъта, уый, фӕлӕ-иу уӕддӕр никуы фӕхыл стӕм. Нӕ фыд нын ныййарӕг дӕр уыд ӕмӕ хӕлар дӕр. Ӕмӕ нӕ иуы дӕр нӕ фӕндыд йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнын». Ӕцӕгдӕр, фӕлмасдзинад ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕтты кӕрӕдзиуыл бӕтты.

Уацамынды

7, 8. Уацамынды фӕлмас цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

7 Фӕлмас ма хъуамӕ уӕм уацамынды дӕр. Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ фӕныхас кӕнӕм алыхуызон адӕмимӕ. Иутӕ нӕм зӕрдиагӕй байхъусынц. Иннӕтӕ та нӕм цӕмӕндӕр уазал цӕстӕй ракӕсынц. Ахӕм рӕстӕджы хъуамӕ уӕм фӕлмас, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ бон бауыдзӕн Хуыцауы ныхас суанг зӕххы кӕрӕттӕм фехъусын кӕнын (Куыстытӕ 1:8; 2 Тимофеймӕ 4:5).

8 Апостол Петр фыста: «[Чырыстийы] — нӕ Хицауы цытджын-иу дарут уӕ мидзӕрдӕйы! — Цӕттӕ ут кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмӕндӕриддӕр, сымахӕй дзуапп чи агура уӕ ӕнхъӕлады тыххӕй, дзуапп раттын фӕлмасӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Петры 3:15НФ). Чырыстийы дӕнц нӕ зӕрдӕйы кӕй дарӕм, уымӕ гӕсгӕ, хъусын кӕныны рӕстӕджы немӕ карзӕй куы фӕдзурынц, уӕд фӕархайӕм, цӕмӕй уӕм фӕлмас ӕмӕ уӕздан. Ахӕм уагахаст арӕх адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайы.

9, 10. Адӕймаг уацамынды фӕлмас кӕй хъуамӕ уа, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

9 Иухатт чидӕр иу бинонты дуар бахоста. Хӕдзары хицау, Кит, зӕгъгӕ, уаты баззад, йӕ бинойнаг та ӕддӕмӕ ракаст. Ус куы бамбӕрста, йӕ разы Иегъовӕйы Ӕвдисӕн лӕууы, уӕд йемӕ хыл кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ, сымах сывӕллӕттӕн фыдмитӕ кӕнут. Не ’фсымӕр уыцы сабыр лӕууыд. Стӕй йын фӕлмӕнӕй загъта: «Ӕмбарын дӕ. Кӕд ӕмбӕлы, уӕд дын радзурдзынӕн, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый». Кит ныхасмӕ мидӕгӕй хъуыста, фӕлӕ уӕд ӕддӕмӕ рахызт ӕмӕ ӕфсымӕры арвыста.

10 Ус ӕмӕ лӕг сӕ уазӕгмӕ ахӕм цӕстӕй кӕй ракастысты, ууыл фӕстӕдӕр фӕфӕсмон кодтой. Не ’фсымӕры фӕлмасдзинад сыл тынг бандӕвта. Кит ӕмӕ йӕ ус уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ ма сӕм ӕрбацӕудзӕн. Фӕлӕ сӕм уый иу къуырийы фӕстӕ ӕрбацыд, ӕмӕ йын бар радтой, цӕуыл ӕууӕнды, уый Библийы равдисын. «Уый фӕстӕ дӕр ма дыууӕ азы дӕргъы бирӕ ныхас кодтам ӕндӕр Ӕвдисӕнтимӕ»,— загътой уыдон. Дыууӕйӕ дӕр сразы сты Библи ахуыр кӕныныл. Ӕппынфӕстаг сӕхи Иегъовӕйӕн снывонд кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой. Кит ӕмӕ йӕ усмӕ фыццаг хатт цы Ӕвдисӕн бацыд, уымӕн йӕ фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы нӕ фесты! Цалдӕр азы фӕстӕ сыл куы сӕмбӕлд, уӕд базыдта, ныр йе ’фсымӕр ӕмӕ йӕ хо кӕй сты. Ӕмӕ уый йӕ фӕлмасдзинады фӕрцы ӕрцыд.

11. Цӕмӕй адӕймаг ӕцӕгады фӕндагыл ӕрлӕууа, уымӕн фӕлмасдзинад куыд ӕххуыс кӕны?

11 Харолд службӕгӕнгӕйӕ цытӕ бавзӕрста, уыдӕттӕй йӕ зӕрдӕ мастӕй байдзаг ӕмӕ Хуыцауыл дӕр дызӕрдыг кӕнын райдыдта. Йӕ мӕстытӕ йын фаг нӕ уыдысты, ӕмӕ ма иу расыг шофыры аххосӕй тынг фӕсахъат. Иу ахӕмы йӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сын загъта, зӕгъгӕ мӕм дыккаг хатт мауал ӕрбацӕут. Фӕлӕ иу бон Ӕвдисӕн Билл Харолды сыхагмӕ куы ’рбацыд, уӕд ын дуар фӕхӕццӕ, ӕмӕ Харолдмӕ бахоста. Харолд, дыууӕ лӕдзӕгыл ӕнцойгӕнгӕ, дуар бакодта. Билл ӕй куы ауыдта, уӕд дзы хатыр ракуырдта, зӕгъгӕ, дӕ сыхагмӕ ӕрбацыдтӕн. Цымӕ Харолд цы бакодта? Уый размӕ ног хабӕртты кастис, Ӕвдисӕнтӕ цыбыр рӕстӕгмӕ Паддзахады зал куыд сарӕзтой, уымӕ. Уыйӕппӕт адӕмы иумӕ кусгӕ куы федта, уӕд Ӕвдисӕнтӕм йӕ ахаст аивта. Харолды зӕрдӕ тынг бацагайдта Биллы уӕздандзинад ӕмӕ фӕлмасдзинад, стӕй ма дзы хатыр кӕй ракуырдта, уый дӕр. Уый сразы, цӕмӕй йӕм Ӕвдисӕнтӕ цӕуой. Райдыдта Библи ахуыр кӕнын, хорз ивддзинӕдтӕ скодта, донаргъуыд райста ӕмӕ сси Иегъовӕйы Ӕвдисӕн.

Ӕмбырды

12. Чырыстӕттӕ сӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизой?

12 Фӕлмасдзинад ма хъуамӕ уа ӕмбырды дӕр. Ныры дуг у загъд ӕмӕ хъаугъайы дуг. Цардмӕ Хуыцауы нӕ, фӕлӕ адӕймаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыдонӕн быцӕуныхас ӕмӕ хылныхас систы ӕгъдау. Уыцы зондахаст хаттӕй-хатт чырыстон ӕмбырдыл дӕр фӕзыны, ӕфсымӕртӕ цӕуылдӕр куы фӕбыцӕу вӕййынц, уӕд. Бӕрнон ӕфсымӕртӕн уыдӕттӕ хъыг вӕййынц. Фӕлӕ Иегъовӕйы ӕмӕ се ’муырнджыты кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ архайынц, чи фӕрӕдыд, уыдоны раст фӕндагмӕ раздахыныл (Галатӕгтӕм 5:25, 26).

13, 14. «Ныхмӕлӕуджытӕн» фӕлмасӕй куы амонӕм, уӕд нын цы бантысдзӕн?

13 Фыццаг ӕнусы Павел ӕмӕ йе ’мбал Тимофейӕн ӕмбырды иуӕй-иутӕ бирӕ мӕстытӕ бавзарын кодтой. Павел фӕдзӕхста Тимофейы, цӕмӕй йӕхи хызтаид, «ныллӕг архайдӕн» арӕзт мигӕнӕнты хуызӕн цы ӕфсымӕртӕ уыдысты, уыдонӕй. «Хицауы цагъарӕн та не ’мбӕлы быцӕутӕ кӕнын,— дзуры Павел,— фӕлӕ уӕвын цингӕнаг ӕппӕтмӕ, ахуыргӕнаг, ӕнӕхӕрам зӕрдӕ, фӕлмасӕй амонын ныхмӕлӕуджытӕн». Суанг нӕ чи смӕсты кӕны, уыдонимӕ дӕр нӕхи фӕлмас куы дарӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ митыл ӕрхудой. Иегъовӕ дӕр йӕхирдыгӕй, Павел дарддӕр куыд фыссы, афтӕмӕй уыдонӕн «ӕрфӕсмон ратдзӕн ӕцӕгады базонынӕн» (НФ) (2 Тимофеймӕ 2:20, 21, 24, 25). Ӕвӕццӕгӕн ӕй бафиппайдтай, Павел цингӕнаг ӕмӕ ӕнӕхӕрам зӕрдӕ фӕлмасдзинады ӕмрӕнхъ кӕй ӕрӕвӕрдта.

14 Павел цы хъусын кодта, цӕргӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кодта. Коринфы ӕмбырды «стырдӕр Апостолтӕ» змӕнтын куы райдыдтой, уӕд ӕфсымӕртӕн бафӕдзӕхста: «Ӕз та, Павел,— уе ’хсӕн цӕстӕй-цӕстмӕ фӕлмас чи у, фӕсаууонӕй та уӕ ныхмӕ ӕхсарджын чи у,— зӕрдиагӕй уӕ курын Чырыстийы фӕлмасы ӕмӕ баронзӕрдӕйы хатырӕй» (2 Коринфӕгтӕм 10:1, НФ; 11:5, НФ). Павел ӕцӕгдӕр фӕзмыдта Чырыстийы. Ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр «Чырыстийы фӕлмасы... хатырӕй» уымӕн лӕгъстӕ кодта. Йӕхи хицауы бынаты никуы ӕвӕрдта, стӕй йӕхи цы фӕндыд, уый дӕр нӕ кодта. Ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстмӕ дӕр ӕмбырды сыгъдӕгзӕрдӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уымӕн байхъуыстой. Афтӕмӕй уый ӕмбырды адӕмы бафидауын кодта ӕмӕ сӕ иу зондыл сарӕзта. Мах дӕр нӕхи хъуамӕ афтӕ ма дарӕм? Уӕлдайдӕр та хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕзмой Чырысти ӕмӕ Павелы.

15. Цӕмӕн хъӕуы уынаффӕ фӕлмасӕй дӕттын?

15 Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн канд уӕд нӕ хъӕуы ӕххуыс кӕнын, ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад фӕцудынӕввонг куы уой. Ӕфсымӕртӕ цалынмӕ ӕддӕг-мидӕг нӕ ауайынц, уӕдмӕ дӕр сыл хъӕуы аудын ӕмӕ сын уынаффӕ дӕттын. «Ӕфсымӕртӕ! Адӕймаг рӕдыдтыты миййаг куы бахауа [«Адӕймаг ӕй ӕмбаргӕ дӕр куы нӕ бакӕна, афтӕмӕй цыдӕр рӕдыд къахдзӕф куы сараза», НД], уӕд ӕй сымах, удӕй зӕрдӕргъӕвдтытӕ, раст фӕндагыл-иу ацаразут» (НФ),— фӕдзӕхста Павел. Фӕлӕ куыд? «Фӕлмас удӕй, алчидӕр йӕхимӕ кӕсгӕйӕ, цӕмӕй ма уат фӕлвӕрд» (Галатӕгтӕм 6:1). Алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы фӕлмас зӕрдӕ дарын, уымӕн ӕмӕ чырыстӕттӕ иууылдӕр, уыимӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕ дӕр, сӕ туджы рахастой тӕригъӕд. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр, чи фӕцудыдта, уыдонимӕ фӕлмасӕй куы ныхас кӕной, уӕд уыцы адӕймӕгтӕн ӕнцондӕр уыдзӕн раст фӕндагмӕ раздӕхын.

16, 17. Цӕмӕй адӕймаг уынаффӕмӕ байхъуыса, уый тыххӕй цы хъӕуы?

16 «Раст фӕндагыл ацаразынӕй» цы рагон грекъаг дзырд ӕрцыд ивд, уый ма амоны саст стӕг йӕ бынаты ӕвӕрын,— уымӕн та йӕ рыст ӕнцон фӕразӕн нӕ вӕййы. Фӕлмӕнзӕрдӕ дохтыр рынчынимӕ архайгӕйӕ уымӕн ныфсытӕ февӕры, зӕгъгӕ, афтӕмӕй тагъд адзӕбӕх уыдзынӕ. Йӕ рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй рынчыны зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны. Цалдӕр фӕлмӕн ныхасӕй адӕймаджы афтӕ фӕфидар кӕны, ӕмӕ йын уый фӕстӕ рыст фӕразын ӕнцондӕр вӕййы. Афтӕ, ӕфсымӕртӕ искӕй раст фӕндагыл куы февӕрынц, уӕд уый дӕр «риссаг» вӕййы. Фӕлӕ фӕлмасӕй раст кӕнын афтӕ «риссаг» нӕ уыдзӕн. Афтӕмӕй, чи фӕцудыдта, уымӕн ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ уаг аивын, ӕмӕ та йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ йӕ цин уыдзысты. Адӕймагӕн Библийӕ цы уынаффӕ дӕттой, уый йӕм хъыг куы кӕса, уӕддӕр уынаффӕдӕттӕг фӕлмасӕй куы архайа, уӕд ын йӕ ныхасмӕ хуыздӕр байхъусдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 25:15).

17 Искӕй раст фӕндагыл куы ӕвӕрай, уӕд ӕм, гӕнӕн ис, дӕ уынаффӕ уайдзӕфау фӕкӕса. Иу фыссӕг уый фӕдыл афтӕ зӕгъы: «Адӕймаг иууыл арӕхдӕр хиуылӕрвӕссон свӕййы, иннӕтӕн уайдзӕф куы фӕкӕны, уӕд, ӕмӕ уымӕн хъӕуы фӕлмасдзинад уӕлдай тынгдӕр». Йӕ бындуры сӕрныллӕгдзинад кӕмӕн ис, уыцы фӕлмасдзинад уынаффӕдӕттӕг чырыстоны бахиздзӕн тыхныхасӕй.

«Ӕппӕт адӕймӕгтӕн»

18, 19. а) Чырыстӕттӕн хицауадмӕ фӕлмас ахаст дарын зын цӕмӕн вӕййы? ӕ) Чырыстӕттӕн хицауадмӕ фӕлмас зӕрдӕ дарӕн куыд ис ӕмӕ уый цавӕр хорз хъуыддӕгтӕм ӕркӕндзӕн?

18 Бирӕтӕн зын вӕййы хицауадмӕ фӕлмас ахаст дарын. Раст у, иуӕй-иу хицӕуттӕ тынг карз сты, стӕй адӕмы рис дӕр не ’мбарынц (Екклесиаст 4:1; 8:9). Фӕлӕ Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕ нымайӕм Стыр Хуыцауыл, ӕмӕ кӕд алы хъуыддаджы нӕ, уӕддӕр хицауады коммӕ кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ уый нӕ хӕс у (Ромӕгтӕм 13:1, 4;1 Тимофеймӕ 2:1, 2). Хицӕуттӕй нын исчи нӕ уацамындӕн цӕлхдуртӕ куы февӕры, уӕддӕр мах фӕагурӕм фадӕттӕ, цӕмӕй Иегъовӕйӕн зӕрдиагӕй хӕссӕм ӕппӕлды нывонд (Дзуттытӕм 13:15).

19 Цыфӕнды ма уа, мӕстыгӕр не суыдзыстӕм. Мах фӕнды, ӕмбаргӕ дӕр уӕм ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдты сӕрты дӕр ма хизӕм. Гъе уый тыххӕй ӕнтысы не ’фсымӕртӕн ӕгас зӕххыл 234 бӕстӕйы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Мах нӕ зӕрдӕмӕ арф айстам Павелы уынаффӕ: «Коммӕ кӕсут ӕмӕ сӕттут сӕргълӕуджытӕн ӕмӕ хицауадӕн, цӕттӕ ут алы хорз хъуыддагмӕ, искӕйы фыдкой ма кӕнут, загъдӕргом ма ут, фӕлӕ сабыр, ӕмӕ кӕнут алы фӕлмасдзинад ӕппӕт адӕймӕгтӕн» (Титмӕ 3:1, 2).

20. Фӕлмас адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

20 Фӕлмас адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн. «Тӕхудиаг сты сабыртӕ,— загъта Йесо,— уымӕн ӕмӕ уыдоны уыдзӕн зӕхх» (Матфейы 5:5). Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ сӕ фӕлмас зӕрдӕты фӕрцы сты амондджын ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр кад — Паддзахады бӕрны чи уыдзӕн, уыцы зӕххыл уӕларвӕй хицауиуӕг кӕнын. «Тынг бирӕ адӕм», ома «ӕндӕр фыстӕ» дӕр сты фӕлмас ӕмӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц а-зӕххыл Дзӕнӕты цардмӕ (Раргомад 7:9; Иоанны 10:16; Псалом 36:11). Ӕвӕдза, цӕй диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Цӕй уӕдӕ, Павел Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уый алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм. Уый фыста: «Ӕз, Хицауы сӕрвӕлтау ахст, ныр лӕгъстӕ кӕнын сымахӕн, дарут уӕхи, цы куыстмӕ уӕм басидтысты, уый аккаг, алы ’гъдауӕй сабырӕй, ӕмӕ фӕлмасӕй» (Ефесӕгтӕм 4:1, 2, НФ).

Фӕлхат кӕнынӕн

• Хӕдзары

• Уацамынды

• Ӕмбырды

• фӕлмас чи вӕййы, уыдон хорзӕхгонд цӕмӕй ӕрцӕуынц?

• Фӕлмас, сабыр адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Уӕлдай фӕлмасдӕр хъуамӕ уа, йӕ цардӕмбал Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, уый.

[Ныв 25 фарсыл]

Фӕлмасдзинад бинонты кӕрӕдзиуыл бӕтты.

[Ныв 26 фарсыл]

Ӕцӕгады сӕрыл дзурут фӕлмасӕй ӕмӕ уӕзданӕй.

[Ныв 28 фарсыл]

Уынаффӕ фӕлмасӕй лӕвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд, чи фӕцудыдта, уымӕн ӕцӕгӕйдӕр фӕахъаз вӕййы.