Буд судзын. Ӕцӕг Хуыцауӕн кувгӕйӕ истӕмӕн хъӕуы?
Буд судзын. Ӕцӕг Хуыцауӕн кувгӕйӕ истӕмӕн хъӕуы?
«ХУЫЦӔУТТӔ уарзынц адджын тӕф». Афтӕ незаманты арӕх дзырдтой египетӕгтӕ. Сӕ хуыцӕуттӕн ӕнӕ буд судзгӕйӕ нӕ куывтой. Египетӕгтӕ будӕн ахӕм сусӕг хъомыс лӕвӕрдтой, ӕмӕ йӕ ӕрвылбон дӕр сыгътой сӕ кувӕндӕтты ӕмӕ сӕ хӕдзӕртты будсудзӕнтыл, хуыцӕуттӕ нӕ фарсмӕ уой, зӕгъгӕ. Буд сыгътой, кӕимӕдӕр-иу исты хъуыддаг куы лыг кодтой, уӕд дӕр. Ахӕм ӕгъдӕуттӕ уыди иннӕ адӕмтӕм дӕр.
Фӕлӕ цы у буд? Ацы дзырд амоны куыд будӕн йӕ фӕздӕг, афтӕ, буд цӕмӕй конд у, уый дӕр. Аразынц ӕй тӕфгӕнаг бӕлӕсты писи ӕмӕ чъиуӕй, зӕгъӕм адджын ӕмбудинаг ӕмӕ бальзамӕй. Лыстӕг сӕ ныммур кӕнынц, ӕмӕ сӕ арӕх схӕццӕ кӕнынц тӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ, бӕласы цъар ӕмӕ дидинджытимӕ, цавӕр хъӕуы, ахӕм адджын тӕф дзы куыд райауа, афтӕ.
Рагзаманты адӕммӕ буд афтӕ кадджын уыди, афтӕ ӕхсызгонӕй йӕ агуырдтой, ӕмӕ сӕудӕджергӕнджытӕ фылдӕр ласын райдыдтой, буд цӕмӕй арӕзтой, уыдӕттӕ. Сӕ чырӕтӕ-иу кӕрӕдзийы фӕдыл ныххал сты, дард бӕстӕтӕй буды «хъацӕнтӕ» ласгӕйӕ. Кӕд ма хъуыды кӕныс, Иаковы ӕвзонг фырт Иосифы йе ’фсымӕртӕ цы измаилаг сӕудӕджергӕнджытӕн ныууӕй кодтой, уыдон «цыдысты Галаадӕй, сӕ теуатыл ластой хӕрздӕфгӕнӕн ӕмӕ чъиубӕласы цъар, сӕ фӕндаг дардтой Египетмӕ» (Уӕвынад 37:25). Буд афтӕ тынг ӕлхӕдтой, ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй сӕудӕджергӕнджыты фӕндаджы фӕрцы,— уыцы фӕндаг та ӕнӕмӕнг байгом, будӕй чи базар кодта, уыдоны хъӕппӕрисӕй,— фӕзынд бастдзинад Ази ӕмӕ Европӕйы ’хсӕн.
Бирӕ динты бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ кӕнонты буд судзынц абоны онг дӕр. Стӕй фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, буд хӕдзары ӕнӕуи йӕ адджын тӕфмӕ смудынӕн чи ссудзы, ахӕм адӕм. Буд судзынмӕ чырыстӕттӕ та цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Хуыцауӕн кувгӕйӕ йӕ ис судзӕн? Ӕркӕсӕм, цы дзуры уый фӕдыл Библи.
«Табуйаг — Иегъовӕйӕн»
Рагзаманты Израилы буд сыгътой хӕсгӕ кувӕндоны цатыры — уый уыди сауджынты сӕйрагдӕр хӕстӕй сӕ иу. Иу энциклопедийы дзырдӕуы: «Ӕцӕгдӕр, дзуттӕгтӕм буд судзын афтӕ табуйаг хъуыддагыл нымад уыди, ӕмӕ дзы Хуыцауӕн кувынӕй дарддӕр ӕндӕр истӕмӕн пайда кодтой, уый тыххӕй никуы ис фыст» («McClintock and Strong’s Cyclopedia»).
Иегъовӕ Хуыцау израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу иумӕ схӕццӕ кодтаиккой цыппар буаргъӕды ӕмӕ-иу уый сыгътаиккой хӕсгӕ кувӕндоны: «Райс хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: тӕфгӕнаг бӕласы чъиуы къӕрттытӕ, оних, хӕрздӕф галбан ӕмӕ сыгъдӕг ӕмбудинаг. Иуӕй дзы цас уа, уыйбӕрц дзы хъуамӕ уа иннӕтӕй дӕр. Ӕмӕ дзы скӕн буд — сӕрдӕнтӕ аразӕджы дӕсны къухӕй конд хӕрздӕфгӕнӕн,— цӕххимӕ, хъуамӕ уа сыгъдӕг, табуйаг. Йӕ иу хай йын ныммур кӕн ӕмӕ дзы иуцасдӕр ӕмбырды цатыры Ӕвдисӕндары раз сӕвӕр» (Рацыд 30:34—36). Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фӕстӕдӕр иудейаг раввинтӕ, кувӕндоны цы буд сыгътой, уымӕ ма ӕндӕр буаргъӕдтӕ дӕр бафтыдтой.
Хӕсгӕ кувӕндоны цатыры цы буд сыгътой, уый уыди табуйаг, сыгътой йӕ ӕрмӕстдӕр Рацыд 30:37, 38). Сӕрмагонд будсудзӕныл сауджынтӕ бон дыууӕ хатты сыгъдтой буд (2 Паралипоменон 13:11). Сыгъдӕггӕнӕн бон та-иу хистӕр сауджын буд сыгъта Сыгъдӕджыты сыгъдӕджы (Левит 16:12, 13).
Хуыцауӕн кувгӕйӕ. Иегъовӕ сын ныффӕдзӕхста: «Ацы буд цы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй конд у, уыдонӕй уӕхицӕн ма аразут буд. Уый уын уӕд табуйаг — Иегъовӕйӕн. Ахӕм буд, йӕ тӕфмӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн смудынӕн чи скӕна, уый фесафын хъӕуы йӕ адӕмы ’хсӕнӕй» (Фӕлӕ кувинагӕн цы буд сыгътой, уый Хуыцауы зӕрдӕйыл алыхатт ӕхсызгонӕй не ’мбӕлд. Йӕ фыдӕхы азар басыгъта, йӕхи сауджынты бынаты чи сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ фыркъӕйныхӕй буд чи ссыгъта, сауджын та уӕвгӕ чи нӕ уыди, уыдоны (Нымӕцтӕ 16:16—18, 35—40; 2 Паралипоменон 26:16—20). Иудейтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн куы куывтой, сӕ къухтӕ туджы ӕвдылд куы уыдысты, афтӕмӕй кувинагӕн буд куы сыгътой, уӕд уый Иегъовӕ йӕхицӕн нымадта ӕфхӕрдыл. Сӕ дыдзӕсгом митӕй Иегъовӕйы уый онг скодтой, ӕмӕ сын загъта: «Буд ӕлгъаг у мӕ удӕн» (Исай 1:13, 15). Израилӕгты Иегъовӕйӕн кувын куыд хъуыди, уый сӕ афтӕ «ферох», ӕмӕ кувӕндон бынтондӕр сӕхгӕдтой, буд та йын сыгътой ӕндӕр будсудзӕнтыл (2 Паралипоменон 28:24, 25). Куыдфӕстагмӕ сыгъдӕг, табуйаг буд судзын райдыдтой, мӕнг хуыцӕуттӕн кувгӕйӕ алы ӕлгъаг митӕ куы кодтой, уӕд дӕр. Уӕдӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ Иегъовӕйӕн уӕнгӕл куыннӕ хъуамӕ уыдаиккой (Иезекил 16:2, 17, 18).
Буд ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ
Закъоны бадзырд,— уыимӕ сауджынтӕ сыгъдӕг буд кӕй хъуамӕ сыгътаиккой, уыцы фӕдзӕхст дӕр,— йӕ тыхы уыди ӕрмӕстдӕр н. э. 33 азмӕ, Чырысти ног бадзырд куы скодта, уӕдмӕ (Колоссӕгтӕм 2:14). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дины хъуыддаджы буд сыгътой, уымӕн ницавӕр ӕвдисӕйнӕгтӕ ис. Мӕнӕ цы дзуры уый фӕдыл энциклопеди: «[Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ] буд кӕй нӕ сыгътой, уый бӕлвырд у. Уыйхыгъд йӕ фӕд бӕрӕгӕй зыны муртакк дины... Муртакк нывондхӕссӕныл-иу будӕй цалдӕр муры куы ӕрӕппӕрстой, уӕд уый афтӕ нымад уыди, ӕмӕ сӕ хуыцӕуттӕн куывтой» («McClintock and Strong’s Cyclopedia»).
Афтӕ ма фидарӕй зонӕм уый дӕр, ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ, маргӕ сӕ куы кодтаиккой, уӕддӕр Ромы императоры номыл буд кӕй нӕ ссыгътаиккой, ӕмӕ йӕ уымӕй «хуыцауы ӕмсӕр» кӕй нӕ скодтаиккой (Лукайы 4:8; 1 Коринфӕгтӕм 10:14, 20). Стӕй, уӕды заманты буд мӕнг хуыцӕуттӕн кӕй сыгътой, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ будӕй базар дӕр кӕй нӕ кодтой, уый.
Буд судзыны хъуыддаг абон
Буд судзыны тыххӕй абон та цы зӕгъӕн ис? Чырыстон аргъуантӕй бирӕты буд судзынц сӕ дины ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы. Азийы бӕстӕты бирӕ бинонтӕ сӕ хуыцӕутты номыл кӕнӕ сӕ мӕрдты фыдбылызӕй бахизынӕн буд ссудзынц кувӕндӕтты кӕнӕ та сӕм хӕдзары цы будсудзӕнтӕ ис, уыдоны раз. Аргъуанты буд бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй судзынц: уӕдӕ агъуыст адджын тӕфӕй байдзаг кӕнынӕн, уӕдӕ рынчынты сдзӕбӕх кӕнынӕн, адӕймаджы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕнынӕн, бӕллӕхтӕй йӕ бахизынӕн.
Фӕстаг рӕстӕджыты та будмӕ се ’ргом тынг аздӕхтой, дингӕнӕг чи нӕу, ахӕм адӕм дӕр. Иутӕ буд уымӕн ссудзынц, ӕмӕ, зӕгъгӕ, афтӕмӕй мӕ бон суыдзӕн хъуыдыты арф ацӕуын. Иу амонӕн чиныджы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй буд судзгӕйӕ адӕймаг бафты, ӕнӕуи ӕгъдауӕй «кӕдӕм нӕй бафтӕн, хъуыдыйы уыцы рӕбынтӕм» ӕмӕ фӕхайджын вӕййы уӕлдунейы «ӕууӕлтӕй». Уыцы чиныджы ма ис ахӕм хъуыды дӕр, зӕгъгӕ, буд бӕлвырд-бӕрӕг ӕгъдауӕй судзгӕйӕ адӕймаг сиу вӕййы «уӕлӕрдзон тыхтимӕ», ӕмӕ уый фӕрцы ис царды зындзинӕдтӕй фервӕзӕн. Цымӕ чырыстӕттӕн ӕмбӕлы ахӕм цыдӕртӕ кӕнын?
Иегъовӕйӕн ӕнӕуынон сты, йӕ сыгъдӕг дин ын мӕнг дины кӕнонтимӕ чи ӕмхӕццӕ кӕны, уыдон. Апостол Павел пехуымпар Исайы ныхӕстӕй чырыстӕттӕм ӕрсидт, цӕмӕй сӕхи хизой мӕнг дины чъизи хъуыддӕгтӕй. Уый фыста: «Рацӕут уыдоны ӕхсӕнӕй ӕмӕ ахицӕн ут, зӕгъы Хицау, ӕмӕ хӕстӕг ма цӕут ӕнӕсыгъдӕгмӕ, ӕмӕ уӕ Ӕз райсдзынӕн» (2 Коринфӕгтӕм 6:17; Исай 52:11). Цыдӕриддӕр мӕнг дин кӕнӕ сусӕг тыхтимӕ баст у, уымӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ цӕуынц (Иоанны 4:24).
Буд, дины хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ, стӕй уӕд кӕлӕнты руаджы ӕнӕуынгӕ тыхтӕм сидгӕйӕ, кӕй фӕсудзынц, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ буд судзӕн ӕппындӕр нӕй? Бынтон афтӕ нӕу. Гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаджы ӕнӕуи фӕнды йӕ хӕдзары буд ссудзын — ӕхсызгон ын у йӕ адджын тӕф (Ӕмбисӕндтӕ 27:9). Фӕлӕ ахӕм уавӕры дӕр чырыстоны зӕрдыл дарын хъӕуы цалдӕр фарстайы. Йӕ алыварс цӕрӕг адӕм буд, мыййаг, мӕнг дины ӕгъдӕуттӕ кӕнгӕйӕ фӕсудзынц? Кӕм цӕры, уым буд дӕснытӕ нӕ фӕсудзынц, хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ кӕнгӕйӕ? Ӕви адӕм буд ӕнӕуи, ницӕй номыл фӕсудзынц?
Уӕдӕ искӕмӕн йӕ зӕрды буд судзын куы уа, уӕд ын хъуыдыйаг у, уый фӕстӕ йӕм йӕ намыс цы дзурдзӕн, канд уый нӕ, фӕлӕ иннӕтӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уый дӕр (1 Коринфӕгтӕм 10:29). Ам хорз уаид, апостол Павел Ромы чырыстӕттӕм кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстыл ахъуыды кӕнын: «Агурӕм, фарнӕн ӕмӕ кӕрӕдзийы схуыздӕр кӕнынӕн ахъаз цы у, уыдӕттӕ. Хӕринаджы сӕрвӕлтау-иу Хуыцауы хъуыддаг ма хал. Цыдӕриддӕр у сыгъдӕг, фӕлӕ додой адӕймагӕн, чи хӕры искӕй фӕрӕдийынӕн. Хуыздӕр у фыд нӕ хӕрын, сӕн ма нуазын, ӕмӕ, де ’фсымӕр цӕуыл фӕкӕла, кӕнӕ фӕрӕдийа, кӕнӕ зӕрдӕсаст фӕуа, ахӕмтӕй мацы кӕнын» (Ромӕгтӕм 14:19—21, НФ).
Куывдтытӕ сты «будау»
Израилӕгтӕ кувинагӕн буд кӕй сыгътой, уый, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ хорз ӕвдыста, Хуыцау кӕй исы, уыцы куывдтытӕ. Цӕвиттон, псаломзарӕггӕнӕг Давид Иегъовӕйӕн зарыд: «Схӕццӕ уӕд мӕ куывд будау дӕ цӕсгомы размӕ» (Псалом 140:2, МГТ).
Хуыцауыл зӕрдӕйӕ чи уыди, уыцы израилӕгтӕ кувинагӕн буд судзынмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кастысты, ӕнӕуи ӕгъдауыл ӕй нӕ нымадтой. Иегъовӕ сын куыддӕриддӕр бацамыдта, буд цӕттӕ дӕр афтӕ кодтой ӕмӕ судзгӕ дӕр. Абон чырыстӕттӕн та буды бӕсты сты сӕ куывдтытӕ — сӕ уӕларвон Фыдӕй кӕй аргъуыц кӕнынц ӕмӕ дзы бузныг кӕй сты, уый ӕвдисӕг зӕрдӕбын куывдтытӕ. Хуыцау нын йӕ Ныхасы йӕхӕдӕг зӕгъы: кӕддӕр кувӕндоны сауджынтӕ цы буд сыгътой, уый тӕф ыл куыд адджынӕн ӕмбӕлд, афтӕ «ӕхсызгон ын у рӕстаг адӕмы куывд» дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 15:8).
[Нывтӕ 31 фарсыл]
Хӕсгӕ цатыры ӕмӕ кувӕндоны цы буд сыгътой, уый уыди табуйаг.
[Ныв 32 фарсыл]
Хъуыдыты ацӕуынӕн буд судзын — чырыстӕттӕн ӕмбӕлы?