Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хъусут, сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ!

Хъусут, сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ!

Хъусут, сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ!

«Хъус кӕмӕн ис, уый хъусӕд, Уд цы дзуры аргъуантӕн [«ӕмбырдтӕн», НД]» (РАРГОМАД 3:22).

1, 2. Раргомады чиныджы цы авд ӕмбырды кой цӕуы, уыдонӕй алкӕмӕндӕр Йесо цы ныффӕдзӕхста?

ИЕГЪОӔЙЫ лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ сӕ хъус ӕрдарой, Йесо Чырысти, сыгъдӕг удӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ, Раргомады чиныджы цы авд ӕмбырды кой цӕуы, уыдонӕн цы ныхӕстӕ загъта, уымӕ. Алы фыстӕджы дӕр ис ахӕм фӕдзӕхст: «Хъус кӕмӕн ис, хъусӕд, Уд цы дзуры аргъуантӕн [«ӕмбырдтӕн», НД]» (Раргомад 2:7, 11, 17, 29; 3:6, 13, 22).

2 Мах ай хӕдразмӕ статьяйы равзӕрстам, Йесо Ефесы, Смирнӕйы ӕмӕ Пергамы зӕдтӕм, ома цӕстдарджытӕм, цы ныффыссын кодта, уый. Иннӕ цыппар ӕмбырдӕн цы загъта сыгъдӕг уды фӕрцы, уый та нын цӕмӕн фӕахъаз уыдзӕн?

Фиатиры зӕдмӕ

3. Фиатирӕ кӕм ӕрӕнцад, ӕмӕ уӕлдай хъуыстгонд цӕмӕй уыд?

3 «Хуыцауы Фырт» Фиатиры ӕмбырдӕй ӕппӕлгӕ дӕр ракодта ӕмӕ йын уайдзӕф дӕр бакодта (Бакӕс Раргомад 2:18—29, НФ). Фиатирӕ (ныр хуыйны Акхисар) ӕрӕнцади Къаннӕг Азийы ныгуылӕнырдыгӕй Гедизы (кӕддӕр хуынд Хермус) фӕрссагдоны тӕккӕ былгӕрон. Уыцы сахары цардис тынг бирӕ ӕрмгуыстгӕнджытӕ. Фиатирӕ уӕлдай хъуыстгонд уыд, беуы уидагӕй дзы цы зынаргъ тарсырх ахорӕн кодтой, уымӕй. Павел Филиппы (Гречъы) куы уыд, уӕд чырыстон дин чи райста, уыцы сылгоймаг Лидиа уыд «Фиатиры сахарӕй... сырх хъуымац уӕйгӕнӕг» (Куыстытӕ 16:12—15).

4. Чырысти Фиатиры ӕмбырдӕй цӕй тыххӕй раппӕлыд?

4 Йесо Фиатиры ӕмбырдӕй раппӕлыд йӕ хорз хъуыддӕгтӕ, йӕ уарзт, йӕ уырнындзинад, йӕ фӕразондзинады тыххӕй ӕмӕ, уацамынды цы арӕзтой, уый тыххӕй. Стӕй, сӕ «фӕстаг хъуыддӕгтӕ» «фыццӕгтӕй фылдӕр» уыдысты. Фӕлӕ кӕд нӕхицӕн хорз ном скодтам, уӕддӕр нӕ алкӕйдӕр хъӕуы йӕхимӕ, йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдаумӕ кӕсын.

5—7. а) «Уыцы ус, Иезавел», чи уыд ӕмӕ иннӕты кӕй сӕфта, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕтты цы аразын хъуыд? ӕ) Чырысти Фиатиры ӕмбырдӕн цы ныффӕдзӕхста, уый хуыцауысконд сылгоймӕгтӕн ахъаз цӕмӕн у?

5 Фиатиры ӕмбырды иуӕй-иутӕ гуымирытӕн кӕй куывтой, мӕнг ахуырӕдтыл хӕст кӕй уыдысты ӕмӕ хӕлд митӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй сын ничи ницы дзырдта. Се ’мбырды уыдис «уыцы ус, Иезавел»,— чи зоны, къорд сылгоймаджы. Уыдон, Израилы дӕсмыггаг паддзахады цы саузӕрдӕ ус-паддзах Иезавел уыд, уымӕй дард нӕ лӕууыдысты. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы «ус-пехуымпартӕ» Фиатиры архайдтой, цӕмӕй чырыстӕттӕ базаргӕнджыты къухаразӕг хуыцӕуттӕ ӕмӕ ус-хуыцӕуттыл сӕхи фӕдзӕхстаиккой ӕмӕ цыдаиккой, кувинӕгтӕй гуымирыты нӕмттӕ кӕм ардтой, ахӕм бӕрӕгбӕттӕм. Абон иу ахӕм ус-пехуымпар дӕр ма сфӕнд кӕнӕд чырыстон ӕмбырдӕй искӕй ӕвзӕр зондыл акӕнын!

6 Чырысти цӕттӕ уыд Иезавелы «баппарын низы, ӕмӕ йемӕ чи хатти, уыдоны та стыр фыдбылызы, сӕ митыл куы нӕ ӕрфӕсмон кодтаиккой», уӕд. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахӕм зыгъуыммӕ хъуыдытӕ, ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕнӕуаг хъуыддӕгтӕ ӕмбырдмӕ хъуамӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзой. Стӕй, «хӕйрӕджы арфадтӕ» маргхъӕстӕ кӕй сты, уый бамбарынӕн чырыстӕтты ницӕмӕн хъӕуы «хӕтын»: мадӕр мӕнг диныл ныххӕцой, мадӕр хӕлд митӕ кӕнын райдайой. Йесойы ныхасмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕм «цы ис, ууыл фидар хӕцдзыстӕм» ӕмӕ тӕригъӕды цагъартӕ нал уыдзыстӕм. Сӕрст чырыстӕттӕ чъизи хъуыддӕгтӕ, зӕрдӕйы цыбӕлтӕ ӕмӕ буары монцтыл кӕй бахъоды кодтой, уымӕ гӕсгӕ, куы райгас уой, уӕд райсдзысты «дзыллӕтыл» хицауиуӕг кӕныны бар ӕмӕ сӕ Чырыстиимӕ иумӕ ныппырх кӕндзысты. Абон ӕмбырдтӕн ис «стъалытӕ», ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕн дӕр, уӕлӕрвты куы райгас уой, уӕд сын лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн «рухс ӕмӕ сӕууон, Бонвӕрнон стъалы» — Усгур, Йесо Чырысти (Раргомад 22:16).

7 Фиатиры ӕмбырдӕн фӕдзӕхстгонд уыд, цӕмӕй аздӕхӕг сылгоймӕгтӕй сӕхи хызтаиккой. Чырысти, сыгъдӕг удӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ, уыцы ӕмбырдӕн цы ныффӕдзӕхста, уый абон ахъаз у хуыцауысконд сылгоймӕгтӕн дӕр, цӕмӕй сӕ Иегъовӕ цы бынатӕн саккаг кодта, уымӕн аргъ кӕной. Уыдон нӕлгоймӕгтыл сӕхи хицӕуттӕ нӕ кӕнынц, стӕй ӕфсымӕрты «хӕтындзинадыл» не ’фтауынц: нӕдӕр мӕнг диныл, нӕдӕр хӕлд митыл (1 Тимофеймӕ 2:12). Иннӕтӕн фӕзминаг сты сӕ хорз хъуыддӕгтӕй ӕмӕ уацамынды Хуыцауы кӕй кадджын кӕнынц, уымӕй (Псалом 67:12; 1 Петры 3:1—6, НФ). Ӕмбырды цы ис, уый, ома сӕ раст ахуырӕдтӕ ӕмӕ се ’гъдау, цӕстыгагуыйау куы хъахъхъӕной ӕмӕ Паддзахады хабар куы хъусын кӕной, уӕд сын Чырыстийы ӕрцыд уыдзӕн мӕлӕт нӕ, фӕлӕ хӕрзиуӕг.

Сардисы зӕдмӕ

8. а) Сардис кӕм лӕууыд ӕмӕ цавӕр сахар уыд? ӕ) Сардисы ӕмбырдӕн ӕвӕстиатӕй баххуыс кӕнын цӕмӕн хъуыдис?

8 Сардисы ӕмбырды уырнындзинад ныммынӕг, ӕмӕ сын уый тыххӕй ӕвӕстиатӕй хъуыдис баххуыс кӕнын (Бакӕс Раргомад 3:1—6). Ацы хъӕздыг сахар лӕууыд Фиатирӕй иу-50 километры хуссарырдӕм. Сахар йӕ сӕудӕджерад, йӕ хъӕздыг зӕххыты фӕрцы, стӕй дзы фӕсмын дзаумӕттӕ ӕмӕ гауызтӕ кӕй уафтой, уый фӕрцы афтӕ схъӕздыг, ӕмӕ дзы цардис 50 мин адӕймаджы бӕрц. Историк Иосиф Флавийы ныхӕстӕм гӕсгӕ дзы н. э. агъоммӕ I ӕнусы цард тынг бирӕ иудейтӕ. Археологтӕ Сардисы сахары хӕлддзӕгты ’хсӕн ссардтой иудейты ӕмбырдгӕнӕн ӕмӕ ефесаг ус-хуыцау Артемидӕйы кувӕндоны пырхытӕ.

9. Хуыцауӕн ӕнӕбары куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ цы бакӕнын хъӕуы?

9 Чырысти Сардисы ӕмбырды зӕдӕн загъта: «Зонын [дын] дӕ хъуыддӕгтӕ; ды хӕссыс ном, цыма ӕгас дӕ, фӕлӕ ды дӕ мард». Нӕ уырнындзинад цардхъом куы зына, афтӕмӕй нӕ чырыстон хӕстӕм та куыдфӕндыйы цӕстӕй куы кӕсӕм, стӕй хъусын кӕнынмӕ ӕвӕндонӕй куы цӕуӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад «амӕлынмӕ хӕстӕг» (НФ) куы уа, уӕд нӕ цы бакӕнын хъӕуы? «Ӕрхъуыды кӕнӕм», «цы райстам ӕмӕ фехъуыстам», уый — Хуыцауы Паддзахады хабар ӕмӕ нӕ хъарутӕ раттӕм Хуыцауы хъуыддагмӕ. Райдайӕм та ӕмбырды фембӕлдты зӕрдиагӕй архайын (Дзуттытӕм 10:24, 25). Чырысти Сардисы ӕмбырды бафӕдзӕхста: «Цӕрдӕг... куы нӕ уай, уӕд ӕваст ӕрцӕудзынӕн дӕуыл, куыд хуыснӕг, ӕмӕ ды нӕ базондзынӕ, кӕцы сахат ӕрцӕудзынӕн дӕуыл». Абон та хабар куыд у? Тагъд нӕ алчидӕр йӕхи тыххӕй дзуапп ратдзӕн.

10. Абон искӕцы ӕмбырд Сардисы ӕмбырды уавӕры куы уа, уӕддӕр дзы ӕнӕмӕнг цавӕр чырыстӕттӕ уыдзӕн?

10 Абон дӕр искӕцы ӕмбырд Сардисы ӕмбырды уавӕры куы уа, уӕддӕр дзы уыдзӕн, «йӕ дарӕстӕ чи нӕ счъизи кодта» ӕмӕ Чырыстиимӕ «урс-урсид дарӕсты цӕуой», уый аккаг чи у, ахӕмтӕ (НФ). Уыдон сты ӕцӕг чырыстӕттӕ, се ’гъдау, се ’фсарм нӕ сафынц ӕмӕ ацы дунейы динтӕй сӕхи нӕ чъизи кӕнынц (Иаковы 1:27). Ӕмӕ дзы Йесо иуӕн дӕр «нӕ фехалдзӕн йӕ ном царды чиныгӕй», фӕлӕ йын «раргом кӕндзӕн йӕ ном йӕ Фыд ӕмӕ Йӕ Зӕдты раз». Сӕрст чырыстӕттӕ — чындзаджы къорд, Чырыстийы зондыл кӕй цӕуынц, уымӕ гӕсгӕ сын лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сыгъдӕг, урс кӕттагӕй дарӕстӕ. Урс кӕттаг та ӕвдисы сыгъдӕджыты раст хъуыддӕгтӕ (Раргомад 19:8, НФ). Уӕлӕрвты сӕм цы стыр кад ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый охыл ацы дунейыл уӕлахиз кӕнынц. Зӕххыл ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыдонмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы бирӕ хорздзинӕдтӕ. Уыдоны нӕмттӕ дӕр фыст сты царды чиныджы.

11. Нӕ уырнындзинад куы лӕмӕгъ кӕна, уӕд нӕ цы бакӕнын хъӕуы?

11 Махӕй иуы дӕр нӕ фӕнды, Сардисы ӕмбырд цы кӕуинаг уавӕры уыд, ахӕм уавӕрмӕ ӕрцӕуын. Фӕлӕ нӕ уырнындзинад куы лӕмӕгъ кӕна, уӕд нын цы кӕнгӕ у? Хъуамӕ архайӕм ӕвӕстиатӕй, уымӕн ӕмӕ уый нӕхи пайдайӕн у. Зӕгъӕм, фӕхатыдыстӕм, ацы ӕнӕхуыцау дунейы царды гуылфӕнты бахаудыстӕм, ӕмбырдтӕ цух кӕнын райдыдтам, уацамынды арӕх нал цӕуӕм. Уӕд нӕ хъӕуы Иегъовӕйӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс курын (Филиппӕгтӕм 4:6, 7, 13). Алы бон дӕр Библи куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ куы ахуыр кӕнӕм, стӕй ма, «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕг» цы чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ уадзы, уыдон куы иртасӕм, уӕд нӕ уырнындзинад цардхъомдӕр уыдзӕн (Лукайы 12:42—44). Уӕд уыдзыстӕм, Сардисы ӕмбырды Чырыстийы хорзӕх чи ссардта, уыдоны хуызӕн; не ’муырнджытӕн та уыдзыстӕм удӕнцой.

Филадельфийы зӕдмӕ

12. Рагон Филадельфийы цӕрджытӕ цавӕр динтыл хӕст уыдысты?

12 Йесо раппӕлыд Филадельфийы ӕмбырдӕй (Бакӕс Раргомад 3:7—13). Ацы сахар (ныр хуыйны Алашехир) кӕддӕр уыд Къаннӕг Азийы ныгуылӕнырдыгӕй. Филадельфи сӕнӕфсирӕй хъӕздыг уыд, хорз сӕн дзы кодтой. Сахары цӕрджыты кадджындӕр хуыцау уыд сӕны хуыцау Дионис. Филадельфийы цӕрӕг иудейтӕ, ӕвӕццӕгӕн, се ’хсӕнӕй чырыстон диныл хӕст чи уыд, уыдонӕн дзырдтой, цӕмӕй Моисейы закъоны бӕлвырд ӕгъдӕуттӕ ма ныууадзой, гъе та сӕм фӕстӕмӕ раздӕхой. Фӕлӕ сын дзы ницы рауад.

13. Чырысти «Давиды дӕгъӕлӕй» куыд архайдта?

13 Чырыстимӕ ис «Давиды дӕгъӕл» — йӕ бӕрны сты, уӕларвон Паддзахады хъуыддаг ӕмӕ, Хуыцауӕн зӕххыл цы адӕм ис, уыдон (Исай 22:22; Лукайы 1:32). Рагон Филадельфийы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты цы чырыстӕттӕ цард, уыдонӕн Йесо уыцы дӕгъӕлӕй гом кодта диссаджы фадӕттӕ Паддзахады хъуыддаджы. 1919 азӕй фӕстӕмӕ Чырысти «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕгӕн» уацамынды «стыр ӕмӕ фӕтӕн дуар» гомӕй дары, ӕмӕ йӕ йе знӕгтӕй никӕй бон у сӕхгӕнын (1 Коринфӕгтӕм 16:9; Колоссӕгтӕм 4:2—4). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Паддзахады хъуыддаджы диссаджы фадӕттӕм фӕндаг ӕхгӕд у, «хӕйрӕджыты ӕмбырды» чи ис, уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг удӕй гуырд израилӕгтӕй не сты.

14. а) Йесо Филадельфийы ӕмбырдӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? ӕ) «Фӕлварӕнты сахат» нӕхи фӕцудынӕй куыд ис бахизӕн?

14 Чырысти рагон Филадельфийы цӕрӕг чырыстӕттӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Ды кӕй бахъахъхъӕдтай Мӕ фӕразондзинады дзырд, уӕд Ӕз дӕр бахъахъхъӕндзынӕн дӕу фӕлварӕнты сахат, кӕцы ӕрцӕудзӕн ӕппӕт дунейыл, цӕмӕй бафӕлвара зӕххыл цӕрджыты». Хъусын кӕнынӕн хъӕуы Йесойы хуызӕн фӕразондзинад. Чырысти йе знӕгтӕй никуы фӕтарст ӕмӕ йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын никуы ныууагъта. Хуыцау дӕр ӕй уымӕн райгас кодта ӕмӕ йын ӕнӕмӕлгӕ цард дӕр уымӕн радта. Мах дӕр Иегъовӕйӕн афтӕ фӕндфидарӕй куы кувӕм ӕмӕ йӕ Паддзахы фарс кӕй стӕм, уый хъуыддӕгтӕй куы ’вдисӕм, ома хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ бахиздзӕн фӕцудынӕй ныртӕккӕйы фӕлварӕнты рӕстӕг — «фӕлварӕнты сахат». Мах «фидар хӕцдзыстӕм», Чырысти нын цы радта, ууыл — размӕ кӕндзыстӕм Паддзахады хъуыддаг. Сӕрст чырыстӕттӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй райсдзысты диссаджы уӕларвон кады худ, се ’нувыд ӕмбӕлттӕ та — ӕнусон цард зӕххыл.

15. «Хуыцауы кувӕндоны рӕбинаг цӕджындзтӕ» чи уыдзӕн, уыдонӕн цы кӕнгӕ у?

15 Чырысти ма сын загъта: «Чи фӕуӕлахиз уа, уый Ӕз скӕндзынӕн рӕбинаг цӕджындзӕн Мӕ Хуыцауы кувӕндоны... ӕмӕ йыл ныффысдзынӕн Мӕ Хуыцауы ном, ӕмӕ Мӕ Хуыцауы сахары, Ног Иерусалимы ном, уӕларвӕй Мӕ Хуыцауӕй ӕрцӕуинаг чи у, ӕмӕ Мӕхи ног ном» (НФ). Сыгъдӕг удӕй сӕрст цӕстдарджытӕ хъуамӕ фидар хӕцой раст диныл. Уыдон хъуамӕ ма фегад кӕной «Ног Иерусалимы» минӕвӕртты ном ӕмӕ сӕ уый тыххӕй та хъуамӕ уӕларвон Паддзахады хабар хъусын кӕной ӕмӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг уой. Афтӕ кӕнын сӕ ӕнӕмӕнгдӕр хъӕуы, кӕд сӕ фӕнды, цӕмӕй уой уӕларвон рухс кувӕндоны рӕбинаг цӕджындзтӕ ӕмӕ хӕссой Хуыцауы сахары ном, ома уыцы уӕларвон сахары цӕрджыты ном ӕмӕ Чырыстийы чындзаджы ном. Стӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ лӕмбынӕг хъусой, «Уд цы дзуры аргъуантӕн [«ӕмбырдтӕн», НД]», уымӕ.

Лаодикийы зӕдмӕ

16. Лаодикийы сахары тыххӕй цы зонӕм?

16 Чырысти тынг бауайдзӕф кодта, йӕхиуыл чи феввӕрсон ис, уыцы Лаодикийы ӕмбырдӕн (Бакӕс Раргомад 3:14—22). Ефесӕй йӕм скӕсӕнырдӕм цӕуын хъуыд 150 километры бӕрц. Лаодики ӕрӕнцад Личы цӕугӕдоны был, цыдысты йыл сӕудӕджергӕнджытӕ, уыдис дзы бирӕ алыхуызон куыстуӕттӕ, адӕм дзы стыр ӕхца куыстой ӕмӕ уый фӕрцы сахар схъӕздыг. Тынг хъуыстгонд уыд, морӕ фӕсмынӕй дзы цы уӕлӕдарӕс кодтой, уымӕй. Лаодики ма зындгонд уыд дохтырты скъолайӕ дӕр, ӕмӕ, «фригаг ссадхос» кӕй хуыдтой, уыцы цӕстыты хос дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уым кодтой. Сахары цӕрджытӕм сӕ хуыцӕуттӕй иууыл кадджындӕр уыди хосгӕнӕг хуыцау Асклепий. Куыд зыны, афтӕмӕй Лаодикийы цард бирӕ иудейтӕ, ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъӕздыг уыдысты.

17. Лаодикиӕгтӕн Чырысти сӕ ных цӕмӕн бакъуырдта?

17 Йесо Лаодикийы ӕмбырды «зӕдӕн» дзуры барджынӕй, уымӕн ӕмӕ уый у «иузӕрдыг ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцауӕй сфӕлдыстытӕн сӕ райдиан» (НФ) (Колоссӕгтӕм 1:13—16). Лаодикиӕгты уырнындзинад кӕй нӕ уыд «нӕдӕр уазал, нӕдӕр тӕвд», уый тыххӕй сын сӕ ных бакъуырдта. Хъӕрмуст кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ Чырысти хъавыд йӕ дзыхӕй ракалынмӕ. Ацы абарст сын зын бамбарӕн нӕ уыд. Сыхаг сахар Иераполы уыди тӕвд суӕрттӕ, Колоссы дон та уыд уазал. Лаодикимӕ та дон уагътой дард ранӕй, ӕмӕ цалынмӕ сахармӕ хӕццӕ кодта, уӕдмӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, схъарм. Уыцы донвӕдӕн йе ’мбис цыд уӕлӕты, сахармӕ ӕввахс та дон калд, ӕмырӕвӕрд егъау айнӕг дурты цы хуынчъытӕ уыд конд, уыдонӕй.

18, 19. Абон чырыстӕттӕй лаодикиӕгты хуызӕн чи сси, уыдонмӕ фӕкӕсӕн куыд ис?

18 Абон дӕр ис лаодикиӕгты хуызӕн адӕймӕгтӕ — нӕдӕр тӕвд сты, нӕдӕр уазал. Уыдоны дӕр хъӕрмуст донау йӕ дзыхӕй ракалдзӕн! Йесойы нӕ фӕнды, цӕмӕй уыдон уой йӕ ӕрвыстытӕ, кӕнӕ «Чырыстийы номӕй Минӕвӕрттӕ» — сыгъдӕг удӕй сӕрст минӕвӕрттӕ (2 Коринфӕгтӕм 5:20, НФ). Куы нӕ ӕрфӕсмон кӕной, уӕд нал уыдзысты Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджытӕ. Лаодикиӕгтӕ уыдысты мулкылмард ӕмӕ не ’мбӕрстой, «ӕнамонд ӕмӕ тӕригъӕддаг, ӕмӕ мӕгуыргур ӕмӕ куырм ӕмӕ бӕгънӕг» кӕй уыдысты. Абон дӕр, лаодикиӕгтау, Хуыцауы цӕсты мӕгуыр, куырм ӕмӕ бӕгънӕг чи у, уыдон Чырыстийӕ балхӕнын хъӕуы «сыгъдӕггонд сызгъӕрин» — фӕлвӕрд уырнындзинад, рӕстдзинады «урс дарӕс» ӕмӕ монон цӕстырухс дӕттӕг «цӕст сӕрдӕн». Чырыстон цӕстдарджытӕ сӕм зӕрдиагӕй фӕкӕсдзысты, цӕмӕй сӕхи ӕрӕмбарой ӕмӕ суой «уырнындзинадӕй хъӕздыг» (Иаковы 2:5; Матфейы 5:3). Уымӕй дарддӕр ма сӕм базилдзысты «цӕст сӕрдӕнӕй», ома сын баххуыс кӕндзысты Йесойы ахуырӕдтӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ зӕрдӕмӕ арф исынӕн, стӕй йӕ фӕдыл ӕмӕ йӕ зондыл цӕуынӕн. Уыцы хос у «буары цыбӕлдзинад, цӕстыты цыбӕлдзинад ӕмӕ цардӕй стырзӕрдӕйӕ» фервӕзынӕн (1 Иоанны 2:15—17, НФ).

19 Йесо, йӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ чи у, уыдонӕн уайдзӕф дӕр бакӕны ӕмӕ сӕ ӕфхӕргӕ дӕр бакӕны. Йӕ дӕлбар цы цӕстдарджытӕ ис, уыдон дӕр ӕй хъуамӕ фӕзмой арӕхстджынӕй (Куыстытӕ 20:28, 29). Лаодикиӕгты хъуыди «сӕхи хъарын, ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕнын» (НФ) — сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ цард фӕивын. Дзырдӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл куы ныххӕцӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ тынг куы нал ӕвдӕла, уӕд та куыд? Уӕд Йесойӕ балхӕнӕм «цӕст сӕрдӕн», цӕмӕй «уынӕм», Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ фыццаджыдӕр уыцы хъуыддаджы хъарӕм нӕхи (Матфейы 6:33, НФ).

20, 21. Абон Йесойы «хостмӕ» чи ракӕсы ӕмӕ уыдонмӕ цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

20 «Мӕнӕ,— дзуры Чырысти,— лӕууын дуары раз ӕмӕ хойын: кӕд исчи фехъуса Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ дуар бакӕна, бацӕудзынӕн уымӕ ӕмӕ ӕхсӕвӕр хӕрдзынӕн йемӕ, ӕмӕ уый Мемӕ». Йесо-иу фынджы уӕлхъус бадгӕйӕ арӕх лӕвӕрдта амындтӕ (Лукайы 5:29—39; 7:36—50; 14:1—24). Ныр дӕр хойы Лаодикийы ӕмбырды хуызӕн ӕмбырды дуар. Цымӕ йӕм ракӕсдзысты, раздӕр ӕй куыд уарзтой, афтӕ та йӕ уарздзысты, бацин ыл кӕндзысты, суазӕг ӕй кӕндзысты, йӕ зондмӕ йын хъусдзысты? Кӕд о, уӕд Чырысти семӕ минасыл ӕрбаддзӕн ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад бафидар кӕндзӕн.

21 Абон «ӕндӕр фыстӕ», зӕгъӕн ис, ӕмӕ суазӕг кӕнынц Йесойы ӕмӕ сӕ уый тыххӕй схорзӕхджын кӕндзӕн ӕнусон цардӕй (Иоанны 10:16; Матфейы 25:34—40, 46). Сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ ацы дунейыл кӕй уӕлахиз кӕнынц, уый тыххӕй сын Чырысти ратдзӕн «Йемӕ Йӕ Паддзахы бадӕны» сбадыны бар, йӕхӕдӕг «куыд фӕуӕлахиз ӕмӕ сбадт Йӕ Фыдимӕ Йӕ Паддзахы бадӕны», афтӕ. О, Йесо куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыцы уӕлахиздзаутӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх — уӕлӕрвты йӕ Фыды рахиз фарс йемӕ паддзахбадӕны ӕрбаддзысты. Уӕлахиздзау ӕндӕр фыстӕ дӕр ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уымӕ.

Зондзонӕн не ’ппӕтӕн дӕр

22, 23. а) Йесо авд ӕмбырдӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон ӕппӕт чырыстӕттӕн зонды хос куыд сты? ӕ) Кӕддӕриддӕр нӕ лӕмбынӕг цӕмӕ хъӕуы хъусын?

22 Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесо Къаннӕг Азийы авд ӕмбырдӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон ӕппӕт чырыстӕттӕн дӕр сты стыр ахъаз. Зӕгъӕм, ӕмбырды уарзагзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр Чырыстийау се ’муырнджытӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕй раппӕлынц, уырнындзинады кӕй рӕзынц, уый тыххӕй. Се ’мчырыстӕттӕй йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ вӕййы, уыдонмӕ та Фыстады ӕвдадзы хостӕй базилынц. Чырысти авд ӕмбырдӕн цы уынаффӕтӕ радта, уыдонӕй зонд алчидӕр исдзӕн, Хуыцауӕй ӕххуыс куы кура ӕмӕ сӕ ӕвӕстиатӕй царды куы пайда кӕна, уӕд *.

23 Ацы фӕстаг бонты уый рӕстӕг нӕу, ӕмӕ ӕнцон цард агурӕм, бирӕ ӕхца кусӕм кӕнӕ ма нӕ Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын ноджыдӕр цы хъыгдары, ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнӕм. Цӕй уӕдӕ, ӕппӕт ӕмбырдтӕн, Йесо сӕ бынатӕй цы рухсдарӕнтӕ нӕ фенкъуысын кодта, уыдонау сӕ рухс дарддӕр дӕр дӕрдтыл кӕлӕд. Цӕй уӕдӕ, иузӕрдион чырыстӕттӕ, не ’ппӕт дӕр кӕддӕриддӕр лӕмбынӕг хъусӕм Чырыстийы ныхӕстӕм ӕмӕ нӕ хъус дарӕм, сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ! Афтӕмӕй мыггагмӕ хъӕлдзӕгӕй Иегъовӕйы кадджын кӕндзыстӕм.

[Фиппаинаг]

^ 22 абз. Раргомады 2:1—3:22 стихтыл ма ныхас цӕуы чиныджы, «Раргомад — йӕ диссаджы сӕххӕст хӕстӕг у!», зӕгъгӕ, 7—13 сӕрты; мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ис уырыссагау.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Чи уыд «уыцы ус, Иезавел» ӕмӕ хуыцауысконд сылгоймӕгтӕ йӕ зондыл цӕуылнӕ цӕуынц?

• Сардисы ӕмбырд цы уавӕры уыд ӕмӕ цӕмӕй уымы чырыстӕттӕй бирӕты хуызӕн ма суӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

• Йесо Филадельфийы ӕмбырдӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ махмӕ куыд хауынц?

• Лаодикиӕгтӕн Чырысти сӕ ных цӕмӕн бакъуырдта ӕмӕ зынгзӕрдӕ чырыстӕттӕм цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 14 фарсыл]

Хъуамӕ нӕхи хизӕм «уыцы ус, Иезавелы» хӕлд митӕй.

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бакодта хъусын кӕныны «стыр ӕмӕ фӕтӕн дуар».

[Ныв 18 фарсыл]

Йесойы «суазӕг кӕндзынӕ» ӕмӕ йӕм хъусдзынӕ?