Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕг удӕнцой — кӕм ӕй ис ссарӕн?

Ӕцӕг удӕнцой — кӕм ӕй ис ссарӕн?

Ӕцӕг удӕнцой — кӕм ӕй ис ссарӕн?

«Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы, нӕ Хицауы Фыд... мах барӕвдауы нӕ алы утӕхсӕнты» (2 КОРИНФӔГТӔМ 1:3, 4, НФ).

1. Адӕмы, сӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕууа, уый ӕхсызгонӕй цӕмӕн хъӕуы?

АДӔЙМАДЖЫ дудгӕ низ куы бадомы, уӕд ӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йын ницыуал хос ис. Зӕххӕнкъуыстытӕ, уаддымгӕтӕ ӕмӕ ӕххормагдзинад адӕмы тӕрынц мӕгуыры уавӕрмӕ. Хӕст адӕмӕн байсы сӕ хиуӕтты, ӕнӕхӕдзар-ӕнӕдуар сӕ фӕкӕны, сӕ райгуырӕн къуымӕй хауӕггаг фӕвӕййынц ӕцӕгӕлон бӕстӕм. Дуне афтӕ фыдӕх ӕмӕ хӕрам кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕммӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ удӕнцой кӕм ссарой, ахӕм бынат уӕвгӕ нӕй. Ахӕм адӕмы тынг ӕхсызгонӕй хъӕуы, сӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕууа, уый. Чи сын фӕрог кӕндзӕн сӕ зын, рӕвдыд ӕнхъӕл сӕхи кӕуыл бакъул кӕной?

2. Адӕмӕн ӕцӕг удӕнцой раттын ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы бон цӕмӕн у?

2 Ис ахӕм адӕймӕгтӕ, стӕй организацитӕ дӕр, адӕмӕн сӕ зын фӕрог кӕныныл чи архайы. Чи нӕ аргъ кӕны хорз, дзӕбӕх ныхасӕн? Уӕдӕ адӕммӕ хӕрд, уӕлӕдарӕсӕй фӕкӕсын, кӕм балӕууой, ахӕм къуым сын самал кӕнын дӕр ӕххуыс куыннӕ у. Фӕлӕ адӕм цӕмӕй фӕцух сты, уый раздахын ӕмӕ сӕ ӕцӕгӕй чи хъӕуы, уыцы ӕххуыс сын бакӕнын, маст ӕмӕ хъыг ӕппындӕр куыд никуыуал уой, афтӕ саразын ӕрмӕстдӕр ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн у йӕ бон. Хуыцауы тыххӕй Библи зӕгъы: «Арфӕгонд фӕуӕд Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы, нӕ Хицауы Фыд, хатырады фыд ӕмӕ Хуыцау алырӕвдауӕг, мах-иу чи барӕвдауы нӕ алы утӕхсӕнты, цӕмӕй мах дӕр, утӕхсӕнты чи ис, ахӕмты барӕвдауынхъом суӕм уыцы рӕвдауынӕй, Хуыцау нӕхи кӕмӕй барӕвдауы» (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4, НФ). Куыд нӕ рӕвдауы Иегъовӕ, удӕнцой нын куыд дӕтты?

Бӕллӕхтӕн сӕ уидаг кӕм ис

3. Адӕмы бӕллӕхтӕн сӕ уидаг кӕм ис, уый ӕмбарын кӕнгӕйӕ нын Хуыцау удӕнцой куыд дӕтты?

3 Хуыцауы раз тӕригъӕд ракӕнгӕйӕ Адам ӕппӕт адӕмӕн дӕр бынӕн ныууагъта ӕнӕххӕстдзинад, ӕмӕ уый фыдӕй стыр мӕстытӕ, стыр зынтӕ ӕвзарынц, ӕппынфӕстаг та сӕ ӕркӕны мӕлӕтмӕ (Ромӕгтӕм 5:12). Бӕллӕх ма ноджыдӕр уый мидӕг ис, ӕмӕ Сайтан Хӕйрӕг у «ацы дунейы ӕлдар» (Иоанны 12:31; 1 Иоанны 5:19). Адӕм ахӕм уӕззау уавӕры тӕригъӕдӕй куыд мӕлынц, уымӕ Иегъовӕ фӕрсырдыгӕй нӕ кӕсы, куыд мӕгуыр сты, зӕгъгӕ. Иегъовӕ адӕмы фервӕзын кӕнынӕн зӕхмӕ ӕрӕрвыста йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй йӕ цард нӕ сӕрвӕлтау нывондӕн ӕрхастаид, ӕмӕ загъта, Йӕ Фыртыл ын куы ӕууӕндӕм, уӕд Адамы тӕригъӕды уаргъӕй кӕй фервӕздзыстӕм (Иоанны 3:16; 1 Иоанны 4:10). Афтӕ ма Хуыцау загъта, уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй къухы сты, уыцы Паддзах — Йесо Чырысти — кӕй фесафдзӕн Сайтаны ӕмӕ йӕ фыддуне ӕнӕхъӕнӕй (Матфейы 28:18; 1 Иоанны 3:8; Раргомад 6:2; 20:10).

4. а) Цы нын радта Иегъовӕ, цӕмӕй нӕ бон уа йӕ удӕнцойхӕссӕг зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй ӕууӕндын? ӕ) Ацы тыхст цардӕй кӕд сулӕфдзыстӕм, уый базонынӕн нын Иегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны?

4 Цӕмӕй Хуыцауӕн йӕ зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй ӕууӕндӕм, уый тыххӕй нын бахъахъхъӕдта ӕнӕнымӕц фыст бӕлвырдгӕнӕнтӕ, цы-иу загъта, уый-иу ӕнӕ сӕххӕст кӕй нӕ баззад, уымӕн (Йесо Навин 23:14). Библийы ныффыссын кодта, йӕ лӕггадгӕнджыты-иу, зӕххон лӕджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ сын фесӕфын йедтӕмӕ кӕм ницы амал уыди, ахӕм уавӕртӕй куыд фервӕзын кодта, уый тыххӕй (Рацыд 14:4—31; 4 Паддзахӕдты 18:13—19:37). Йесо Чырыстийы хуызы та Иегъовӕ хъуыддагӕй равдыста, йӕ зӕрды кӕй ис адӕмы «алы нӕфӕразондзинад» дӕр сдзӕбӕх кӕнын, суанг ма мӕрдты дӕр райгас кӕнын (Матфейы 9:35, НФ; 11:3—6). Фӕлӕ уыдӕттӕ кӕд уыдзысты? Библи нын ирдӕй афыста, ацы зӕронд дунейы фӕстаг бонты цытӕ цӕудзӕн — уыцы хабӕртты хӕдфӕстӕ та Хуыцау скӕндзӕн ног ӕрвтӕ ӕмӕ ног зӕхх. Йесо цы загъта, уый нӕхи цӕстӕй уынӕм абон (Матфейы 24:3—14; 2 Тимофеймӕ 3:1—5).

Удӕнцой — бахъуаджы сахат

5. Иегъовӕ израилӕгты зӕрдӕтӕ куы фидар кодта, уӕд сын сӕ хъус цӕмӕ ӕрдардта?

5 Израилӕгтӕ Иегъовӕйы ӕвзӕрст адӕм куы уыдысты, уыцы рӕстӕгмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, тыхст заман-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ куыд фидар кодта. Цавӕр Хуыцау у, уый-иу сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕмӕ-иу ноджы тынгдӕр баууӕндыдысты йӕ зӕрдӕвӕрдтыл. Йӕ пехуымпарты дзыхӕй сын Иегъовӕ цардӕгас ӕвзагӕй ӕвдыста, цы хъауджыдӕр ис ӕгас, ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ гуымирытӕй, сӕ кувӕг адӕмӕн нӕ, фӕлӕ сӕхицӕн баххуыс кӕнынхъом дӕр чи нӕ уыд (Исай 41:10; 46:1; Иереми 10:2—15). Иегъовӕ Исайӕн афтӕ куы загъта, «фӕфидар кӕн, фӕфидар кӕн мӕ адӕмӕн сӕ зӕрдӕ», зӕгъгӕ, уӕд йӕ пехуымпары сразӕнгард кодта цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕрхӕссынмӕ ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй йӕ адӕмӕн радзурынмӕ, Иегъовӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый сӕм тынгдӕр куыд бахъардтаид (Исай 40:1—31).

6. Иегъовӕ йӕ адӕмы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уый-иу сын хатт цы хуызы бацамыдта?

6 Хатт-иу Иегъовӕ йӕ адӕмы зӕрдӕтӕ бафидар кодта, кӕд сӕ фервӕзын кӕндзӕн, уыцы рӕстӕг-иу сын бӕлвырд бацамонгӕйӕ — къӕсӕрыл уыдаид ӕви ма йӕм бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъуыдаид. Зӕгъӕм, Египетӕй сӕ ракӕныны рӕстӕг куы ӕрӕввахс, уӕд ӕфхӕрд израилӕгтӕн загъта: «Фараон ӕмӕ ма Египетыл иу бӕллӕх ӕруадздзынӕн. Ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ йӕхӕдӕг арвитдзӕн, цӕугӕ ут ардыгӕй, зӕгъгӕ» (Рацыд 11:1). Паддзах Иосафаты рӕстӕджы Иудӕйы ныхмӕ ӕртӕ адӕмы ӕмвӕндӕй куы схӕцыдысты, уӕд Иегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «райсом» схӕцдзынӕн уӕ сӕрыл (2 Паралипоменон 20:1—4, 14—17). Вавилонӕй сӕ кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, уый та сын нырма 200 азы бӕрц раздӕр фехъусын кодта Исайы дзыхӕй. Уыцы бонмӕ ма сӕдӕ азы бӕрц куы хъуыди, уӕд та сын Иеремийы дзыхӕй бӕлвырддӕр бамбарын кодта, куыд сӕ фервӕзын кӕндзӕн, уыдӕттӕ. Ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ сӕрибары бон куыд хӕстӕг кодта, афтӕ сын уыцы пехуымпарӕдтӕ стыр ныфсы хос куыннӕ уыдысты! (Исай 44:⁠26—45:3; Иереми 25:11—14).

7. Ирвӕзындзинады фӕдыл зӕрдӕвӕрдты арӕх цӕй кой цыди, ӕмӕ уый иузӕрдион израилӕгтӕн цавӕр тых лӕвӕрдта?

7 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Хуыцауы адӕм сӕ ныфс цы зӕрдӕвӕрдтыл дардтой, уым ӕнӕмӕнг цыдӕр хъуамӕ дзырдӕуыдаид Мессиайы тыххӕй (Исай 53:1—12). Ӕмӕ уый фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ ныфс уагъта Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты, цыфӕнды фыдӕвзарӕнты ма уыдаиккой. Лукайы 2:25 кӕсӕм: «Уыдис Иерусалимы иу адӕймаг, йӕ ном Симеон, уый уыдис рӕстгӕнӕг ӕмӕ хорз намысджын лӕг, Израилы рӕвдыддзинадмӕ [кӕнӕ ныфсмӕ, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та Мессиайы ӕрцыдмӕ] ӕнхъӕлмӕгӕсӕг; ӕмӕ Сыгъдӕг Уд уыдис ууыл». Симеон Фыстытӕй зыдта, Мессиа кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа, ӕмӕ уыцы боны цинӕй цардис. Ӕцӕг, уыцы хабар куыд уыдзӕн, уыдӕттӕ бӕлвырд не ’мбӕрста, стӕй ӕрцӕуинаг ирвӕзындзинад дӕр не ’рыййӕфта, фӕлӕ Хуыцауы ӕрвыст Ирвӕзынгӕнӕджы куы федта ӕмӕ йӕ куы базыдта, уӕд йӕ цин йӕ зӕрдӕйы нал цыд (Лукайы 2:30).

Удӕнцой — Чырыстийӕ

8. Йесомӕ бирӕтӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый саразыны бӕсты сын куыд ӕххуыс кодта?

8 Йесо Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд адӕмӕн алы хатт, уыдон куыд ӕнхъӕлдтой, афтӕ не ’ххуыс кодта. Адӕмӕй бирӕтӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, се ’нӕуынон Ромы ӕфсондзы бынӕй сӕ чи фервӕзын кодтаид, уыцы Мессиамӕ. Фӕлӕ Йесо революционер нӕ уыд; йӕ ныхас сын уыди, зӕгъгӕ, «кесӕрыон кесӕрӕн дӕттут» (Матфейы 22:21). Хуыцауы фӕнд ӕрмӕст уый мидӕг нӕ уыд, ӕмӕ сӕ цавӕрдӕр хицауады ’фсондзӕй фервӕзын кодтаид. Адӕмы фӕндыд Йесойы паддзахӕй сӕвӕрын, фӕлӕ сын уый загъта, зӕгъгӕ, ӕз хъуамӕ «раттон мӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28; Иоанны 6:15). Уый уыцы рӕстӕг нӕ уыди, ӕмӕ паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ райстаид, стӕй йын уыцы бартӕ хъуамӕ Иегъовӕ раттаид, сонт адӕмы бардз нӕ, фӕлӕ.

9. а) Йесо адӕмӕн цавӕр ныфсы хабар хъусын кодта? ӕ) Уыцы хабар адӕмӕн сӕ цардуавӕртӕм кӕй хауди, уый Йесо хъуыддагӕй куыд равдыста? б) Йесо зӕххыл цы сарӕзта, уымӕй бындур цӕмӕн ӕрӕвӕрдта?

9 Йесо адӕмӕн цы ныфс хаста, уый уыдис «Хуыцауы Паддзахады хорз уацхъуыды» мидӕг. Кӕмфӕнды ма уыдаид,— уыцы хабар хъусын кодта адӕмӕн (Лукайы 4:43, НФ). Цы сын хъусын кодта, уый сӕ цардмӕ, сӕ зындзинӕдтӕм кӕй хауд, ӕхсызгонӕй сӕ кӕй хъуыди, уый сын хуыздӕр бамбарын кӕнынӕн та бӕлвырд хъуыддӕгтӕй ӕвдыста, Мессиа-Паддзах уӕвгӕйӕ, адӕмӕн хорзӕй цы сараздзӕн, уый. Йӕ хъизӕмӕрттӕй йӕ цард ад кӕмӕн нал кодта, ахӕм адӕймӕгтӕн Йесо ногӕй царды тафс уагъта се уӕнгты: лӕвӕрдта сын цӕстырухс ӕмӕ сӕ кодта дзурынхъом (Матфейы 12:22; Маркы 10:51, 52), дзӕбӕх кодта цӕнкуылтӕ ӕмӕ уӕнгмӕрдты (Маркы 2:3—12), израилӕгтӕ ӕлгъ кӕмӕй кодтой, уыцы хӕцгӕ низтӕ сӕфта (Лукайы 5:12, 13), дзӕбӕх кодта ӕндӕр ӕбуалгъ низтӕ дӕр (Маркы 5:25—29). Йесо стыр удӕнцой хаста, сӕ хъӕбулты мардыл судзгӕ маст чи кодта, уыцы ныййарджытӕн — сӕ сывӕллӕтты-иу сын райгас кодта (Лукайы 7:11—15; 8:49—56). Афтӕ ма равдыста, йӕ бар кӕй цӕуы адӕймаджы цардӕн тӕссаг уаддымгӕтыл ӕмӕ йӕ бон кӕй у цыфӕнды бирӕ адӕмы дӕр хӕринагӕй бафсадын (Маркы 4:37—41; 8:2—9). Уымӕй уӕлдай ма сын Йесо амыдта, куыд цӕрын хъӕуы, цӕмӕй сӕ бон уыдаид зындзинӕдты сӕрты хизын, ӕмӕ сын Мессиайы рӕстаг хицаудзинады ныфсӕй сӕ зӕрдӕтӕм рухс уагъта. Афтӕмӕй Йесо, уырнӕг зӕрдӕйӕ йӕм чи хъуыста, канд уыдонӕн нӕ хаста удӕнцой, фӕлӕ ма бындур ӕрӕвӕрдта уымӕн дӕр, цӕмӕй уый фӕстӕ миназты цы адӕм цӕрдзӕн, уыдоны зӕрдӕты дӕр ныфсы цырагъ ссудза.

10. Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы цӕмӕн ис гӕнӕн?

10 Йесо йӕ цард нывондӕн куы ӕрхаста, стӕй куы райгас ӕмӕ уӕларвмӕ куы ацыд, уымӕй 60 азы фӕстӕдӕр апостол Иоанн Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Мӕ сывӕллӕттӕ! Адон фыссын сымахмӕ, цӕмӕй тӕригъӕд ма кӕнат; фӕлӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд махӕн ис Минӕвар Фыды раз, Йесо Чырысти, Рӕстгӕнӕг; Уый у зӕрдӕ фӕлмӕнгӕнӕг мах тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ ӕрмӕст мах нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй» (1 Иоанны 2:1, 2). О, Йесо, алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг, йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый нын у стыр ныфсы хос. Мах зонӕм, Хуыцау нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, кӕй нын дӕтты сыгъдӕг намыс, йӕ хӕлӕрттӕ уӕм, уый фадат ӕмӕ ӕнусон царды ныфс (Иоанны 14:6; Ромӕгтӕм 6:23; Дзуттытӕм 9:24—28; 1 Петры 3:21).

Сыгъдӕг уд — ныфсдӕттӕг

11. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ цавӕр ныфсдӕттӕгӕй бавӕрдта зӕрдӕ?

11 Йесо адӕмы сӕрвӕлтау йӕ цард раттыны размӕ ӕхсӕв йӕ апостолтимӕ куы уыди, уӕд сын загъта, йӕ уӕларвон Фыд ма сын удӕнцой ӕндӕр цӕйдӕр фӕрцы дӕр кӕй дӕтдзӕн. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Ӕз Мӕ Фыдӕн балӕгъстӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уын Уый ратдзӕн ӕндӕр Ныфсдӕттӕг [грекъаг ӕвзаджы «paraʹkletos»], цӕмӕй ӕнусмӕ дӕр уемӕ уа... Ӕцӕгдзинады Уд». Йесо сӕ бафидар кодта: «Ныфсдӕттӕг, Сыгъдӕг Уд, сымахӕн алцы дӕр бацамондзӕн ӕмӕ уын, Ӕз сымахӕн цы дзырдтон, уыдон иууылдӕр уӕ зӕрдыл ӕрӕфтаудзӕн» (Иоанны 14:16, 17, 26, «Мах дуг» №5, 1992). Фӕлӕ сын куыд ӕгъдауӕй уыди сыгъдӕг уд ныфсдӕттӕг?

12. Сыгъдӕг уд Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн хабӕрттӕ сӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кодта, уый фӕрцы бирӕтӕ удӕнцой куыд ссарынц?

12 Йесо йӕ апостолты бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгтыл сахуыр кодта. Цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон бӕгуыдӕр нал сцух уыдзысты сӕ зӕрдӕйӕ, фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ бӕлвырдӕй ӕрхъуыды кӕнын сӕ бон бауыдзӕн? Сӕ зонд, сӕ хъуыды ӕнӕххӕст кӕй уыди, уый фыдӕй сӕ, ӕнӕмӕнг зондӕн райсын кӕй хъуыди, уыцы хъуыдытӕ нӕ ферох уыдзысты? Йесо сын загъта, зӕгъгӕ уын сыгъдӕг уд, «Ӕз сымахӕн цы дзырдтон, уыдон иууылдӕр уӕ зӕрдыл ӕрӕфтаудзӕн». Афтӕ, Йесойы мӕлӕтӕй иу аст азы фӕстӕ Матфейӕн йӕ бон сси фыццаг Евангели ныффыссын — уым ис Йесойы ӕвӕджиауы Уӕлхох уацамынд, Паддзахады тыххӕй цы бирӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕрхаста, уыдон, афтӕ ма дзы бӕстон дзырд цӕуы, Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уый цӕмӕй базонӕн уыдзӕн, уыцы цаутыл. Матфейӕ 50 азы фӕстӕдӕр апостол Иоанн та, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ бӕстон-биноныг ныффыста, Йесойы зӕххон царды фӕстаг цалдӕр боны цытӕ ӕрцыд, уый. Цас ныфс уадзынц уыцы, Хуыцауы фӕндӕй фыст, хабӕрттӕ адӕймаджы суанг абоны онг дӕр!

13. Сыгъдӕг уд фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сӕ ахуыргӕнӕг цы хуызы уыди?

13 Сыгъдӕг уд ӕрмӕст уый нӕ бакодта, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Йесойы ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, фӕлӕ ма сӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр дӕр скодта ӕмӕ сын Хуыцауы фӕнд хуыздӕр бамбарынӕн дӕр баххуыс кодта. Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы уыди, уӕд сын цы дзырдта, уыдонӕй цыдӕртӕ дзӕбӕх не ’мбӕрстой. Фӕлӕ фӕстӕдӕр, сыгъдӕг удӕй зӕрдӕргъӕвд уӕвгӕйӕ, Иоанн, Петр, Иаков, Иудӕ ӕмӕ Павел бӕлвырддӕр бамбарын кодтой, Хуыцауы фӕнд йӕ нысанмӕ куыд цӕуы, уый. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын сыгъдӕг уд уыди ахуыргӕнӕг, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы фидарӕй зыдтой, Хуыцау сын фӕндагамонӕг кӕй у.

14. Иегъовӕйы адӕмӕн сыгъдӕг уд цавӕр хъуыддӕгты ӕххуыс кодта?

14 Сыгъдӕг уд сын алыхуызон курдиӕттӕ кӕй лӕвӕрдта, уымӕй дӕр бӕрӕг уыди, Хуыцауы хорзӕх ныр зӕххон Израилы кӕй нал ис, фӕлӕ чырыстон ӕмбырды (Дзуттытӕм 2:4). Сӕ царды сыгъдӕг уды дыргъ бӕрӕг кӕй уыди, уый дӕр уыди ахсджиаг бӕлвырдгӕнӕн, Йесойы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй сты, уымӕн (Иоанны 13:35; Галатӕгтӕм 5:22—24). Уымӕй дарддӕр сыгъдӕг уд уыцы ӕмбырды чырыстӕттӕн сӕ хъаруйыл хъару ӕфтыдта, ӕмӕ уӕндонӕй, ныфсджынӕй хъусын кодтой (Куыстытӕ 4:31).

Ӕххуыс — стыр фыдӕвзарӕнты

15. а) Чырыстӕттӕ цавӕр зынтӕ ӕвзӕрстой ӕмӕ ӕвзарынц ныр дӕр? ӕ) Иннӕтӕн ныфсы хос чи у, уымӕн йӕхицӕн дӕр цӕмӕн фӕхъӕуы йӕ ныфсыл ныфс бафтауын?

15 Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ цыдӕр ӕгъдауӕй ӕфхӕрд ӕмӕ сырд ма ӕййафа (2 Тимофеймӕ 3:12). Фӕлӕ чырыстӕттӕй бирӕтӕн уыцы ӕфхӕрд сси ӕцӕг фыдӕвзарӕн. Нӕ рӕстӕджы иуӕй-иутӕ фесты сонт адӕмы бардзы амӕттаг, кӕйдӕрты бакодтой концлагерты, ахӕстӕтты, фӕллойадон-растгӕнӕн лагерты, фос цы уавӕрты фӕдарынц, ахӕм уавӕрты. Се ’фхӕрӕг вӕййы хицауад йӕхӕдӕг, кӕнӕ та кӕд комкоммӕ йӕхӕдӕг нӕ, уӕддӕр фыдгӕнӕг-лӕгсырдтӕй сӕ фыдмиты тыххӕй дзуапп нӕ фӕдомы. Чырыстӕттӕ хызт не сты уӕззау низтӕй дӕр, стӕй стыр мӕстытӕ ӕййафынц хӕдзары, бинонты ’хсӕн дӕр. Зынтӕй цух не сты, сӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн зын сахат се ’нцой балӕууыныл йӕ уд чи хъары, уыцы цардфӕлтӕрд чырыстӕттӕ дӕр. Ӕмӕ ахӕм уавӕрты, йӕхӕдӕг иннӕтӕн ныфсы хос чи у, уыдонӕн дӕр фӕхъӕуы сӕ ныфсыл ныфс бафтауын.

16. Давид стыр фыдӕвзарӕны куы уыди, уӕд ын Иегъовӕ куыд ӕххуыс кодта?

16 Паддзах Саул Давиды марыныл куы уыди, уӕд Давидӕн йе скаст уыди Хуыцаумӕ — йӕ Ӕххуысгӕнӕгмӕ. «Хуыцау! фехъус мӕ кувын»,— лӕгъстӕ кодта уый. «Дӕ базырты аууоны бамбӕхсдзынӕн» (Псалом 53:4, 6; 56:2). Цымӕ йын Хуыцау баххуыс кодта? Ай-гъай дӕр. Иегъовӕ ӕрыгон Давидӕн пехуымпар Гад ӕмӕ сауджын Авиафары руаджы амыдта, цы кӕнын ӕй хъӕуы, уый; Саулы фырт Ионафаны руаджы та йын йӕ хъаруйыл хъару бафтыдта (1 Паддзахӕдты 22:1, 5; 23:9—13, 16—18). Афтӕ ма Иегъовӕ филистимӕгты бауагъта Израилы зӕхмӕ бабырсын, ӕмӕ Саулы Давиды фӕдыл зилынмӕ нал ӕвдӕлд (1 Паддзахӕдты 23:27, 28).

17. Уынгӕджы уавӕры Йесо ӕххуысмӕ кӕмӕ сидти?

17 Йесо Чырысти дӕр уыди стыр уынгӕджы уавӕры, йӕ зӕххон царды кӕрон куыд хӕстӕг кодта, афтӕ. Уый хорз ӕмбӕрста, йӕхи цыхуызӕнӕй равдисдзӕн, уый йӕ уӕларвон Фыды номыл кӕй фӕзындзӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмы фидӕн дӕр уымӕй аразгӕ кӕй у. Йесо уӕд тынг зӕрдиагӕй куывта, суанг ма «йӕхи мидӕг [дӕр] стыхст». Ӕмӕ йӕ уыцы зын сахат цы ӕххуыс хъуыди, уымӕй йӕ Хуыцау цух нӕ ныууагъта (Лукайы 22:41—44, НФ).

18. Ӕгъатыр ӕфхӕрд чи ӕййӕфта, уыцы рагон чырыстӕттӕн Хуыцау удӕнцой куыд лӕвӕрдта?

18 Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд куы фӕзынди, уӕд чырыстӕттӕ ахӕм карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой, сӕ фӕдыл афтӕ зылдысты, ӕмӕ дзы апостолтӕй фӕстӕмӕ Иерусалимы ничиуал баззад — алырдӕмты ныппырх сты. Нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй-иу сӕ сӕ хӕдзӕрттӕй тыхӕй раластой. Сӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕууыдаид, ахӕмӕй сын цы радта Хуыцау? Йӕ Ныхасы сын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын ис «хуыздӕр ӕмӕ ӕнӕсӕфгӕ хӕзна» — ӕнусон бын Чырыстиимӕ уӕлӕрвты (Дзуттытӕм 10:34, НФ; Ефесӕгтӕм 1:18—20). Дарддӕр куыд хъусын кодтой, афтӕ сӕхӕдӕг уыдтой, Хуыцауы сыгъдӕг уд семӕ кӕй ис, ӕмӕ-иу сыл цы цаутӕ ӕрцыди, уыдон сын сӕ циныл цин ӕфтыдтой (Матфейы 5:11, 12; Куыстытӕ 8:1—40).

19. Кӕд Павел карз ӕмӕ ӕгъатыр ӕфхӕрд ӕййӕфта, уӕддӕр Хуыцауы рӕвдыдӕй цух кӕй нӕ уыди, уый тыххӕй цы загъта?

19 Куыд зонӕм, афтӕмӕй Савл (Павел) — чырыстӕттӕн хъыцъыдӕттӕ чи дардта, уый — йӕхӕдӕг дӕр ӕфхӕрд ӕййӕфта, чырыстон кӕй сси, уый тыххӕй. Кипры сакъадахыл царди иу кӕлӕнгӕнӕг, ӕмӕ уый алы мӕнгдзинад ӕмӕ цӕстфӕлдахӕн митӕй Павелы уацамындӕн цӕлхдуртӕ ӕвӕрдта. Галатийы йӕ дуртӕй фӕхостой ӕмӕ йӕ мардӕнхъӕлӕй ныууагътой (Куыстытӕ 13:8—10; 14:19). Македонийы та йӕ лӕдзгуытӕй фӕнадтой (Куыстытӕ 16:22, 23). Ефесы сын сонт адӕмы бардз фыдмитӕ куы фӕкодтой, уый фӕстӕ Павел фыста: «Зынтӕ бавзӕрстам кӕлгӕуӕлдайӕ, нӕ тыхтӕм гӕсгӕ нӕ,— афтӕ ӕмӕ удӕгасӕй баззайынӕн ӕнхъӕл дӕр-иу нал уыдыстӕм; ӕмӕ уымӕ ӕрцыдыстӕм нӕ мидзӕрдӕйы, махӕн ӕнамӕлгӕ кӕй нал ис» (2 Коринфӕгтӕм 1:8, 9, НФ). Фӕлӕ растдӕр уыцы фыстӕджы фыста Павел, нӕ статьяйы дыккаг абзацы цы ныфсы ныхӕстӕ ӕрхастам, уыдон (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4).

20. Иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

20 Цы саразӕн ис, цӕмӕй мах дӕр адӕмӕн удӕнцой уӕм? Абон бирӕты хъӕуы уый сӕр, уымӕн ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ сӕнкъуысын кӕнынц, дунейы цы ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдон, стӕй ма сӕхӕдӕг дӕр ӕвзарынц зынтӕ ӕмӕ мӕстытӕ. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, ахӕм уавӕрты адӕймагӕн йӕ зын куыд ис фенцондӕр кӕнӕн.

Бахъуыды кодтай?

• Хуыцау цы удӕнцой дӕтты, уымӕн ӕмбал цӕуылнӕ ис?

• Чырыстийы фӕрцы цавӕр удӕнцойӕ стӕм хайджын?

• Сыгъдӕг уд куыд ӕгъдауӕй у ныфсдӕттӕг?

• Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн стыр фыдӕвзарӕнты удӕнцой кӕй лӕвӕрдта, уымӕн ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 23 фарсыл]

Библи нын куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Иегъовӕ йӕ адӕмӕн удӕнцой лӕвӕрдта, кӕй сӕ ирвӕзын кодта, уымӕй.

[Нывтӕ 24 фарсыл]

Йесо адӕмы ахуыр кодта, дзӕбӕх сӕ кодта, мӕрдты ӕгас кодта, ӕмӕ сын уымӕй се онг рог кодта.

[Ныв 26 фарсыл]

Хуыцау Йесойы фӕфидар кодта.