Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нойы науы чиныг. Цы дзы ис зондӕн райсӕн?

Нойы науы чиныг. Цы дзы ис зондӕн райсӕн?

Нойы науы чиныг. Цы дзы ис зондӕн райсӕн?

ЙЕСО, адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уый цӕмӕй уыдзӕн базонӕн, ууыл развӕлгъау куы дзырдта, уӕд загъта: «Нойы бонты куыд уыди, афтӕ уыдзӕн, адӕймаджы Фырт адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уӕд дӕр» (Матфейы 24:3, 37, НД). Бӕрӕг у, Йесо развӕлгъау загъта, нӕ рӕстӕджы цы цӕуы, уый Нойы бонтимӕ кӕй ис абарӕн. Нойы бонты цы цаутӕ ӕрцыд, уыдон тыххӕй ӕцӕг ӕмӕ раст хабӕрттӕ стыр хӕзна куыннӕ уыдзысты.

Цымӕ Нойы науы чиныг ахӕм хӕзна нӕу? Раст историон документ ӕй схонӕн ис? Ӕцӕгдӕр нӕ бон у базонын, Доны хъаймӕт кӕд уыд?

Доны хъаймӕт кӕд уыд?

Библийы хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл афтӕ фыст сты, ӕмӕ ӕххуыс кӕнынц рӕстӕг фӕстӕмӕ, суанг адӕм кӕд фӕзындысты, уый онг раст анымайынӕн. Уӕвынады 5:1—29 фыст ис, фыццаг адӕймаг Адамы сфӕлдисынӕй Нойы райгуырды онг чи цард, уыдоны тыххӕй. Доны хъаймӕт райдыдта «Нойы царды ӕхсӕзсӕдӕйӕм азы» (Уӕвынад 7:11).

Доны хъаймӕт кӕд райдыдта, уый базонынӕн нӕ фыццаг хъӕуы бындурӕн цавӕрдӕр бон райсын. Бындурӕн ист бон хъуамӕ зындгонд уа историйы ӕмӕ хъуамӕ уа, Библийы кӕй тыххӕй дзырдӕуы, ахӕм ӕцӕг хабар. Уыцы бонӕй Григорийы къӕлиндармӕ гӕсгӕ (ныртӕккӕ цы къӕлиндарӕй пайда кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ) нӕ бон уыдзӕн банымайын ӕмӕ сбӕлвырд кӕнын, Доны хъаймӕт кӕд райдыдта, уый.

Иу ахӕм бон у н. э. агъоммӕ 539 аз, персайнаг паддзах Кир Вавилон куы басаста. Йӕ хицауиуӕгады тыххӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис историон ӕрмӕджыты, уыимӕ вавилойнаг къӕйты (табличкӕты) ӕмӕ Диодоры, Африканы, Евсевийы ӕмӕ Птолемейы фыст куыстыты. Киры бардзырдмӕ гӕсгӕ, иудейтӕй чи баззад, уыдон ныууагътой Вавилон ӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ ӕрхӕццӕ сты н. э. агъоммӕ 537 азы. Афтӕмӕй фӕци Иудӕйы 70-азон заууаты рӕстӕг, Библимӕ гӕсгӕ н. э. агъоммӕ 607 азы чи райдыдта, уый. Тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ Израилы паддзӕхтӕ цас хицауиуӕг кодтой, уый куы банымайӕм, уӕд сбӕлвырд кӕндзыстӕм, израилӕгтӕ Египетӕй кӕй рацыдысты н. э. агъоммӕ 1513 азы. Уӕдӕ ма Библийы азнымадмӕ гӕсгӕ н. э. агъоммӕ 1513 азӕй ноджы 430 азы куы анымайӕм фӕстӕмӕ, уӕд ӕрцӕудзыстӕм, Хуыцау Авраамимӕ бадзырд куы скодта, уыцы азмӕ — н. э. агъоммӕ 1943 азмӕ. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Фарӕ, Нахор, Серуг, Реу, Фалек, Евер, Шелах ӕмӕ Арфаксад (райгуырд «доны хъаймӕтӕй дыууӕ азы фӕстӕ») кӕд райгуырдысты ӕмӕ цас фӕцардысты, уый дӕр (Уӕвынад 11:10—32). Уӕдӕ сбӕлвырд кодтам, Доны хъаймӕт кӕй райдыдта н. э. агъоммӕ 2370 азы *.

Тӕрккъӕвда райдыдта

Цалынмӕ, Нойы бонты цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон равзарӕм, уӕдмӕ уал бакӕсӕм Уӕвынады чиныг, 7-ӕм сӕры 11 стихӕй 8-ӕм сӕры 4-ӕм стихмӕ. Тӕрккъӕвдайы тыххӕй дзы кӕсӕм: «Нойы царды ӕхсӕзсӕдӕйӕм азы [н. э. агъоммӕ 2370 аз] дыккаг мӕйы, мӕйы ӕвддӕсӕм бон — уыцы бон фемӕхстысты стыр ӕнӕбын дӕтты гуырӕнтӕ иууылдӕр, ӕмӕ арвы дуӕрттӕ байгом сты» (Уӕвынад 7:11).

Ной афӕдз дих кодта 12 мӕйыл, алы мӕйы дӕр уыд 30 боны. Рагзаманты-иу афӕдзы фыццаг мӕй райдыдта нӕ къӕлиндармӕ гӕсгӕ сентябры ӕмбисы. Тӕрккъӕвда райдыдта «дыккаг мӕйы, мӕйы ӕвддӕсӕм бон» ӕмӕ уарыд 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы, н. э. агъоммӕ 2370 азы ноябрь ӕмӕ декабры дӕргъы.

Доны хъаймӕты тыххӕй ма кӕсӕм: «Зӕхх дӕтты бын уыд сӕдӕ фӕндзай боны дӕргъы... Ӕмӕ дӕттӕ зӕххыл къаддӕр кӕнын байдыдтой, цадӕггай къаддӕр кодтой, ӕмӕ сӕдӕ фӕндзай боны кӕроны дӕттӕ къаддӕр кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ ӕвдӕм мӕйы, мӕйы ӕвддӕсӕм бон ковчег ӕрӕнцад Арараты хӕхтыл» (Уӕвынад 7:24—8:4). Уӕдӕ цалынмӕ дон зӕххыл къаддӕр кӕнын нӕ байдыдта, уӕдмӕ зӕхх доны бын уыди 150 боны, кӕнӕ фондз мӕйы. Ӕмӕ ковчег Арараты хӕхтыл ӕрӕнцад н. э. агъоммӕ 2369 азы, апрелы.

Ныр та бакӕс Уӕвынады 8:5—17. Хӕхты цъуппытӕ сзындысты иу-дыууӕ мӕй ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ (73 боны), «дӕсӕм мӕйы [июны], мӕйы фыццаг бон» (Уӕвынад 8:5) *. Ӕртӕ мӕйы (90 боны) фӕстӕ — Нойы царды «ӕхсӕзсӕдӕ фыццӕгӕм азы, фыццӕгӕм мӕйы, мӕйы фыццаг бон», кӕнӕ н. э. агъоммӕ 2369 азы сентябры ӕмбисы — Ной ковчегы сӕр райхӕлдта. Ӕмӕ федта, «зӕххы цъар [кӕй] фӕсурдӕр» (Уӕвынад 8:13). Иу мӕй ӕмӕ 27 боны (57 боны) фӕстӕ, «дыккаг мӕйы, мӕйы дыууын ӕвдӕм бон [н. э. агъоммӕ 2369 азы ноябры ӕмбисы] зӕхх бынтондӕр басур». Уӕд Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ ковчегӕй рахызтысты сур зӕхмӕ. Уӕдӕ Ной ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдон ковчегы фесты Мӕйы змӕлдмӕ гӕсгӕ иу аз ӕмӕ дӕс боны (370 боны) (Уӕвынад 8:14).

Ацы дырыс фыстытӕ нын цы бӕлвырд кӕнынц цаутӕ, лыстӕг хабӕрттӕ ӕмӕ рӕстӕджы тыххӕй? Хуымӕтӕгӕй куы зӕгъӕм, уӕд мӕнӕ уый: дзуттаг пехуымпар Моисей Уӕвынады чиныг, куыд зыны, афтӕмӕй фыста, цы фыстытӕ йӕм бафтыд, уыдоны бындурыл, ӕмӕ ныффыста таурӕгътӕ нӕ, фӕлӕ ӕцӕг хабӕрттӕ. Уӕдӕ Доны хъаймӕтӕн абон стыр нысаниуӕг ис.

Доны хъаймӕты тыххӕй Библийы иннӕ фысджытӕ цы хъуыды кодтой?

Уӕвынады хабӕрттӕй дарддӕр ма Библийы бирӕ рӕтты ис Ной кӕнӕ Доны хъаймӕты кой. Зӕгъӕм:

1) Иртасӕг Ездрӕ Ной ӕмӕ йӕ фыртты (Сим, Хам ӕмӕ Иафеты) бахаста Израилы адӕмы хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдмӕ (1 Паралипоменон 1:4—17).

2) Дохтыр ӕмӕ Евангелийы фыссӕг Лука Нойы кой ракодта, Йесо Чырыстийы рагфыдӕлты куы ранымадта, уӕд (Лукайы 3:36).

3) Апостол Петр йе ’муырнӕг чырыстӕттӕм фысгӕйӕ арӕх пайда кӕны Доны хъаймӕты хабӕрттӕй (2 Петры 2:5; 3:5, 6).

4) Апостол Павел дзуры, Ной йӕ бинонты фервӕзын кӕнынӕн ковчег саразгӕйӕ цы стыр уырнындзинад равдыста, уый тыххӕй (Дзуттытӕм 11:7).

Уӕдӕ Хуыцауы фӕндӕй ацы чингуытӕ чи ныффыста, уыдон Уӕвынады фыст Доны хъаймӕты хабарыл кӕй ӕууӕндыдысты, уый ма дызӕрдыггаг у? Уыдон уыцы цау нымадтой, ӕцӕгдӕр чи ӕрцыд, ахӕм хабарыл.

Йесо ӕмӕ Доны хъаймӕт

Йесо Чырысти цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр цард (Ӕмбисӕндтӕ 8:30, 31). Доны хъаймӕты рӕстӕджы уый уыд ӕнӕуынгӕ гоймаг уӕлӕрвты. Уыцы цаутӕ йӕхи цӕстӕй кӕй федта, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхӕстӕ сты Библийы ӕппӕты стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн, Ной ӕмӕ Доны хъаймӕт ӕрымысгӕ кӕй не сты, уымӕн. Йесо загъта: «Куыд уыд Нойы бонты, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыды дӕр [«адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уӕд дӕр», НД]: уымӕн ӕмӕ хъаймӕты размӕ бонты куыд хордтой, нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ бацыд, уыцы боны онг, ӕмӕ ӕнхъӕл нӕ уыдысты, хъаймӕт цалынмӕ ӕрцыд ӕмӕ фесӕфта ӕппӕты уӕдмӕ,— афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр [«адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уӕд дӕр», НД]» (Матфейы 24:37—39).

Цымӕ Йесо таурӕгъ кӕнӕ аргъауӕй спайда кодтаид, цӕмӕй нын бамбарын кодтаид, ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕстӕг кӕны? Зынтӕй! Мах фидарӕй зонӕм, уый цӕвиттонӕн ӕцӕг хабар кӕй ӕрхаста — Хуыцау фыдгӕнджытыл куыд стӕрхон кодта, уыцы хабар. О, Доны хъаймӕты бирӕ адӕм фӕмард, фӕлӕ Ной ӕд бинонтӕ удӕгасӕй кӕй баззад, уый нын ныфс дӕтты.

«Нойы бонты» тыххӕй зонын нӕ тынг ӕхсызгонӕй хъӕуы абон — Йесо Чырысти, «адӕймаджы Фырт адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы ис», уӕд. Нойы фыстыты фӕрцы нӕм ӕппӕтдунеон Доны хъаймӕты тыххӕй цы бӕстон фыст хабар ӕрхӕццӕ, уый кӕсгӕйӕ мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, ӕцӕг историон документ кӕй у, ууыл. Ӕмӕ Уӕвынады чиныджы Доны хъаймӕты тыххӕй Хуыцауы фӕндӕй цы ис фыст, уымӕй хъуамӕ нӕхицӕн зондӕн исты райсӕм. Ной, йӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ устытӕ куыд ӕууӕндыдысты, Хуыцау сӕ цы мадзалы фӕрцы фервӕзын кӕндзӕн, ууыл, раст афтӕ мах дӕр абон Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывондыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нӕ Иегъовӕ хъахъхъӕндзӕн (Матфейы 20:28). Уымӕй уӕлдай ма нӕ ныфс уыдзӕн, ацы фыддунейы кӕрон удӕгасӕй кӕй баззайдзыстӕм — Нойы науы чиныджы фыстытӕм гӕсгӕ, уӕды ӕнӕхуыцау дуне Доны хъаймӕты куы фесӕфт, уӕд Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ удӕгасӕй куыд баззадысты, афтӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Доны хъаймӕт кӕд райдыдта, уый тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис чиныг «Фыстады ӕмбарынад»-ы, I том, 458—460 фф., англ. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 12 абз. К. Кайл ӕмӕ Ф. Деличы чиныг «Фиппаинӕгтӕ Рагон Фӕдзӕхстмӕ»-йы, I томы, 148 фарсыл дзырдӕуы: «Ковчег куы ӕрӕнцад, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, 73 боны фӕстӕ райдыдтой зынын хӕхты цъуппытӕ, ома Сомихы хӕхтӕ, ковчег кӕм уыд, уыдон».

[Рамкӕ 5 фарсыл]

Ӕцӕгдӕр афтӕ бирӕ цардысты?

«НОЙ ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ фӕндзай азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард»,— дзырдӕуы Библийы (Уӕвынад 9:29). Нойы фыдыфыд Мафусал фӕцард 969 азы — уымӕй фылдӕр зӕххыл ничи фӕцард. Адамӕй Ноймӕ цы дӕс фӕлтӕры уыд, уыцы фӕлтӕрты адӕмӕй алчидӕр рӕстӕмбисӕй 850 азӕй фылдӕр царди (Уӕвынад 5:5—31). Цымӕ уыцы заманты адӕм ӕцӕгдӕр афтӕ бирӕ цардысты?

Хуыцауы иууыл райдианӕй фӕндыд, цӕмӕй адӕймаг ӕнусмӕ цардаид. Фыццаг адӕймаг, Адамы, Хуыцау афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ коммӕ куы кастаид, уӕд ӕнустӕм цардаид (Уӕвынад 2:15—17). Фӕлӕ Адам ӕгоммӕгӕс разынд ӕмӕ уыцы цардӕй ӕнӕхай фӕци. Адам фӕцард 930 азы (йӕ кӕрон та цыд мӕлӕтмӕ) ӕмӕ, цы зӕххӕй уыд ист, уырдӕм ныздӕхт (Уӕвынад 3:19; 5:5). Фыццаг адӕймаг йӕ байзӕддӕгтӕн бынӕн ныууагъта тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт (Ромӕгтӕм 5:12).

Фӕлӕ уыцы заманты чи цард, уыдон уӕддӕр ӕввахсдӕр уыдысты, Адам фыццаг куыд ӕххӕст уыд, уыцы уавӕрмӕ ӕмӕ фӕстӕдӕр чи райгуырд, уыдонӕй фылдӕр цардысты. Растдӕр уый тыххӕй цардысты адӕм Доны хъаймӕты размӕ мин азмӕ ’ввахс, фӕлӕ уый хӕдфӕстӕ адӕймаджы цард бирӕ фӕцыбырдӕр. Цӕвиттонӕн, Авраам 175 азы йедтӕмӕ нӕ фӕцард (Уӕвынад 25:7). Ӕмӕ ацы иузӕрдион рагфыдӕлы мӕлӕтӕй 400 азы фӕстӕдӕр пехуымпар Моисей ныффыста: «Нӕ азты бонтӕ ӕвдай азы, фӕлӕ фылдӕр фидардзинадӕй ӕстай азы; ӕмӕ сӕ хуыздӕр афон уыдонӕн — куыст ӕмӕ низ» (Псалом 89:10). Ӕмӕ афтӕ у абон дӕр.

[Рамкӕ\Нывтӕ 6, 7 фӕрстыл]

Иудейты ссӕрибар кӕныны фӕдыл Киры бардзырд куы рацыд, уымӕй анымайын хъӕуы фӕстӕмӕ Нойы бонты Доны хъаймӕты онг

537 Киры бардзырд *

539 Персайнаг Кир

басаста Вавилон

68 азы

607 Райдыдта Иудӕйы 70-азон заууаты рӕстӕг

Разамонджыты,

тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ

Израилы паддзӕхты

906-азон

хицауиуӕгад

1513 Израилӕгтӕ рацыдысты Египетӕй

430 азы 430 азы дӕргъы Израилы фырттӕ

цардысты Египеты ӕмӕ Ханааны

(Рацыд 12:40, 41)

1943 Йӕ тыхы бацыд бадзырд Авраамимӕ

205 азы

2148 Райгуырд Фарӕ

222 азы

2370 Райдыдта Доны хъаймӕт

[Фиппаинаг]

^ 35 абз. Иудейты ссӕрибар кӕныны фӕдыл Киры бардзырд рацыд «Персы паддзах Киры фыццӕгӕм азы», ӕвӕццӕгӕн, н. э. агъоммӕ 538 азы кӕнӕ н. э. агъоммӕ 537 азы райдианы.