Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти дзуры ӕмбырдтӕн

Чырысти дзуры ӕмбырдтӕн

Чырысти дзуры ӕмбырдтӕн

«Йӕ рахиз къухы авд стъалы Чи дары... Уый афтӕ зӕгъы» (РАРГОМАД 2:1, НФ).

1, 2. Чырысти Къаннӕг Азийы авд ӕмбырдӕн цы загъта, уымӕ нӕ не ’ргом здахын цӕмӕн хъӕуы?

ИЕГЪОВӔЙЫ иунӕггуырд Фырт, Йесо Чырысти, у чырыстон ӕмбырды Сӕргълӕууӕг. Цӕмӕй йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты ӕмбырд ӕнӕлаз уа, уый тыххӕй сӕ Чырысти, Хистӕр уӕвгӕйӕ, ӕппӕлы ӕмӕ сын амындтӕ дӕтты (Ефесӕгтӕм 5:21—27). Уымӕн цӕвиттонтӕ ис Раргомады чиныджы 2 ӕмӕ 3 сӕрты. Ацы сӕртӕм хаст ӕрцыдысты, Йесо Къаннӕг Азийы авд ӕмбырдмӕ цы фыстӕджытӕ арвыста, уыдон. Цы ныхӕстӕ дзы ис, уыдоны ис стыр уӕз ӕмӕ уарзондзинад.

2 Йесо авд ӕмбырдӕн цы дзырдта, уый фехъусыны размӕ апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта «Хицауы бон» (Раргомад 1:10, НД). Уыцы «бон» райдыдта 1914 азы, Мессиайы Паддзахад куы сфидар, уӕд. Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд, Чырысти ӕмбырдтӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон уӕлдай ахсджиаг сты ацы фӕстаг бонты. Йӕ зӕрдӕвӕрӕн ныхӕстӕ ӕмӕ нын йӕ уынаффӕтӕ фӕахъаз уыдзысты ацы уӕззау рӕстӕджыты фидар лӕууынӕн (2 Тимофеймӕ 3:1—5).

3. Апостол Иоанн цы «стъалытӕ», «зӕдтӕ» ӕмӕ «зӕрин рухсдарӕнтӕ» федта, уыдон цы ӕвдисынц?

3 Иоанн федта кадджын Йесо Чырыстийы, «Йӕ рахиз къухы авд стъалы... даргӕйӕ, ӕмӕ авд зӕрин рухсдарӕны [ома ӕмбырды] ӕхсӕн... рацу-бацугӕнгӕйӕ». «Стъалытӕ» сты «авд аргъуанӕн [«авд ӕмбырдӕн», НД] сӕ зӕдтӕ» (Раргомад 1:20, НФ; 2:1, НФ). Библийы иуӕй-иу рӕтты стъалытӕ ӕвдисынц зӕдты. Фӕлӕ Чырысти зӕдтӕн исты зӕгъинаг куы уыдаид, уӕд ӕй адӕймагӕн нӕ ныффыссын кодтаид. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ «стъалытӕ» ӕвдисынц сыгъдӕг удӕй сӕрст цӕстдарджыты, кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕ. «Зӕдтӕ» та уымӕн хуыйнынц, ӕмӕ сты минӕвӕрттӕ. Хуыцауы организаци стырӕй-стырдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ «ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг» цӕстдарджытӕ сӕвӕрдта, Йесойы «ӕндӕр фыстӕй» уырнындзинады фӕлтӕрд чи у, уыцы лӕгтӕй дӕр (Лукайы 12:42—44; Иоанны 10:16).

4. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Чырысти ӕмбырдтӕн цы дзуры, уымӕ кӕй хъусынц, уый сын ахъаз цӕмӕн у?

4 «Стъалытӕ» сты Йесойы рахиз къухы, ома сыл йӕ бар цӕуы, цы аразынц, уый уыны, йӕ арм сыл дары ӕмӕ сын йӕ хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ дзуапп дӕттынц йӕ разы. Абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъусынц, авд ӕмбырдӕй алкӕмӕндӕр цы ныхӕстӕ загъдӕуыд, уыдонмӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зонынц, цы кӕнгӕ сын у, се ’мбырды уыцы рагон ӕмбырдты уавӕры хуызӕн уавӕр куы сӕвзӕры, уӕд. О, фӕлӕ Хуыцауы Фыртмӕ ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгты нӕ хъӕуы хъусын, фӕлӕ алы чырыстоны дӕр (Маркы 9:7). Уӕдӕ, Чырысти ӕмбырдтӕн цы дзуры, уымӕ куы хъусӕм, уӕд цӕуыл сахуыр уыдзыстӕм?

Ефесы зӕдмӕ

5. Цавӕр сахар уыд Ефес?

5 Йесо Ефесы ӕмбырдӕй ӕппӕлгӕ дӕр ракодта, ӕмӕ йын уайдзӕф дӕр бакодта (Бакӕс Раргомад 2:1—7). Ацы хъӕздыг сахар кӕддӕр лӕууыд Къаннӕг Азийы ныгуылӕнӕрдыгӕй денджызгӕрон. Йӕ заманы уыд базарад ӕмӕ дины артдзӕст. Тынг стыр кувӕндон дзы уыдис ус-хуыцау Артемидӕйӕн. Кӕд Ефесы адӕм се ’фсарм ӕмӕ се ’гъдау фесӕфтой, кӕд дзы мӕнг дин йӕ уидӕгтӕ ауагъта ӕмӕ дзы уыди бирӕ дӕснытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, хингӕнджытӕ, уӕддӕр дзы апостол Павел ӕмӕ иннӕ чырыстӕтты хъусын кӕныны хъуыддаг Хуыцауы фӕндӕй размӕ цыд (Куыстытӕ, 19 сӕр).

6. Ныры иузӕрдион чырыстӕттӕ рагон Ефесы цӕрӕг чырыстӕтты хуызӕн цӕмӕй сты?

6 Чырысти Ефесы ӕмбырдӕй раппӕлыд: «Зонын дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дӕ куыст, ӕмӕ дӕ фӕразондзинад, ӕмӕ уый, ды кӕй нӕ быхсыс ӕнӕгъдӕуттӕн, ӕмӕ бафӕлвӕрдтай уыдоны, сӕхи Апостолтӕ чи хоны, фӕлӕ ахӕмтӕ не сты ӕмӕ раиртӕстай уыдон сайджытӕ кӕй сты». Абон дӕр Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ ахӕм хорз хъуыддӕгтыл хӕст сты, фыдӕбон кӕнынц, сты фӕразон. Стӕй сын ӕнӕуынон сты мӕнг ӕфсымӕртӕ, афтӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ сын апостолты кад кӕной, уыдон (2 Коринфӕгтӕм 11:13, 26). Ефесы чырыстӕттау, ныры дуджы дӕр иузӕрдион чырыстӕттӕ «нӕ быхсынц ӕнӕгъдӕуттӕн». Цӕмӕй Иегъовӕйы дин сыгъдӕг уа ӕмӕ ӕмбырдӕн мачи мацы фыд ракӕна, уый тыххӕй, фӕсмон чи не ’ркӕны, уыцы аздӕхджытӕн салам дӕр нӕ дӕттынц (Галатӕгтӕм 2:4, 5; 2 Иоанны 8—11).

7, 8. Ефесы ӕмбырды ӕвзӕр цы уыд, ӕмӕ ахӕм уавӕры мах цы кӕнын хъӕуы?

7 Фӕлӕ Ефесы чырыстӕтты хъуыддаг алцӕмӕй хорз нӕ уыд. «Дӕ ныхмӕ Мӕм ис уый,— загъта Йесо,— ды кӕй ныууагътай дӕ фыццаг уарзондзинад». Ӕмбырды чырыстӕтты сӕ зӕрдӕты ссудзын хъуыдис, Иегъовӕйы фыццаг цы уарзтӕй бауарзтой, уыцы уарзты цӕхӕр (Маркы 12:28—30; Ефесӕгтӕм 2:4; 5:1, 2). Мах хъуамӕ нӕхи уымӕ ма ӕруадзӕм, ӕмӕ, Хуыцауы сӕрысуангӕй цы уарзтӕй уарзтам, уый ныммынӕг уа (3 Иоанны 3). Фӕлӕ нӕ зӕрдӕ ӕхца, мулк ӕмӕ, нӕ рӕстӕг нӕ уды дзӕбӕхӕн кӕм куыд арвитӕм, уыдӕттӕм ӕхсайын куы райдайа, уӕд та куыд кӕнӕм? (1 Тимофеймӕ 4:8; 6:9, 10). Зӕрдиагӕй кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ уыдӕттӕм мауал ӕхсайа, фӕлӕ йӕ тынгдӕр уарзӕм ӕмӕ нын йӕ Фыртимӕ цы хӕрзты бацыдысты, уыдонӕн тынгдӕр аргъ кӕнӕм (1 Иоанны 4:10, 16).

8 Чырысти ефесӕгтӕн фӕдзӕхста: «Уӕдӕ ӕрхъуыды кӕн, кӕцӕй ӕрхаудтӕ ды [«цӕмӕй фӕиппӕрд дӕ», НД], ӕмӕ фӕсмон фӕкӕн, ӕмӕ кӕн фыццаджы хъуыддӕгтӕ». Цымӕ афтӕ куы нӕ кодтаиккой, уӕд сыл исты ӕрцыдаид? «Афтӕ куы нӕ уа,— загъта Йесо,— тагъд ӕрцӕудзынӕн дӕумӕ ӕмӕ дӕ рухсгӕнӕн йӕ бынатӕй фенкъуысын кӕндзынӕн». Фыстӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ фыццаг уарзты цӕхӕр куы бамынӕг уыдаид, уӕд «рухсгӕнӕн», ома ӕмбырд, нал уыдаид. Цӕй уӕдӕ зӕрдиагӕй архайӕм, ӕмбырды рухс дарддӕр дӕр ирдӕй-ирддӕр куыд кӕна, ууыл (Матфейы 5:14—16).

9. Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм сектӕтӕм?

9 Ефесӕгтӕм уыцы хорз миниуӕг уыд, ӕмӕ сын «ӕнӕуынон... уыдысты Николаитты [«Николайы сектӕйы», НД] хъуыддӕгтӕ». Ацы сектӕ куыд фӕзынд, стӕй цавӕр уырнындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттыл хӕст уыд, уый тыххӕй бӕлвырд бӕрӕг ницы ис, Раргомады чиныджы цы фыст ис, уымӕй дарддӕр. Фӕлӕ Йесо, адӕймаг адӕймаджы зондыл цӕуа, уый ныхмӕ карзӕй кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр сектӕтӕ хъуамӕ уой ӕнӕуынон, Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕн куыд ӕнӕуынон уыдысты, афтӕ (Матфейы 23:10).

10. Сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ чи хъусы, уыдонмӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

10 Чырысти афтӕ загъта: «Хъус кӕмӕн ис, хъусӕд, Уд цы дзуры аргъуантӕн [«ӕмбырдтӕн», НД]». Йесо зӕххыл цы дзырдта, уый дзырдта Хуыцауы сыгъдӕг удӕй хайджын уӕвгӕйӕ (Исай 61:1; Лукайы 4:16—21). Уый хынцгӕйӕ, абон Хуыцау йӕ сыгъдӕг уды руаджы Чырыстийы дзыхӕй цы дзуры, уымӕ хъуамӕ дзӕбӕх хъусӕм. Сыгъдӕг удӕй хайджын уӕвгӕйӕ, Йесо зӕрдӕ бавӕрдта: «Фӕуӕлахизуӕвӕгӕн ратдзынӕн саходын царды бӕласӕй, кӕцы ис Хуыцауы дзӕнӕты астӕу». Сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ сӕрстытӕ кӕй хъусынц, уый тыххӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнӕмӕлгӕ цард уӕлӕрвты «Хуыцауы дзӕнӕты», ома Иегъовӕ йӕхӕдӕг кӕм ис, уым. «Тынг бирӕ адӕм» та, сыгъдӕг уд цы дзуры, уымӕ кӕй хъусынц, уый тыххӕй зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты ӕмӕ нуаздзысты «царды доны цӕугӕдонӕй». «Цӕугӕдоны» фӕйнӕфарс цы «бӕлӕстӕ» (НД) ис, уыдоны «сыфтӕй» та сӕхи дзӕбӕх кӕндзысты (Раргомад 7:9; 22:1, 2; Лукайы 23:43, НД).

11. Иегъовӕйы тынгдӕр уарзынӕн цы хъӕуы?

11 Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕн сӕ фыццаг уарзты зынг ахуыссыд. Ӕмӕ абон куы цӕуа ӕмбырд ахӕм уавӕрмӕ, уӕд та цы кӕнын хъӕуы? Не ’ппӕты дӕр хъӕуы архайын нӕ уарзты цӕхӕр зынг кӕныныл, иннӕтӕн Иегъовӕйы уарзондзинады тыххӕй дзургӕйӕ. Хъуыддагӕй ӕвдисӕм, Хуыцауӕй бузныг кӕй стӕм, йӕ ахсджиаг Фырты нывондӕн ратгӕйӕ нын цы уарзтӕй бахай кодта, уый тыххӕй (Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 5:8). Фембӕлдты дзуапп дӕтгӕйӕ кӕнӕ сценӕйӕ дзургӕйӕ дӕр ис, куы ’мбӕла, уӕд, Хуыцауы уарзты кой ракӕнӕн. Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, уацамынды йын йӕ ном куы кадджын кӕнӕм, уӕд дӕр (Псалом 144:10—13). О, нӕ ныхас ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй ис ӕмбырды фыццаг уарзты цӕхӕр ссудзӕн, кӕнӕ та йын йӕ зынг ноджы фӕтынгдӕр кӕнӕн.

Смирнӕйы зӕдмӕ

12. Историмӕ гӕсгӕ Смирнӕ цавӕр сахар уыд ӕмӕ дзы адӕм кӕмӕн куывтой?

12 Чырысти, «Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг, Кӕцы уыд мард, ӕмӕ ныр у ӕгас», Смирнӕйы ӕмбырдӕй тынг раппӕлыд (Бакӕс Раргомад 2:8—11). Смирнӕ (абон Турчы горӕт Измир) уыд Къаннӕг Азийы ныгуылӕнӕрдыгӕй, донгӕрон. Цардысты дзы грекъӕгтӕ. Фӕлӕ н. э. агъоммӕ 580 азы сахар лидиӕгтӕ ныппырх кодтой. Македойнаг Алыксандры цы паддзӕхтӕ раивтой, уыдон Смирнӕ ӕндӕр ранмӕ ахастой. Афтӕмӕй сси Ромы паддзахады чысыл сахартӕй иу. Дӕрдтыл хъуыстгонд уыд йӕ хъӕздыгдзинад ӕмӕ йӕ рӕсугъд ӕхсӕнадон агъуыстытӕй. Кесӕр Тиверийы номыл дзы арӕзт уыд кувӕндон, ӕмӕ-иу адӕм уырдӕм ивылдысты паддзахӕн табу кӕнынмӕ. Кувӕг адӕм-иу буд судзгӕйӕ дзырдтой: «Кесӕр у Хицау». Чырыстӕттӕ та афтӕ нӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ сӕ «Хицау уыд Йесо». Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ дудгӕбӕттӕ ӕвзӕрстой (Ромӕгтӕм 10:9).

13. Смирнӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ кӕд хъуӕгтӕ ӕййӕфтой, уӕддӕр хъӕздыг цы хуызы уыдысты?

13 Уымӕй уӕлдай ма Смирнӕйы чырыстӕттӕ цардысты тынг мӕгуыр: ӕвӕццӕгӕн сӕ ссӕстой, паддзахӕн кӕй нӕ куывтой, уый тыххӕй. Ахӕм фыдӕвзарӕнтӕй Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ абон дӕр хызт не сты (Раргомад 13:16, 17). Кӕд уыдон дӕр, Смирнӕйы цӕрӕг чырыстӕттау, хъуӕгтӕ ӕййафынц, уӕддӕр Хуыцауы цӕсты сты хъӕздыг — царды та уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис! (Ӕмбисӕндтӕ 10:22; 3 Иоанны 2, НФ).

14, 15. Раргомады 2:10 ныхӕстӕ сӕрстытӕн ныфсы хос куыд сты?

14 Смирнӕйы иудейтӕн сӕ фылдӕр уыдысты «хӕйрӕджыты ӕмбырд», уымӕн ӕмӕ, Сыгъдӕг Фыстад цы дзырдта, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕндӕр ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, Хуыцауы Фыртыл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты, сыгъдӕг удӕй гуырд чырыстӕтты, фыдгой кодтой (Ромӕгтӕм 2:28, 29). Фӕлӕ дӕлдӕр фыст ныхӕстӕ сӕрстытӕн ныфсы хос куыннӕ сты! Чырысти загъта: «Ма тӕрс мацӕмӕй, ӕвзарын дӕ цы хъӕуа, уыдонӕй. Мӕнӕ, хӕйрӕг сымах ӕхсӕнӕй ӕппардзӕн ахӕстонмӕ, цӕмӕй бафӕлвара сымах, ӕмӕ уын уыдзӕн иу дӕс боны зындзинад. Мӕлӕты онг у ӕууӕнкджын, ӕмӕ дын ратдзынӕн царды кады худ» (Раргомад 2:10).

15 Йесо нӕ тарст Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕйы номы сӕраппонд йӕ уд раттынӕй (Филиппӕгтӕм 2:5—8). Абон ма сӕрстытӕй зӕххыл чи ис, уыдоны кӕд Сайтан йӕ ныхтӕ ныссагъта, уӕддӕр нӕ тӕрсынц фыдӕбӕттӕй, ахӕстонмӕ бахауынӕй ӕмӕ фыдмардӕй (Раргомад 12:17). Уыдон дунейыл фӕуӕлахиз уыдзысты. Ӕмӕ куыд ӕгас кӕной, афтӕ сын Чырысти дӕтдзӕн, раздӕр-иу муртаттаг хъӕзтыты рамбулӕгыл цы руайгӕ дидинджыты быд ӕркодтой, ахӕм нӕ, фӕлӕ «царды кады худ» — ӕнӕмӕлгӕ цард уӕлӕрвты. Цӕй диссаджы лӕвар у, ӕвӕдза!

16. Кӕд не ’мбырд дӕр рагон Смирнӕйы ӕмбырдау фыдӕвзарӕнты бахауд, уӕд нӕ цавӕр дзырддаг фарста хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын?

16 Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нӕ ис ӕви зӕххыл,— мах дӕр рагон Смирнӕйы цӕрӕг чырыстӕттау фыдӕвзарӕнты куы бахауӕм, уӕд та куыд? Ахӕм рӕстӕг не ’муырнджытӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕ зӕрдыл дарой, нӕ ныхмӕ цӕмӕн цӕуынц, уымӕн йӕ сӕйраг аххосаг — Дун-дунейы хицау чи у, уый фӕдыл дзырддаг фарста. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕнаипп цард чи кӕны, уый ӕвдисы, Сайтан фӕлитой кӕй у, ӕмӕ бӕлвырд кӕны, цыфӕнды фыдуавӕрты дӕр адӕймагӕн йӕ бон кӕй у Дунедарӕг Хуыцауы фарс лӕууын (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Цӕй уӕдӕ фыдӕвзарӕнты рӕстӕг не ’мчырыстӕтты зӕрдӕтӕ фидар кӕнӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр «уыцы кады аккаг уой ӕмӕ [Иегъовӕйӕн] ӕдӕрсгӕйӕ, иузӕрдионӕй ӕмӕ рӕстӕй лӕггад кӕной цард-цӕрӕнбонты» — мыггагмӕ (Лукайы 1:68, 69, 74, 75, НД).

Пергамы зӕдмӕ

17, 18. Пергамы адӕм цавӕр диныл хӕст уыдысты, ӕмӕ сын сӕ мӕнг хуыцӕуттӕн чи нӕ табу кодта, уыдонӕн цӕмӕй тӕссаг уыд?

17 Чырысти Пергамы ӕмбырдӕй ӕппӕлгӕ дӕр ракодта ӕмӕ йын уайдзӕфтӕ дӕр бакодта (Бакӕс Раргомад 2:12—17). Пергам уыд Смирнӕйӕ 80 километры цӕгатырдӕм. Пергамы муртаттаг дин цӕджджинагау ӕхсыст. Ӕвӕццӕгӕн, ардӕм Вавилонӕй лыгъдысты халдейаг дӕснытӕ (стъалыты ӕвзаг зонджытӕ). Сахармӕ алырдыгӕй рынчынтӕ ивылдысты низтӕсафӕг ӕмӕ хосгӕнӕг мӕнг хуыцау Аскелейы нӕргӕ кувӕндонмӕ. Пергамы Кесӕр Августы номыл кувӕндон арӕзт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сахарӕй дзырдтой, зӕгъгӕ, «паддзахад куы сӕвзӕрд, уӕд уӕлдай тынгдӕр паддзахы ам нымадтой хуыцауыл, ӕмӕ йын хуыцауы кад кодтой» («Encyclopædia Britannica», 1959, 17 том, 507 фарс).

18 Пергамы Зевсы номыл арӕзт уыд нывондхӕссӕн. Афтӕ ма дзы Хӕйрӕджы зондӕй адӕмы Хуыцауы бынаты ӕвӕрдтой. Уӕдӕ Чырысти дӕр дзӕгъӕлы нӕ загъта, зӕгъгӕ, Пергамы ӕмбырд ис, «хӕйрӕджы паддзахы бадӕн» кӕм ис, уым. Дунедарӕг Хуыцау Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ паддзахӕн кӕй нӕ куывтой, уый тыххӕй-иу сӕ, гӕнӕн уыдис, ӕмӕ маргӕ дӕр акодтой. Дуне ныр дӕр Хӕйрӕджы къухы ис ӕмӕ адӕм нырмӕ дӕр табу кӕнынц паддзахадон цыртдзӕвӕнтӕ ӕмӕ нысӕнттӕн (1 Иоанны 5:19). Фыццаг ӕнусӕй суанг абоны онг тынг бирӕ иузӕрдион чырыстӕтты фыдмард акодтой, раст, Чырысти афтӕ кӕмӕй загъта, «сымахмӕ... мард ӕрцыд Мӕ иузӕрдион ӕвдисӕн Антипӕ», зӕгъгӕ, уыйау. Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ рох не сты (1 Иоанны 5:21).

19. Цы ми бакодта Валаам, ӕмӕ чырыстӕттӕ иууылдӕр сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизой?

19 Чырысти ма «Валаамы ахуырадыл хӕцджыты» кой дӕр кодта. Мулкылмард мӕнг пехуымпар Валаам Израилы ралгъитыныл йӕ уд хъардта. Фӕлӕ йын Хуыцау йе ’лгъыст арфӕмӕ куы фӕкодта, уӕд Моавы паддзах Валакимӕ сӕмдзӕхдон ӕмӕ израилӕгтӕй бирӕты мӕнг дин ӕмӕ ӕнӕуаг, хӕлд митыл бафтыдтой. Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уой рӕстдзинады сӕрхъуызойтӕ, растдӕр Финеесы,— Валаамы ӕнаккаг миты ныхмӕ карзӕй чи тох кодта, уый хуызӕн (Нымӕцтӕ 22:1—25:15; 2 Петры 2:15, 16; Иудӕйы 11). Уӕвгӕ, чырыстӕттӕ иууылдӕр сӕхи мӕнг динӕй хъуамӕ хизой ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадӕн ӕмбырды бынат хъуамӕ ма дӕттой (Иудӕйы 3, 4).

20. Кӕд чырыстӕттӕй исчи аздӕхджыты зондыл цӕуын райдыдта, уӕд цы хъуамӕ бакӕна?

20 Пергамы ӕмбырды ’хсӕн «Николаитты [«Николайы сектӕйы», НД] ахуырадыл хӕцджытӕ» кӕй уыд, фӕлӕ сын кӕй ничи ницы дзырдта, уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕмбырд уыд тынг тӕссаг уавӕры. Чырысти ӕмбырдӕн загъта: «Фӕсмон фӕкӕн; афтӕ куы нӕ уа, тагъд ӕрцӕудзынӕн дӕумӕ ӕмӕ Мӕ дзыхы кардӕй уыдонимӕ схӕццынӕн». Сектанттӕ сӕ быцъынӕг тонынц чырыстӕтты уырнындзинадӕн фыд ракӕныныл, ӕмӕ, ӕмбырдтӕ чи дихтӕ кӕны, уыдонӕн та Хуыцауы Паддзахады бынат нӕй (Ромӕгтӕм 16:17, 18; 1 Коринфӕгтӕм 1:10; Галатӕгтӕм 5:19—21). Кӕд чырыстӕттӕй исчи аздӕхджыты зондыл цӕуын райдыдта ӕмӕ йӕ уыдон хъуыдытӕ парахат кӕнын фӕнды, уӕд байхъусӕд Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ! Цӕмӕй йӕхи фыдбылызӕй бахиза, уый тыххӕй хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ ӕххуысмӕ бацӕуа ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм (Иаковы 5:13—18). Уый ӕвӕстиатӕй бакӕнын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Йесо тагъд зындзӕн Хуыцауы тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ.

21, 22. «Сусӕг маннӕйӕ» чи хӕры ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

21 Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ се ’нувыд ӕмбӕлтты уыцы тӕрхонӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Йесо, Хуыцауы сыгъдӕг удӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ, цы амындтӕ дӕтты, уыдонмӕ чи хъусы, уыцы адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы бирӕ хорздзинӕдтӕ. Дзырдӕн, дунейыл чи уӕлахиз кӕны, уыцы сӕрстытӕ хуынд уыдзысты «сусӕг маннӕ» хӕрынмӕ ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн «урс дур», уыцы дурыл та — «ног ном».

22 Израилӕгтӕ 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры куы рахау-бахау кодтой, уӕд сын Хуыцау лӕвӕрдта маннӕ. Уыцы «дзулӕй» иу гыццыл ӕвӕрд уыдис бадзырды ковчегы сызгъӕрин мигӕнӕны. Ковчег та ӕвӕрд уыд хӕсгӕ цатыры Сыгъдӕджыты сыгъдӕджы. Ӕмӕ дзы цы уӕлӕрдзон рухс калд, уый ӕвдыста, Иегъовӕ уым кӕй уыд (Рацыд 16:14, 15, 23, 26, 33; 26:34; Дзуттытӕм 9:3, 4). Сусӕг маннӕйӕ хӕрӕн никӕмӕн уыд. Фӕлӕ сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ, куы райгас вӕййынц, уӕд фӕхӕрынц «сусӕг маннӕ», ома райсынц ӕнӕмӕлгӕ цард (1 Коринфӕгтӕм 15:53—57).

23. «Урс дур» ӕмӕ «ног ном» цы ’вдисынц?

23 Ромы тӕрхондоны сау дур амыдта, адӕймаджы зылынджыныл кӕй нымадтой, урс дур та — азымджыныл ӕй кӕй нӕ нымадтой, уый. Йесо дунейыл уӕлахизгӕнӕг чырыстӕттӕн «урс дур» кӕй дӕтты, уый дзурӕг у, ӕмӕ сӕм ницы азым ӕмӕ аххос ары. Афтӕ ма, ромӕгтӕ-иу исты бӕрӕгбӕттӕм, хъӕзтытӕм куы цыдысты, уӕд-иу билеты бӕсты лӕвӕрдтой дуртӕ. Уӕдӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕрстытӕн «урс дур» дзурӕг у, уӕлӕрвты сын Уӕрыччы чындзӕхсӕвы бынат кӕй уыдзӕн (Раргомад 19:7—9). «Ног ном» та, ӕвӕццӕгӕн, ӕвдисы, ӕвзӕрстытӕн цы кад ис, уый — Йесоимӕ иумӕ уӕларвон Паддзахады ӕмбындартӕ кӕй сты, уый. Куыд тынг фидар кӕнынц ацы ныхӕстӕ сӕрстыты зӕрдӕтӕ ӕмӕ, семӕ иумӕ Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕй ис, уыцы чырыстӕтты зӕрдӕтӕ дӕр!

24. Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм аздӕхджытӕм?

24 Пергамы ӕмбырд аздӕхджытӕ куыд фӕцӕйсӕфтой, уый хъуамӕ ма рох кӕнӕм. Кӕд ахӕм цӕмӕйдӕр не ’мбырды фарнӕн дӕр тӕссаг у, уӕд нӕ хъӕуы бацархайын, цӕмӕй дзы йӕ кой дӕр мауал уа ӕмӕ нӕ мацы хъыгдара ӕцӕгады цӕуын (Иоанны 8:32, 44; 3 Иоанны 4). Мӕнг ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ аздӕхджыты зондыл чи цӕуы, уыдонӕн ӕнӕхъӕн ӕмбырд дӕр сӕ фӕдыл сӕ бон акӕнын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ аздӕхджыты хъуамӕ не ’мгӕрон дӕр ма уадзӕм, стӕй нӕ цавӕрфӕнды зыгъуыммӕ хъуыдытӕ дӕр хъуамӕ ма къуылымпы кӕной ӕцӕгады коммӕ кӕсын (Галатӕгтӕм 5:7—12; 2 Иоанны 8—11).

25. Чырысти ма цавӕр ӕмбырдтӕм арвыста фыстӕджытӕ ӕмӕ иннӕ статьяйы нӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн?

25 Кадджын Йесо Чырысти Къаннӕг Азийы авд ӕмбырдӕй ӕртӕйӕн цы ’ппӕлӕн ныхӕстӕ загъта ӕмӕ сын цы уынаффӕтӕ радта, уыдон, ай-гъай дӕр, хъуыдыйаг сты! Фӕлӕ ма иннӕ цыппар ӕмбырдӕн дӕр Йесойӕн, Хуыцауы сыгъдӕг удӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ, бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис. Уыцы ӕмбырдтӕ уыдысты Фиатиры, Сардисы, Филадельфийы ӕмӕ Лаодикийы, ӕмӕ сӕм цы фыстӕджытӕ арвыстӕуыд, уыдонмӕ иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Чырысти ӕмбырдтӕн цы дзуры, уымӕ нӕ лӕмбынӕг хъусын цӕмӕн хъӕуы?

• Ӕмбырды фыццаг уарзты цӕхӕр куыд ис ссудзӕн?

• Кӕд рагон Смирнӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ хъуӕгтӕ ӕййӕфтой, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ хъӕздыг уыдысты?

• Пергамы ӕмбырды уавӕр нӕ зӕрдыл даргӕйӕ, аздӕхджыты зондмӕ куыд хъуамӕ кӕсӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Картӕ 8 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

ГРЕКЪ

КЪАННӔГ АЗИ

Ефес

Смирнӕ

Пергам

Фиатирӕ

Сардис

Филадельфи

Лаодики

[Ныв 10 фарсыл]

«Тынг бирӕ адӕм» цӕрдзысты зӕххыл дзӕнӕты.

[Нывтӕ 11 фарсыл]

Ӕфхӕрд ӕййафӕг чырыстӕттӕ уӕлахиз кӕнынц дунейыл.