Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Лӕуут ӕмӕ кӕсут, Иегъовӕ уӕ куыд ирвӕзын кӕндзӕн, уымӕ!

Лӕуут ӕмӕ кӕсут, Иегъовӕ уӕ куыд ирвӕзын кӕндзӕн, уымӕ!

Лӕуут ӕмӕ кӕсут, Иегъовӕ уӕ куыд ирвӕзын кӕндзӕн, уымӕ!

«Уӕ бынӕтты слӕуут, лӕуут ӕмӕ кӕсут, Иегъовӕ уӕ куыд ирвӕзын кӕндзӕн, уымӕ» (2 ПАРАЛИПОМЕНОН 20:17).

1, 2. «Магогы зӕххӕй Гогы» ныббырст дунеон терроризмӕй ӕвирхъаудӕр цӕмӕн у?

БИРӔТӔ тӕрсынц, терроризмы азарӕй ӕгас дунейы паддзахӕдтӕ, суанг ма адӕмы цардӕвӕрд ӕмӕ культурӕ дӕр куы бабын уой. Уымӕ гӕсгӕ, ацы хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Фӕлӕ ма дуне аныхъуырынмӕ хъавы ноджы ӕбуалгъдӕр знаг, ӕрмӕст уый дунейы паддзахӕдтӕ уанӕбӕрӕджы кӕнӕ бынтондӕр ницӕмӕ дарынц. Кӕй кой кӕнӕм?

2 «Магогы зӕххӕй Гогы» кой, ӕмӕ уый тыххӕй дзуры Библи, Иезекилы чиныджы 38-ӕм сӕры. Цымӕ раст у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ уыцы знаджы ныббырст дунеон терроризмӕй ӕвирхъаудӕр у? О, уымӕн ӕмӕ Гогы тох зӕххон хицауӕдты ныхмӕ нӕу. Уый хӕцы Хуыцауы уӕларвон хицауады ныхмӕ! Фӕлӕ, сӕ цардӕвӕрд рӕстмӕ бахъахъхъӕнынхъом чи нӕу, уыцы адӕмӕй уӕлдай, Сфӕлдисӕджы бон у ӕнцонтӕй басӕттын Гогы, кӕд уый тынг знӕт у, уӕддӕр.

Йӕ гӕрзтӕ рабаста Хуыцауы ӕвӕрд хицауады ныхмӕ

3. 1914 азӕй фӕстӕмӕ ӕгас дунейы хицӕуттӕм Хуыцау цӕмӕ сиды ӕмӕ уыцы сидт сӕ зӕрдӕмӕ айстой?

3 Ныр цы Паддзах хицауиуӕг кӕны, уый ӕмӕ Сайтаны фыддунейы ’хсӕн тох цӕуы, 1914 азы уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахад куы ӕрфидар, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Уӕд ӕгас дунейы хицӕуттӕн фехъусын чындӕуыд, зӕгъгӕ, уӕхи Хуыцауы ӕвзӕрст Хицауы ӕвджид бакӕнут. Фӕлӕ сӕ нӕ бафӕндыд, ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый Библийы раджы фыст уыд: «Зӕххы паддзӕхтӕ сыстынц, ӕмӕ ӕлдӕрттӕ иумӕ уынаффӕ кӕнынц Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] ныхмӕ ӕмӕ Йӕ Байсӕрсты ныхмӕ: „Аскъуынӕм сын сӕ бӕттӕнтӕ, ӕмӕ аппарӕм нӕхицӕй сӕ хъадамантӕ“» (Псалом 2:1—3). Уыдон Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый иууыл бӕлвырддӕр уыдзӕн, Магогӕй Гогы ныббырсты рӕстӕджы.

4, 5. Уымӕн куыд гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕм Хуыцауы ӕнӕуынгӕ уӕларвон хицауадимӕ тох кӕной?

4 Чи зоны, хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, адӕмы бон куыд у ӕнӕуынгӕ уӕларвон хицауадимӕ тох кӕнын? Библимӕ гӕсгӕ уыцы хицауады «Уӕрыккимӕ», Йесо Чырыстиимӕ, сты, «зӕххӕй кӕй ралхӕдтой, уыцы сӕдӕ цыппор цыппар мины» (Раргомад 14:1, 3, НФ; Иоанны 1:29). Уыцы ног хицауад уӕлӕрвты кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ хуыйны «ног арв», зӕххыл йӕ бӕрны йӕхи чи бакодта, уыдон та — «ног зӕхх» (Исай 65:17; 2 Петры 3:13). Чырыстийы 144 000 ӕмпаддзахӕн сӕ фылдӕр сӕ зӕххон царды кӕронмӕ Хуыцауыл уыдысты ӕнувыд. Ӕмӕ уымӕй сбӕлвырд кодтой, уӕлӕрвты ног кадджын хӕстӕ райсыны аккаг кӕй сты.

5 Уыцы 144 000 минӕй зӕххыл бирӕ нал баззад. 2002 азы Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ цы 15 000 000 адӕймагӕй фылдӕр ӕрбацыд, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр 8 760 равдыстой, уӕлӕрвты лӕггад кӕныны ныфс сӕ кӕй ис, уый. Уӕдӕ фидӕны уӕларвон Паддзахады уӕнгтӕ чи уыдзӕн, уыдоны ныхмӕ чи цӕуы, уый цӕуы Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ (Раргомад 12:17).

Паддзах рацыд, цӕмӕй фӕуӕлахиз уа

6. Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд Иегъовӕ ӕмӕ Чырысти сӕхи куыд фӕхатынц?

6 Иегъовӕ, йе ’вӕрд Паддзахады ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый фыст уыд Библийы: «Ӕрвты цӕрӕг худы, ӕмӕ Хицау фегад кӕны уыдон. Стӕй сын зӕгъдзӕн уыдонӕн Йӕ фыдӕхӕй, ӕмӕ Йӕ мӕстыйӕ уыдоныл бафтаудзӕни фӕдис: „Ӕз байсӕрстон Мӕ Паддзахы Сионыл, Мӕ сыгъдӕг хохыл“» (Псалом 2:4—6, МГТ). Ӕрхӕццӕ уыцы рӕстӕг, Чырысти Иегъовӕйы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы хъуамӕ рацӕуа, «цӕмӕй фӕуӕлахиз уа» (Раргомад 6:2). Уыцы фӕстаг уӕлахизы хӕсты Иегъовӕйӕн йӕ адӕмы ныхмӕ куы цӕуой, уӕд йӕхи куыд хатдзӕн? Растдӕр цыма йын йӕхи ӕмӕ йе ’вӕрд Паддзахы ныхмӕ рацыдысты, уыйау. «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мӕ цӕсты гагуымӕ ӕвналы»,— загъта Иегъовӕ (Захари 2:8). Йесо та дзырдта, зӕгъгӕ, адӕм йе сӕрст ӕфсымӕртӕн цы аразынц кӕнӕ цы нӕ аразынц, уый кӕнынц кӕнӕ нӕ кӕнынц уымӕн йӕхицӕн (Матфейы 25:40, 45).

7. Раргомады 7:9 цы «тынг бирӕ адӕмы» кой цӕуы, уыдоныл Гог йӕ маст цӕмӕн калы?

7 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕрстыты гыццыл къордӕн чи ӕххуыс кӕны, уыдоныл дӕр Гог йӕ маст калдзӕн. Уыдон сты Хуыцауы сконд «ног зӕхх» — «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» хуынд чи цӕуы, уыцы «тынг бирӕ адӕм» (Раргомад 7:9). Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уыдон «лӕууынц паддзахы бадӕны раз ӕмӕ Уӕрыччы раз, урс дарӕсты». Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, уыцы адӕм Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы хорзӕхӕй хайджын кӕй сты. «Пальмӕ бӕласы къалиутӕ сӕ къухты» кӕй ис, уый та амоны, кӕй бӕрзонд кӕнынц Иегъовӕйы, Дунедарӕг Хуыцауы, ӕмӕ йе ’вӕрд Паддзах Йесо Чырыстийы — «Хуыцауы Уӕрыччы» (Иоанны 1:29, 36).

8. Гог Хуыцауы адӕмыл йӕхи куы ныццӕва, уӕд Чырысти цы бакӕндзӕн ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?

8 Гог Хуыцауы адӕмыл йӕхи куы ныццӕва, уӕд Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах схӕцдзӕн ӕмӕ бацайдагъ кӕндзӕн Армагеддоны хӕст (Раргомад 16:14, 16). Дунедарӕг Иегъовӕйы бӕрны йӕхи чи нӕ кӕны, уыдон фесӕфдзысты. Хуыцауы Паддзахадыл ӕнувыд чи у, ӕмӕ уый тыххӕй чи хъизӕмар кӕны, уыдон та сулӕфдзысты. Ацы хъуыддаджы фӕдыл апостол Павел ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Ай та нысан уымӕн у, ӕмӕ Хуыцауы расттӕрхон кӕй уыдзӕн, цӕмӕй, кӕй сӕрыл хъиамӕт кӕнут, уыцы Хуыцауон паддзахады аккаг сымах дӕр скӕной. Цӕвиттон раст дӕр у Хуыцауы раз сымах ӕфхӕрджытӕн сагъӕстӕй бафидын, сымахӕн та, ӕфхӕрдтытӕн, цинӕй немӕ иумӕ, Хицау Йесойы Йӕ зӕдты тыхтимӕ уӕларвӕй фӕзыныны сахаты — судзгӕ пиллоны Йӕ маст исгӕйӕ, Хуыцауы чи нӕ базыдта, ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Евангелимӕ чи нӕ хъусы» (2 Фессалоникӕгтӕм 1:5—8, НФ).

9, 10. а) Иегъовӕ Иудӕйы адӕмы фыдызнаджы куыд ныццагъта? ӕ) Чырыстӕттӕ дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразой?

9 Чи ӕрхӕстӕг кӕны, уыцы стыр утӕхсӕны (Армагеддоны хӕстӕй чи ахицӕн уыдзӕн, уым) Чырысти фесафдзӕн, цыдӕриддӕр фыддзинад ис, уый. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг йӕ фӕдылдзӕуджыты нӕ хъӕудзӕн хӕцын, мин азтӕ раздӕр Иудӕйы дыууӕ мыггаг паддзахады адӕмы куыд нӕ хъуыд хӕцын, афтӕ. Уӕд Иегъовӕ йӕхӕдӕг хӕцыд, уымӕй уыди уӕлахиз. Библийы кӕсӕм: «Аммон ӕмӕ Моавы фырттӕй ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕй Иудӕмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕн Иегъовӕ сӕхи адӕмӕй сӕ размӕ бабадын кодта, ӕмӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ фесты. Аммон ӕмӕ Моавы фырттӕ схӕцыдысты Сеиры хӕхбӕсты цӕрӕг адӕмимӕ ӕмӕ сӕ дӕрӕн кӕнын ӕмӕ цӕгъдын байдыдтой. Сеиры цӕрджыты цагъд куы фесты, уӕд та кӕрӕдзи фӕцагътой, кӕрӕдзимӕ фӕкӕсӕм, зӕгъгӕ. Иудӕйы адӕм та, ӕдзӕрӕг быдыры цы хъахъхъӕнӕн мӕсыг уыд, уырдӕм рацыдысты, утӕппӕт адӕмыл сӕ цӕст ахастой, ӕмӕ, дӕлӕ, зӕхх мӕрдтӕй нал зыны — иу дӕр дзы нӕ аирвӕзт» (2 Паралипоменон 20:22—24).

10 Ӕппӕт дӕр ӕрцыд, Иегъовӕ куыд загъта, афтӕ, зӕгъгӕ, «сымах нӕ хъӕудзӕн хӕцын» (2 Паралипоменон 20:17). Чырыстӕттӕ хъуамӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайой, Йесо Чырысти куы рацӕуа, «цӕмӕй фӕуӕлахиз уа», уӕд. Ныр та уал уыдон фыддзинадимӕ тох кӕнынц ӕнӕуи хӕцӕнгӕрзтӕй нӕ, фӕлӕ монон хӕцӕнгӕрзтӕй. Ӕмӕ афтӕмӕй «фыддзинад хорздзинадӕй сӕттынц» (Ромӕгтӕм 6:13; 12:17—21; 13:12; 2 Коринфӕгтӕм 10:3—5).

Гогы ныббырсты раздзӕуӕг чи уыдзӕн?

11. а) Гог куы стох кӕна, уӕд йӕ хъузӕттӕ чи уыдзысты? ӕ) Хуыцауӕн кувӕг адӕм къӕрцхъус куыд сты?

11 Магогы зӕххӕй Гог у, 1914 азӕй фӕстӕмӕ ӕгады бынаты чи ис, уыцы Сайтан Хӕйрӕг. Ӕнӕуынгӕ тых кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон комкоммӕ рацӕуын нӕу — йӕ хъузӕттӕ уыдзысты адӕм. Фӕлӕ чи уыдзысты уыцы хъузӕттӕ? Библи уый комкоммӕ нӕ дзуры, фӕлӕ дзы цы фыст ис, уый руаджы базонӕн ис, чи уыдзысты, уый. Дунейы цаутӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, афтӕ хуыздӕр ӕмбарӕм уыцы хабар. Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм рагацау ӕнхъӕлӕй ницы дзурынц, фӕлӕ сты къӕрцхъус: лӕмбынӕг кӕсынц, политикӕ ӕмӕ динты хабӕрттӕм, цӕмӕй уыной, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый.

12, 13. Хуыцауӕн кувӕг адӕмыл фӕстаг хатт йӕхи чи ӕмӕ куыд ныццӕвдзӕн, уый фӕдыл пехуымпар Данел цы загъта?

12 Хуыцауӕн кувӕг адӕмыл фӕстаг хатт йӕхи чи ӕмӕ куыд ныццӕвдзӕн, уый тыххӕй нын бӕлвырддӕр дзуры пехуымпар Данел: «Мастӕй судзгӕйӕ уый [цӕгатаг паддзах] араст уыдзӕн бирӕты ныццӕгъдынмӕ ӕмӕ фесафынмӕ. Ӕмӕ ӕрцараздзӕн йӕ паддзахон цатыртӕ денджызӕй цытджын кувӕндоны хохы ӕхсӕн [«стыр денджыз ӕмӕ сыгъдӕг хохы ’хсӕн», НД]» (Данел 11:44, 45).

13 Библи цы рӕстӕджы фыстой, уыцы заманты «стыр денджызыл» нымад уыд Зӕххастӕу денджыз, «сыгъдӕг хохыл» та — Сион, мӕнӕ Иегъовӕ афтӕ кӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, «Ӕз байсӕрстон Мӕ Паддзахы, Мӕ сыгъдӕг хох Сионыл», уый (Псалом 2:6; Йесо Навин 1:4). «Стыр денджыз ӕмӕ сыгъдӕг хохы ’хсӕн» та ахӕсгӕ хуызы амоны сӕрст чырыстӕтты хъӕздыг монон авналӕнтӕм. Сӕрстытӕ нал сты «денджызӕй» — йӕхи Хуыцауӕй чи адард кодта, уыцы адӕмӕй, ӕмӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Йесо Чырыстиимӕ уӕларвон Паддзахады куы хицауиуӕг кӕной, уымӕ. Уӕдӕ бӕлвырд у: цӕгатаг паддзах куы схӕца, уӕд йӕхи агъуыд бирӕгъау ныццӕвдзӕн, Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ се ’нувыд ӕмбӕлттыл, «тынг бирӕ адӕмыл», ӕмӕ уымӕй сӕххӕст уыдзӕн Данелы пехуымпарад (Исай 57:20; Дзуттытӕм 12:22; Раргомад 14:1).

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цы ми кӕндзысты?

14. Хуыцауӕн кувӕг адӕмыл сӕхи куы ныццӕвой, уӕд цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы хъуамӕ саразой?

14 Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл сӕхи куы ныццӕвой, уӕд цы ми хъуамӕ кӕной? Ногӕй та ӕркӕсӕм, Хуыцауӕн кувӕг адӕм нын Иосафаты дуджы цы цӕвиттон ныууагътой, уымӕ. Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм, уыцы адӕмы ӕртӕ хъуыддаджы кӕй хъуыдис бакӕнын: 1) «сӕ бынӕтты слӕууын», 2) «лӕууын» ӕмӕ 3) «кӕсын, Иегъовӕ сӕ куыд ирвӕзын кӕндзӕн, уымӕ». Хуыцауӕн абон чи лӕггад кӕны, уыдон ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ куыд архайдзысты? (2 Паралипоменон 20:17).

15. «Уӕ бынӕтты слӕуут», зӕгъгӕ, уый Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмӕн цӕуыл дзурӕг у?

15 «Уӕ бынӕтты слӕуут». Хуыцауӕн кувӕг адӕм дарддӕр дӕр фидар лӕудзысты Хуыцауы Паддзахады фарс ӕмӕ дунейы хъуыддӕгты нӕ архайдзысты. Уыдон Иегъовӕйӕн «фидарӕй» ӕмӕ «ӕнӕфӕцудгӕйӕ» лӕггад кӕндзысты ӕмӕ дарддӕр дӕр адӕмӕн дзурдзысты Иегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй (1 Коринфӕгтӕм 15:58; Псалом 118:28, 29). Абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр цыфӕнды карз ӕфхӕрд ма ӕййафой, уӕддӕр лӕудзысты, Хуыцау сӕ цы «бынӕтты» сӕвӕрдта, уым.

16. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цы хуызы «лӕудзысты»?

16 «Лӕуут». Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕхӕдӕг нӕ ирвӕзын кӕндзысты сӕхи, фӕлӕ сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дардзысты Иегъовӕйыл. Йӕ лӕггадгӕнджыты ацы ӕмтъеры дунейӕ ӕрмӕстдӕр уый бон у фервӕзын кӕнын — ӕмӕ сын уымӕй зӕрдӕ дӕр бавӕрдта (Исай 43:10, 11; 54:15; Иеремийы хъарӕг 3:26). Кӕд Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, уӕд ӕууӕнддзыстӕм, ныр сӕдӕ азӕй фылдӕр йӕ фӕндтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ зӕххыл разамынд кӕй фӕрцы дӕтты, уыцы къордыл. Уӕд ӕцӕг чырыстӕтты уӕлдай тынгдӕр ӕууӕндын хъӕудзӕн, Иегъовӕ ӕмӕ йе ’вӕрд Паддзах се ’муырнджытӕй хистӕртӕй кӕй сӕвӕрдтой, уыдоныл. Уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕмӕн дӕтдзысты разамынд ӕмӕ цы дзурой, уымӕ чи нӕ хъуса, уыдонӕн та сӕ хабар хорз нӕ уыдзӕн (Матфейы 24:45—47; Дзуттытӕм 13:7, 17, НФ).

17. Иегъовӕ йӕ иузӕрдыг лӕггадгӕнджыты кӕй ирвӕзын кӕндзӕн, уый цӕй тыххӕй уындзысты?

17 «Кӕсут, Иегъовӕ уӕ куыд ирвӕзын кӕндзӕн, уымӕ». Чырыстон ӕфсарм цӕстыгагуыйау чи хъахъхъӕны ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Иегъовӕйыл чи дары, уыдон иууылдӕр фервӕздзысты. Фӕстаг сахатмӕ — сӕ хъарутӕ сӕ куыд амоной, уымӕ гӕсгӕ — хъусын кӕндзысты, Иегъовӕйы тӕрхоны бон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны. Алчидӕр хъуамӕ базона, Иегъовӕ кӕй у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ йын зӕххыл кӕй ис иузӕрдыг лӕггадгӕнджытӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ дзырддаг никуыуал суыдзӕн, Дунедарӕг Иегъовӕ кӕй у, уый (Иезекил 33:33; 36:23).

18, 19. а) Рацыды чиныджы 15-ӕм сӕры цы уӕлахизы зарӕг ис, уый куыд ӕвдисы, Гогы ныббырсты рӕстӕджы сӕрӕгасӕй чи баззайа, уыдоны ӕнкъарӕнтӕ? ӕ) Хуыцауӕн кувӕг адӕмы сӕ хъарутӕ цӕмӕ хъӕуы раттын?

18 Хуыцауӕн кувӕг адӕмы тыхыл тых бафтдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй бацӕудзысты ног дунемӕ, уӕлахизы зарӕг хъӕрӕй заргӕйӕ, растдӕр рагон израилӕгтӕ Сырх денджызыл ахизгӕйӕ куыд зарыдысты, афтӕ. Иегъовӕ сӕ кӕй бахъахъхъӕдта, уымӕй мыггагмӕ афтӕ бузныг уыдзысты, ӕмӕ, хицӕнтӕй, стӕй иумӕ дӕр, зардзысты мӕнӕ ацы рагон зарӕг: «Зардзынӕн Иегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ сбӕрзонд ис... Иегъовӕ у ӕхсарджын хӕстон. Иегъовӕ у йӕ ном. [...] Дӕ рахиз къухӕй, гъе Иегъовӕ, знаджы дӕрӕн кӕныс. Дӕуӕй бӕрзонддӕр кӕй ничи ис, уымӕ гӕсгӕ ды дӕлӕмӕ ӕрӕппарыс, дӕ ныхмӕ чи сысты, уыдоны; ды сыл дӕ масты цӕхӕртӕ ныккалыс ӕмӕ кӕрддзыхау асудзынц. [...] Де ’нувыд уарзтӕй кӕныс, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы ӕмӕ сӕ дӕ хъаруйӕ бакӕндзынӕ дӕ рухс цӕрӕнбынатмӕ. [...] Ды сӕ ӕркӕндзынӕ, гъе Иегъовӕ, ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕ дӕ хохыл, дӕ бынтыл, дӕхицӕн, дӕхи къухтӕй, гъе Иегъовӕ, цӕрынӕн цы бынат, цы рухс кувӕндон сарӕзтай, уым. Иегъовӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн алкӕддӕр — мыггагӕй-мыггагмӕ» (Рацыд 15:1—19).

19 Уӕдӕ ныр, ӕнусон цард къӕсӕрыл куы ис, уӕд, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, Иегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты, уый хъуыддагӕй куыннӕ хъуамӕ ӕвдисой ӕмӕ ӕвидигӕ-ӕнусон Паддзахӕн ноджы зӕрдиагдӕрӕй куыннӕ хъуамӕ лӕггад кӕной! (1 Паралипоменон 29:11—13).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Гог сӕрстытӕ ӕмӕ «ӕндӕр фыстыл» йӕхи цӕмӕн ныццӕвдзӕн?

• Хуыцауӕн кувӕг адӕм сӕ бынӕтты куыд слӕудзысты?

• Куыд ӕмбарын хъӕуы, «лӕуут», зӕгъгӕ?

• Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ куыд кӕсдзысты, Иегъовӕ сӕ куыд ирвӕзын кӕндзӕн, уымӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 26 фарсыл]

Иегъовӕ Иосафат ӕмӕ йӕ адӕмы знӕгты ныццагъта йӕхӕдӕг — уыдоны нӕ хъуыд хӕцын.

[Ныв 28 фарсыл]

Сӕрстытӕ ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» сты Дунедарӕг Иегъовӕйы фарс.

[Ныв 29 фарсыл]

Тагъд рагон израилӕгтау Хуыцауӕн кувӕг адӕм зардзысты уӕлахизы зарӕг.