Цӕмӕй бафӕрсис Хуыцауы?
Цӕмӕй бафӕрсис Хуыцауы?
ӔГАС дунейы дӕр адӕмӕн ӕнцой нӕ дӕттынц алыхуызон хъуыдыйаг фарстытӕ царды фӕдыл. Ахӕм фарстытӕ, мыййаг, дӕумӕ дӕр фӕзыны? Бирӕтӕ сӕ фарстытӕн дзуапп фӕагурынц дины разамонджытӕй, фӕлӕ сын уыдон дӕр зӕрдӕзӕгъгӕ дзуапп нӕ раттынц. Чи та сыл йӕхимидӕг фӕсагъӕс кӕны. Иннӕтӕ та кувынц Хуыцаумӕ. Цымӕ дын ӕнцой цы фарстытӕ нӕ дӕттынц, уыдонӕн дзуапп Хуыцауӕн йӕхицӕй ис базонӕн? Бирӕтӕ, куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Хуыцауы мӕнӕ цӕмӕй бафӕрсиккой.
Хуыцау, чи дӕ?
Хуыцау чи у, уый бирӕтӕ ӕмбарынц, цы адӕмы ’хсӕн схъомыл сты, уыдон куыд дзурынц, афтӕ, йе та сӕ ныййарджыты дин кӕнӕ, сӕхӕдӕг цы дин равзӕрстой, уый куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ. Чи йӕм цавӕрдӕр номӕй кувы, чи та йӕ ӕнӕуи Хуыцау хоны. Цымӕ исты уӕлдай у, куыд ӕй хонӕм? Цымӕ ис иунӕг ӕцӕг Хуыцау, чи у ӕмӕ йӕ ном куыд у, уый нын чи ӕргом кӕны?
Афтӕ бирӕ маст цӕмӕн ис?
Адӕймагӕн йе ’нӕсӕрфат кӕнӕ ӕнӕгъдау цардыуаджы тыххӕй йе уӕнгты тых куы асӕтты кӕнӕ мӕгуырмӕ куы ’рхауы, иу мӕнузӕгъӕг ын куы нал вӕййы, уӕд йӕ цардӕй фӕхъаст кӕны. Уӕвгӕ, йӕ цард афтӕ мӕстӕлгъӕд цӕмӕн у, уый иттӕг хорз фӕзоны.
Фӕлӕ бирӕтӕ ӕппындӕр ницы гӕнӕг сты, афтӕмӕй хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ стыр зынтӕ ӕвзарынц. Кӕй дзы фыдниз бадомдта. Чи та ӕнӕнцойӕ тох кӕны, цӕмӕй йӕ бинонтӕ ӕнӕхӕдзар-ӕнӕдуар, стӕй къӕбӕрцух ма фӕуой. Фыдгӕнд, хӕстытӕ ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхты азарӕй чи удхар кӕны, раст ӕмӕ зылын чи не ’взары, уыцы тыхгӕнджыты кӕнӕ мӕнгард хицӕутты къухӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдонӕн та нымӕц дӕр нӕй.
Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ фӕрсой адӕм: «Дуне ӕгасӕй дӕр ахӕм кӕуинаг уавӕры цӕмӕн ис? Нӕ хъизӕмӕрттӕм нын Хуыцау афтӕ цӕмӕн кӕсы?»
Цӕмӕн райгуырдтӕн? Цӕмӕн цӕрын?
Ацы фарстытӕ арӕх фӕзынынц, йӕ цардӕй, йӕ хъуыддӕгтӕй йӕ зӕрдӕ кӕмӕн нӕ райы, уымӕ — ӕмӕ ахӕм адӕймӕгтӕ та иу ӕмӕ дыууӕ нӕй. Бирӕты та уырны, алы адӕймагӕн дӕр йӕ цард Хуыцауӕй нывгонд кӕй у. Цымӕ уый афтӕ у? Кӕд адӕймагӕн Хуыцау ӕцӕгдӕр цӕйдӕр тыххӕй радта цард, уӕд дӕ уый базонын куыннӕ фӕнддзӕн.
Дунейы цыдӕриддӕр чингуытӕ ис, уыдонӕй иу чиныджы бӕлвырдӕй дзырдӕуы, Хуыцауӕй кӕй у. Уыцы чиныг цал ӕвзагыл ис, уыйбӕрц ӕвзӕгтыл ӕндӕр иу чиныг дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт адӕмӕн дӕр цы зӕгъинаг у, уый уым фыст ис. Уыцы сыгъдӕг чиныг у Библи. Уым нын арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг Хуыцау йӕхӕдӕг дзуры, чи у ӕмӕ йӕ ном куыд у, уый тыххӕй. Зоныс ӕй, куыд у йӕ ном? Кӕнӕ цы дзуры Библи Хуыцауӕн йӕхи тыххӕй? Науӕд зоныс, цы дзы ис фыст, Хуыцау дӕумӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй?
[Ныв барлӕвӕрдӕй 2 фарсыл]
ЦЪАРЫ ФЫЦЦАГ ФАРСЫЛ: Chad Ehlers/Index Stock Photography
[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]
Хох: Chad Ehlers/Index Stock Photography