Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ма тӕрсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ма ризӕнт»

«Ма тӕрсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ма ризӕнт»

«Ма тӕрсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ма ризӕнт»

«Ма тӕрсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ма ризӕнт. ...Иегъовӕ уыдзӕн уемӕ» (2 ПАРАЛИПОМЕНОН 20:17).

1. Адӕм терроризмӕй цӕмӕн тӕрсынц ӕмӕ сӕ бамбарӕн цӕмӕн ис?

ТЕРРОРИЗМ! Йӕ койӕ дӕр зӕрдӕ ныккӕрзы, йӕхи риувӕйнӕгыл фӕдисы хост ныккӕны. Адӕймаг ӕххуыс ӕнхъӕл никӕмӕй уал вӕййы, нал фӕзоны, тӕрсгӕ кӕна, хъыг ӕви мӕсты. Бирӕтӕ тынг тӕрсынц, ацы фыдбӕллӕх ӕввахс фидӕны дунейыл куы апырх уа, уымӕй. Ӕмӕ тӕрсгӕ дӕр куыннӕ кӕной — кӕцыдӕр паддзахӕдтӕ бирӕ азты дӕргъы алыхуызон терроризмимӕ тох кӕнынц, фӕлӕ йӕ сӕ бон нӕу ӕдуидаг стонын.

2. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ терроризммӕ куыд кӕсынц ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры?

2 Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр зӕрдӕ дарӕн ис иу цӕуылдӕр. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты,— 234 бӕстӕ ӕмӕ территорийы хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдоны зӕрдӕты судзы стыр ныфсы цӕхӕр. Ӕвдисӕнтӕ нӕ тӕрсынц, зӕгъгӕ, терроризм мыггагмӕ уыдзӕн, фӕлӕ фидарӕй зонынц, тагъд кӕй фесӕфдзӕн. Цымӕ уый ӕцӕг у? Кӕуыл дарынц сӕ зӕрдӕ ӕмӕ дуне уыцы фыдбӕллӕхӕй чи фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ куыд? Ахӕм фыдбӕллӕхӕй махӕй хызт кӕй ничи у, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕты дӕр ӕркӕсын хъӕуы, уыцы ныфсӕн йӕ рахӕцӕн цы у, уымӕ.

3. Адӕмы зӕрдӕты тас цы уадзы ӕмӕ абон афтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй Библийы бирӕ раздӕр цы загъдӕуыд?

3 Абон адӕм бирӕ цӕмӕйдӕрты тӕрсынц ӕмӕ сын бирӕ цыдӕртӕ ӕнцой нӕ дӕтты. Ахъуыды ма кӕн, цас ис, йӕхимӕ кӕсынхъом чи нал у, ахӕм зӕрӕдтӕ, фыдниз кӕй бадомдта, ахӕм адӕм ӕмӕ сӕ къухтӕм ӕмхасӕнтӕ чи кӕны, ахӕм бинонтӕ. Уӕвгӕ цард йӕхӕдӕг дӕр тӕбӕгъы донӕй хъауджыдӕр нӕу! Алы къахдзӕфыл дӕр адӕймагмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕт — исты фыдбылыз уа ӕви ӕнамонд хабар, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ цы у, уый нын, гӕнӕн ис, байса. Стӕй ма адӕм кӕрӕдзиимӕ кӕй нӕ фидауынц ӕмӕ бирӕтӕ цардӕй кӕй фӕфыдӕнхъӕл сты, уымӕ гӕсгӕ абон у, растдӕр апостол Павел кӕй кой кодта, уыцы рӕстӕг: «Зон, фӕстаг бонты ӕрцӕудзӕн уӕззау рӕстӕджытӕ. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон... нӕфидауӕг, фыдкой кӕнджытӕ, ӕнӕхиуылхӕцгӕ, хъӕбӕрзӕрдӕ, хорздзинад нӕуарзджытӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1—3).

4. Кӕд 2 Тимофеймӕ 3:1—3 ныхӕсты хорзӕй ницы ис, уӕддӕр нын ныфсы хос цӕмӕн сты?

4 Кӕд ацы ныхӕсты хорзӕй ницы ис, уӕддӕр нын сты ныфсы хос. Кӕс ма, уым дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уӕззау рӕстӕджытӕ скӕндзӕн Сайтаны фыддунейы «фӕстаг бонты». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ тагъд ацы фыдцардӕй сулӕфдзыстӕм, ацы цъаммар дуне нал уыдзӕн — зӕххыл хицауиуӕг кӕндзӕн, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты цы рӕстаг уӕларвон Паддзахады тыххӕй ахуыр кодта кувын, уый (Матфейы 6:9, 10). Уыцы Паддзахад у Хуыцауы ӕвӕрд уӕларвон хицауад, уый, пехуымпар Данелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, «ӕнусмӕ... нӕ фехӕлдзӕн», фӕлӕ «ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынсӕфт фӕкӕндзӕн [зӕххон] паддзахӕдты иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнусмӕ» (Данелы 2:44).

Ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц, уымӕй сты терроризмы ныхмӕ

5. Терроризм ӕгас дунейӕн дӕр тӕссаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕрӕджы бирӕ бӕстӕтӕ цы бакодтой?

5 Бирӕ азты дӕргъы терроризмы азарӕй бацарӕфтыд мингай адӕймӕгтӕ. 2001 азы 11 сентябры Нью-Йорчы ӕмӕ Вашингтоны террористты къухӕй цы бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уый фӕстӕ адӕм ӕгас дунейы дӕр бамбӕрстой, терроризм стыр фыдбылыз кӕй у. Терроризм кӕй стыхджын ӕмӕ ӕгас дунейӕн дӕр тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй бирӕ бӕстӕтӕ баиу сты, цӕмӕй йын ныхкъуырд раттой. Уымӕ гӕсгӕ, дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй 2001 азы 4 декабры «Европӕ, Цӕгат Америкӕ ӕмӕ Астӕуккаг Азийы бӕстӕтӕй фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ — 55 адӕймаджы — бауынаффӕ кодтой» ӕмвӕнд-ӕмдыхӕй архайын. Уыцы хъуыддаг АИШ-ы иу стыр хицауы зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «уый ратдзӕн ног тыхтӕ» терроризмимӕ тох кӕнынӕн. Ӕнӕнхъӕлӕджы сӕдӕгай милуантӕ бахаудтой, иу журнал ӕй куыд схуыдта, афтӕмӕй «дунейы стыр тохы райдианы» («The New York Times Magazine»). Исты сын дзы рауайдзӕн ӕви нӕ, уый нӕма бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ терроризмы ныхмӕ тох цы фыдбылызтӕ расайы, уый бирӕты тасы ӕфтауы, ӕрмӕст, Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдоны нӕ.

6. а) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц, уый хатт бирӕтӕ цӕуылнӕ фембарынц? ӕ) Чырыстӕттӕ политикӕмӕ куыд хъуамӕ кӕсой, уымӕн Йесо цавӕр дӕнц ныууагъта?

6 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕйы кӕй нӕ архайынц, уый зындгонд у. Сабыр рӕстӕг бирӕтӕ семӕ разы вӕййынц, фӕлӕ исты хабар куы ’рцӕуы, уӕд афтӕ нал фӕхъуыды кӕнынц. Арӕх афтӕ рауайы, ӕмӕ адӕм хӕстӕй куы стӕрсынц ӕмӕ цӕмӕ расайдзӕн, уый куы нал фӕзонынц, уӕд алырдыгӕй ӕндӕр ницӕй кой вӕййы, нӕ адӕм, нӕ бӕстӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ бирӕтӕ нӕ фембарынц, сӕ бӕстӕйы адӕм тохмӕ куы растынц, уӕд чидӕр йӕ фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнынмӕ цӕуылнӕ рацӕуы, уый. Фӕлӕ адӕм цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ зонынц, кӕй хъуамӕ хъусой Йесойы ныхӕстӕм, зӕгъгӕ, дунейӕ ма ут (Иоанны 15:19; 17:14—16; 18:36; Иаковы 4:4). Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, чырыстӕттӕн нӕдӕр политикӕйы архайӕн ис, нӕдӕр ӕхсӕнады хъуыддӕгты. Йесо йӕхӕдӕг уыцы хъуыддаджы ныууагъта хорз дӕнц. Ӕмбисонды зонд ӕмӕ стыр курдиаты хицау кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд бирӕ саразын йе ’мдуг адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн. Фӕлӕ уый политикӕйы нӕ архайдта. Зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ын Сайтан загъта, дунейы паддзахӕдтӕ дын иууылдӕр ратдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ Йесо сдзурын дӕр нӕ бауагъта. Фӕстӕдӕр ӕй адӕм хицауӕй сӕвӕрынмӕ куы хъавыдысты, уӕд дӕр сын нӕ бакуымдта (Матфейы 4:8—10; Иоанны 6:14, 15).

7, 8. а) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕйы кӕй нӕ архайынц, уый цӕуыл дзурӕг нӕу ӕмӕ цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? ӕ) Хицауады ныхмӕ тох кӕнын раст кӕй нӕу, уый тыххӕй Ромӕгтӕм 13:1, 2 цы дзырдӕуы?

7 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дунейы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ фыдгӕнджыты фарс сты кӕнӕ сын сӕ фыдмитӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц. Ахӕм зондыл хӕст куы уаиккой, уӕд ма сӕхи «уарзондзинад ӕмӕ фарны Хуыцауы» лӕггадгӕнджытӕ цы цӕсгомӕй хониккой?! (2 Коринфӕгтӕм 13:11). Уыдон зонынц, Иегъовӕ тыхмимӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Псаломзарӕггӕнӕг фыста: «Хицау [«Иегъовӕ», НД] фӕлвары рӕстгӕнӕджы, ӕнӕраст ӕмӕ тыхдзинад уарзӕг та ӕнӕуынон у Йӕ удӕн» (Псалом 10:5). Афтӕ ма зонынц, Йесо апостол Петрӕн цы загъта, уый дӕр: «Сӕвӕр дӕ кард йӕ бынаты, уымӕн ӕмӕ кард райсджытӕ иууылдӕр кардӕй фесӕфдзысты» (Матфейы 26:52).

8 Цард куыд равдыста, афтӕмӕй кӕд мӕнг чырыстӕттӕ сӕ «кард» иу ӕмӕ дыууӕ хатты не сластой, уӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй та уый ничи зӕгъдзӕн. Уыдон ахӕм хъуыддӕгтӕй дард лӕууынц. Ӕвдисӕнтӕ ӕнӕдзургӕйӕ коммӕ кӕсынц Ромӕгтӕм 13:1, 2 фыст фӕдзӕхстмӕ: «Алы удгоймаг дӕр уӕд коммӕгӕс уӕлдӕр хицауадӕн; уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицауад нӕй, цы хицӕуттӕ ис, уыдон та Хуыцауӕй ӕвӕрд сты. Уымӕ гӕсгӕ хицауады ныхмӕ лӕууӕг, лӕууы Хуыцауы амынды ныхмӕ; ныхмӕлӕуджытӕ та сӕхӕдӕг сӕхиуыл тӕрхон бафтаудзысты».

9. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ терроризмы ныхмӕ цавӕр дыууӕ хъуыддагӕй тох кӕнынц?

9 Терроризм ахӕм стыр фыдбылыз кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕ ныхмӕ тохы адӕмӕн истӕмӕй уӕддӕр хъуамӕ ма ӕххуыс кӕной? Бӕгуыдӕр, хъуамӕ ӕххуыс кӕной ӕмӕ ӕххуыс дӕр кӕнынц. Куыд? Фыццаджыдӕр, сӕхицӕн терроризмимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Дыккаджы, адӕмӕн амонынц чырыстон уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ йӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ чи аразы, уыдон та сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадзынц *. Ивгъуыд аз адӕмӕн чырыстон цардвӕндаг амонгӕйӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ацыд 1 202 381 302 сахаты. Ӕмӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыд — 265 469 адӕймаджы донаргъуыд райстой ӕмӕ систы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Афтӕмӕй уыдон ӕргом равдыстой, фыддзинады ныхмӕ кӕй сты.

10. Адӕмӕн сӕ бон бауыдзӕн тыхми ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон скӕнын?

10 Уымӕй уӕлдай ма Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбарынц, сӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн дуне тыхми ӕмӕ фыддзинадӕй фервӕзын кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ зӕрдӕ фидарӕй дарынц, уыцы хъуыддаг бакӕнын йӕ бон кӕмӕн у, ууыл — Иегъовӕ Хуыцауыл (Псалом 82:19, МГТ). Дзыллӕтӕ кӕд зӕрдиагӕй архайынц тыхми, фыдхъуыддӕгтӕ фесафыныл, уӕддӕр сын ницы уайы. Хуыцауы Ныхасы, Библийы, нӕ рӕстӕджы тыххӕй, ома «фӕстаг бонты» тыххӕй, бирӕ раздӕр загъдӕуыд: «Фыдзӕрдӕ адӕм та ӕмӕ сайджытӕ ӕнтыстджын уыдзысты фыддзинады, рӕдийындзинадмӕ кӕнгӕйӕ ӕмӕ рӕдийгӕйӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1, 13). Ацы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй адӕмӕн ницы рауайдзӕн. Фӕлӕ мах фидарӕй зонӕм, Иегъовӕ тыхми ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ сӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн (Псалом 36:1, 2, 9—11; Ӕмбисӕндтӕ 24:19, 20; Исай 60:18).

Цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй нӕ тӕрсынц

11. Фыддзинад фесафынӕн Иегъовӕ ныридӕгӕн цы бакодта?

11 Фарны Хуыцауӕн тыхми ӕнӕуынон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕмбарӕм, фыддзинад кӕмӕй цӕуы, уый — Сайтан Хӕйрӕджы — сафыны фӕнд цӕмӕн скодта. Хуыцауы фӕндонӕй йын йӕ бон базонын кодта зӕдты хистӕр Михаил — ныр Хуыцау Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уый, ома Йесо Чырысти. Библийы уый фӕдыл ахӕм ныхӕстӕ ис: «Ӕрцыд хӕст арвыл: Михаил ӕмӕ йӕ Зӕдтӕ хӕцыдысты кӕфхъуындары ныхмӕ, кӕфхъуындар дӕр йӕ зӕдтимӕ хӕцыд уыдоны ныхмӕ, фӕлӕ нӕ бафӕрӕзтой, ӕмӕ нал разынд бынат уыдонӕн арвыл. Ӕмӕ ӕппӕрст ӕрцыд стыр кӕфхъуындар, рагон калм, йӕ ном хӕйрӕг ӕмӕ иблис [«Сайтан», НД], ӕппӕт дунейы сайӕг, ӕппӕрст ӕрцыд зӕхмӕ ӕмӕ йӕ зӕдтӕ дӕр ӕппӕрст ӕрцыдысты йемӕ» (Раргомад 12:7—9).

12, 13. а) 1914 азы цавӕр стыр хабар ’рцыд? ӕ) Хуыцауы Паддзахады фарс чи у, уыдоны тыххӕй Иезекилы пехуымпарады цы дзырдӕуы?

12 Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты ӕмӕ дунейы хабӕрттӕй куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыцы хӕст ӕрцыд 1914 азы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ дунейы уавӕр ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр кӕны. Ӕмӕ цӕмӕн, уый ӕмбарын кӕны Раргомады 12:12 стих: «Уӕдӕ цин кӕнут, ӕрвтӕ ӕмӕ уыдоныл цӕрджытӕ! Зындзинад зӕххыл ӕмӕ денджызы цӕрджытӕн, уымӕн ӕмӕ сымахмӕ ныццыд хӕйрӕг тыхджын тызмӕгӕй, зонгӕйӕ бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал баззад!».

13 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Сайтан тынгдӕр йӕ маст калы Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнджытыл ӕмӕ се ’мбал «ӕндӕр фыстыл» (Иоанны 10:16; Раргомад 12:17). Хӕйрӕг цӕудзӕн, Хуыцауы Паддзахады фарс чи у ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдоны ныхмӕ, ӕмӕ сыл ӕппынфӕстаг йӕхи агъуыд бирӕгъау ныццӕвдзӕн. Иезекилы чиныджы 38-ӕм сӕры куыд кӕсӕм, афтӕмӕй уый уыдзӕн «Магогы зӕххӕй Гогы» лӕбурд.

14. Ивгъуыд рӕстӕджыты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты чи хъахъхъӕдта ӕмӕ алы хатт дӕр афтӕ уыдзӕн?

14 Сайтан уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст цы бон ӕрцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу хатт Хуыцауы адӕмы Сайтаны азарӕй хъахъхъӕдтой иуӕй-иу хицӕуттӕ, ӕмӕ уыцы хабар Раргомады 12:15, 16 фӕсномыгӕй ӕвдыст ӕрцыд. Фӕлӕ Библийы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй, йӕ ныфс Хуыцауыл чи дары, уыдоныл Сайтан йӕхи фӕстаг хатт куы ныццӕва, уӕд сӕм зӕххон хицӕуттӕй иу дӕр ӕххуысмӕ нӕ фӕзындзӕн. Цымӕ чырыстӕттӕ уымӕй хъуамӕ тӕрсой? Ӕппындӕр нӕ!

15, 16. а) Иегъовӕ Иосафаты заман йӕ адӕмы цы ныхӕстӕй фидар кодта, уыдон абон чырыстӕттӕн ныфсы хос куыд сты? ӕ) Хуыцауӕн абон чи лӕггад кӕны, уыдонӕн Иосафат ӕмӕ йӕ адӕм фӕзминаг цӕмӕй сты?

15 Хуыцау йӕ адӕмы паддзах Иосафаты заман куыд нӕ ныууагъта, афтӕ сӕ абон дӕр нӕ ныууадздзӕн. Уый фӕдыл кӕсӕм: «Байхъусут уе ’ппӕт дӕр, Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ паддзах Иосафат! Мӕнӕ уын Иегъовӕ цы дзуры: „Уыцы бирӕ адӕмӕй ма тӕрсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ма ризӕнт; уыдонимӕ сымах нӕ, фӕлӕ Хуыцау хӕцдзӕн. [...] Ацы хатт сымах нӕ хӕцдзыстут. Сымах уӕ бынӕтты слӕуут, лӕуут ӕмӕ кӕсут, Иегъовӕ уӕ куыд ирвӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Гъе Иудӕ ӕмӕ Иерусалим, ма тӕрсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ма ризӕнт. Райсом сӕ ныхмӕ рацӕут, ӕмӕ Иегъовӕ уыдзӕн уемӕ“» (2 Паралипоменон 20:15—17).

16 Иудейтӕ фидарӕй зыдтой, хӕцын сӕ кӕй нӕ бахъӕудзӕн, уый. Растдӕр афтӕ, Магогӕй Гог Хуыцауы адӕмыл йӕхи куы ныццӕва, уӕд сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ райсдзысты, нӕхи бахъахъхъӕнӕм, зӕгъгӕ. Уыдон «лӕудзысты ӕмӕ кӕсдзысты, Иегъовӕ сӕ куыд ирвӕзын кӕндзӕн, уымӕ». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу ран лӕууын ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕппындӕр ницы хъӕуы аразын — Иосафаты бонты дӕр Хуыцауы адӕм иу ран нӕ бадтысты. Мах кӕсӕм: «Иосафат зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд, ӕмӕ Иудӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр Иегъовӕйы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой, ӕмӕ Иегъовӕйӕн бакуывтой. [...] Уый фӕстӕ [Иосафат] адӕмимӕ бауынаффӕ кодта ӕмӕ Иегъовӕйы кадӕн зарӕггӕнджыты сӕвӕрдта, цӕмӕй уыдон гӕрзифтонг лӕгты разӕй сыгъдӕг фӕлысты Хуыцауы стаугӕ цӕуой ӕмӕ дзурой: „Иегъовӕйы кадджын кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йӕ ӕнувыд уарзт“» (2 Паралипоменон 20:18—21). Кӕд знаг сӕ ныхмӕ рацыд, уӕддӕр адӕм Иегъовӕйы зӕрдиагӕй кадджын кодтой. Гог Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл йӕхи куы ныццӕва, уӕд уыдон дӕр хъуамӕ афтӕ кӕной.

17, 18. а) Кӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зонынц, Гог сыл йӕхи кӕй ныццӕвдзӕн, уӕддӕр сӕхи куыд дарынц? ӕ) Ӕрӕджы ӕрыгон чырыстӕтты зӕрдыл цы ’рлӕууын чындӕуыд?

17 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Гог сыл йӕхи куы ныццӕва, уыцы рӕстӕг дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр уыдзысты Хуыцауы Паддзахады фарс. Ӕвдисӕнтӕ сӕхи дарддӕр дӕр бӕтдзысты, ӕгас дунейы дӕр цы 94 600 ӕмбырдӕй фылдӕр ис, уыдоныл, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕндзысты ӕмӕ Хуыцауы базыры бын уыдзысты (Исай 26:20). Ныр у Иегъовӕйы ныфсджынӕй кадджын кӕныны рӕстӕг! Ӕвдисӕнтӕ зонынц, тагъд сыл Гог йӕхи кӕй ныццӕвдзӕн, фӕлӕ уӕддӕр нӕ тӕрсынц ӕмӕ сӕ хъуыддаг нӕ уадзынц. Уый зонгӕйӕ ноджы тынгдӕр архайынц, сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕ сӕ фадӕттӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн фылдӕр ӕппӕлды нывонд хӕссын (Псалом 145:2).

18 Раст афтӕ кӕнынц ӕгас дунейы мингай ӕрыгӕттӕ — сӕ рӕстӕг иууылдӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн дӕттынц. Царды ахӕм фӕндагӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, уый тыххӕй фыстӕуы, 2002 азы облӕстон конгрессы цы трактат байуӕрстӕуыд, «Молодежь, чему вы посвятите свою жизнь?», зӕгъгӕ, уым. Чырыстӕттӕ, ӕрыгонӕй, ацӕргӕйӕ, тынг бузныг сты, афоныл та сын ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгтӕ сӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кодтой, уымӕй (Псалом 119:14, 24, 99, 119, 129, 146, НД).

19, 20. а) Чырыстӕтты тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы? ӕ) Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?

19 Дунейы цыфӕнды уавӕр дӕр ма уа, уӕддӕр чырыстӕтты тӕрсын ницӕмӕй хъӕуы. Уыдон зонынц, Иегъовӕйы Паддзахад тагъд тыхми ӕмӕ фыддзинад бындзарӕй кӕй стондзӕн. Сӕ зӕрдӕтӕ сын тынг фидар кӕны, фыдгӕнджыты къухӕй чи фӕмард, бирӕ ахӕм адӕм кӕй райгас уыдзысты. Чи райгас уа, уыдонӕй чидӕртӕ фыццаг хатт базондзысты Иегъовӕйы, иннӕтӕн та сӕ бон уыдзӕн дарддӕр Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын (Куыстытӕ 24:15).

20 Мах, ӕцӕг чырыстӕттӕ, ӕмбарӕм, дарддӕр дӕр дунейы хъуыддӕгтӕй дард кӕй хъуамӕ лӕууӕм. Нӕхи цӕстӕй нӕ фӕнды фенын уыцы вазыгджын рӕстӕг, куы «лӕууӕм ӕмӕ [куы] кӕсӕм, Иегъовӕ куыд ирвӕзын кӕны, уымӕ». Иннӕ статья нын нӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар кӕндзӕн: уым мах базондзыстӕм, абоны цаутӕ нын ноджы хуыздӕр кӕй ӕмбарын кӕнынц, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый.

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Йӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи ныууагъта ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕн чи сси, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй бакӕсӕн ис «Райхъал ут!»-ы номырты: 1990 аз, 22 мартъи, 21 фарс (англ.) ӕмӕ 1991 аз, 8 август, 18 фарс (уыр.), афтӕ ма «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы номырты: 1996 аз, 1 январь, 5, 6 фӕрстӕ (уыр.) ӕмӕ 1998 аз, 1 август, 5, 6 фӕрстӕ (уыр.).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Абон бирӕтӕ сӕ цардӕн цӕмӕн тӕрсынц?

• Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты зӕрдӕты стыр ныфсы цӕхӕр цӕмӕн судзы?

• Тыхми ӕмӕ фыддзинад кӕмӕй цӕуынц, уый фесафынӕн Иегъовӕ ныридӕгӕн цы бакодта?

• Гог йӕхи Хуыцауы адӕмыл кӕй ныццӕвдзӕн, уымӕй нӕ тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 21 фарсыл]

Чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕй сӕхи куыд хъуамӕ хизой, уымӕн Йесо ныууагъта диссаджы дӕнц.

[Нывтӕ 23 фарсыл]

Мингай ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕ сӕ рӕстӕг иууылдӕр дӕттынц хъусын кӕныны хъуыддагӕн.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 20 фарсыл]

UN PHOTO 186226/M. Grafman