Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕсивӕд, Иегъовӕ уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ никуы ферох кӕндзӕн!

Фӕсивӕд, Иегъовӕ уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ никуы ферох кӕндзӕн!

Фӕсивӕд, Иегъовӕ уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ никуы ферох кӕндзӕн!

«Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл, бакусгӕйӕ ӕмӕ кусгӕйӕ сыгъдӕджытӕн» (ДЗУТТЫТӔМ 6:10).

1. Иегъовӕ дын дӕ лӕггадӕн кӕй аргъ кӕны, уый Дзуттытӕм ӕрвыст ӕмӕ Малахийы чиныг куыд ӕвдисынц?

ИСКУЫ дын афтӕ уыд, ӕмӕ де ’мбӕлттӕй кӕмӕндӕр цыдӕр хорздзинад сарӕзтай, уый та дын бузныг дӕр нӕ загъта? Ӕцӕгдӕр, куыд зын вӕййы, искӕмӕн хорзы бацу, ӕмӕ дӕ хъуыды дӕр ма ’ркӕнӕд кӕнӕ йын цы сарӕзтай, уый бынтон ферох кӕнӕд. Фӕлӕ Иегъовӕ ахӕм нӕу! Хуыцау нӕ рох кӕны, зӕрдӕбынӕй йын кӕй лӕггад кӕныс, уый. Библийы дзырдӕуы: «Хуыцау ӕнӕраст нӕу, цӕмӕй ферох кӕна уӕ хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы сымах кодтат Уый номыл, бакусгӕйӕ ӕмӕ кусгӕйӕ сыгъдӕджытӕн» (Дзуттытӕм 6:10). Ацы ныхӕстыл ма ахъуыды кӕн. Иегъовӕ уый куы ферох кӕнид, ды уымӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы сарӕзтай ӕмӕ цы аразыс, уӕд ӕй йӕхицӕн фыдракӕндыл, тӕригъӕдыл банымаид. Хуыцауӕй хорздзинад нӕ рох кӕны! (Малахи 3:10).

2. Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кадджын хъуыддаг цӕмӕн у?

2 Хорздзинад чи нӕ рох кӕны, уыцы Хуыцауӕн кӕй кувыс ӕмӕ кӕй лӕггад кӕныс, уый стыр кад у. Зӕххыл цӕры ӕхсӕз миллиард адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ уыдонӕй ӕрмӕстдӕр ӕхсӕз милуанӕй гыццыл фылдӕр сты де ’муырнджытӕ. Уӕдӕ дӕуӕн цы фадат ис, уыцы фадат бирӕтӕн нӕй. Уымӕй уӕлдай ма, хорз хабармӕ кӕй хъусыс ӕмӕ йӕ дӕ зӕрдӕмӕ кӕй исыс, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иегъовӕйӕн зынаргъ дӕ. Йесо афтӕ загъта: «Никӕйы бон у ӕрцӕуын Мӕнмӕ, Мӕн рарвитӕг Фыд ӕй куы нӕ ӕрбакӕна, уӕд» (Иоанны 6:44). О, Иегъовӕ алы адӕймагӕн дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын Чырыстийы нывонд ахъаз фӕуа.

Цы кад дӕм ӕрхаудта, уымӕн аргъ кӕн

3. Корейы фырттӕ Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодтой, уымӕй бузныг кӕй уыдысты, уый фӕдыл цы ныффыстой?

3 Раззаг статьяйы куыд дзырдӕуыд, афтӕмӕй дын ис диссаджы фадат — Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Афтӕ макуы ахъуыды кӕн, зӕгъгӕ, уым диссагӕй цы ис. Хуыцауы фӕндӕй Корейы фырттӕ цы псаломтӕ ныффыстой, уыдонӕй сӕ иуы Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодтой, уымӕй дзы бузныг кӕй уыдысты, уый фӕдыл афтӕ загътой: «Иу бон Дӕу кӕрты уӕвын хуыздӕр у мин бонӕй. Фӕнды мӕ фӕлтау уӕвын къӕсӕры раз Хуыцауы хӕдзары, цӕйнӕфӕлтау цӕрын ӕнӕсыгъдӕджыты цатырты» (Псалом 83:11).

4. а) Иуӕй-иутӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕны, уый йын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ бӕтты? ӕ) Иегъовӕйы йӕ лӕггадгӕнджыты хорз уынын ӕмӕ сӕ схорзӕхджын кӕнын кӕй фӕнды, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

4 Дӕ уӕларвон Фыдӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый ды дӕр дӕхицӕн кадыл нымайыс? Хатт дӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ Иегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый дын дӕ къухтӕ ӕмӕ дӕ къӕхтӕ бӕтты. Раст у, Библимӕ гӕсгӕ цӕрынӕн адӕймаджы бахъӕуы йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Фӕлӕ дӕ Иегъовӕ йӕхицӕн ницы агуры, дӕ хорз ӕй цы фӕнды, уый йедтӕмӕ (Псалом 1:1—3). Уымӕй уӕлдай ма дын Хуыцау уыны дӕ фыдӕбон дӕр ӕмӕ йыл ӕнувыд кӕй дӕ, уымӕн стыр аргъ кӕны. Павел фыста, Иегъовӕ, «зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдоны кӕй схорзӕхджын кӕны» (Дзуттытӕм 11:6, НД). Иегъовӕ архайы, куыд нӕ схорзӕхджын кӕна, ууыл. Рагон Израилы иу рӕстзӕрдӕ пехуымпар фыста: «Иегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕгас зӕххы къорийыл, цӕмӕй ӕххуыс кӕна, йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр уыйырдӕм кӕмӕн у, уыдонӕн» (2 Паралипоменон 16:9).

5. а) Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйы ’рдӕм кӕй у, уый равдисынӕн цавӕр хорз мадзал ис? ӕ) Цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй дын иннӕтӕн дзурын алы хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

5 Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйы ’рдӕм кӕй у, уый равдисынӕн ис иу хорз мадзал — адӕмӕн Иегъовӕйы тыххӕй дзурын. Скъолайы кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй искуы исты дзырдтай? Райдианы дӕм, чи зоны, зын фӕкӕса, стӕй дӕ ныфс дӕр ма хӕссай. Гӕнӕн ис, афтӕ дӕр хъуыды кӕнай: уӕд та мыл бахудтысты? Кӕнӕ та мын афтӕ загътой: дӕ дин цыдӕр ӕнахуыр у? Йесо ӕмбӕрста, Хуыцауы Паддзахады хабармӕ алчи кӕй нӕ хъусдзӕн (Иоанны 15:20). Фӕлӕ афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дыл ӕдзух худдзысты, науӕд та дыл сӕ былтӕ ракъуыр-бакъуыр кӕндзысты. Нӕ. Бирӕ ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕм се ’мбӕлттӕ хъусынц ӕмӕ сӕ диныл фидар кӕй хӕцынц, уый тыххӕй сын стыр аргъ кӕнынц.

«Иегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн»

6, 7. а) 17-аздзыд чызг, цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй йе ’мкъласонтӕн куыд радзырдта? ӕ) Дженниферы цауӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

6 Фӕлӕ цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй уӕндонӕй дзурынӕн цы хъӕуы? Зӕгъӕм, исчи дӕ дӕ дины тыххӕй куы фӕрса, уӕд ын-иу комкоммӕ дзуапп ратт. Ӕркӕсӕм, 17-аздзыд чызг Дженниферыл цы ’рцыд, уымӕ. «Скъолайы хӕрӕндоны сихор хордтон. Мемӕ фынгыл цы чызджытӕ бадт, уыдон дины тыххӕй дзурын райдыдтой. Ӕмӕ мӕ сӕ иу куы афӕрсид, ды та цы диныл хӕст дӕ, зӕгъгӕ»,— дзуры уый. Цымӕ Дженнифер стыхст? «Куыннӕ,— дзуры чызг.— Кӕцӕй йӕ зыдтон, цы цӕстӕй мӕм ракӕсдзысты, уый». Цы бакодта? «Чызджытӕн загътон, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн,— дарддӕр кӕны Дженнифер йӕ ныхас.— Фыццаг фӕджих сты. Ӕвӕццӕгӕн, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕнахуыр адӕмыл нымадтой. Ӕмӕ мӕ уымӕ гӕсгӕ фӕрсын байдыдтой, ӕмӕ раст цы не ’мбӕрстой, уый сын бӕлвырд бамбарын кодтон. Уый фӕстӕ дӕр ма-иу мӕ уыцы чызджытӕй иуӕй-иутӕ цӕмӕйдӕрты фарстой».

7 Дженнифер, цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй кӕй радзырдта, ууыл фӕфӕсмон кодта? Мур дӕр нӕ! «Сихоры фӕстӕ уыцы хъӕлдзӕг уыдтӕн,— дзуры Дженнифер.— Ныр уыцы чызджытӕ хуыздӕр зонынц, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты, уый». Йӕ уынаффӕ у хуымӕтӕг: «Де ’мкъласонтӕ кӕнӕ дын дӕ ахуыргӕнджытӕн Хуыцау кӕнӕ Библийы тыххӕй дзурын зын куы уа, уӕд-иу цыбыртӕй скув. Иегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй радзурынӕн дын фадат куы уа, ӕмӕ исты куы зӕгъай, уӕд дӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг уыдзӕн» (1 Петры 3:15).

8. а) Нееми иу уавӕры бахаугӕйӕ кӕй скуывта, уый йын куыд баххуыс кодта? ӕ) Скъолайы кӕд фӕхъӕуы химидӕг Иегъовӕмӕ скувын?

8 Цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй иннӕтӕн радзурыны фадат дын-иу куы фӕзына, уӕд-иу, Дженниферы загъдау, «цыбыртӕй скув». Персайнаг паддзах Артаксерксы сӕндар Нееми дӕр иу уавӕры бахаугӕйӕ раст афтӕ бакодта. Нееми тынг хъыг кодта, дзуттӕгтӕ уӕззау уавӕрты кӕй сты ӕмӕ Иерусалимы систӕ ӕмӕ кулдуар пырхытӕй кӕй лӕууынц, уый куы фехъуыста, уӕд. Паддзах ӕй куы фӕхатыд, ӕнкъард кӕй у, уӕд ӕй афарста, цы ’рцыдис, зӕгъгӕ. Нееми скуывта ӕххуысы тыххӕй, ӕмӕ йын уый фӕстӕ загъта йӕ ныхас. Ныфсджынӕй дзы ракуырдта бар Иерусалиммӕ аздӕхынӕн ӕмӕ хӕлддзаг сахар фӕстӕмӕ самайынӕн. Артаксеркс ын йӕ курдиат сӕххӕст кодта (Нееми 2:1—8). Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны ацы хабар? Цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй дзурын дӕ куы хъӕуа ӕмӕ дӕ ныфс куы нӕ хӕссай, уӕд-иу дӕхимидӕг скув. «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ [Иегъовӕйыл] сӕвӕрут,— фыссы Петр,— уымӕн ӕмӕ Уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7; Псалом 54:23).

«Цӕттӕ у... дзуапп раттынмӕ»

9. 13-аздзыд чызг Лиа «Фӕсивӕды фарстытӕй» 23 чиныджы куыд байуӕрста?

9 Ныр та ӕркӕсӕм ӕндӕр цаумӕ. 13-аздзыд Лиа урокты ’хсӕн улӕфты рӕстӕг каст чиныг «Фӕсивӕды фарстытӕ. Ахадгӕ уынаффӕтӕ» *. «Иннӕтӕ мӕм кастысты,— дзуры уый,— стӕй мӕ разы амбырд сты. Бауырдыг мӕм сты, цавӕр чиныг дын у уый, зӕгъгӕ». Уыцы бон дзы цыппар чызджы ракуырдтой чиныг «Фӕсивӕды фарстытӕ». Цасдӕры фӕстӕ уыцы чызджытӕ сӕ чингуытӕ се ’мбӕлттӕм авӕрдтой кӕсынмӕ, ӕмӕ уыдоны дӕр ӕрхъуыд ахӕмтӕ. Лиа цалдӕр къуыримӕ йе ’мкъласонтыл ӕмӕ се ’мбӕлттыл «Фӕсивӕды фарстытӕй» байуӕрста 23 чиныджы. Цымӕ Лиайы куы фарстой, цы кӕсыс, зӕгъгӕ, уӕд ын ӕнцон уыди дзурын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! «Фыццаг стыхстӕн,— загъта Лиа,— фӕлӕ скуывтон, ӕмӕ зыдтон, Иегъовӕ мемӕ кӕй ис».

10, 11. Сирийы ӕфсады сӕргълӕууӕг гыццыл израилаг чызджы фӕрцы Иегъовӕйы куыд базыдта ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ царды цы аивта?

10 Лиайы цау дын, хӕрзаг, дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Сирийы уацары цы гыццыл израилаг чызг уыд, ууыл дӕр ахӕм хабар кӕй ӕрцыд, уый. Сирийы ӕфсады сӕргълӕууӕг Нееман уыд хъотырджын. Иу заман йӕ ус, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй ской кодта, ӕмӕ уыцы гыццыл чызг, цӕуыл ӕууӕндыд, уый тыххӕй дзурын райдыдта. «Тӕхуды, Самарийы цы пехуымпар ис, уымӕ куы ацӕуид мӕ хицау!— дзуры чызг.— Уӕд ӕй уый йӕ хъотырӕй сдзӕбӕх кӕнид» (4 Паддзахӕдты 5:1—3).

11 Уыцы гыццыл чызг ахӕм ныфсджын кӕй разынд, уый фӕрцы Нееман базыдта, «а-зӕххыл ӕрмӕстдӕр Израилы кӕй ис Хуыцау». Суанг ма афтӕ дӕр загъта: «Иегъовӕйы йедтӕмӕ иу хуыцауӕн дӕр нал хӕсдзынӕн нӕдӕр басудзинаг кувинаг, нӕдӕр нывонд» (4 Паддзахӕдты 5:15, 17). Уыцы гыццыл чызг ӕдӕрсгӕйӕ кӕй дзырдта, уый тыххӕй йӕ Иегъовӕ схорзӕхджын кодта. Ӕмӕ абон дӕр ӕрыгӕтты афтӕ хорзӕхджын кӕны. Лиа уый базыдта йӕхицӕй. Уый фӕстӕ йӕм йӕ ахуырӕмбӕлттӕй чидӕртӕ бацыди ӕмӕ йын загътой, зӕгъгӕ нын чиныг «Фӕсивӕды фарстытӕ» ӕххуыс кӕны нӕ уагахаст ивынӕн. «Уый мын тынг ӕхсызгон уыд,— дзуры Лиа,— уымӕн ӕмӕ иннӕтӕн баххуыс кодтон Иегъовӕйы хуыздӕр базонынӕн ӕмӕ сӕ цард аивынӕн».

12. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй дзурынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн?

12 Дӕуӕн дӕр дӕ бон у Дженнифер ӕмӕ Лиайау стыр цин бавзарын. Уый тыххӕй дӕ зӕрдӕмӕ айс Петры фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, ды, чырыстон адӕймаг, хъуамӕ «цӕттӕ уай кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмӕндӕриддӕр, дӕуӕй дзуапп чи агура дӕ ӕнхъӕлады тыххӕй, дзуапп раттын фӕлмасӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Петры 3:15, НФ). Куыд? Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты фӕзм: Иегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна «уӕндонӕй» хъусын кӕнынӕн (Куыстытӕ 4:29). Стӕй, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй ныфсджынӕй дзур. Дӕ къухы цы бафтдзӕн, ууыл ма дис дӕр кӕндзынӕ. Сӕйраджыдӕр та рухс кӕндзынӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ.

Видеофильмтӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ

13. Иуӕй-иу скъоладзаутӕ куыд фӕхъусын кӕнынц? (Кӕс фӕлгӕтты 14-ӕм ӕмӕ 15-ӕм фӕрстыл.)

13 Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ сӕ дины тыххӕй се ’мкъласонтӕ ӕмӕ сӕ ахуыргӕнджытӕн радзурынц, видеофильмтӕ сын кӕй равдисынц, уый руаджы. Хатт та сын скъолайы цы хӕслӕвӕрдтӕ раттынц, уыдон фӕрцы сын фӕзыны фадат Иегъовӕйы скадджын кӕнынӕн. Дзырдӕн, дыууӕ 15-аздзыд лӕппуйӕн, дыууӕйӕ дӕр сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, историйӕ бахӕс кодтой, дунейы цы динтӕ ис, уыдонӕй иуы тыххӕй доклад бацӕттӕ кӕнын. Уыдон иумӕ ныффыстой доклад Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй, ӕрмӕг ын райстой чиныгӕй «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ — Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджытӕ» *. Стӕй ма сӕ фондз минуты бӕрц хъуыд доклады фӕдыл дыууӕ ныхасы зӕгъын. Сӕ ныхас куы фесты, уӕд сӕ ахуыргӕнӕг ӕмӕ скъоладзаутӕ фарстыты бын фӕкодтой, ӕмӕ ма сӕ ноджыдӕр 20 минуты дзурын бахъуыд. Уый фӕстӕ ма сӕ цалдӕр къуырийы дӕргъы се ’мкъласонтӕ фарстой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй.

14, 15. а) Адӕймагӕй тӕрсын къӕппӕгӕй уӕлдай цӕуылнӕ у? ӕ) Цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй иннӕтӕн ныфсджынӕй цӕмӕн ис дзурӕн?

14 Уӕлдӕр цы цаутӕм ӕркастыстӕм, уыдон цӕуыл дзурӕг сты? Иннӕтӕн дӕ дины тыххӕй куы дзурай, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый куы нӕ ӕмбӕхсай, уӕд Хуыцауӕй арфӕгонд уыдзынӕ. Макӕмӕй тӕрс ӕмӕ дӕ мачи бакъуылымпы кӕнӕд дӕ кадджын ӕмӕ цинхӕссӕг хъуыддаджы — иннӕты Иегъовӕимӕ зонгӕ кӕнын. Библийы кӕсӕм: «Адӕмӕй тӕрсын къӕппӕгӕй уӕлдай нӕу, Иегъовӕйыл чи дары йӕ ныфс, уый та хызт у алцӕмӕй дӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 29:25).

15 Ахъуыды ма кӕн, ды, ӕрыгон чырыстон, зоныс, де ’мбӕлтты ӕхсызгонӕй цы хъӕуы, уый — ныры дуджы ӕппӕты хуыздӕр куыд цӕргӕ у ӕмӕ нӕм фидӕны ӕнусон цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (1 Тимофеймӕ 4:8). Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, Америчы Иугонд Штатты адӕмы Хуыцау не ’ндавы ӕмӕ сӕ мулк йедтӕмӕ ницы хъӕуы. Фӕлӕ диссаг уый у, ӕмӕ дзы фӕсивӕды ’хсӕн цы сфарст ауагъдӕуыд, уымӕй рабӕрӕг, се ’мбис динмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй нӕ кӕсынц, се ’ртыккаг хай та афтӕ кӕй зӕгъы, зӕгъгӕ, дин у нӕ царды «рӕбинагдӕр цӕджындз». Ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕр бӕстӕты дӕр афтӕ у. Уӕдӕ кӕцӕй зоныс, ӕмӕ ды дӕр скъолайы де ’мгӕрттӕн Библийӕ исты куы дзурай, уӕд дӕм ӕхсызгонӕй нӕ байхъусдзысты?

Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕн

16. Иегъовӕйы тыххӕй адӕмӕн дзурынӕй дарддӕр ма цы хъӕуы, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай?

16 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнынӕн фаг нӕу уый тыххӕй адӕмӕн дзурын. Дӕ уагахаст дӕр ын хъуамӕ уа зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Апостол Иоанн фыста: «Хуыцауы уарзын уый у, цӕмӕй мах ӕххӕст кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ; ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты» (1 Иоанны 5:3). Афтӕ кӕй у, уый банкъардзынӕ, Иегъовӕмӕ куы ӕввахс кӕнай, уӕд. Фӕлӕ уымӕн куыд ис гӕнӕн?

17. Дӕ бон куыд у Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын?

17 Рӕстӕг ар Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ кӕсынӕн. Цас фылдӕр базонай Иегъовӕйы тыххӕй, уыйас дын ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй иннӕтӕн дзурын. «Хорз адӕймаг йӕ зӕрдӕйы хорз хӕзнадонӕй рахӕссы хорздзинад,— дзырдта Йесо,— уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дзагӕй дзуры дзых» (Лукайы 6:45). Уӕдӕ дӕ зӕрдӕ «хорздзинадӕй» дзаг кӕн. Уый тыххӕй дӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕрис, уӕд хорз нӕ уаид? Зӕгъӕм, иннӕ къуыри фембӕлдтӕм хуыздӕр куы бацӕттӕ кӕнис. Иннӕ нысан — ӕмбырды цыбыртӕй, фӕлӕ зӕрдӕбынӕй дзуапп куы кӕнис. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цы базоныс, уый ӕххӕстгӕнинаг дӕр у (Филиппӕгтӕм 4:9).

18. Исчи дӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕддӕр фидарӕй цы хъуамӕ зонай?

18 Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ адӕймаг цы хорздзинӕдтӕ ссары, уыдон сты ӕнӕкӕрон, ӕвидийгӕ. Раст у, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый тыххӕй хатт дӕ ныхмӕ цӕудзысты, стӕй дыл худгӕ дӕр кӕндзысты. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн Моисейыл. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «уый каст фиддонмӕ» (Дзуттытӕм 11:24—26). Ды дӕр фидарӕй зон: Иегъовӕйы хуыздӕр базоныныл ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй дзурыныл кӕй архайыс, уый тыххӕй дӕ схорзӕхджын кӕндзӕн. Хуыцау дын никуы ферох кӕндзӕн дӕ «хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады куыст, кӕцы ды кодтай Уый номыл» (Дзуттытӕм 6:10).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 9 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ис уырыссагау.

^ 13 абз. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд, ис бирӕ ӕвзӕгтыл.

Бахъуыды кодтай?

• Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, Иегъовӕ дын дӕ лӕггадӕн кӕй аргъ кӕны?

• Куыд хъусын кӕнынц иуӕй-иутӕ скъолайы?

• Цы дын баххуыс кӕндзӕн де ’мкъласонтӕн хъусын кӕнынӕн?

• Дӕ бон куыд у Иегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Нывтӕ 14 фарсыл]

Ӕрыгӕттӕ дӕр Иегъовӕйы кадджын кӕнынц!

Суанг ӕрыгӕтты бон дӕр у скъолайы хъусын кӕнын. Ӕркӕсӕм цалдӕр цаумӕ.

5-ӕм къласы ахуырдзаутӕ урочы кастысты, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы нацисттӕ дзуттӕгты куыд удхарӕй мардтой, уый тыххӕй, ӕмӕ 10-аздзыд чызг Амберы зӕрды ӕрӕфтыд иу хъуыддаг. Уый сфӕнд кодта йӕ ахуыргӕнӕгӕн видеофильм «Сиренхуыз ӕртӕкъуымонтӕ» ӕрбахӕссын. Ахуыргӕнӕг уый куы базыдта, ӕмӕ нацизмы рӕстӕджы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕдыл дӕр зылдысты, уӕд тынг бадис кодта. Стӕй ма уыцы видеофильм равдыста ӕнӕхъӕн къласӕн дӕр.

8-аздзыд чызг Алексӕ йе ’мкъласонтӕм фыстӕджы ныффыста, семӕ Цыппурс цӕуылнӕ бӕрӕг кӕндзӕн, уый тыххӕй. Йӕ фыстӕг йӕ ахуыргӕнӕджы зӕрдӕ афтӕ тынг бацагайдта, ӕмӕ йын ӕй хъӕрӕй бакӕсын кодта йӕ къласӕн ӕмӕ ма дыууӕ ӕндӕр къласӕн дӕр. «Мӕн сахуыр кодтой, Хуыцауыл йӕхирдыгонау чи ӕууӕнды, уыдонӕн аргъ кӕнын,— загъта чызг кӕронбӕттӕны,— ӕмӕ уӕ бузныг дӕн, сымах дӕр мӕ кӕй ӕмбарут».

Эрик фыццаг къласмӕ куы бацыд, уӕд цасдӕры фӕстӕ скъоламӕ ахаста «Мӕ библион радзырдты чиныг» ӕмӕ йӕ ахуыргӕнӕгӕй бар ракуырдта, цӕмӕй йӕ йе ’мкъласонтӕн равдиса. «Мӕнмӕ хуыздӕр хъуыды ис,— загъта йын ахуыргӕнӕг.— Иу радзырд дзы къласӕн куы бакӕсис, уӕд куыд уаид?» Эрик дӕр афтӕ бакодта. Уый фӕстӕ сӕ бафарста, ахӕм чиныг кӕй хъӕуы, уый йӕ къухыл схӕцӕд, зӕгъгӕ. Ӕвддӕс ахуырдзауы ӕмӕ ахуыргӕнӕг дӕр сӕ къухтыл схӕцыдысты! Ныр Эриккӕн, йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕмӕй ис, кӕм хъусын кӕна, ахӕм бынат.

9-аздзыд чызг Уитни тынг цин кӕны, брошюрӕ «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ ахуырад» * кӕй ис, ууыл. «Уыцы брошюрӕ-иу мӕ ахуыргӕнджытӕн алы аз дӕр мӕ мад лӕвӕрдта,— дзуры уый,— фӕлӕ сын ӕй ацы аз мӕхӕдӕг радтон. Мӕ ахуыргӕнӕг мӕ уыцы брошюрӕйы фӕрцы равзӕрста „къуырийы мидӕг ӕппӕты ӕгъдауджындӕр ахуырдзауӕй“».

[Фиппаинаг]

^ 56 абз. Видеофильм, чиныг ӕмӕ брошюрӕ сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд.

[Рамкӕ/Нывтӕ 15 фарсыл]

Иуӕй-иутӕ, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй цавӕр уавӕрты фӕдзурынц

Иуӕй-иутӕн доклад ныффыссын кӕнӕ исты радзурын куы бахӕс кӕнынц, уӕд равзарынц, Хуыцау кӕнӕ Библиимӕ сбӕттӕн кӕй вӕййы, ахӕм темӕ.

Бирӕ скъоладзаутӕ, урочы дзырд цӕуыл цӕудзӕн, уый фӕдыл ахуыргӕнӕгӕн ӕрбахӕссынц исты видеофильм, чиныг кӕнӕ брошюрӕ.

Иуӕй-иу скъоладзаутӕ та урокты ’хсӕн улӕфты рӕстӕг Библи науӕд йе ’мбарынгӕнӕн чиныг кӕнӕ журнал куы фӕкӕсынц, уӕд сӕ се ’мбӕлттӕ бафӕрсынц, цы кӕсынц, уымӕй.