Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Диссаджы науы чиныг

Диссаджы науы чиныг

Диссаджы науы чиныг

ИРТАСӔГ Ричард Берд 1928—1956 азты фондз хатты ацыд экспедицийы Антарктидӕмӕ. Цаутӕ йӕ боныджы ӕмӕ науы чиныджы лӕмбынӕг кӕй фыста, уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн ӕмӕ йӕ къордӕн йӕ бон уыд, дымгӕ чердӕм дымы, уый сбӕлвырд кӕнын, картӕтӕ бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ Антарктидӕйы тыххӕй дзӕвгар ӕрмӕг ӕрӕмбырд кӕнын.

Берды экспедицитӕ равдыстой, науы чиныг куыд ахсджиаг у, уый. Науы кӕнӕ та хӕдтӕхӕджы чиныджы лыстӕггай фыст ӕрцӕуынц балцы хабӕрттӕ иууылдӕр. Фӕстӕдӕр уыцы фыстыты фӕрцы ӕрхъуыды кӕнӕн ис ӕппӕт цаутӕ дӕр, кӕнӕ та фидӕны балцты ахъаз чи фӕуыдзӕн, уыцы хабӕрттӕ раиртасын.

Библийы ис диссаджы хабар, Нойы бонты цы Доны хъаймӕт ӕрцыд, уый тыххӕй. Уыцы ӕппӕтдунеон донивылд иу азӕй фылдӕр ахаста. Доны хъаймӕтмӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ Ной, йӕ ус, йӕ ӕртӕ фырты ӕмӕ сӕ устытӕ 50—60 азы дӕргъы арӕзтой ковчег — тынг стыр нау, йӕ бӕрцуат 40 мин кубометры бӕрц. Цӕмӕн сӕ хъуыди? Цӕмӕй дзы Доны хъаймӕты рӕстӕджы удӕгасӕй баззадаиккой адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ (Уӕвынад 7:1—3).

Библийы, Уӕвынады чиныджы ис, Нойы науы чиныг схонӕн кӕй ис, ахӕм фыстытӕ. Уым дзырдӕуы, Доны хъаймӕты райдианӕй йӕ кӕронмӕ, цалынмӕ Ной ӕд бинонтӕ ковчегӕй нӕ рацыд, уӕдмӕ, цы цаутӕ ӕрцыд, уый тыххӕй. Уыцы науы чиныджы цы фыст ис, уымӕй абон зондӕн исты райсӕн ис?