Рыстзӕрдӕ адӕмӕн удӕнцой у
Рыстзӕрдӕ адӕмӕн удӕнцой у
«Иегъовӕ мӕ уый тыххӕй байсӕрста... цӕмӕй маст чи кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕнон» (ИСАЙ 61:1, 2).
1, 2. Кӕй зӕрдӕтӕ хъуамӕ фидар кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?
ИЕГЪОВӔ, ӕцӕг удӕнцой чи дӕтты, уыцы Хуыцау нӕ ахуыр кӕны, искӕуыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд йе ’нцой балӕууын. Амоны нын, зӕгъгӕ, «ныфсхаст кӕнут зӕрдӕсастыты» ӕмӕ маст чи кӕны, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнут (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, НФ). Бахъуаджы сахат се ’нцой балӕууӕм не ’мкувӕг ӕфсымӕртӕн ӕмӕ хотӕн. Афтӕ ма уарзӕм, хорзӕй ӕппындӕр кӕмӕй ницы зонӕм, уыцы адӕмы дӕр (Матфейы 5:43—48; Галатӕгтӕм 6:10).
2 «Дунедарӕг Иегъовӕйы уд ис мӕныл, уымӕн ӕмӕ мӕ Иегъовӕ уый тыххӕй байсӕрста, цӕмӕй хорз хабар дзурон сӕрныллӕг адӕмӕн. Уый тыххӕй мӕ рарвыста, цӕмӕй зӕрдӕсаст чи у, уыдоны сдзӕбӕх кӕнон... цӕмӕй маст чи кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕнон»,— кӕддӕр ацы пехуымпарад бакаст Йесо Чырысти ӕмӕ бамбарын кодта, цы хӕслӕвӕрды кой дзы цӕуы, уый уымӕ кӕй хаудис (Исай 61:1, 2; Лукайы 4:16—19). Зӕххыл абон цы сӕрст чырыстӕттӕ ис, уыдон рагӕй ӕмбарынц, уыцы хӕслӕвӕрд уыдонмӕ дӕр кӕй хауы, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы семӕ зӕрдӕрайгӕйӕ архайынц «ӕндӕр фыстӕ» (Иоанны 10:16).
3. Адӕм куы фӕфӕрсынц «Хуыцау бӕллӕхтӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?», уӕд сын куыд ис баххуыс кӕнӕн?
3 Бӕллӕх ӕнӕфӕрсгӕйӕ къӕсӕрыл куы ӕрлӕууы ӕмӕ адӕмы зӕрдӕсаст куы фӕкӕны, уӕд арӕх фӕфӕрсынц: «Хуыцау бӕллӕхтӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?» Ацы фарстӕн Библи бӕлвырд дзуапп дӕтты. Фӕлӕ Библи чи нӕ ахуыр кӕны, уый ацы фарст дзӕбӕх бамбарынӕн хъӕуы рӕстӕг. Уый фӕдыл хорз ӕрмӕг ис Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд литературӕйы *. Фӕлӕ-иу райдианы бирӕтӕн стыр ныфсы хос фесты Библийы ныхӕстӕ, зӕгъӕм, Исайы 61:1, 2, уымӕн ӕмӕ-иу федтой, Хуыцауы кӕй фӕнды адӕмӕн сӕ зын фӕрог кӕнын.
4. Польшӕйы иу Ӕвдисӕн куыд баххуыс кодта, йӕ цард кӕмӕн сӕнад, ахӕм ахуырдзау чызгӕн, ӕмӕ ацы цау дӕуӕн куыд фӕахъаз уыдзӕн иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн?
4 Ӕрыгонӕй, ацӕргӕйӕ ныфсы ныхас кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм нӕй. Польшӕйы, цардмӕ кӕй зӕрдӕ нал ради, иу ахӕм ӕрыгон чызг бафарста йӕ зонгӕ чызджы, цы кӕнон, зӕгъгӕ. Уыцы ӕмбал — Иегъовӕйы Ӕвдисӕн — чызджы уӕзданӕй алцӕмӕйты бафарста ӕмӕ базыдта, ӕнцой йын кӕй нӕ дӕттынц ахӕм фарстытӕ ӕмӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ: «Зӕххыл афтӕ бирӕ фыддзинад цӕмӕн ис? Адӕм цӕмӕн удхар кӕнынц? Мӕ хо йӕхи нӕ исы, афтӕмӕй хъизӕмайрагӕй ӕрвиты йӕ бонтӕ. Мӕхӕдӕг дӕр рынчын, мӕ зӕрдӕ риссы. Цӕмӕн? Аргъуаны афтӕ зӕгъынц, ӕмӕ уыдӕттӕ Хуыцауы фӕндӕй сты. Ӕмӕ кӕд уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд мӕн Хуыцау нал уырны!» Ӕвдисӕн чызг йӕхинымӕр Иегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Тынг ӕхсызгон мын у, ацы хъуыддӕгтӕй мӕ кӕй фӕрсыс. Мӕ бон цы у, уымӕй дын баххуыс кӕндзынӕн». Бамбарын ын кодта, сывӕллон ма куы уыди, уӕд ын йӕхицӕн дӕр ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ кӕй нӕ лӕвӕрдтой ӕнцой ӕмӕ йын Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй баххуыс кодтой. Загъта йын: «Ӕз базыдтон, адӕмы Хуыцау кӕй нӕ мары фыдудӕй. Хуыцау уарзы алкӕйдӕр, адӕмӕн ӕй фӕнды, хуыздӕр сын цы у, уый, ӕмӕ тагъд зӕххыл цард цӕхгӕр фӕивдзӕн. Низтӕ, зӕрӕдты тухитӕ ӕмӕ мӕлӕтӕн сӕ фӕд дӕр нал уыдзӕн, коммӕгӕс адӕм та цӕрдзысты ӕнустӕм, ӕмӕ кӕмдӕр нӕ, фӕлӕ ам — зӕххыл». Чызгӕн равдыста Раргомады 21:3, 4; Иов 33:25; Исай 35:5—7 ӕмӕ 65:21—25. Бирӕ куы фӕныхас кодтой, уӕд чызгӕн цыма йе ’ккойӕ стыр уаргъ ахауд, афтӕ ӕхсызгонӕй загъта: «Ныр ӕй зонын, цӕмӕн цӕрын. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма фембӕлӕм?» Чызг райдыдта Библи ахуыр кӕнын къуыри дыууӕ хатты.
Адӕмы зӕрдӕтӕ фидар кӕнӕм, Хуыцау цы ныфс дӕтты, уымӕй
5. Рыстзӕрдӕ адӕймаджы фарсмӕ балӕууын нӕ куы фӕнда, уӕд ын йӕ зын фӕрог кӕнын нӕ бон цӕй фӕрцы бауыдзӕн?
5 Искӕй зӕрдӕ бафидар кӕнынӕн фӕлмӕн Ромӕгтӕм 15:4, НФ). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймагӕн хъусыны зӕрдӕ куы уа, уӕд ын бамбарын кӕнӕн ис, цы у Хуыцауы Паддзахад, ӕмӕ йын Библийӕ равдисӕн ис, уыцы Паддзахад абоны зындзинӕдтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн. Уый фӕстӕ нӕ бон у, ӕмӕ йемӕ аныхас кӕнӕм, ууыл фидарӕй цӕмӕн ис ӕууӕндӕн. Ӕмӕ афтӕмӕй адӕймагӕн йӕ зын ӕцӕгдӕр фӕрог кӕндзыстӕм.
ныхасӕй хуыздӕр ницы ис. Мах фӕнды, рыстзӕрдӕ адӕймаг нӕ ныхасӕй дӕр ӕмӕ нӕ хъӕлӕсы уагӕй дӕр куыд хата, йӕ рис ын нӕ зӕрдӕмӕ кӕй исӕм. Ӕмӕ уый та иударон, ӕнӕуд ныхӕстӕй нӕй бакӕнӕн. Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, «Фыстытӕй фидаргонд ӕмӕ рӕвдыд уӕвгӕйӕ, нӕ ныфс бавӕрдзыстӕм» (6. Цӕмӕй адӕмӕн, Фыстады цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдон ӕцӕг ахъаз фӕуой, уый тыххӕй сын цы хъӕуы бамбарын кӕнын?
6 Адӕймагӕн нӕ ныфсы ныхас цӕмӕй ӕцӕг ахъаз фӕуа, уый тыххӕй йӕ базонын хъӕуы ӕцӕг Хуыцауы — цавӕр Хуыцау у, уый, ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй ӕууӕндӕн кӕй ис, уый дӕр. Иегъовӕйӕн кувӕг чи нӕу, ахӕм адӕймагӕн баххуыс кӕнын нӕ куы фӕнда, уӕд хорз уаид, ӕмӕ йын куы бамбарын кӕниккам цалдӕр хъуыддаджы. 1) Библийы цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдон цӕуынц ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйӕ. 2) Иегъовӕ у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг. Уый у уарзӕгой Хуыцау, йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ рӕстдзинад сты ӕгӕрон. 3) Хуыцау нын йӕ Ныхасы цы дзуры, уый бӕлвырд куы базонӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй куы баввахс уӕм, уӕд нын зын уавӕрты быхсын ӕнцондӕр уыдзӕн. 4) Адӕм цы алыхуызон зындзинӕдты бахауынц, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ Библи уый фӕдыл цыдӕр ма дзура.
7. а) Хуыцау нын Чырыстийы руаджы цы рӕвдыдӕй хай кӕны, уымӕ адӕмӕн сӕ хъус куы ӕрдарӕм, уӕд сын уый куыд баххуыс кӕндзӕн? ӕ) Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй кодта, уый чи ӕмбары, ахӕм адӕймагӕн куыд ис йӕ зын фӕрогдӕр кӕнӕн?
7 Хъыгзӕрдӕ адӕмӕй Библиимӕ зонгӕ чи у, уыдоны Хуыцауы ныфсӕй ныфсджын фӕкӕнын иуӕй-иутӕн сӕ къухы бафтыд 2 Коринфӕгтӕм 1:3—7 (НФ) бакӕсгӕйӕ. Сӕ хъус-иу сын ӕрдардтой мӕнӕ ацы ныхӕстӕм, «тыхджындӕр рӕвдыд фӕуыдзыстӕм Чырыстийӕ», зӕгъгӕ. Ацы ныхӕстӕй адӕймаг бамбары, Библи ныфсы хос кӕй у, ӕмӕ йӕ уыцы чиныгмӕ йӕ хъус лӕмбынӕгдӕр ӕрдарын кӕй хъӕуы. Афтӕ ма уымӕй бындур ӕрӕвӕрӕн ис йемӕ иннӕ хатт ныхас адарддӕр кӕнынӕн дӕр. Кӕд ӕмӕ йӕ адӕймаг хаты, йӕ тухитӕй, кӕддӕр цы ӕнӕсӕрфат митӕ фӕкодта, уыдон кӕй фиды, уӕд та йыл нӕ зӕрдӕ ма бахудӕд, афтӕмӕй йын бамбарын кӕнӕм, 1 Иоанны 2:1, 2 ӕмӕ Псалом 102:11—14 цы фыст ис, уый йын стыр ныфсы хос кӕй фӕуыдзӕн. Афтӕмӕй адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕндзыстӕм, Хуыцау нын цы ныфс дӕтты, уымӕй.
Удӕнцой, тыхми чи уыны кӕнӕ хъуаг чи ӕййафы, уыдонӕн
8, 9. Фыдгӕнджыты къухӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдонӕн ӕцӕг ныфсы хос цы фӕуыдзӕн?
8 Фыдгӕнджыты тасӕй кӕнӕ хӕсты азарӕй йӕ цард ад кӕмӕн нал кӕны, уыцы адӕмӕн нымӕц дӕр нӕй. Сӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕууа, ахӕмӕй сын цы у нӕ бон зӕгъын?
9 Ӕцӕг чырыстӕттӕ дунейы ныхмӕлӕууӕг политикон партитӕй никӕй фарс сты — нӕдӕр ныхасӕй ӕмӕ нӕдӕр хъуыддагӕй (Иоанны 17:16). Фӕлӕ уыйхыгъд сӕхиуыл фӕстӕмӕ нӕ хӕцынц, ацы фыдцарды уавӕртӕ ӕнустӕм кӕй нӕ уыдзысты, уый адӕмӕн Библийы руаджы ӕмбарын кӕныны хъуыддаджы. Зӕгъӕм, фыддзинад чи уарзы, уыдонмӕ Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый сын бакӕсынц Псалом 10:5, кӕнӕ сын Псалом 36:1—4 равдисынц, Хуыцау нӕ кӕй разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ маст нӕхӕдӕг ма исӕм, фӕлӕ нӕ ныфс ууыл ӕвӕрӕм. Псалом 71:12—14 ныхӕстӕй та уынӕм, фыдгӕнджыты къухӕй ӕнаххосӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдонмӕ Стырдӕр Соломон — ныртӕккӕ уӕларвон Паддзах Йесо Чырысти — цы зӕрдӕ дары, уый.
10. Кӕд, хӕсты арт кӕм нӕ хуыссы, ахӕм ран цӕрыс, уӕд дын, уӕлдӕр цы стихтӕ ӕрхастам Библийӕ, уыдон удӕнцойы хос куыд фӕуыдзысты?
10 Бирӕтӕ сӕ царды хӕст йедтӕмӕ ницы уынынц, уымӕн ӕмӕ ныхмӕлӕууӕг къордтӕ тох кӕнынц бартӕ сӕ къухтӕм райсыныл. Ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, хӕстӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн ӕмӕ хӕст цы бӕллӕхтӕ ӕрхаста, уыдонӕн сӕ фӕд никуы фесӕфдзӕн. Сӕ зӕрдӕмӕ сын иунӕг рухсы цъыртт уадзы уый, ӕмӕ кӕд ӕндӕр бӕстӕм алидзиккой ӕмӕ сын уым фенцондӕр уаид. Фӕлӕ сӕ фылдӕрӕн уый никуы бафтдзӕн сӕ къухы, алидзын дзы цы иугӕйттӕ фӕлвӕрдтой, уыдон та царӕфтыд баисты фӕндагыл. Ӕндӕр бӕстӕмӕ алидзын кӕмӕн бантыст, уыдонӕн дӕр сӕ хабар арӕх рауайы, куыд фӕзӕгъынц, тӕдзынӕгӕй рацыд ӕмӕ цыхцырӕджы бын балӕууыд, зӕгъгӕ. Псалом 145:3—6 руаджы ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнӕн ис, сӕ ныфс ӕндӕр бӕстӕм алидзыныл нӕ, фӕлӕ уымӕй хуыздӕр цӕуылдӕр куыд дарой. Матфейы 24:3, 7, 14 ӕмӕ 2 Тимофеймӕ 3:1—5 цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон фӕрцы та адӕймаг ноджы хуыздӕр бамбардзӕн, хъуыддаг цӕй мидӕг ис ӕмӕ цы зынтӕ ӕвзары, уыдон цӕуыл дзурӕг сты, уый — мах цӕрӕм ацы зӕронд дунейы тӕккӕ кӕрон. Псалом 45:2—4, 9, 10 ӕмӕ Исай 2:2—4 хорз сты, разӕй нӕм ӕцӕг сабыр цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый равдисынӕн.
11. Ныгуылӕн Африкӕйӕ иу сылгоймагӕн Библийӕ цавӕр стихтӕ фесты ныфсы хос ӕмӕ цӕмӕн?
11 Ныгуылӕн Африкӕйы хӕст нал ӕмӕ нал ӕнцад, ӕмӕ иу сылгоймаг, йӕ сӕрмӕ нӕмгуытӕ сыффытт кодтой, афтӕмӕй йӕ хӕдзарӕй фӕлыгъд. Тас ӕмӕ йӕ маст бадомдтой, бынтондӕр зӕрдӕсаст ӕмӕ фыдӕнхъӕл фӕци. Фӕстӕдӕр ӕгас бинонтӕй ӕндӕр бӕстӕм цӕрынмӕ алыгъдысты, фӕлӕ уӕд та йӕ мой скарста сӕ ӕмкъайады ӕвдисӕндар басудзын, йӕ бинойнаджы, иу сывӕллон, дӕсаздзыд лӕппу, йемӕ, иннӕ — йӕ гуыбыны, афтӕмӕй арвитын ӕмӕ сауджыны куыст райдайын. Сылгоймагӕн Филиппӕгтӕм 4:6, 7 ӕмӕ Псалом 54:23 куы бакастысты ӕмӕ йын «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ӕй Фыстад ӕмбарынгӕнӕн статьятӕ куы ныууагътой, уӕд кӕдӕй-уӕдӕй йӕ зӕрдӕйы ныфсы стъӕлф ферттывта ӕмӕ, а-зӕххыл йӕ цард дзӕгъӕлы кӕй нӕу, уый бамбӕрста.
12. а) Ацы зын цардӕй чи тыхсы, уыдонӕн Фыстад цавӕр удӕнцой дӕтты? ӕ) Азийы бӕстӕтӕй иуы нӕ хо иу ӕлхӕнӕгӕн куыд баххуыс кодта?
12 Хӕдзарад, экономикӕ заууатмӕ кӕй ӕрцыд, уый тынг мӕгуырау фӕзынд бирӕты цардыл. Хатт экономикӕ ахӕм кӕуинаг уавӕрмӕ ӕрцӕуы хӕст ӕмӕ, хӕст цы стыр бӕллӕхтӕ ракӕны, уый фӕстиуӕгӕн. Хатт та, хицауад бӕстӕйы хъуыддӕгтӕ раст кӕй нӕ лыг кӕны, бартӕ кӕй къухы сты, уыдон мӕнгард ӕмӕ ӕнӕфсис кӕй сты, адӕм бахъуаджы бонмӕ цы капеччытӕ февӕрынц, уыдон сӕ дзыпмӕ кӕй ссивынц ӕмӕ сын сӕ исбон кӕй исынц, уый тыххӕй. Бирӕтӕ та, ацы дунейы хӕринагӕй, дзаумайы хорзӕй цы ис, уый сӕ цӕстӕй уынгӕ дӕр никуы фӕкодтой. Ахӕм адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ стыр ныфсы хос фӕуа, Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй зӕгъы, зӕгъгӕ мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн сӕ зын фӕрог кӕндзынӕн; стӕй ма, адӕм сӕ къухвӕллойӕ ӕфсӕст кӕм уыдзысты, уыцы рӕстаг дуне ӕнӕмӕнг кӕй ӕрцӕудзӕн, уый дӕр (Псалом 145:6, 7; Исай 65:17, 21—23; 2 Петры 3:13). Азийы бӕстӕтӕй иуы нӕ хо базары уыди ӕмӕ йӕ цуры иу ӕлхӕнӕг йӕ тухийаг цардӕй хъаст кодта. Хо йын бамбарын кодта, уавӕр ӕгас дунейы дӕр афтӕ кӕй у. Бакаст ын Матфейы 24:3—14 ӕмӕ Псалом 36:9—11, иумӕ сыл аныхас кодтой, ӕмӕ уыйадыл сылгоймаг Библи ахуыр кӕнын райдыдта.
13. а) Адӕмы ныфс цӕмӕй вӕййы, уыдон митын мӕсгуытӕ куы разынынц, уӕд сын Библийы руаджы нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын? ӕ) Адӕймагмӕ афтӕ куы кӕса, зӕгъгӕ, Хуыцау куы уаид, уӕд ахӕм фыдуавӕрты нӕ цӕрин, уӕд йемӕ иумӕ цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн?
13 Адӕймаг бирӕ азты дӕргъы куы фӕхъизӕмар кӕны кӕнӕ йӕ ныфс цӕмӕйдӕриддӕр уыди, уыдон митын мӕсгуытӕ куы разынынц, уӕд йӕ зӕрдӕ цы раны вӕййы, уый абарӕн ис, израилӕгтӕ Египеты цы уавӕры уыдысты, уыимӕ — уыдон «сӕ сӕрӕн ницыуал зыдтой», ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ хъаргӕ дӕр ницыуал кодта (Рацыд 6:9). Хорз уаид ахӕм адӕймагӕн йӕ хъус Библимӕ ӕрдарын: йӕ зынтӕн быхсынӕн ын куыд баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ ма, бирӕтӕн сӕ цард ӕнӕхъуаджы цӕй тыххӕй фехӕлы, уыдӕттӕй дӕр ӕй куыд бахиздзӕн, уый йын равдисын (1 Тимофеймӕ 4:8ӕ). Иуӕй-иутӕ сӕ фыдуавӕртӕй ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуынц, зӕгъгӕ, Хуыцау нӕй, йе та кӕд ис, уӕддӕр ӕй мах мӕт нӕй. Хорз уаид ахӕм адӕймӕгтӕн Библийӕ хъӕугӕ стихтӕ ӕрхӕссын ӕмӕ сын бамбарын кӕнын, Хуыцау нӕм йе ’ххуысы къух кӕй дары, фӕлӕ йӕ бирӕтӕ кӕй нӕ исынц (Исай 48:17, 18).
Тыхкъӕвдатӕ ӕмӕ зӕххӕнкъуыстыты рӕстӕг
14, 15. Фыдбӕллӕх бирӕты зӕрдӕцъӕлтӕ куы фӕкодта, уӕд сыл Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд батыхстысты?
14 Адӕмӕн стыр бӕллӕхтӕ хӕссынц тыхкъӕвда-тыхдымгӕтӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ зынгирвӕзтытӕ, науӕд бомбӕ исты куы фехӕлы, уӕд уый дӕр. Адӕмы тӕригъӕд зӕхх дӕр нал фӕуромы.
Ахӕм уавӕрты удӕгас чи баззайы, уыдоны рыст зӕрдӕтӕ цӕмӕй ис фӕфидар кӕнӕн?15 Адӕм хъуамӕ зоной, кӕйдӕр кӕй хъӕуынц. Иу бӕстӕйы террористты фыдракӕнды фӕстӕ бирӕтӕ сӕхимӕ нал цыдысты. Кӕмӕндӕрты дзы фӕмард сӕ бинонтӕй чидӕр, кӕмӕндӕрты — сӕ дарӕг, кӕмӕндӕр та — йе ’ввахс ӕмбал. Чидӕртӕ баззадысты ӕнӕ куыстӕй, ӕмӕ сӕ уд цӕуыл фӕлӕууыдаид, ахӕмӕй сын ницыуал баззад царды. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ бӕрӕг кодтой, семӕ сӕ хъыгыл хъыг кодтой ӕмӕ сын Библийӕ ныфсы ныхӕстӕ кастысты. Бирӕтӕ тынг бузныг уыдысты ахӕм ӕрхъуыдыдзинадӕй.
16. Сальвадоры адӕмы ӕрдзон бӕллӕх куы баййӕфта, уӕд бынӕттон Ӕвдисӕнтӕм уацамынды дзӕбӕх цӕмӕн хъуыстой?
16 2001 азы Сальвадоры уыд стыр зӕххӕнкъуыст, ӕмӕ уый фӕстӕ та рацыд стыр цъыфзӕйтӕ. Бабын сты бирӕ адӕм. Уыцы бӕллӕхы фӕмард иу сылгоймаг-Ӕвдисӕны 25-аздзыд фырт ӕмӕ, лӕппу фидыд цы чызгимӕ уыди, уымӕн йӕ дыууӕ хойы. Зианы фӕстӕ лӕппуйы мад йӕ чындзагимӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын байдыдтой. Чи сын дзырдта, зӕгъгӕ, чи амард, уыдоны Хуыцау йӕхимӕ акодта, чи та — уый Хуыцауы фӕндон уыди. Адон-иу сын бакастысты Ӕмбисӕндтӕ 10:22, ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕмбарын кодтой, Хуыцауы кӕй нӕ фӕнды, ӕмӕ махӕн зын уа. Равдыстой-иу сын Ромӕгтӕм 5:12, адӕм Хуыцауы фӕндӕй нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджын кӕй сты, уый тыххӕй кӕй мӕлынц. Афтӕ ма-иу сын сӕ хъус ӕрдардтой, Псалом 33:19, Псалом 36:29, Исай 25:8 ӕмӕ Раргомады 21:3, 4 цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ дӕр. Адӕм сӕм зӕрдиагӕй хъуыстой, уӕлдайдӕр та, дыууӕ сылгоймагӕн дӕр сӕхиуыл ахӕм судзаггаджы зиӕнттӕ кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ. Бирӕтимӕ дзы райдыдтой Библи ахуыр кӕнын дӕр.
17. Бӕллӕхы рӕстӕг адӕмӕн цӕмӕй ис баххуыс кӕнӕн?
17 Бӕллӕхы рӕстӕг сӕмбӕлӕн вӕййы, тагъд ӕххуыс кӕй хъӕуы, ахӕм адӕймагыл. Чи зоны, йын дохтырмӕ хъӕуа фӕдзурын, йе та йӕ рынчындоныл сӕмбӕлын кӕнын, кӕнӕ йӕм хӕрдӕй фӕкӕсын ӕмӕ йӕ уынджы къӕйыл нӕ ныууадзын. 1998 азы ахӕм бӕллӕх Италийы куы ӕрцыд, уӕд иу уацхӕссӕг бафиппайдта, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй «архайынц хъуыддагӕй, чи тыхсы, уыдоны се ’ххуысӕй цух [кӕй] нӕ уадзынц, цавӕр диныл хӕст сты, ууыл хъуыды дӕр нӕ кӕнынц, афтӕмӕй». Библийы куыд загъд уыди, афтӕ ацы фӕстаг бонты цӕуы ӕвирхъау цаутӕ, ӕмӕ уыцы бӕллӕхтӕ кӕмдӕрты адӕмӕн хӕссынц стыр дудгӕбӕттӕ. Ӕмӕ ахӕм рӕтты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн се ’ргом здахынц Библийы пехуымпарӕдтӕм ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнынц, Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ ӕцӕг ӕдасдзинад кӕй ӕрхӕсдзӕн, уымӕй (Ӕмбисӕндтӕ 1:33; Михей 4:4).
Ӕввахс хиуӕттӕй исчи куы амӕлы
18—20. Зиан кӕуыл ӕрцӕуы, ахӕм адӕймаджы зӕрдӕ бафидар кӕнынӕн цы ис зӕгъӕн кӕнӕ саразӕн?
18 Алы бон дӕр дуне адӕм фыдохы цӕссыгтӕ згъалынц сӕ ахсджиӕгты мардыл. Зӕрдӕрыст адӕмыл фембӕлӕм хъусын кӕнгӕйӕ, йе та ӕнӕуи цыдӕр хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ. Адӕймаджы рис фӕкъаддӕр кӕнынӕн цы ис зӕгъӕн кӕнӕ саразӕн?
19 Адӕймаг марой кӕны? Хӕдзары хъыггӕнӕг хиуӕттӕй къухбакӕнӕн нӕй? Куыннӕ дӕ фӕндид бирӕ цыдӕртӕ дӕр зӕгъын, фӕлӕ ахӕм уавӕры хъӕуы уӕззау зонд (Екклесиаст 3:1, 7). Чи зоны хуыздӕр уыдзӕн тӕфӕрфӕс ракӕнын, дӕ хъыгыл ӕз дӕр хъыг кӕнын, зӕгъгӕ, Библийы бындурыл исты брошюрӕ, журнал йе та трактат ныууадзын, ӕмӕ йӕм цалдӕр боны фӕстӕ ӕрбацӕуын, истӕмӕй ма йын дӕ бон баххуыс кӕнын у ӕви нӕ, уый базонынмӕ. Кӕд уавӕр амона, уӕд ын Библийӕ цалдӕр ныфсдӕттӕг хъуыдыйы бакӕс. Чи зоны, уый йӕ зӕрдӕйы дудгӕ хъӕдгомӕн ӕвдадзыхосау фӕуа (Ӕмбисӕндтӕ 16:24; 25:11). Йесойау дӕуӕн дӕ бон нӕу, чи амард, уый райгас кӕнын. Фӕлӕ дӕ бон у ӕмӕ адӕймагӕн Библийӕ равдисай, цы уавӕры сты мӕрдтӕ — ӕцӕг уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ раст кӕй нӕ хъуыды кӕны, уый йын бӕлвырд кӕнай (Псалом 145:4; Екклесиаст 9:5, 10; Иезекил 18:4). Дӕ бон у ӕмӕ иумӕ бакӕсат, мӕрдты райгасы тыххӕй Библийы цы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдон (Иоанны 5:28, 29; Куыстытӕ 24:15). Уый фӕстӕ та йемӕ равзарӕн ис, Библийы марды райгасы хабар кӕм ис, иу ахӕм скъуыддзаг, ӕмӕ йын афтӕмӕй бамбарын кӕнын, мӕрдты райгас цы у, уый (Лукайы 8:49—56; Иоанны 11:39—44). Афтӕ ма йын йӕ хъус ӕрдар, ахӕм ныфс нын чи дӕтты, уыцы уарзагзӕрдӕ Хуыцауы миниуджытӕм дӕр (Иов 14:14, 15; Иоанны 3:16). Бамбарын ын кӕн, уыцы зонындзинӕдтӕ дын дӕхи зӕрдӕйы куыд бауагътой ныфс ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый дӕ цӕмӕн уырны.
20 Рыстзӕрдӕ адӕймаджы Паддзахады залмӕ куы ӕрбахонай, уӕд уым базонгӕ уыдзӕн, иннӕты ӕцӕгдӕр чи уарзы ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс куыд бафтауа, уый чи зоны, ахӕм адӕмимӕ. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдмӕ ӕрбацӕугӕйӕ Швецийы иу сылгоймаг загъта, зӕгъгӕ, ӕз ам ссардтон, цӕргӕ-цӕрӕнбонты цы агуырдтон, уый (Иоанны 13:35; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:11).
21, 22. а) Искӕй зӕрдӕ бафидар кӕнынӕн нӕ цы саразын хъӕуы? ӕ) Фыстад хорз чи зоны, ахӕм адӕймаджы зӕрдӕ куыд ис бафидар кӕнӕн?
21 Чырыстон ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй кӕнӕ иннӕ адӕмӕй искӕуыл зиан куы ’рцӕуы, уӕд хатт дӕхи афтӕ нӕ фӕхатыс, ӕмӕ цы зӕгъай кӕнӕ цы саразай, уый нӕ зоныс? «Рӕвдыд», «удӕнцой» кӕнӕ «ныфс»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд Библийы комкоммӕ амоны «мӕ фарсмӕ у», зӕгъгӕ. Уӕдӕ ӕцӕг ныфсӕнцой уӕд уыдзынӕ, ӕмӕ рыстзӕрдӕ адӕймагӕн йӕ фарсмӕ куы уай (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).
22 Библи мӕлӕт, ахӕстаргъ ӕмӕ райгасы тыххӕй цы дзуры, уый чи зоны, ахӕм адӕймаджы зӕрдӕ бафидар кӕнын дӕ куы фӕнда, уӕд та? Адӕймагӕн йе ’мкувӕг, йӕ хӕлар зын сахат йӕ фарсмӕ куы уа, ӕрмӕст уымӕй дӕр ын ӕнцондӕр уыдзӕн. Кӕд ӕм дзурыны зӕрдӕ ис, уӕд ӕм зӕрдиагӕй байхъус. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ йын бирӕ цыдӕртӕ хъуамӕ зӕгъай. Библийӕ стихтӕ куы бакӕсат, уӕд ахъуыды кӕнут, уыцы ныхӕстӕй Хуыцау уӕ дыууӕты зӕрдӕтӕ дӕр куыд фидар кӕны. Дӕ ныхасӕй бӕрӕг уӕд, цы зӕрдӕвӕрд дзы ис, ууыл уӕ дыууӕ дӕр фидарӕй кӕй ӕууӕндут, уый. Адӕмы рис Хуыцау куыд ӕмбары, афтӕ сын ды дӕр сӕ рис дӕ зӕрдӕмӕ куы исай ӕмӕ сын йӕ Ныхасы цы диссаджы ныфс дӕтты, уый тыххӕй сын куы дзурай, уӕд рыстзӕрдӕ адӕмӕн баххуыс кӕндзынӕ «алырӕвдауӕг Хуыцау» Иегъовӕйы рӕвдыд ӕмӕ ныфс ссарын (2 Коринфӕгтӕм 1:3).
[Фиппаинаг]
^ 3 абз. Кӕс чингуытӕ «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад», 8 сӕр; «Бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй» 393—400, 427—431 фӕрстӕ, англ.; «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?», 10 сӕр ӕмӕ брошюрӕ «Цымӕ ныл Хуыцау ӕцӕг ӕнувыд у?»
Куыд хъуыды кӕныс?
• Бирӕтӕ бӕллӕхтӕ кӕй аххос кӕнынц ӕмӕ сын куыд ис баххуыс кӕнӕн?
• Цӕмӕй, Фыстады цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдон адӕмӕн ӕцӕг ахъаз фӕуой, уый тыххӕй цы у нӕ бон саразын?
• Кӕм цӕрыс, уым бирӕты зӕрдӕтӕ цавӕр дудгӕбӕттӕй рыст сты ӕмӕ сӕ куыд у дӕ бон фӕфидар кӕнын?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 32 фарсыл]
Бӕллӕхы рӕстӕг адӕмӕн хӕссӕм ӕцӕг ныфсы хабар.
[Барлӕвӕрдӕй]
Лигъдӕтты бынат: UN PHOTO 186811/J. Isaac