Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы зӕрдӕ чи рухс кӕны, уыцы фӕсивӕд

Иегъовӕйы зӕрдӕ чи рухс кӕны, уыцы фӕсивӕд

Иегъовӕйы зӕрдӕ чи рухс кӕны, уыцы фӕсивӕд

Ацы дыууӕ ахуыргӕнӕн статьяйы фыст сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕсивӕдӕн. Хорз уаид, ӕрыгӕттӕ, ӕмӕ сӕм лӕмбынӕг куы ’ркӕсиккат. Ӕмӕ статьятӕ ӕмбырды куы ’взарой, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕнут дзуапп дӕттын.

«Зондджын у, мӕ фырт, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мын фидистӕ чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттон» (ӔМБИСӔНДТӔ 27:11).

1, 2. а) Кӕд дӕм ацы дунейы цыдӕр дзӕбӕх кӕсы, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ зӕрдӕ хӕлд у? Бамбарын ӕй кӕн (Ромӕгтӕм 7:21). ӕ) Асафыл цы ’рцыд, уый дын зондзонӕн цӕмӕй у? (Кӕс 9-ӕм фарсыл фӕлгӕты.)

ЗӔГЪӔМ, дуканийы кӕнӕ базары дӕхицӕн дарӕс ӕлхӕныс. Разил-базилгӕнгӕйӕ цыдӕр дзаума ауыдтай, ӕмӕ ӕвиппайды дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Йӕ хуыз дыл фидауы, хорз дыл бады, стӕй зынаргъ дӕр нӕу. Фӕлӕ йӕм дзӕбӕх куы ӕркӕстытӕ кодтай, уӕд йӕ кӕрӕттӕ разындысты ихсыд, йӕ хуыд та — ӕнӕбары. Кӕд дзаума рӕсугъд у, уӕддӕр уӕлӕ скӕнынмӕ нӕ бӕззы. Ахӕм бызгъуырыл де ’хца акалис?

2 Ныр та уыцы хъуыддаг абар, ды, ӕрыгон чырыстон, ацы царды цытӕ уыныс, уыимӕ. Ацы дуне дӕр дӕм уыцы дзаумайау, чи зоны, рӕсугъд кӕса. Дзырдӕн зӕгъӕм, де ’мгӕрттӕ хъазтизӕртӕм цӕуынц, наркотиктӕ кӕнынц, нуазынц, уарзӕттӕй хъазынц ӕмӕ сӕм искӕимӕ ӕмуатон фӕуын дӕр худинаг нӕ кӕсы. Хатт сӕм нӕ бахӕлӕг кӕныс? Науӕд та дӕхицӕн нӕ фӕзӕгъыс: ехх, ахӕм сӕрибар цардӕй иу гыццыл ацӕр? Кӕд о, уӕд дӕм ахӕм хъуыды ма уӕд: мӕнӕй цӕй чырыстон ис, мӕ зӕрдӕ хӕлд куы у. Библийы ис фыст, ацы дуне адӕмы йӕхимӕ кӕй сайы, суанг Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр (2 Тимофеймӕ 4:10).

3. а) Ацы дунейы цы ис, уымӕ тырнын дзӕгъӕлы цӕмӕн у? ӕ) Дунейы хъуыддӕгтӕ ницӕйаг кӕй сты, уый тыххӕй иу хо цы загъта?

3 Цы дарӕс фелхӕныс, уымӕ куыд лӕмбынӕг фӕкӕсыс, афтӕ ма ӕркӕс ацы дунейы хъуыддӕгтӕм дӕр. Ахъуыды кӕн: ацы дунейы «хъуымац» бӕззы, стӕй хорз «хуыд» у? Библийы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй «дуне... фӕивгъуыйы» (1 Иоанны 2:17). Ацы дунейы удӕхцондзинӕдтӕ иууылдӕр сты ивгъуыйгӕ. Уымӕй уӕлдай ма ӕнӕгъдау, чъизи митӕ хорзмӕ никуы никӕй ӕркодтой. Уӕдӕ бӕрӕг у, ахӕм цыдӕртӕ уый аргъ кӕй не сты, ӕмӕ сыл нӕ цард хардз кӕнӕм. Иу хо йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йе ’взонджы бонтӕ ӕнӕсӕрфат митыл кӕй ацыдысты, ууыл йӕхи фӕсмонӕй хӕры. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Ацы дуне адӕймаджы зӕрдӕ йӕхимӕ скъӕфы, йӕ сӕр ын разилын кӕны. Дуне адӕймаджы уыцы зондыл кӕны, зӕгъгӕ, удирхӕфсӕнты, хорз йедтӕмӕ, ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ ӕцӕгӕй афтӕ нӕу. Йӕхицӕн дӕ хъазӕнхъул сараздзӕн, ӕмӕ дӕ куы схъыг уа, уӕд дӕ аппардзӕн» *. Уӕдӕ де ’взонджы бонтӕ ахӕм ӕнӕуаг цардыл цӕмӕн хъуамӕ хардз кӕнай?

Чи нӕ хъахъхъӕны «фыдбылызӕй»

4, 5. а) Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ Иегъовӕйӕ цы куырдта? ӕ) Цӕмӕн куырдта йӕ Фыдӕй уый?

4 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕсивӕд зонынц, ацы дунейы хорзӕй кӕй ницы ис, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ дард лидзынц (Иаковы 4:4). Ды дӕр уыцы иузӕрдион ӕрыгӕттӕй дӕ? Кӕд о, уӕд ды дӕ раппӕлинаг. Раст у, де ’мгӕрттӕ цы аразынц, афтӕ ма кӕнай ӕмӕ уыдоны хуызӕн ма уай, уый ӕнцон нӕу. Фӕлӕ зон — иунӕг нӕ дӕ.

5 Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ Иегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгты «бахызтаид фыдбылызӕй» (Иоанны 17:15, НФ). Йесо йӕ Фыдӕн хуымӕтӕджы нӕ лӕгъстӕ кодта. Уый хорз зыдта, стырӕй-чысылӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн Хуыцауы раз ӕнӕзӕрдӕхудтӕй цӕрын. Цӕуылнӕ? Иуӕй уымӕн, ӕмӕ Йесо куыд дзырдта, афтӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕнӕуынгӕ, тыхджын знаг — «фыдбылыз», ома Сайтан Хӕйрӕг, йӕ ныхтӕ ныссадздзӕн. Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уыцы фыдгӕнӕг зӕд «бӕстыл зилы богътӕгӕнаг домбайау, ӕмӕ агуры искӕй аныхъуырынмӕ» (1 Петры 5:8, НФ).

6. Сайтан сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕрыгӕттыл дӕр кӕй нӕ ауӕрды, уый кӕцӕй зонӕм?

6 Рагӕй фӕстӕмӕ Сайтанӕн йӕ уд, йӕ дзӕцц у адӕмӕн ӕвирхъау фыдмитӕ кӕнын. Ахъуыды ма кӕн, Сайтан Иов ӕмӕ йӕ бинонтӕн цы дудгӕбӕттӕ бавзарын кодта, ууыл (Иов 1:13—19; 2:7). Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, дӕхи цы базыдтай, уӕдӕй нырмӕ тугмондаг Сайтаны фыдӕй цы бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уыдон дӕр. Хӕйрӕг искӕй аныхъуырыны фыдӕй зилы дунейыл ӕмӕ суанг сывӕллӕттӕн дӕр нӕ тӕригъӕд кӕны. Н. э. I ӕнусы райдианы Ирод сфӕнд кодта, Вифлеемы сабитӕй дыууӕ азы онг кӕуыл цыдис, уыдоны ныццӕгъдын (Матфейы 2:16). Ироды Сайтан самидин кодтаид, ӕндӕр чи? Ӕмӕ цӕй тыххӕй? Ӕппӕт дӕр — Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ Мессиа чи хъуамӕ суыдаид ӕмӕ Сайтаныл Хуыцауы тӕрхон чи хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, уыцы сабийы фесафынӕн! (Уӕвынад 3:15). Ацы цауӕй бӕрӕг у, Сайтан сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕрыгӕттыл дӕр кӕй нӕ ауӕрды. Ницы йӕ хъӕуы, ӕрмӕстдӕр архайы, куыд фылдӕр адӕмы аныхъуыра, ууыл. Уӕлдайдӕр та абон, уымӕн ӕмӕ уӕларвӕй зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд ӕмӕ «знӕтӕй судзы; зоны, ӕвӕдза... бирӕ бонтӕ йын кӕй нал баззад, уый» (Раргомад 12:9, 12, НФ).

7. а) Цӕмӕй хицӕн кӕнынц Иегъовӕ ӕмӕ Сайтан? ӕ) Дӕ зӕрдӕ цардӕй райа, уый Иегъовӕйы фӕнды ӕви нӕ?

7 «Знӕтӕй чи судзы», уыцы Сайтанӕй хъауджыдӕр, Иегъовӕ у «хӕларзӕрдӕ» (Лукайы 1:78). Хуыцау уарзондзинадӕй Хуыцау у. Ацы ӕвӕджиауы миниуӕг не Сфӕлдисӕджы сӕйраг миниуӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Библийы дзырдӕуы: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Куыд тынг хицӕн кӕнынц кӕрӕдзийӕ ацы дунейы хуыцау ӕмӕ ды кӕмӕн кувыс, уыцы кадджын Хуыцау! Сайтан агуры, кӕй аныхъуыра, уый; Иегъовӕйы та «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа» (2 Петры 3:9). Иегъовӕйӕн зынаргъ у алы адӕймаджы цард дӕр. Зынаргъ ын у дӕ цард дӕр. Ӕмӕ дын йӕ Ныхасы кӕй дзуры, зӕгъгӕ, дунейӕ ма у, уымӕй дын дӕ цин бамынӕг кӕнын ӕмӕ дын дӕ къӕхтӕ ӕмӕ къухтӕ сбӕттынмӕ нӕ хъавы (Иоанны 15:19). Нӕ, уый дӕ Фыдбылызӕй хъахъхъӕны. Дӕ уӕларвон Фыды цӕст дын ацы дунейы ивгъуыйгӕ удирхӕфсӕнтӕй фылдӕр уарзы. Тынг ӕй фӕнды, «ӕцӕг царды» ад куы базонис — зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм куы цӕрис (1 Тимофеймӕ 6:17—19, НД). Иегъовӕйы зӕрдӕ дын зӕгъы уыцы хорздзинад ӕмӕ дӕ разӕнгард кӕны уыцы нысанмӕ (1 Тимофеймӕ 2:4). Фӕлӕ ма дӕ Иегъовӕ куры иу цыдӕр. Цы?

«Мӕ зӕрдӕ мын рухс кӕн»

8, 9. а) Иегъовӕйӕн дӕ бон цавӕр лӕвар у скӕнын? ӕ) Иовы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй Сайтан Иегъовӕйӕн фидистӕ куыд кӕны?

8 Дӕ хӕларӕн искуы исты балӕвар кодтай? Кӕд о, уӕд ыл, хӕрзаг, тынг фӕцин кодта ӕмӕ дӕ тынг фӕбузныг? Ӕвӕццӕгӕн, тынг бирӕ фӕрахъуыды-бахъуыды кодтай, цы йын балӕвар кӕнай, ууыл. Ныр та ахъуыды кӕн: цы балӕвар кӕнис де Сфӕлдисӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн? Хӕрзаг зӕгъыс: уый та цавӕр фарст у? Хуымӕтӕг адӕймаг Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн цы хъуамӕ балӕвар кӕна? Цы цух у ӕмӕ йын цы ис раттӕн? Ацы фарстӕн дзуапп ис Библийы, Ӕмбисӕндты 27:11 стихы: «Зондджын у, мӕ фырт, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мын фидистӕ чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттон».

9 Библийӕ зондзынӕ, Иегъовӕйӕн фидистӕ Сайтан Хӕйрӕг кӕй кӕны, уый. Хӕйрӕг дзуры, зӕгъгӕ, адӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц, уарзгӕ йӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕм цӕмӕдӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уымӕн. Сайтан уыцы иу дзырд кӕны: уӕдӕ ма сыл уӕззау рӕстӕг скӕнӕд, кӕддӕра Хуыцауы нӕ фӕуадзиккой. Кӕс ма, Сайтан Иегъовӕйӕн рӕстзӕрдӕ адӕймаг Иовы тыххӕй цы загъта: «Йӕхи дӕр, йӕ хӕдзар дӕр ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон дӕр ын ды дӕхӕдӕг нӕ хъахъхъӕныс? Йӕ къухвӕллойӕн ын раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ фос зӕххыл ахӕлиу сты. Фӕлӕ ма бафӕлвар, дӕ къух ӕм сис ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕ бавнал — кӕддӕра дӕ комкоммӕ нӕ ралгъитид» (Иов 1:10, 11).

10. а)  Кӕцӕй йӕ зонӕм Сайтан канд Иовы кой кӕй нӕ кодта, уый? ӕ) А-зӕххыл иууыл ахсджиагдӕр дзырддаг фарста дӕумӕ дӕр куыд хауы?

10 Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Сайтан сдзырддаг кодта, иу хъуыддаг: Хуыцауыл канд Иов нӕ, фӕлӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр, уыимӕ ды дӕр, зӕрдӕйӕ кӕй нӕу. Сайтан ӕппӕт адӕмы кой кодта, Иегъовӕйӕн афтӕ куы загъта: «Адӕймаг [иунӕг Иов нӕ, фӕлӕ чифӕнды дӕр] йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 2:4). Уыцы ахсджиаг дзырддаг фарста дӕумӕ дӕр кӕй хауы, уый ӕмбарыс? Ӕмбисӕндты 27:11 Иегъовӕ дзуры, дӕ бон ын цыдӕр раттын кӕй у. Фӕлӕ цы? Фидис ын чи кӕны, уыцы Сайтанӕн дзуапп раттыны фадат. Ахъуыды ма кӕн, Дунедарӕг Стыр Хуыцау дӕумӕ дӕр сиды а-зӕххыл иууыл ахсджиагдӕр дзырддаг фарста аскъуыддзаг кӕнынмӕ! Ӕвӕдза, цӕй стыр хӕс ӕмӕ дӕм кад ӕрхаудта! Иегъовӕ дӕ цы куры, уый дӕ бон сӕххӕст кӕнын у? Иовы бон баци (Иов 2:9, 10). Йесойы бон дӕр. Стӕй бирӕ ӕндӕр адӕм дӕр сӕххӕст кодтой Иегъовӕйы курдиат. Ӕмӕ се ’хсӕн уыди бирӕ ӕрыгӕттӕ дӕр (Филиппӕгтӕм 2:8; Раргомад 6:9). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у. Ӕрмӕст афтӕ ма хъуыды кӕн, зӕгъгӕ, уыцы хъуыддаг мӕнмӕ нӕ хауы. Дӕ уагӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй фарс дӕ — йе Сайтаны, йе та Иегъовӕйы. Кӕй фарс уыдзынӕ?

Иегъовӕ дыл тыхсы!

11, 12. Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныс ӕви нӕ, уый йын исты уӕлдай у? Бамбарын ӕй кӕн.

11 Кӕй фарс уыдзынӕ, уый Иегъовӕйӕн исты уӕлдай у? Ау, ныронг ыл ӕнувыдӕй чи баззад, уыдон фаг не сты, цӕмӕй Сайтанӕн аккаг дзуапп ратта? Раст у, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕй йӕ иу дӕр нӕ уарзы, мӕнг разындысты. Фӕлӕ Иегъовӕ дӕуыл кӕй тыхсы, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕнды, ды дӕр йӕ фарс куы ’рлӕууис. Йесо загъта: «Уӕ Уӕларвон Фыды... ацы чысылтӕй иуы фесафын дӕр нӕ фӕнды» (Матфейы 18:14, НФ).

12 Уӕдӕ бӕлвырд у, кӕй фарс ӕрлӕудзынӕ, уый Иегъовӕйӕн уӕлдай кӕй нӕу. Уый нӕ, фӕлӕ ма йӕм комкоммӕ дӕр хауы. Библи ирдӕй ӕвдисы, йӕхи хорз чи дары, уыдон Иегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнынц, ӕвзӕр хъуыддӕгтыл хӕст чи у, уыдон та йын йӕ зӕрдӕ кӕй риссын кӕнынц. Цӕвиттон, израилӕгтӕ ӕдзух Иегъовӕйы ныхмӕ кӕй цыдысты, уымӕй йӕ «ӕфхӕрдтой» (Псалом 77:40, 41). Нойы заман Доны хъаймӕты размӕ дӕр, «адӕм бынысӕфт [кӕй] фесты», ууыл Иегъовӕйы «зӕрдӕ рыст» (Уӕвынад 6:5, 6). Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Ууыл, ӕмӕ ды дӕр ӕвзӕр фӕндагыл куы ӕрлӕууай, уӕд де Сфӕлдисӕджы зӕрдӕ фӕриссын кӕндзынӕ. Фӕлӕ уый афтӕ ӕмбаргӕ нӕу, ӕмӕ Хуыцау лӕмӕгъ у кӕнӕ алцыдӕр йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг исы. Нӕ. Уый дӕ уарзгӕ кӕны ӕмӕ йӕ дӕ хорз фӕнды. Раст цы у, уый куы фӕкӕныс, уӕд та дӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ барухс вӕййы. Уый тынг цин кӕны, канд ууыл нӕ, ӕмӕ Сайтанӕн дзуапп раттын йӕ бон кӕй у, фӕлӕ ма дӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн, ууыл дӕр. Иегъовӕйы уый тынг фӕнды (Дзуттытӕм 11:6, НФ). Ӕвӕдза, Иегъовӕ Хуыцау цӕй уарзӕгой Фыд у!

Ныридӕгӕн дӕр бирӕ-бирӕ хорздзинӕдтӕй сты хайджын

13. Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон абон цавӕр хорздзинӕдтӕй сты хайджын?

13 Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм хорздзинӕдтӕ канд фидӕны не ’нхъӕлмӕ кӕсы. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕсивӕдӕй бирӕтӕ абон дӕр сты зӕрдӕрухс, ӕмӕ ӕндӕр дӕр куыд хъуамӕ уа! «Хицауы фӕдзӕхстытӕ раст сты, хъӕлдзӕг кӕнынц зӕрдӕ»,— фыста псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 18:9). Пайда нын цы у, уый Иегъовӕйӕ хуыздӕр ничи зоны. Мӕнӕ цы ныхӕстӕ загъта пехуымпар Исайы дзыхӕй: «Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын чи амоны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны. Ехх, ӕмӕ мын мӕ амындтӕм куы хъусис! Уӕд дӕ фарн уаид цӕугӕдонау, дӕ рӕстад та — денджызы уылӕнтау» (Исай 48:17, 18).

14. Библийы уагӕвӕрдтӕ дӕ хӕстӕ скӕнынӕй куыд бахиздзысты?

14 Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд дӕхи бахиздзынӕ зӕрдӕрыстӕй ӕмӕ бирӕ мӕстытӕй. Цӕвиттон, Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, ӕхцауарзджытӕ «сӕхӕдӕг сӕхи баппӕрстой бирӕ уынгӕгдзинӕдты» (1 Тимофеймӕ 6:9, 10). Де ’мбӕлттӕй ацы хъуыддаг йӕхи сӕрыл ничи бавзӕрста? Иуӕй-иу лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ зынаргъ дзаумӕттӕ ӕмӕ ногдӕр телефон, компьютер ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ балхӕнынӕн стыр хӕстӕ скодтой. Дӕ къух дӕ куы нӕ амона, ӕмӕ афтӕмӕй зынаргъ дзаумӕттӕ стыр проценттыл ӕфстау куы исай, ӕмгъуыдгай сын фиддзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕхицӕй цагъар аразыс! (Ӕмбисӕндтӕ 22:7).

15. Ӕнӕгъдау цард цы мӕстытӕм ӕркӕны, уыдонӕй дӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ куыд бахиздзысты?

15 Ӕркӕсӕм, ӕнӕгъдау цард цӕмӕ ӕркӕны, уымӕ дӕр. Алы аз дӕр ӕгас дунейы тынг бирӕ ӕвзонг чызджытӕ ӕнӕ лӕгӕй басывӕрджын вӕййынц. Иуӕй-иутӕ сӕ сывӕллон ныййарынц, хъӕугӕ дӕр сӕ нӕ фӕкӕны ӕмӕ йе схъомыл кӕнын дӕр сӕ бон нӕ вӕййы, афтӕмӕй. Иннӕтӕ та аборт скӕнынц ӕмӕ уый фӕстӕ сӕхи фӕсмонӕй фӕхӕрынц. Аннӕ лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ та кӕимӕдӕр ӕмуатон кӕй фӕвӕййынц, уый аххосӕй сыл ӕвзӕр низтӕ ныххӕцы, зӕгъӕм, СПИД. Фӕлӕ Иегъовӕйы чи зоны, уыдон ахӕм митӕ куы кӕной, уӕд дзы адард уыдзысты — уымӕй стырдӕр бӕллӕх та ницы ис * (Галатӕгтӕм 5:19—21). Уӕдӕ Библи дзӕгъӕлы нӕ дзуры: «Лидзут хӕтындзинадӕй» (1 Коринфӕгтӕм 6:18).

Лӕггад кӕн «амондджын Хуыцауӕн»

16. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Иегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй де ’взонджы бонты хъӕлдзӕг уай? ӕ) Цӕмӕн дын амоны Иегъовӕ, куыд цӕрын дӕ хъӕуы, уый?

16 Библийы Иегъовӕ хуыйны «амондджын Хуыцау» (1 Тимофеймӕ 1:11). Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ды дӕр уай амондджын. Йӕ Ныхасы афтӕ дзырдӕуы: «Фӕсивӕд, цалынмӕ ӕрыгӕттӕ стут, уӕдмӕ цин кӕнут, ӕмӕ амондджын ут» (Екклесиаст 11:9, «Нырыккон тӕлмац»). Фӕлӕ Иегъовӕ ацы тӕккӕйӕ дарддӕр уыны ӕмӕ зоны, хорз цард дӕр ӕмӕ ӕнӕуаг цард дӕр цӕмӕ ӕркӕны, уый. Ӕмӕ дын уымӕн фӕдзӕхсы: «Дӕ зӕрдыл дар дӕ Цытджын Сфӕлдисӕджы де ’рыгон бонты, цалынмӕ дыл уынгӕджы бонтӕ не скодта ӕмӕ дыл уыцы азтӕ не ’рцыдысты, афтӕ кӕмӕй дзурай: „Ад мын нал кӕнынц“» (Екклесиаст 12:1).

17, 18. Иу ӕрыгон хо, Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ амондджын цӕмӕн у, уый тыххӕй цы загъта ӕмӕ цы саразӕн ис, цӕмӕй ды дӕр афтӕ зӕрдӕрухс уай?

17 Абон тынг бирӕ ӕрыгӕттӕ, Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сты амондджын. Цӕвиттонӕн, 15-аздзыд чызг Линӕ дзуры: «Ӕз къӕмдзӕстыг ницӕмӕй дӕн. Тамако кӕй нӕ дымын ӕмӕ наркотиктӕ кӕй нӕ кӕнын, уый фӕрцы дӕн ӕнӕниз. Ӕмбырды цы хорз уынаффӕтӕ фехъусын, уыдон фӕрцы мӕ бон у Сайтаны фыдӕндӕвдады ныхмӕ лӕууын. Хъӕлдзӕг та уымӕн вӕййын, ӕмӕ мын ӕмбырды ис хорз ӕмбӕлттӕ. Фыццаджы-фыццаг та мын ис зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны диссаджы ныфс».

18 Линӕйау бирӕ ӕрыгон чырыстӕттӕ хъазуатонӕй тох кӕнынц сӕ уырнындзинадыл, ӕмӕ уый фӕрцы сты хъӕлдзӕг ӕмӕ зӕрдӕрухс. Уыдон ӕмбарынц, кӕд сын хатт цыдӕр зындзинӕдтӕ вӕййы, уӕддӕр сӕ цардӕн ис нысан ӕмӕ сомбон. Уӕдӕ дарддӕр дӕр лӕггад кӕн, дӕ хорз кӕй фӕнды, уыцы Хуыцауӕн. Йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕн ӕмӕ дын уый дӕр, абон дӕр ӕмӕ ӕнусты дӕр, дӕ циныл цин ӕфтаудзӕн! (Псалом 5:12).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Кӕс 1996 азы 22 октябры «Райхъал ут!»-ы, статья «Ӕцӕгад мӕ цардмӕ раздӕхта» (уыр.).

^ 15 абз. Зӕрдӕйӕн ныфс у, адӕймаг куы ӕрфӕсмон кӕна, раст фӕндагмӕ куы раздӕха ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл куы басӕтта, уӕд ын Иегъовӕ «бирӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн» (Исай 55:7).

Бахъуыды кодтай?

• «Фыдбылыз», ома Сайтан, дӕуӕн цы бакӕнынмӕ хъавы?

• Куыд у дӕ бон Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын?

• Иегъовӕ дыл кӕй тыхсы, уый Библи куыд ӕвдисы?

• Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ адӕймаг цавӕр хорздзинӕдтӕй у хайджын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 9 фарсыл]

Рӕстгӕнӕг фӕцӕйсӕфт

Рагон Израилы цардис иу левит, Асаф, зӕгъгӕ,— Иегъовӕйы кувӕндоны уыд зынгӕ музыкант. Цы зарджытӕ фыста, уыдон зарыдысты, дзыллӕтӕ-иу кувӕндоны куы сӕмбырд сты, уӕд. Фӕлӕ ахӕм ран лӕггадгӕнгӕйӕ дӕр Асаф иу хатт бахӕлӕг кодта ӕнӕхуыцау адӕммӕ. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ, кӕд Хуыцауы закъӕттӕ халынц, уӕддӕр сӕхицӕн дзӕбӕх кӕй цӕрынц. «Чысыл ма бахъӕуа мӕ къӕхтӕ фӕцудой, чысыл ма бахъӕуа мӕ къахы бынтӕ фӕбырой,— дзырдта фӕстӕдӕр Асаф,— ӕз бахӕлӕг кодтон ӕнӕзӕндтӕм, уынгӕйӕ ӕнӕрӕстыты хорз царды бонтӕ» (Псалом 72:2, 3).

Иу афон Асаф ӕрбацыд кувӕндонмӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Иегъовӕйӕн раргом кодта. Алцӕмӕдӕр та фӕстӕмӕ Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсын райдыдта ӕмӕ бамбӕрста, Хуыцау ӕнӕуаг митӕй йе сӕфт кӕй уыны ӕмӕ, фыдгӕнджытӕ ӕмӕ рӕстгӕнджытӕ цы байтауой, уый иу бон кӕй ӕркӕрддзысты (Псалом 72:17—20; Галатӕгтӕм 6:7, 8). Ӕцӕгдӕр, фыдгӕнджытӕ лӕууынц бырынцъаг фӕндагыл. Ӕмӕ, ӕппынфӕстаг, Иегъовӕ ацы ӕнӕхуыцау дуне куы сафа, уӕд ӕнӕмӕнгдӕр ахаудзысты (Раргомад 21:8).

[Ныв 10 фарсыл]

Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ амондджын сты се ’муырнджытимӕ иумӕ Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ.