Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ды фӕрсыс: «кӕм ис Иегъовӕ?»

Ды фӕрсыс: «кӕм ис Иегъовӕ?»

Ды фӕрсыс: «кӕм ис Иегъовӕ?»

«Адард сты мӕнӕй... Афтӕ дӕр нӕ загътой: „Кӕм ис Иегъовӕ?“» (ИЕРЕМИ 2:5, 6).

1. «Кӕм ис Хуыцау?» — ацы фарсты адӕм цавӕр хъуыды ӕвӕрынц?

«КӔМ ис Хуыцау?» Ацы фарст бирӕтӕм фӕзыны. Иуӕй-иуты ӕнӕуи фӕфӕнды, кӕм ис, уый базонын. Иннӕтӕ та ацы фарст фӕдӕттынц, исты бӕллӕх куы ӕрцӕуы кӕнӕ стыр маст куы бавзарынц ӕмӕ сӕ Хуыцау фыдбылызӕй цӕуылнӕ бахызта, уый куы нӕ фембарынц, уӕд. Фӕлӕ ис ахӕмтӕ дӕр, ацы фарст бынтондӕр кӕмӕ нӕ фӕзыны, уымӕн ӕмӕ, Хуыцау ис, уыцы хъуыды сӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ уадзынц (Псалом 9:25).

2. Хуыцауы чи ссары?

2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ ис ахӕм адӕм дӕр, ӕмӕ Хуыцау ис, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ фагӕй уӕлдай дӕр кӕй ис, ууыл чи нӕ дызӕрдыг кӕны (Псалом 18:2; 103:24). Уыдонӕй иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаг исты диныл хӕст уӕд, ӕндӕр ӕй ницы хъӕуы. Фӕлӕ ма алы бӕстӕты ис бирӕ ӕндӕр адӕм, сӕ нымӕц — милуантӕ. Уыдон ӕцӕгад афтӕ тынг уарзынц, ӕмӕ агурынц ӕцӕг Хуыцауы. Ӕмӕ йӕ иугӕр агурынц, уӕд та йӕ ӕнӕмӕнг ссарынц, уымӕн ӕмӕ уый «дард нӕу махӕй алкӕмӕй дӕр» (Куыстытӕ 17:26—28).

3. а) Хуыцауы цӕрӕнбынат кӕм ис? ӕ) Фыстады фарст, «кӕм ис Иегъовӕ?», зӕгъгӕ, цы амоны?

3 Адӕймаг Иегъовӕйы ӕцӕгдӕр куы ссары, уӕд бамбары, «Хуыцау Уд у» — адӕймаджы цӕст ӕй нӕ уыны (Иоанны 4:24, НФ). Йесо ӕцӕг Хуыцауы схуыдта, «Мӕ Уӕларвон Фыд», зӕгъгӕ. Цӕуыл дзурӕг у уый? Нӕ уӕларвон Фыды «цӕрӕнбынат» афтӕ уӕлийау у, раст, цӕстӕй кӕй уынӕм, уыцы арв зӕххӕй куыд дард у, афтӕ (Матфейы 12:50; Исай 63:15). Кӕд Хуыцауы цӕстӕй нӕ уынӕм, уӕддӕр нын уый фадат радта, цӕмӕй йӕ базонӕм: чи у, цавӕр у, цы фӕндтӕ йӕм ис (Рацыд 33:20; 34:6, 7). Уый сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕн цӕрынц, уый базонынӕн. Нӕ царды ӕппӕт фӕзилӕнты дӕр нын дӕтты йӕ цӕстӕнгас бӕлвырд-бӕрӕгӕй базоныны фадат — бӕлвырдӕй зӕгъгӕйӕ та нын ӕвдисы, иу кӕнӕ иннӕ хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, стӕй уӕд нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ дӕр йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ сты ӕви нӕ. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй дзы уыцы хъуыддӕгты зонд агурӕм ӕмӕ сын дзуапп ссарыныл нӕ уд хъарӕм. Ууыл нӕ хъуыды кодтой рагон Израилы адӕм, ӕмӕ сын Иегъовӕ йӕ пехуымпар Иеремийы дзыхӕй сӕ азым загъта. Уыдон зыдтой Хуыцауы ном, фӕлӕ сӕ иу дӕр нӕ фарста, «кӕм ис Иегъовӕ?», зӕгъгӕ (Иереми 2:6). Иегъовӕйы фӕнд цы у, ууыл нӕ хъуыды кодтой. Нӕ дзы куырдтой зонд. Цы зӕгъӕн ис дӕуӕй та? Исты хъуыддаг алыг кӕнын дӕ куы фӕхъӕуы, стыр уа ӕви гыццыл, уӕд дӕхи бафӕрсыс: «Кӕм ис Иегъовӕ?»

Хуыцауӕй зонд чи куырдта, уыдон

4. Зонд Иегъовӕйӕ агурыны хъуыддаджы нын Давид фӕзминаг цӕмӕй у?

4 Иессейы фырт Давид хӕрз ӕрыгонӕй дӕр фидарӕй ӕууӕндыд Иегъовӕйыл. Давид зыдта, Иегъовӕ кӕй у «ӕгас Хуыцау». Зонгӕ та йӕ кодта йӕхицӕй, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ уыди йӕ хъахъхъӕнӕг. Давид «Иегъовӕйы номыл» афтӕ фидарӕй ӕууӕндыд, афтӕ тынг ӕй уарзта, ӕмӕ нӕ фӕтарст, гӕрзифтонг, уӕйыджы хуызӕн филистимаг Голиафы ныхмӕ ӕрлӕууын, ӕмӕ йӕ маргӕ дӕр акодта (1 Паддзахӕдты 17:26, 34—51). Фӕлӕ Давидӕн уымӕй йӕ сӕр нӕ разылд, ныр мӕнӕй лӕгдӕр нӕй, зӕгъгӕ. Афтӕ нӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, амӕй фӕстӕмӕ дӕр цыфӕнды ма аразон,— Иегъовӕ уыдзӕн мӕ хъуыддаг рӕстмӕгӕнӕг. Уый фӕстӕ дӕр-иу Давиды исты хъуыддаг бакӕнын куы хъуыди, уӕд-иу ногӕй ӕмӕ ногӕй Иегъовӕйӕ агуырдта зонд (1 Паддзахӕдты 23:2; 30:8; 2 Паддзахӕдты 2:1; 5:19). Уый дарддӕр дӕр куывта: «Бацамон мын, Хицау, Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ сахуыр кӕн мӕн Дӕ цӕуӕнтыл. Сараз мӕн Дӕ ӕцӕгадыл, ӕмӕ мӕ сахуыр кӕн; уымӕн ӕмӕ Ды мӕ ирвӕзыны Хуыцау; Дӕуыл мӕ зӕрдӕ дарын алыбон» (Псалом 24:4, 5). Цӕй ӕмӕ мах дӕр уыцы хъуыддаджы Давиды фӕзмӕм!

5, 6. Йӕ царды алы заманты Иосафат Иегъовӕйы куыд агуырдта?

5 Давиды мыггагӕй цы паддзӕхтӕ рацыд, уыдонӕй фӕндзӕм, паддзах Иосафаты бонты сыхаг ӕртӕ адӕмы ӕмдыхӕй хӕстмӕ рацыдысты Иудӕйы ныхмӕ. Йӕ адӕм ахӕм тӕссаг уавӕры куы уыдысты, уӕд Иосафат «агуырдта Иегъовӕйы» (2 Паралипоменон 20:1—3). Иосафат фыццаг хатт не ’рцагуырдта Иегъовӕйы. Ваал-хуыцауы фӕдыл ацӕугӕйӕ ӕцӕг Хуыцауы чи ныууагъта, уыцы цӕгат паддзахад Израилӕй хъауджыдӕр Иосафат Иегъовӕйы фӕндӕгтыл цыди (2 Паралипоменон 17:3, 4). Уӕдӕ ныр, ацы тыхст заман та куыд «агуырдта Иегъовӕйы»?

6 Уыцы уынгӕджы сахат Иосафат Иерусалимы Иегъовӕмӕ куыд скуывта, уымӕй равдыста, Иегъовӕ ӕппӕтхъомысджын у, уый йӕ зӕрдыл кӕй лӕууыд. Паддзах арф хъуыды кодта, иннӕ адӕмты фӕсурын ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ Израилы адӕмӕн бынӕн раттын Иегъовӕйы фӕнд кӕй уыди, ууыл. Паддзах ӕмбӕрста, ӕнӕ Иегъовӕйӕ кӕй ницы бакӕндзӕн (2 Паралипоменон 20:6—12). Цымӕ йын Иегъовӕ йӕхи ссарыны фадат радта? Бӕгуыдӕр. Левит Иозиилы дзыхӕй йын Иегъовӕ бӕлвырд бацамыдта, куыд ӕмӕ йӕ цы кӕнын хъӕуы, ӕмӕ дыккаг бон Йӕ адӕмӕн балӕвар кодта уӕлахиз (2 Паралипоменон 20:14—28). Кӕд дӕ уыдзӕн уый ныфс, ӕмӕ Иегъовӕйӕ зонд куы курай, уӕд дӕ фехъусдзӕн?

7. Хуыцау кӕй куывдтытӕ хъусы?

7 Иегъовӕ никӕй хъулон кӕны. Алкӕй дӕр, алы адӕмты дӕр хоны, агурут мӕ, кувут мӕм, зӕгъгӕ (Псалом 64:3; Куыстытӕ 10:34, 35). Иегъовӕ уыны, ӕххуыс дзы чи куры, уыдонӕй алкӕй зӕрдӕ дӕр. Ӕмӕ нын фидарӕй зӕгъы, рӕстгӕнӕджы куывд кӕй хъусы (Ӕмбисӕндтӕ 15:29). Хуыцау йӕхи раргом кӕны, раздӕр йӕ хъуыдыйы дӕр кӕмӕн нӕ уыди, фӕлӕ дзы ныр сӕрныллӕгӕй зонд чи куры, уыдонӕн (Исай 65:1). Уый хъусы, йӕ фӕдзӕхсты сӕрты чи ахызт, фӕлӕ йӕ рӕдыд чи бамбӕрста ӕмӕ чи фӕсмон кӕны, уыцы адӕймӕгты куывдтытӕ дӕр (Псалом 31:5, 6; Куыстытӕ 3:19). Фӕлӕ адӕймаг хивӕнд куы уа, Хуыцауы коммӕ куы нӕ кӕса, уӕд йӕ куывдтытӕ сты хӕрз дзӕгъӕлы (Маркы 7:6, 7). Ӕркӕсӕм цалдӕр дӕнцӕгмӕ.

Куывтой, фӕлӕ сӕ нӕ фехъуыста

8. Иегъовӕ паддзах Саулы куывдтытӕ цӕуылнӕ фехъуыста?

8 Пехуымпар Самуил паддзах Саулӕн куы загъта, Хуыцау дыл дӕ ӕгоммӕгӕсы тыххӕй йӕ къух систа, зӕгъгӕ, уӕд Саул Иегъовӕйы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд (1 Паддзахӕдты 15:30, 31). Фӕлӕ уый уыди цӕстмӕ ми. Саул Хуыцауы коммӕ кӕсыныл нӕ хъуыды кодта, йӕ мӕт уый уыди, ӕмӕ адӕмы цӕсты йӕ кад ма ӕрхаудаид. Фӕстӕдӕр, филистимӕгтӕ Израилы ныхмӕ куы схӕцыдысты, уӕд Саул Иегъовӕйы ӕфсонӕн бафарста зондӕй. Фӕлӕ дзуапп куы нӕ уыд, уӕд бауынаффӕ кодта дӕсныфӕрсӕгимӕ, кӕд ӕмӕ, ахӕм митӕ Иегъовӕ стыр тӕригъӕдыл нымайы, уый зыдта, уӕддӕр (Дыккаг закъон 18:10—12; 1 Паддзахӕдты 28:6, 7). Ацы цауӕй хатдзӕг скӕнгӕйӕ 1 Паралипоменоны 10:14 Саулы тыххӕй дзырдӕуы: «Уый Иегъовӕйӕ зонд нӕ куырдта». Цӕмӕн дзы ис ахӕм ныхӕстӕ? Саулӕн йӕ куывдтытӕ уырнӕг зӕрдӕйӕ нӕ цыдысты. Уымӕ гӕсгӕ, уый афтӕ уыд, цыма ӕппындӕр нӕ куывта.

9. Седеки Иегъовӕйӕ зонд куыд куырдта, уым раст цы нӕ уыди?

9 Иудӕйы паддзахады кӕрон куы ӕрцыд, уӕд дӕр адӕм бирӕ куывтой Иегъовӕмӕ, фарстой йӕ пехуымпарты дӕр, цы кӕнӕм, куыд кӕнӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ адӕм уыцы иу рӕстӕг Иегъовӕйӕн дӕр куывтой ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн дӕр табу кодтой (Софони 1:4—6). Ӕмӕ кӕд Хуыцаумӕ ӕфсоны куывдтытӕ кодтой, уӕддӕр йӕ фӕндоныл зӕрдӕйӕ нӕ уыдысты разы. Паддзах Седеки Иеремийӕн лӕгъстӕ кодта, мӕ номӕй ма скув Иегъовӕмӕ, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй та Иегъовӕ паддзахӕн уӕдмӕ дӕр дзырдта, цы кӕнгӕ йын у, уый. Фӕлӕ паддзахӕн йӕ зӕрдӕйы уырнындзинад нӕ уыди, стӕй адӕмӕй дӕр тарст, ӕмӕ йӕм нӕ байхъуыста. Ӕмӕ йын Иегъовӕ дӕр, цы йӕ фӕндыд фехъусын, ахӕмӕй ницы загъта (Иереми 21:1—12; 38:14—19).

10. Иегъовӕйӕ зонд агургӕйӕ Иоананӕн йӕ рӕдыд цӕй мидӕг уыди ӕмӕ уый махӕн цавӕр зондзонӕн у?

10 Вавилоны ӕфсад Иерусалим куы ныппырх кодтой ӕмӕ иудейты уацары куы акодтой, уӕд ма дзы Иудӕйы зӕххыл цы гыццыл къорд баззад, уыдоны Иоанан Египетмӕ лидзыныл скодта. Ӕппӕт дӕр спълан кодтой, сбарстой, фӕлӕ сӕ арасты размӕ Иеремийӕн загътой, зӕгъгӕ, Иегъовӕмӕ нӕ номӕй скув, базон, куыд кӕнгӕ нын у. Ӕмӕ цы дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый дзы куы нӕ фехъуыстой, уӕд сӕ фӕнд дарддӕр кодтой (Иереми 41:⁠16—43:7). Куыд хъуыды кӕныс, ацы хабӕрттӕй исты ис зондӕн райсӕн, исты ӕххуыс дын фӕуыдзысты, цӕмӕй Иегъовӕйы цӕсгом куы агурай, уӕд дын йӕхи ссарыны фадат ратта?

«Иртасут»

11. Ефесӕгтӕм 5:10 цы уынаффӕ ис, уымӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы нӕ хъус ӕрдарын?

11 Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ ӕрмӕст уымӕй нӕ уыдзыстӕм, ӕмӕ йын нӕхи снывонд кӕнӕм, донаргъуыд райсӕм, ӕмбырдтӕм цӕуӕм ӕмӕ хъусын кӕнӕм. Нӕ цард ӕгасӕй дӕр ууыл дзурӕг хъуамӕ уа. Алы бон дӕр нӕ царды уылӕнтӕ сӕ уӕлныхтыл сисынц, кӕм тынгдӕр, кӕм та — къаддӕр, раст фӕндагӕй куыд адзӕгъӕл уӕм ӕмӕ Хуыцауы раз не ’фсарм куыд фесафӕм. Уӕдӕ нын куыд кӕнгӕ у? Апостол Павел Ефесы цӕрӕг иузӕрдион чырыстӕттӕн фӕдзӕхста: «Раиртасут-иу, Хуыцауӕн ӕхцон цы у, уый» (Ефесӕгтӕм 5:10, НФ). Афтӕ кӕнын стыр ахъаз кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн — Фыстады кӕй кой цӕуы, бирӕ ахӕм цаутӕ.

12. Давид бадзырды ковчег Иерусалиммӕ куы хаста, уӕд Иегъовӕ цӕмӕн смӕсты?

12 Бадзырды ковчег фӕстӕмӕ Израилы бӕстӕм куы ӕрбахастой ӕмӕ дӕсгай азты дӕргъы Кириаф-Иаримы куы фӕци, уӕд ӕй паддзах Давид сфӕнд кодта Иерусалиммӕ ахӕссын. Адӕмы хистӕртимӕ бауынаффӕ кодта ӕмӕ сын загъта, зӕгъгӕ, ковчег рахӕссӕм, «кӕд уӕ фӕнды ӕмӕ кӕд уыцы хъуыддаг Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуы, уӕд». Фӕлӕ уыцы хъуыддагмӕ Иегъовӕ цы цӕстӕй каст, уый сбӕлвырд кӕнын дзы ферох. Уый куы бакодтаид, уӕд ковчег уӕрдоныл ницы хуызы сӕвӕрдтаид. Хъуамӕ йӕ Каафы фырттӕ — левиттӕ — сӕ уӕхсчытыл хастаиккой, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау бӕлвырд-бӕрӕгӕй афтӕ бацамыдта. Кӕд Давид ӕдзухдӕр Иегъовӕйӕ зонд агуырдта, уӕддӕр ӕй ацы хатт бынтон хорз нӕ агуырдта. Ӕмӕ йын уыцы рӕдыд зынаргъ слӕууыд. Фӕстӕдӕр Давид йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ Хуыцау Иегъовӕ ныл йӕ фыдӕх ныккалдта, уымӕн ӕмӕ йӕ куыд ӕмбӕлди, афтӕ нӕ агуырдтам» (1 Паралипоменон 13:1—3; 15:11—13; Нымӕцтӕ 4:4—6, 15; 7:1—9).

13. Ковчег йӕ бынатыл ӕнӕфыдбылызӕй кӕй сӕмбӕлын кодтой, уый цытӕн Давид цы зарӕг ныффыста, уым цы фӕдзӕхст уыд?

13 Кӕддӕр-кӕддӕр левиттӕ ковчег Овед-Едомы хӕдзарӕй Иерусалиммӕ куы ӕрхастой, уӕд айзӕлдысты Давиды фыст зарӕджы ныхӕстӕ. Давид зӕрдӕбынӕй фӕдзӕхста: «Агурут Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ тых, ӕдзухдӕр ын агурут йӕ цӕсгом. Уӕ зӕрдыл дарут йӕ ӕвӕджиауы хъуыддӕгтӕ, йӕ диссӕгтӕ ӕмӕ йӕ дзыхӕй цы тӕрхӕттӕ рацыд, уыдон» (1 Паралипоменон 16:11, 12).

14. Соломоны хорз хъуыддӕгтӕй ӕмӕ йӕ царды фӕстагмӕ цы рӕдыдтӕ ӕруагъта, уыдонӕй цы ис зондӕн райсӕн?

14 Давид йӕ мӕлӕты размӕ йӕ фырт Соломонӕн ныффӕдзӕхста: «Куы йӕ агурай [Иегъовӕйы], уӕд дын йӕхи раргом кӕндзӕн» (1 Паралипоменон 28:9). Соломон паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд ацыд Гаваонмӕ, ӕмбырды цатыр кӕм уыдис, уырдӕм, ӕмӕ Иегъовӕйӕн нывӕндтӕ ӕрхаста. Ӕмӕ йын уым Иегъовӕ загъта: «Зӕгъ мын, цы дын раттон?» Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ йын Иегъовӕ рӕдауӕй бахай кодта зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, Израилы адӕмӕн уынаффӕ кӕнынхъом куыд уыдаид. Ӕмӕ ма йын уымӕй уӕлдай радта хъӕздыгдзинад ӕмӕ стыр кад (2 Паралипоменон 1:3—12). Иегъовӕ Давидӕн цы арӕзтады пълан радта, уымӕ гӕсгӕ Соломон сарӕзта ӕмбисонды кувӕндон. Фӕлӕ Соломон бинонтӕ скӕныны хъуыддаджы Иегъовӕйы нӕ агуырдта. Иегъовӕйӕн чи нӕ куывта, ахӕм сылгоймӕгтимӕ сбаста йӕ цард. Ӕмӕ йын куыдфӕстагмӕ йӕ зӕрдӕ байстой — Иегъовӕйӕн дзы бынат нал уыди (3 Паддзахӕдты 11:1—10). Цавӕрфӕнды хъуыддаджы дӕр цыфӕнды кадджын, зондджын кӕнӕ ӕмбаргӕ ма кӕсӕм нӕхимӕ, уӕддӕр мах хъӕуы, «Хуыцауӕн ӕхцон цы у, уый иртасын»!

15. Ефиопаг Зарай Иудӕйы ныхмӕ куы схӕцыд, уӕд Асӕйӕн йӕ бон цӕмӕн уыди Иегъовӕмӕ Иудӕйы фервӕзын кӕныны фӕдыл фидарӕй скувын?

15 Ӕдзухдӕр, Хуыцауӕн ӕхцон цы у, уый иртасын кӕй хъӕуы, уый ма ирдӕй зыны паддзах Асӕйы цардӕй дӕр (Соломонӕн йӕ фырты фырты фырт). Асӕ паддзах куы сси, уымӕй иуӕндӕс азы фӕстӕ ефиопаг Зарай, милуан адӕймаджы кӕм уыди, ахӕм ӕфсадимӕ рацыд Иудӕйы ныхмӕ. Иегъовӕ йӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕн? Уымӕй фондзсӕдӕ азы раздӕр Иегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕргом загъта, куы йӕм хъусой ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕной, уӕд дӕр сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ йӕм куы нӕ хъусой, уӕд дӕр (Дыккаг закъон 28:1, 7, 15, 25). Иууыл райдианӕй Асӕ скуынӕг кодта, Иудӕйы зӕххыл мӕнг хуыцӕуттӕн цы нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ цӕджындзтӕ уыди, уыдон. Уый адӕмӕн фӕдзӕхста, «агурут Иегъовӕйы», зӕгъгӕ. Асӕ уый арӕзта, фыдӕвзарӕны цалынмӕ нӕ бахауд, уӕдмӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй йӕ бон уыди Иегъовӕмӕ скувын, нӕ сӕрхъуызой, нӕ хъахъхъӕнӕг у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ цы, баххуыс сын кодта? О, Иегъовӕ Иудӕйӕн радта стыр уӕлахиз (2 Паралипоменон 14:2—12).

16, 17. а) Кӕд Асӕ хӕстӕй уӕлахиздзауӕй ӕрыздӕхт, уӕддӕр ын Иегъовӕ йӕ зӕрдыл цы ӕрлӕууын кодта? ӕ) Асӕ рӕдыд фӕндагыл куы ацыд, уӕд ӕм Хуыцау йе ’ххуысы къух куыд бадардта, фӕлӕ Асӕ йӕхи цыхуызӕнӕй равдыста? б) Асӕйы хабӕрттӕй зондӕн цы ис райсӕн?

16 Фӕлӕ паддзах Асӕ уӕлахиздзауӕй куы ӕрыздӕхт, уӕд ын Иегъовӕ йӕ размӕ Азарийы арвыста ӕмӕ йын загъта: «Байхъусут мӕм, Асӕ, ӕмӕ сымах дӕр, Иудӕ ӕмӕ Вениамин, уе ’ппӕт дӕр! Иегъовӕ уемӕ уыдзӕн, цалынмӕ сымах йемӕ уат, уӕдмӕ; ӕмӕ йӕ куы агурат, уӕд уын йӕхи ссарын кӕндзӕн, фӕлӕ йӕ куы ныууадзат, уӕд уӕ уый дӕр ныууадздзӕн» (2 Паралипоменон 15:2). Ацы ныхӕстӕ Асӕйӕн йӕ зӕрдӕйы зынг ссыгътой, ӕмӕ та ног хъарутимӕ ӕрӕвнӕлдта раст дины сӕрыл тохмӕ. Фӕлӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз азы фӕстӕ ногӕй хӕст куы расидтысты, уӕд Асӕ Иегъовӕйы нал ӕрцагуырдта. Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уымӕ не ’ркаст, не ’рхъуыды кодта, ефиопаг ӕфсад Иудӕйы зӕхмӕ куы бабырстой, уӕд сын Иегъовӕ цы сарӕзта. Ӕмӕ йе ’нӕзондӕй Сириимӕ цӕдис скодта (2 Паралипоменон 16:1—6).

17 Уый уынгӕйӕ Иегъовӕ пехуымпар Ананийы арвыста Асӕйӕн йӕ рӕдыд зӕгъынмӕ. Уыцы сахат, хъуыддагмӕ Иегъовӕ цы цӕстӕй каст, уый йын куы бамбарын кодта, уӕд ма Асӕйӕн рӕстӕг уыди йӕ рӕдыд сраст кӕнынӕн. Фӕлӕ марадз зӕгъ, бахъардта йӕм — мӕстӕй рафыхт ӕмӕ Ананийы хъадамандоны ныппӕрста (2 Паралипоменон 16:7—​10). Цы ма уа уымӕй стырдӕр бӕллӕх! Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Афтӕ нын нӕ рауайы, ӕмӕ Хуыцауы агурӕм, цы нын дзуры, уымӕ та нӕ хъусӕм? Нӕ хорзыл чи хъуыды кӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын, ацы дунеимӕ кӕй иу кӕнӕм, уый уынгӕйӕ Библийӕ цыдӕр уынаффӕ куы раттынц, уӕд сӕ бузныг вӕййӕм, уыцы хорзы нын кӕй бацыдысты, ӕмӕ «Хуыцауӕн ӕхцон цы у», уый нын кӕй бацамыдтой?

Ма рох кӕн фӕрсын: «Кӕм ис Иегъовӕ?»

18. Елиуй Иовӕн цы загъта, уый нын ахъаз куыд у?

18 Уынгӕджы уавӕры, Иегъовӕйы раз йӕхицӕн хорз ном чи скодта, ахӕм адӕймаг дӕр фӕрӕдийы. Иов ӕлгъаг, ӕвирхъау низы амӕттаг куы фӕци, йӕ хъӕбултӕ куы фӕмардысты ӕмӕ йӕ ис, йӕ бонӕй афтид куы аззад, стӕй ма йӕ йӕ «ӕрдхӕрдтӕ» дӕр ӕнаххосӕй аххосджын куы кодтой, уӕд йӕхи йедтӕмӕ никӕйуал уыдта. Ӕмӕ йын уӕд Елиуй йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Иу дӕр нӕ загъта: „Кӕм ис ме Скӕнӕг Стыр Хуыцау?“» (Иов 35:10). Иовы хъуыдис Иегъовӕйыл ахъуыды кӕнын ӕмӕ хъуыддагмӕ уый бӕрзӕндӕй, уый цӕстӕй ӕркӕсын. Иов сӕрныллӕгӕй йӕ зӕрдӕмӕ айста Елиуйы ныхӕстӕ, ӕмӕ уымӕй махӕн у фӕзминаг.

19. Израилы адӕмы-иу арӕх цы ферох?

19 Израилы адӕм зыдтой, Хуыцау сын куыд ӕххуыс кодта, ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ. Фӕлӕ, зӕгъгӕ, исты, уӕд-иу сӕ арӕх уыцы хъуыддӕгтӕ ферох сты (Иереми 2:5, 6, 8). Исты хъуыддаг алыг кӕнын-иу сӕ куы хъуыд, уӕд-иу нӕ фарстой, «кӕм ис Иегъовӕ?», зӕгъгӕ, фӕлӕ-иу сӕ удӕн ӕнцондӕр куыд уыди, афтӕ-иу кодтой (Исай 5:11, 12).

Ӕппынӕдзух фӕрс: «Кӕм ис Иегъовӕ?»

20, 21. а) Абон Елисейау Иегъовӕйӕ разамынд чи агуры? ӕ) Куыд у нӕ бон уыдоны уырнындзинад фӕзмын ӕмӕ нын уый цы ахъаз фӕуыдзӕн?

20 Илиайӕн йӕ пехуымпары куыст йӕ кӕронмӕ куы ӕрхӕццӕ, уӕд йе ’ххуысгӕнӕг Елисей, Илиайы уӕхсчытӕй цы пехуымпары пӕлӕз ӕрхауд, уый систа, Иорданы донмӕ бацыд ӕмӕ загъта: «Кӕм ис Иегъовӕ, Илиайы Хуыцау, кӕм ис?» (4 Паддзахӕдты 2:14). Иегъовӕ уыцы ныхӕстӕн дзуапп радта — йӕ сыгъдӕг уд Елисейыл кӕй ис, уый равдыста. Ацы цауӕй цы ис зондӕн райсӕн?

21 Ахӕм цыдӕр ӕрцыд нӕ рӕстӕджы дӕр. Хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕргъы чи лӕууыд, уыцы сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтӕн зӕххыл сӕ цард куы фӕци, уӕд цӕст дарыны бӕрн кӕуыл ӕрӕнцад, уыдон Фыстад иртӕстой ӕмӕ Иегъовӕйӕ разамынд куырдтой. Никуы сӕ рох кодта фӕрсын: «Кӕм ис Иегъовӕ?» Ӕмӕ сӕ Иегъовӕ дӕр нӕ ныууагъта — дарддӕр кӕны йӕ адӕмы ӕмӕ сын сӕ хъуыддаджы ахъазгӕнӕг у. Мах дӕр сын сӕ уырнындзинад фӕзмӕм? (Дзуттытӕм 13:7). Кӕд о, уӕд ӕнгомдӕр лӕудзыстӕм Иегъовӕйы организацимӕ, цы нын амоны, уый кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ бон цы у, уымӕй нӕхиуыл нӕ ауӕрддзыстӕм, зӕххыл Йесо Чырыстийы разамындӕй цы куыст цӕуы, уым (Захари 8:23).

Цавӕр дзуапп раттис?

• «Кӕм ис Иегъовӕ?», зӕгъгӕ, куы фӕрсӕм, уӕд нӕ цы базонын хъуамӕ фӕнда?

• «Кӕм ис Иегъовӕ?» — ацы фарстӕн абон куыд ис дзуапп ссарӕн?

• Хуыцауӕй зонд чи фӕкуры, уыдонӕн сӕ куывдтытӕ иуӕй-иу хатт цӕуылнӕ айсы?

• «Хуыцауӕн ӕхцон цы у, уый иртасын» кӕй хъӕуы, уый нын Библийӕ цавӕр цаутӕ ӕвдисынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 19 фарсыл]

Паддзах Иосафат Иегъовӕйы куыд агуырдта?

[Ныв 20 фарсыл]

Саул зондагурӕг дӕсныфӕрсӕгмӕ цӕмӕн ацыд?